30 апреля 2024

НӔ ХУӔНХБӔСТӔ – НӔ БӔРКАДХӔССӔГ

08.10.2021 | 15:04

Нӕ газети абони дзубанди еугӕр рацудӕй туризми туххӕй, гъома, Цӕгат Иристони ӕрдзӕ айдагъ нӕхецӕн нӕ, фал Уӕрӕсей ӕма сауӕнгӕ дуйней ӕндӕр рауӕнтӕй бӕлцӕнттӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ исуа, уобӕл, уӕд куд не ‘ской кӕнӕн, еци гъуддаг тӕккӕ хуӕздӕр хузи райаразунбӕл уодуӕлдайӕй ка хъиамӕт кодта, берӕ хуарздзийнӕдтӕ си ка исаразта, еци хъӕппӕресгун адӕймӕгути туххӕй. Уонӕй еу адтӕй БерУАти Мӕцихъой фурт Барис – Цӕгат Иристони Хетӕгкати Къостай номбӕл паддзахадон университети профессор, туризми дуйнеуон Академий кадгин иуонг, географион наукити доктор. Абони ба ‘й уомӕ гӕсгӕ имисӕн, ӕма ӕрӕги, 21 сентябри ӕ райгурдбӕл исӕнхӕст ӕй фондз ӕма цуппаринсӕй анзи (1936-2020).

Беруати Бариси цардвӕндаг нисанеуӕггин ӕй берӕ агъазиау гъуддӕгутӕй. Ӕ рӕстӕги инсӕй анземӕй фулдӕр разамунд лӕвардта Цӕгат Иристони туризм ӕма экскурсити республикон Советӕн. Уӕд республики ӕнтӕстгинӕй кустонцӕ игъустгонддӕр турбазитӕ. Беруаи-фурт бацӕттӕ кодта 878 аллихузон киунуги, надамонӕги, уадзимистӕ, наукон куститӕ…

Беруати Барис ма куста университети деканӕй дӕр, ӕма ин уӕд бантӕстӕй берӕ агъазиау гъуддӕгутӕ исаразун – ӕ хъӕппӕреси фӕрци, зӕгъӕн, ами цӕттӕ кӕнун байдӕдтонцӕ «Геоэкология» ӕма «Социальный сервис и туризм», зӕгъгӕ, нӕуӕг дӕсниӕдтӕбӕл специалисттӕ.

Беруати Барис, ку зӕгъӕн, нӕ газеткӕсгутӕн зундгонд адтӕй, махмӕ ин ци ӕрмӕгутӕ мухургонд ӕрцудӕнцӕ уомӕй дӕр. Уонӕй еуей абони нӕуӕгӕй рамухур кодтан – кӕд раги финст адтӕй, уӕдта си цӕй туххӕй цӕуй дзубанди, етӕ кӕд кӕддӕриккон ӕнцӕ, уӕддӕр  абони газеткӕсӕгӕн дӕр цӕмӕдессаг разиндзӕнӕй.

Цӕгат Иристон ӕй, гъӕууонхӕдзарадон кустадон хъауритӕ кӕми райрӕзтӕнцӕ, уӕхӕн республикитӕй еу. Гъулӕггагӕн, нуртӕккӕ адӕмон хӕдзаради еумӕйаг продукций дзӕвгарӕ хай уагъд ӕма ист цӕуй будури ӕма хуӕнхрӕбун зӕнхити. Цӕмӕн ку фӕрсайтӕ, уӕд ами фулдӕр цӕрӕг адӕм ес. Мадта хуӕнхбӕстӕн ба ци кӕнгӕ ‘й, кӕд ӕма Цӕгат Иристони фӕзуати ӕмбеси бӕрцӕ ахӕссуй, уӕд? Сагъӕссаг ӕнцӕ ӕ минералон ӕма ӕнӕрзӕт хомаги ӕведуйгӕ ӕвӕрӕнтӕ, ӕмбесонди фонсхезнитӕ ӕма игуӕрдӕнтӕ, хуарз фадуӕттӕ курорттӕ ӕма туристон косӕндӕнтти арӕзтадӕ рапарахат кӕнунӕн. Бӕлвурддӕр зӕгъгӕй, фарста уотӕ ӕвӕрд цӕуй, цӕмӕй базаради экономики ӕууӕлти хӕстӕгдӕр рӕстӕги республики фӕллойнӕгӕнгути цард фӕххуӕздӕр уа.

