НӔ ИРИСТОН ХУАРЗ ИУАЗӔГӔЙ ФЕДАУЙ…
Уӕрӕсей медбӕстон туризми райрӕзтмӕ фӕстаг рӕстӕги фулдӕр ӕргом ӕздӕхт ке цӕуй, уой фӕрци аци ахсгиаг къабази фӕббӕрӕг ӕнцӕ хуӕздӕр ӕййивддзийнӕдтӕ. Уогӕ ӕгӕр бахъор кодта коронавируси пандемийӕ, фал аци анзи фиццаг ӕмбеси бӕрӕггӕнӕнтӕ куд ӕвдесунцӕ, уотемӕй уавӕр рӕвдзӕдӕр кӕнуй. Туризми федералон агентади бӕрӕггӕнӕнтӕмӕ гӕсгӕ, аци анзи фиццаг ӕмбеси нӕ бӕсти санаторитӕ, курорттӕ ӕма иннӕ фӕлладуадзӕн бунӕттӕ бабӕрӕг кодтонцӕ 24,6 миллион адӕймаги. Фари еци ӕмгъуди хӕццӕ рабаргӕй, е ӕй 85 проценти фулдӕр (фал, куд зонӕн, уотемӕй фарӕ туризми къабази цауд кустӕн адтӕй бӕлвурд эпидемиологон анхосаг). Уой хӕццӕ, уӕлдӕрамунд нимӕдзтӕ куд ӕвдесунцӕ, уотемӕй 2019 анзи фиццаг ӕмбеси бӕрӕггӕнӕнтӕмӕ нӕуӕгӕй фӕххӕстӕг ан – уӕди нимӕдзӕн ӕ 95 проценти къохи бафтудӕй.
Ахсгиаг гъуддагмӕ – бӕлвурд ӕргом
Туризми къабази райрӕзти фарстатӕмӕ нӕ гӕнӕнтӕ ӕма равгитӕмӕ гӕсгӕ бӕлвурд ӕргом ӕздӕхт цӕуй Цӕгат Иристони дӕр. Уобӕл адтӕй сӕ дзубанди нӕ республики Сӕргълӕууӕги ихӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕнхӕстгӕнӕг Сергей Меняйлойӕн нӕ республики туризми комитети сӕрдар Хъодзати Заурбеги хӕццӕ ӕрӕги сӕ фембӕлди рӕстӕг.
Нӕ республики туризми къабази идарддӕри райрӕзти хӕццӕ фарстати фӕдбӕл дзоргӕй, сӕрмагондӕй ӕрдзубанди кодтонцӕ фиццаградон национ проект «Туризм ӕма иуазӕгуарзондзийнади индустри» ӕнхӕст кӕнуни фӕдбӕл республики ци мадзӕлттӕ ӕнхӕстгонд ӕрцӕудзӕнӕй, уобӕл.
Профилон комитети разамонӕги дзубандимӕ гӕсгӕ, национ проекти уагӕвӕрдти ‘хсӕн сӕ бунат иссирдтонцӕ къабази идарддӕри райрӕзти еугур фӕззелӕнтӕ дӕр: туристон инфраструктури объектти райрӕзт, туристон лӕггӕдти нимӕдзӕ фулдӕр ӕма хуӕрзгъӕдӕдӕр кӕнун, къабазӕн гъӕугӕ специалисттӕ цӕттӕ кӕнун ӕма уотӕ идарддӕр.
Специалистти гъудимӕ гӕсгӕ, проекти уагӕвӕрдтӕ комплексон уагӕй агъаз кӕндзӕнӕнцӕ туризми къабази идарддӕри райрӕзтӕн.