Хуӕнхтӕ ӕнцӕ нӕ минкъий Иристони намус ӕма рӕсугъддзийнадӕ. Алкӕмӕ дӕр уотӕ фӕккӕсуй, цума ӕнӕ уонӕй цӕрун нӕ базонидӕ. Ӕма куд нӕ! Исахур сӕбӕл ӕй сауӕнгӕ сувӕллони бонтӕй фӕстӕмӕ. Фал ку рагъуди кӕнӕн, уӕд хуӕнхтӕ ’нцӕ нӕ алибони сагъӕс, мӕтӕ ӕма зӕрди медхъурдохӕн дӕр. Ӕности дӕргъи нӕ фидтӕлти рӕвдудтонцӕ сӕ ратгӕ сойнӕй. Дзӕвгарӕ тъӕпӕнтӕ цудӕнцӕ хумӕгонд, фонсӕргъӕуттӕ, фусвонси дзогтӕ берӕ адтӕй хуӕнхаг гъӕути алливарс хезӕнуӕтти.

Дзубанди айдагъ гъӕууонхӕдзарадон продукцибӕл нӕ цӕуй. Ӕрӕги дӕр ма дӕсгай минкъий гидроэлектростанцитӕ арӕзт адтӕй хуӕнхаг цӕугӕдӕнттӕбӕл. Электрон тухӕй ӕфсастонцӕ промышленнон, гъӕууонхӕдзарадон кустуӕтти, хуӕнхаг гъӕути. Нӕ зӕрдитӕ нин рохс кодтонцӕ, санаторон-курортон, туристон-экскурсион, альпинизм ӕма ӕндӕр къабӕзти хӕццӕ къохи ци ӕнтӕстдзийнӕдтӕ ӕфтудӕй, етӕ дӕр. Нуртӕккӕ раздӕри ӕрдзон пайдатӕй нецибал уинӕн. Анзӕй-анзмӕ иронхуати изайунцӕ кӕрдӕггин уӕлвӕзтӕ ӕма хумгӕндӕн бӕзгӕ агъазиау зӕнхитӕ.

ДӔ ХУАРЗИ ХУАРЗБӔЛ АРХАЙӔ, ӔМА СИ ХУАРЗ ИССЕРДЗӔНӔ!..

Фагӕ нӕ архайӕн хуӕнхбӕсти гъӕздугдзийнӕдтӕй пайда кӕнунбӕл. Ӕнӕхӕдзардзин ке ан, уой туххӕй ба нин хуарз рӕуонӕ фӕууй, гъома, дан, тӕссаг ӕй, ӕрдзӕ хъоргонд ку баййафа, уомӕй. Е дӕр ӕвӕдзи раст ӕй. Адӕймаг ӕма ӕрдзи ӕмархайдӕн алли хатт ӕ фӕстеугутӕ бӕллеццаг нӕ фӕуунцӕ. Фал хуӕнхбӕсти гъӕздугдзийнӕдтӕй фидибӕстаг ӕма фӕсарӕйнаг фӕлтӕрддзийнӕдтӕй ку пайда кӕнӕн, уӕд ӕрдзӕбӕл дӕр неци фидбилизтӕ ӕрцӕудзӕнӕй.

Нуртӕккӕ хуӕнхбӕстӕмӕ ӕргомздӕхт ӕй абони домӕн. Базарадон экономики закъӕнттӕ ӕгъатир ӕнцӕ. Идарддӕр анзӕй-анзмӕ зиндӕр уодзӕнӕй республики цӕргути хуайрагӕй ӕфсадун. Мадта исонбони нӕ уодзӕнӕй электрон тухӕ, ӕндӕр тухи хузтӕ амал кӕнун ӕма адӕмӕн урух фӕлхасади товартӕ уадзун дӕр. Устур ахедундзийнадӕ уодзӕнӕй, фиццагидӕр, бартерон рахасдзийнӕдтӕн. Гъӕуама нӕмӕ ӕнӕмӕнгӕ уа ӕндӕр цӕрӕн хуастӕй баййевӕн кӕмӕн уа, уӕхӕн товартӕ кенӕ ба хомаг. Аци гъуддаги нӕ хуӕнхбӕсти ес берӕ гӕнӕнтӕ ӕма мадзӕлттӕ, фал нӕмӕ Цӕгат Иристони экономики ахедгӕ нӕ ’нцӕ.

Куд загътон, уотемӕй абони уавӕри республики 600 мин цӕрӕги (никки ма Хонсар Иристонӕй раледзӕг 100 мин адӕймаги) хуайраги продукттӕй ӕфсадун нуртӕккӕ махӕн ӕй нӕ аллибони сагъӕс. Цӕмӕн ку бафӕрсайтӕ, уӕд нӕмӕ зӕнхӕ минкъий ес ӕма мӕнӕуӕ, пириндз, ӕндӕртӕ ба гъӕуй ласун ӕндӕр рауӕнтӕй. Базарадон экономики ирӕзти цӕрӕн хуастӕ амал кӕнун ба минкъий материалон фӕрӕзнитӕ нӕ домуй. Нури уӕнгӕ фагӕ гӕнӕнтӕ ӕма равналӕнтӕ нӕййес фонсдаруйнади, гъӕууонхӕдзарадон ӕндӕр продукци цӕмӕй ласӕн, кенӕ цӕмӕй ӕййевӕн, уомӕн.

Еци тухстаг уавӕр исаразуни туххӕй ахсгиаг гъуддаг ӕй хуӕнхбӕсти ӕрдзон гъӕздугдзийнӕдтӕй хуарз пайдатӕ есун. Куд ӕма циуавӕр уавӕрти, уобӕл гъӕуама берӕ ма гъуди кӕнӕн. Фиццагидӕр, байархайун гъӕуй фермерти хӕдзарӕдтӕ исаразун. Алкӕмӕн дӕр зундгонд ӕй, будуйрон уавӕрти фемерти фӕллойнӕ ӕнцондӕр ке ӕй, е. Бӕлвурддӕрӕй зӕгъгӕй, ами фермерти фарсмӕ ес домбай хӕдзарӕдтӕ. Зӕнхӕмӕ базелунмӕ техникӕ байхуӕрсун дессаг нӕй. Мадта тауӕн ӕрмӕг, химикаттӕ балхӕнунӕн кенӕ цӕттӕ продукци рауӕйӕ кӕнун дӕр къохи ӕнцондӕрӕй ӕфтуйуй.

Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, фермери фӕллойнӕ хуӕнхаг уавӕрти уӕлдай зиндӕр ӕй. Байархайун гъӕуй уобӕл, цӕмӕй син райдайӕнти агъаз лӕвӕрд цӕуа паддзахади ’рдигӕй. Цӕмӕн ку фӕрсайтӕ, уӕ цард нӕуӕгӕй рапарахат кӕнун хуӕнхбӕсти ӕнцон нӕй. Хуӕнхаг фермертӕй фонс ка дара, хуар ӕма халсарти культуритӕ ка зайун кӕна, етӕ гъӕуама иннети хузӕн хъалонтӕ ма федонцӕ. Мадта син ӕндӕр фадуӕттӕ дӕр исаразун гъӕуй.