Фембӕлди архайгутӕ куд фӕббӕрӕг кодтонцӕ, уотемӕй хӕстӕгдӕр рӕстӕг Цӕгат Иристон дӕр бавналдзӕнӕй фиццаградон национ проектти уагӕвӕрдтӕ ӕнхӕст кӕнунмӕ. Еци куст циуавӕр фӕткӕмӕ гӕсгӕ арӕзт цӕудзӕнӕй, уобӕл лӕмбунӕг ӕрлӕудтӕй Хъодзати Заурбег. Ӕ дзубандимӕ гӕсгӕ, специалисттӕ бакосдзӕнӕнцӕ цӕмӕдессагдӕр туристон проекттӕ царди рауадзунбӕл. Уонӕбӕл идарддӕр архайд цӕудзӕнӕй ведомствӕ ӕма Хецауади ӕмвӕзадӕбӕл.
Нӕ республики туризми къабази райрӕзти фӕдбӕл нисангонд мадзӕлтти зингӕ хай баст ӕй Дигоргоми хӕццӕ. Уомӕ гӕсгӕ нӕ зӕрди ес уой фӕдбӕл хецӕн ӕрмӕгутӕ нӕ газети ниммухур кӕнун. Уонӕй еуей кӕсетӕ абони номери.
Алӕмӕти дуйне – нӕ ДИГОРГОМ
Хуӕнхон Дигори дессаги рӕсугъддзийнади ӕма ӕнӕферонхгӕнгӕ зӕрдӕбӕлдарӕн бунӕтти туххӕй радзорун ӕнцон нӕй. Ӕрдзӕ аци ӕмбесонди къумӕн балӕвар кодта ӕмбохгӕ цӕугӕдӕнттӕ, финкӕкалгӕ ӕхсӕрдзӕнтӕ, уӕлхонх игуӕрдӕнтӕ ӕма фонси хезнитӕ, сатӕг цъететӕ, ӕндӕр хуарздзийнӕдтӕ. Мадта ами ци хуӕнхон бӕрзӕндтӕ ес, етӕ дӕр минкъий рӕсугъддзийнадӕ нӕ дӕттунцӕ Дигори ӕрдхуӕрӕни комӕн.
Фӕстаг ӕнзти нӕ республики сахартӕ ӕма гъӕутӕй, Уӕрӕсей иннӕ регионтӕй дӕр фулдӕр адӕм цӕун райдӕдтонцӕ хуӕнхон Дигорӕмӕ. Ӕма е хумӕтӕги нӕй. Дигоргом ӕй туризми, альпинизм ӕма хуӕнхон лыжитӕй гуруни спорти тӕккӕ хуӕздӕр рауӕн. Ардӕмӕ фиццаг хатт ка ‘рбацӕуй, етӕ дес фӕккӕнунцӕ нӕ хуӕнхти бӕрзонд цъоппитӕбӕл, нӕзи бӕлӕсти рӕсугъддзийнадӕбӕл, ӕндӕр ӕрдзон хузтӕбӕл.
Хуӕнхон Дигори центрон хаййи ес Цӕгат Иристони тӕккӕ устурдӕр Къӕрӕугоми цъете. Ӕ дӕргъӕ ‘й 15 километрей бӕрцӕ, ӕма цъетей бунӕй гъӕргӕнгӕ ӕма финкӕкалгӕ ӕмбохуй Къӕрӕугоми дони саха. Бӕрзонд къардеутӕй хаугӕй, Къӕрӕугоми дӕнттӕ фестунцӕ ӕнӕнимӕдзӕ пурхӕнтӕ, ӕма сӕ сатӕг комиуолӕфт ӕхцӕуӕндзийнадӕ фӕддӕттуй бӕлццӕнттӕн. Дӕлдӕр ба цӕугӕдон тӕссар къӕдзӕхти ‘хсӕнти тундзуй агъазиау рӕсугъд гъӕдти ‘хсӕн. Галеуӕрдигӕй дӕр ӕма имӕ рахесӕрдигӕй дӕр хаунцӕ къада цӕугӕдӕнттӕ. Етӕ райгурунцӕ бӕрзонд ӕнӕнимӕдзӕ мети хъӕпӕнтӕ ӕма цъетети урс ӕхсирӕй. Къӕрӕугоми тӕккӕ устурдӕр къабӕзтӕ ‘нцӕ Бартуй ӕма Фӕстаг, сӕ донигурӕнтӕ ба – уони ӕнгон цъететӕ.