Раст ку зӕгъӕн, уӕд пайдайаг хӕдзарӕдтӕ исаразӕн ба куд нӕййес хуӕнхбӕсти. Ами фӕстаг 30-50 анзи хумгӕнди зӕнхитӕ фӕммнкъийдӕр ӕнцӕ 99,5 проценти, игуӕрдӕнтӕ – 79,5, хезӕнуӕттӕ ба – 50,7 проценти. Дессаг куд нӕ ’й, фал уӕлдӕр байамунд ӕнзти сторвонси нимӕдзӕ фӕмминкъийдӕр ӕй 91,7 мин сӕри, бӕхтӕ – 76,0 мин сӕри, сӕгътӕ ӕма фусти нимӕдзӕ ба ӕмбес минкъийдӕр фӕцӕй. Хуӕнхбӕстӕмӕ хӕдзардзин цӕстӕй ке нӕ кӕсӕн, уой туххӕй фонсдаруни продукттӕй уӕлдай хуари культуртӕ, картоф, халсартӕ ӕма рӕзӕ дӕр дзӕвгарӕ фӕмминкъийдӕр ӕнцӕ нӕ республики.

Уӕхӕн уавӕрӕн идарддӕр бухсӕн нӕййес. Хуӕнхаг гъӕути адӕмон депутаттӕй ӕнхӕсткоми нуртӕккӕ байархайун гъӕуй, цӕмӕй раздӕр пайда ка лӕвардта, еци зӕнхитӕ ӕвӕстеуатӕй дехгонд ӕрцӕуонцӕ фермерон хӕдзарӕдтӕбӕл.

Аци гъуддаг алкӕддӕр хъаугъайаг фӕууй фулдӕр рауӕнти. Берети фӕффӕндуй колхозон-совхозон кустадӕ исхъаурӕгиндӕр кӕнун хуӕнхбӕсти. Нури уӕнгӕ си ци пайдатӕ фӕууидтан, е зунд ӕй. Зӕгъӕн, Ирӕфи ӕма Горӕтгӕрон районти фӕстаг ӕнзти ци хуӕнхаг хӕдзарӕдтӕ арӕзт ӕрцудӕй, етӕ нур дӕр сӕ къӕхтӕбӕл нӕма ислӕудтӕнцӕ, цӕунцӕ бонӕй-бонмӕ ӕгудзӕгдӕрмӕ.

АХСГИАГ ФАРСТА ӔВӔГӔСӔГӔЙ ГЪӔУАМА МА ИЗАЙА!..

Нури рӕстӕги ахсгиаг фарста ӕй, цӕмӕй фермерон хӕдзарӕдтӕ арӕзт цӕуа хуӕнхбӕсти. Уӕхӕнттӕ бал ес Ирӕфи, Алагири районти ӕма фиццаг къахдзӕфтӕ кӕнунцӕ ӕнтӕстгинӕй. Фал хуарз гъуддагӕн алли хатт дӕр ӕ райдайӕн зин фӕууй. Хуӕнхаг фермитӕ ци кустбӕл ниффедар уонцӕ, уобӕл рагацау лӕмбунӕг рагъуди кӕнун фӕгъгъӕуй, цӕмӕй исонибон фӕсмонгонд ма фӕууонцӕ, уой туххӕй.

Ами мӕ цалдӕр загъди зӕгъун фӕндуй Цӕгат Иристони, Кавкази, Фӕскавкази ӕма Астӕуккаг Азий фермерти фӕлтӕрддзийнади туххӕй. Хуӕнхон хӕдзарӕдтӕн уӕлдай пайдадӕр ӕй фонсдаруни куст кӕнун: фустӕ, сӕгътӕ, бӕхтӕ дарун, халсартӕ зайун кӕнун ӕма хуаллӕгти куст ба дӕттунцӕ минкъийдӕр пайда.