Аци цӕугӕдӕнттӕ ци кӕмтти уайунцӕ, уонӕбӕл фестӕгӕй рабалци кӕнун ӕ бон бауодзӕнӕй алкӕмӕндӕр, цӕмӕй алцидӕр ӕхе цӕститӕй фӕууина ӕма зӕрдӕй банкъара аргъӕутти бӕсти рӕсугъддзийнадӕ. Дессаг имӕ фӕккӕсдзӕнӕнцӕ хуӕнхон ӕхсӕрдзӕнтӕ дӕр. Етӕ ба Дигоргоми минкъий нӕ ‘нцӕ, хуӕнхти геологон арӕзт ами хузӕн ке некӕми ‘й, уой туххӕй.
Раст ку зӕгъӕн, уӕд Къӕрӕугомӕй нигулӕнӕрдӕмӕ минкъийдӕр рӕсугъддӕр ком нӕййес, ӕма е ба хуннуй Ирӕфгом. Масоти цъете ӕма алливарс хуӕнхти сӕртӕй ци сахатӕ ӕнгъӕвзуй, уонӕй баберӕ уй Ирӕф ӕма коми фӕрстӕ ӕвдӕрзгӕ парахаттӕй ӕнгъӕвзуй будурмӕ. Ӕ фӕйнӕфарс ба райтинг ӕнцӕ хуӕнхон игуӕрдӕнтӕ ӕма фонси хезнитӕ.
Уӕхӕн дессаги ӕрдзон хузтӕ фӕууинӕн ес Къӕрӕугомӕй искӕсӕнӕрдӕмӕ – Гулӕри коми дӕр. Фал уой туххӕй сӕрдӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсун нӕ гъӕуй. Анзи кӕцифӕнди афонӕ дӕр хуӕнхон Дигорӕ ‘й хуӕрзконд ӕма аййев. Сӕрдигон хор ку никкӕсуй ӕ зинг цӕстӕй, уӕддӕр си ӕнтӕф нӕ фӕууй. Фал уой хӕццӕ хормӕ бауӕр содзунӕй Сау денгизӕй билӕй лӕгъуздӕр нецӕмӕй ӕй.
Алли хатт дӕр куд фӕууй, уотӕ зумӕг райдайуй ноябри-декабри ӕма рахӕссуй 5 мӕйи бӕрцӕ. Фулдӕр кӕмтти уойбӕрцӕ мет ниууаруй, ӕма, лыжитӕбӕл кенӕ дзонугътӕбӕл гуруни спорт ка уарзуй, етӕ гъӕстагӕй некӕд байзайунцӕ.
Устур ахедундзийнадӕ ес Дигори хуӕнхрӕбун уадздзагӕн дӕр. Ами ес ӕмбӕлгӕ бацӕуӕн нӕдтӕ, ахсгиаг гъӕууонхӕдзарадон районтӕ ӕма гъӕугӕ туристон-экскурсион объекттӕ. Уомӕй уӕлдай, хуӕнхрӕбун хаййи географион райвӕрд фадуатгун ке ‘й, уой туххӕй рауадзӕн ес, Цӕгат Иристон ӕндӕр регионти хӕццӕ ка бӕтта, уӕхӕн туристон маршруттӕ. Зӕгъӕн, хуӕнхон Дигорӕй Гурдзий ӕфцӕгбӕл Республикӕ Гурдзистони курортон район Шови ӕма Онмӕ, Ирӕфи комбӕл ба – синхаг Кӕсӕг-Балхъармӕ. Ардӕмӕ Уазай ӕфцӕгбӕл ниххезӕн ес Мӕцутӕй дӕр. Мадта Дзинагъай Дигори партизанти къахнадбӕл Гулӕри, Згиди ӕма ӕндӕр ӕфцӕгутӕбӕл балцитӕ исраазӕн ес Цъӕйи коммӕ дӕр.
Айдагъ туристтӕ ӕма экскурсанттӕ нӕ, фал, нӕ республики цӕргутӕй дӕр фиццаг хатт хуӕнхон Дигори ка фӕууй, етӕ дес фӕккӕнунцӕ астӕуккаг ӕности арӕзт мӕсгутӕбӕл. Аци арӕзтӕдтӕ ба ‘нцӕ Мӕцути, Задӕлески, Къумбулти, Донифарси, Лезгори ӕма Дигори коми ӕндӕр цӕрӕн бунӕтти. Мадта къӕдзӕхгун рагъи ӕрдзон циртдзӕвӕнтӕ дӕр минкъий цӕмӕдессаг нӕ ‘нцӕ. XIX ӕноси кӕрон зундгонд ахургонд Н.Я. Динник «Олисай дон», зӕгъгӕ, еци лӕгӕти иссирдта цалдӕр гъӕддаг гали сӕри къудури. Аци цау уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма кӕддӕр Цӕгат Иристони зӕнхӕбӕл дӕр цардӕй гъӕддаг гал, фӕстӕдӕр исехсудӕй нӕ гъӕди къилдунти. Нуртӕккӕ ба Дигори коми ӕрдзон бунӕтти ахид ӕнцӕ дзӕбедур, сикъе, арс, уӕдта робас, ӕндӕр гъӕддаг цӕрӕгойтӕ. Кӕддӕр алтайаг ӕхсӕрсӕттӕг ласт ӕрцудӕй Цъӕйи коммӕ, ӕма фӕстаг ӕнзти аци цӕрӕгой бафтудӕй Дигори коми хехгун гъӕдтӕмӕ дӕр. Еу дзурдӕй, ами цӕрӕгойти дуйнемӕ хӕдзардзин цӕстӕй ракӕсӕ, уӕд экскурсион ӕма туристон къуӕрттӕн уайдӕ агъазиау фӕлгӕсӕн бунат.
Куд зӕгъӕн, уотемӕй фӕстаг ӕнзти нӕ бӕсти алли рауӕнтӕй фулдӕр спортивон къуӕрттӕ цӕунцӕ Дигори коммӕ. Етӕ фестӕг балцитӕ исаразунцӕ ӕфцӕгути сӕрти ӕма уомӕй бӕрзонддӕр кӕнунцӕ се спортивон арӕхстдзийнадӕ. Ами цалдӕр хатти арӕзт ӕрцудӕнцӕ туриадитӕ, балцити разамонгутӕ цӕттӕгӕнӕн ӕмбурдтӕ ӕма турорганизаторти семинартӕ дӕр. Уомӕй уӕлдай, хуӕнхон Дигорӕ ‘й дони туризми тӕккӕ хуӕздӕр рауӕн. Ами алкӕддӕр се спортивон дӕсниадӕ фенхӕстдӕр кӕнунцӕ, спорти аци хузӕ ка уарзуй, еци адӕм. Дони маршруттӕ ба райдайунцӕ Ирӕфи цӕугӕдонӕй, рахезунцӕ Теркмӕ ӕма идарддӕр цӕунцӕ Хъаспий денгизмӕ. Тӕккӕ дессагдӕр ба экскурсий ӕрбацӕугутӕ ӕма туристтӕмӕ фӕккӕсунцӕ национ парк «Алани»-й ӕрдзон бунӕттӕ.
Кӕронбӕттӕни ба ма уой зӕгъуйнаг ан, ӕма хуӕнхон Дигори туристон къабази райрӕзти фӕдбӕл идарддӕр дӕр ма мухур кӕндзинан сӕрмагонд ӕрмӕгутӕ.