Алкедӕр хуарз зонуй ӕнӕ хуаллӕгти федар бундорӕй фонс дарӕн нӕййес. Хуӕнхбӕсти хезӕнуӕттӕ ӕма игуӕрдӕнтӕмӕ ку ракӕсай, уӕд кӕуйнаг уавӕри ‘нцӕ. Гъуддаг уотӕ ‘й ӕма аллирауӕн дӕр замманай тъӕпӕнтӕ хӕмпӕли буни фӕцӕнцӕ. Рӕстӕмбес нимадӕй алли гектари дӕр хуӕнхбӕсти сӕйраг хӕмпӕлгӕрдӕг кӕндус фӕууй 70-80 мин зӕнги.

Гъулӕггагӕн, дӕргъвӕтийнӕ рӕстӕг хуӕнхбӕсти хезӕнуӕттӕ ӕма игуӕрдӕнти кӕдзосдзийнадӕбӕл неке тухсуй. Хӕмпӕлгӕрдӕги нихмӕ тох ни ке феронх ӕй, уой туххӕй сӕдӕгай ӕма сауӕнгӕ мингай гектартӕ нецибал дӕттунцӕ пайда. Хезӕнуӕттӕ ӕма игуӕрдӕнти хӕмпӕлгӕрдӕг фесафунӕн ба берӕ дессӕгтӕ нӕ гъӕуй. Зӕгъӕн, кӕндус цӕмӕй басор уа, уой туххӕй ӕй сӕрди мӕйти фӕгъгъӕуй никкӕрдун. Аци куст бакӕнун ба колхозтӕ ӕма совхозти разамонгути гъудий дӕр нӕй.

Нуртӕккӕ уотӕ ’й ӕма сторвонси ӕма фусвонси дзогтӕ  фиййӕуттӕ берӕ рӕстӕг фӕддарунцӕ еу кенӕ иннӕ хезӕнуӕтти ӕма пайдайаг кӕрдӕг хуӕрд ӕрцӕуй бундзарӕй, хӕмпӕлгӕрдӕг ба ӕнӕгъигӕдардӕй байзайуй. Уавӕр уомӕ ӕркодта ӕма маргӕйдзаг зайӕгойтӕ тагъд ирӕзунцӕ ӕма анзӕй-анзмӕ ахӕссунцӕ фулдӕр тъӕпӕнтӕ. Цума хуӕздӕр нӕ уидӕ, фонс ахиддӕр ку ӕййевиуонцӕ сӕ хезӕн бунӕттӕ, уӕд? Ӕвӕдзи, фермерон хӕдзарӕдтӕ ку исирӕзонцӕ хуӕнхбӕсти, уӕд хуӕздӕр каст цӕудзӕнӕй сӕ бӕрни ци зӕнхитӕ ес, уонӕмӕ дӕр.

Аци гъуди мӕ фӕндуй никки бӕлвурддӕр зӕгъун. Хуӕнхаг фермерӕн зӕнхӕ лӕвӕрд ку ‘рцӕуа, уӕд имӕ хӕдзардзиндӕр цӕстӕй ракӕсдзӕнӕй. Фадуат фӕууодзӕнӕй хезӕнуатмӕ кенӕ игуӕрдӕнмӕ гъӕцӕнтӕ бахӕссунӕн, кӕрдӕги тиллӕггун алли хузтӕ байтаунӕн. Ке фӕндуй хӕмпӕлгӕрдӕг ӕ зӕнхӕбӕл уа, е. Еузагъдӕй, берӕ гӕнӕнтӕ ӕма мадзӕлттӕ ес хуӕнхбӕсти хуаллӕгти агъазиау бундорӕй куд ӕнгъезуй, уотӕ пайда кӕнунӕн.

Ахсгиаг фарста идарддӕр уадзӕн нӕййес. Хуӕнхбӕсти хезӕнуӕттӕ ӕма игуӕрдӕнтӕ ӕнцӕ республики ӕхсӕнадон ӕма хецӕн адӕймӕгути фонси хуаллаги бӕркад. Куд тагъддӕр си хуӕздӕр пайда кӕнун райдайӕн, уотӕ нӕ цард гъӕздугдӕр уодзӕнӕй. Нӕуӕгдзийнади размӕ цӕлхдортӕ ка ӕвӕруй, рӕстӕги домӕн нури уӕнгӕ ка нӕма балӕдӕрдтӕй, етӕ ба рӕдуйгӕ кӕнунцӕ. Нӕ зонунцӕ берӕ ӕнзти размӕ хуӕнхбӕсти ке дардтонцӕ нуртӕккӕ нӕ республики колхозтӕ ӕма совхозти цӕйбӕрцӕ фонс ес, уомӕй ӕртӕ хатти фулдӕр.

Нӕ дзубанди айдагъ фонс дарунбӕл нӕй. Зӕнхи кусти специалистти гъӕуй хуӕнхаг рӕзӕдӕнтти куст фӕххуӕздӕр кӕнун дӕр. Нури уӕнгӕ иронхуати цӕмӕн байзадӕй, уомӕн ба неци рӕуонӕ ес. Дигори, Курттати, Хъобани кӕмтти раздӕр ци дессаги рӕзӕдӕнттӕ адтӕй, етӕ абони дӕр ма адгин имисуйнӕгтӕй байзадӕнцӕ хестӕрти зӕрдити. Ӕвӕдзи, фӕсевӕд дӕр ӕригъустайуонцӕ Унали рӕзӕдзӕхӕрадӕнтти кой. Ами ци сурхфазӕ фӕткъутӕ ӕма кӕрдтутӕ задӕй, етӕ къуар хатти адтӕнцӕ Мӕскуй Адӕмон Хӕдзаради Ӕнтӕстдзийнӕдти Равдисти.

Бӕлвурд куд ӕй, уотемӕй хуӕнхон рӕзӕмӕ ес берӕ хуарз менеугутӕ. Фӕткъутӕ ӕма кӕрдтутӕ цийфӕнди анз дӕр фӕуунцӕ сӕкӕргун, ирд сӕ цъарӕ – лигъз ӕма ӕрттевагӕ. Сауӕнгӕ уалдзӕги мӕйтӕмӕ дӕр фӕллӕуунцӕ ӕнӕгъигӕдардӕй. Сӕйрагдӕр хуӕнхон рӕзӕдонӕ аразӕн ес хуари ӕма ӕндӕр культуритӕ тауӕн кӕми нӕййес, уӕхӕн ӕнӕпайда зӕнхити.

Бафеппайун гъӕуй уой, ӕма гъар бӕнттӕ минкъийдӕр фӕуунцӕ хуӕнхбӕсти. Аразӕн ӕрмӕг гъӕуама уа бонигъӕдӕн фӕразон. Зӕгъӕн, будури зони гъар рӕстӕг рахӕссуй 8-9 мӕйи, хуӕнхбӕсти ба 5-6 мӕйи. Цубурдзурдӕй, аразун гъӕуй, тагъд ка цӕттӕ кӕна, уӕхӕн рӕзӕбӕлӕстӕ. Зундгонд ахургонд, профессор П.Г. Шитт берӕ рӕстӕг архайдта нӕ республики рӕзӕдӕнтти куст фӕххуӕздӕр кӕнуни гӕнӕнтӕ ӕма мадзӕлттӕ ӕртасунбӕл. Дзурдта, зӕгъгӕ, Цӕгат Иристони зӕнхӕбӕл ӕрзайгӕ рӕзӕ кӕддӕриддӕр фӕуунцӕ хуӕрзадӕ. Ахургонди дзубандитӕ раст ке ’нцӕ, е еу ӕма дууӕ хатти нӕ рабӕрӕг ӕй. 1940 анзи Мӕскуй адтӕй ӕрдзи лӕвӕртти равдист ӕма си алагираг «сау кӕрдту» ӕма «беребоск»-ӕн лӕвӕрд ӕрцудӕй Гран При.

Уомӕй уӕлдай профессор П.Г. Шитт фӕндӕ бахаста, цӕмӕй рӕзӕдӕнттӕ арӕзт ӕрцудайуонцӕ хуӕнхбӕсти, фулдӕр ба Уӕллагири, уӕдта Дигори, Ирӕфи, Горӕтгӕрон районти ӕма Арӕхъи рӕгътӕбӕл. Гъулӕггагӕн, кӕд махмӕ зӕнхӕ кадавар ӕй, уӕддӕр берӕ ӕнзти дӕргъи рӕзӕдӕнттӕ къилдунти аразуни бӕсти колхозтӕ, совхозти разамонгутӕ аци гъуддагӕн радех кӕнунцӕ будуйрон гъӕздуг зӕнхитӕ. Ӕнӕхӕдзардзин фӕллойнӕн ма цума хуӕздӕр ӕвдесӕн уодзӕнӕй?

Совхоз «Раздзӕуӕг»-и фӕллойнӕгӕнгутӕ ба ӕндӕр цӕстӕй ракастӕнцӕ сӕ зӕнхитӕмӕ. Къуар анзей размӕ Дорти коми къилдунтӕбӕл ниййаразтонцӕ чиуали, алтъами, кӕрдту, фӕткъу ӕма ӕндӕр рӕзӕбӕлӕстӕ. Нур рӕзӕдӕнтти фӕзуат ӕй 600 гектарей бӕрцӕ ӕма минкъий ӕфтуйӕггаг нӕ хӕссуй хӕдзарадӕн.

ДӔ КУСТ КУД УА, ДӔ ПАЙДА ДӔР УОМӔ ГӔСГӔ УОДЗӔНӔЙ!..

Раст ку зӕгъӕн, уӕд хуӕнхбӕсти ӕвналӕнтӕ минкъий нӕ ’нцӕ. Сӕрди мӕйти ку ракӕсай, уӕд хуӕнхти фӕхстӕ, къилдунтӕ деденӕг фестунцӕ. Цалдӕр анзей размӕ бафтудтӕн Суаргоммӕ, уойбӕрцӕ муддартӕ си адтӕй ӕма ма ме ’мбӕлттӕ дес дӕр бакодтонцӕ. Айӕ, мудгун ком ку ӕй, зӕгъгӕ. Ӕз ма уотӕ ӕнгъӕл дӕн ӕма нӕ республикӕ ӕнӕгъӕнӕй дӕр ӕй, мудибиндзити кустӕн хуарз фадуӕттӕ кӕми ес, уӕхӕн алӕмӕти бӕстӕ. Мадта аци гъуддаги беретӕмӕ ес арӕхстдзийнадӕ дӕр ӕма муддарӕг фермерон хӕдзарӕдтӕ исаразун гъӕуй хуӕнхбӕсти ӕма хуӕнхрӕбун районти. Сӕ пайда уодзӕнӕй еумӕйаг. Мудибиндзитӕ муд хӕссунӕй уӕлдай агъаз кӕнунцӕ аллихузон зайӕгойти ругӕдзаст кӕнунӕн дӕр – пайда уодзӕнӕнцӕ колхозти, совхозти ӕма хецӕн адӕймӕгути рӕзӕдӕнтти тиллӕги ӕрзадӕн.

Цӕгат Иристони хуӕнхон ӕма хуӕнхрӕбун районти ӕрдзон гъӕздугдзийнӕдтӕ минкъий нӕ ’нцӕ. Рагӕй нурмӕ дӕр си бунӕттон цӕргутӕ арӕхстгинӕй пайда кӕнунцӕ. Уӕлдай фулдӕр бӕркад фӕууй гъӕдӕхгӕд къилдунти ӕма тӕрфити. Ӕрдзи гъӕбесмӕ бафтуйгӕй зӕрдӕ фӕццийнӕ кӕнуй гъӕддаг лискъӕф, нинӕгъ, дзӕдурӕ, сау нӕмуг, ӕхсӕрӕ, фӕткъу, кӕрдту, ӕндӕр рӕзӕ ӕма гагарӕзӕ уингӕй.

Гъулӕггагӕн, ӕрдзи гъӕздугдзийнӕдтӕ промышленнон ӕгъдауӕй фагӕ кустгонд нӕ цӕунцӕ. Уотемӕй ба гъӕддаг рӕзӕ ӕма гагатӕй конд аллихузон дӕнттӕ, павидлӕ, джемтӕ, компоттӕ уӕлдай хуӕрзадӕдӕр фӕуунцӕ, экологион ӕгъдауӕй ба – кӕдзос.

Нуртӕккӕ берӕ хуастӕ иссерӕн нӕййес республики аптекити. Базарадон экономикӕн ес ӕхе ӕууӕлтӕ ӕма домӕнтӕ. Кӕд адӕмон хӕдзарадӕ фӕккиудтӕй ӕма исмӕгур ан, уӕд ӕвӕстеуатӕй мадзӕлттӕ агорун гъӕуй. Дзубанди уобӕл цӕуй, ӕма аллихузон хуасӕгӕнӕн кӕрдӕгутӕ берӕ ирӕзуй республики хуӕнхаг ӕма хуӕнхрӕбун районти. Аллирауӕн дӕр нӕ гӕнӕнтӕй, куд гъӕуй, уотӕ нӕ пайда кӕнӕн. Алли анз адӕмон медицини ахсгиаг ка гъӕуй, уӕхӕн хуасӕгӕнӕн зайӕгойтӕ дзӕгъӕли фесӕфунцӕ хуӕнхти фӕхстӕ ӕма ӕрдзон игуӕрдӕнти.

Алли гъуддаги дӕр сӕрӕн ун гъӕуй. Хуарз уидӕ, рӕзӕ, гагатӕ ӕма хуасӕгӕнӕн кӕрдӕгутӕ ка ӕмбурд кӕна, уӕхӕн фермерон хӕдзарӕдтӕ арӕзт ку ӕрцӕуидӕ нӕ республики, уӕд. Фулдӕр адӕм ба зийнадӕ кӕнунцӕ, нӕуӕгдзийнади арӕхстдзийнадӕ равдесунмӕ сӕмӕ нифс нӕ фӕууй ӕма нӕ къӕхти буни цӕрӕнбонти ци хуарздзийнӕдтӕ ес, уони исесун дӕр нӕ зонӕн. Фал абони дзӕгъӕли ракӕнӕ-бакӕнӕн рӕстӕг нӕййес. Гъӕуама хӕдзардзинӕй пайда кӕнун райдайӕн хуӕнхбӕсти алӕмӕти гъӕздугдзийнӕдтӕй. Уӕд нӕ исонибон хиццагдӕр уодзӕнӕй.


РЕДАКЦИЙӔЙ. Еума хатт ӕй зӕгъӕн, Беруати Бариси ӕрмӕг кӕд рагон ӕй, уӕддӕр ӕй абони ба нӕуӕгӕй уомӕ гӕсгӕ мухур кӕнӕн, ӕма, цӕй туххӕй си зӕгъуй ӕ гъудитӕ, етӕ абони дӕр хъӕбӕр ахсгиаг ӕма сӕмӕ ӕркӕсуни аккаг ӕнцӕ. Цидӕртӕ си, арази ан, нуртӕккӕ еуцӕйбӕрцӕдӕр ӕндӕр хузи зиннунцӕ, фал еумӕ райсгӕй ба си ес, цӕбӕл расагъӕс кӕнӕн ӕма ӕнӕмӕнгӕ ӕргом цӕмӕ раздахун гъӕуй, уӕхӕн фӕззелӕнтӕ. Уой фӕдбӕл ма нӕ газети иннӕ номерти сӕрмагондӕй ниммухур кӕнуйнаг ан хецӕн ӕрмӕгутӕ.