26 декабря 2024

«АДӔМ ӔЙ УАРЗТОНЦӔ ХЪӔБӔР БЕРӔ, Е ДӔР СӔБӔЛ ӔХЦУЛ АДТӔЙ…»

11.11.2021 | 11:01

МАЛИТИ Зæрæда

Малити Зӕрӕда, Геуӕргий цардӕмбал, Тагъати Хазбий кизгӕ, райгурдӕй Дзинагъай гъӕуи 1909 анзи зӕнхкосӕги хӕдзари. Нӕуӕгигурд ку адтӕй, уӕд ӕ фидӕ Хазби рамардӕй, гъомбӕл кодта ӕ мадӕ Делетхани къохи. Делетхан адтӕй Етдзати Хъудайнати кизгӕ. Делетхан байзадӕй седзӕргӕсӕй цуппар кизги ӕма дууӕ биццеуей хӕццӕ. Кизгуттӕ лӕгтӕмӕ ӕрцудӕнцӕ: Сурӕт – Темуртӕмӕ, Аннӕ – Бӕзитӕмӕ, Хӕмисат – Елойтӕмӕ, Зӕрӕда – Малити Геуӕргимӕ. Ӕнсувӕртӕн сӕ нӕмттӕ: Цъӕхлӕг ӕма Хадзимуссӕ. Зӕрӕда куд дзурдта, уомӕ гӕсгӕ уӕди дзамани ахуради гъуддаг хуӕнхбӕсти лӕмӕгъ ӕвӕрд адтӕй. Исахур кодта ӕ фиди ‘нсувӕри кизгӕ Борӕтий хӕццӕ айдагъ еунӕг анз. Ахургӕнӕг син адтӕй Темирати Тазе. Зӕрӕдайӕн идарддӕр ахур кӕнуни равгӕ нӕбал адтӕй, хӕдзари бийнонтӕ берӕ фонс дардтонцӕ. Косун гъудӕй. Фонс дардтонцӕ Толдзгуни гъӕуи, уоми син адтӕй уотӕртти бунӕттӕ. Хуӕнхбӕсти дӕр сӕ фидтӕлтӕн берӕ зӕнхитӕ адтӕй. Туйгъантӕ Дзинагъай гъӕуӕй будурмӕ ку ралигъдӕнцӕ, уӕд уони зӕнхитӕ балхӕдтонцӕ.

 

Зӕрӕда Геуӕргий фидтӕлти зонуй хабарӕй. Сӕ бийнонтӕ фиццаг цардӕнцӕ Киристонгъӕуи. Сӕ фидӕ Гадо раги рамардӕй, ӕвӕрд ӕй Киристонгъӕуи уӕлмӕрдти. Уордигӕй сӕ цӕрӕн бунат раййивтонцӕ Ӕхсӕрисӕри гъӕумӕ, уоми ба сӕ мадӕ рамардӕй, ӕвӕрд ӕй Ӕхсӕрисӕри уӕлмӕрдти.

Ӕхсӕрисӕри бийнонтӕ берӕ нӕ рацардӕнцӕ. Уорсгвардион хъазахъӕгтӕ гъӕуи цӕрӕг адӕми хӕдзӕрттӕ басугътонцӕ, уонӕн дӕр сӕ хӕдзарӕ сугъд ӕрцудӕй ӕма сӕ цӕрӕн бунат раййивтонцӕ Мостиздӕхи гъӕумӕ. Еу-дууӕ уати кӕми адтӕй, уӕхӕн рӕстӕгмӕ хӕдзарӕ исаразтонцӕ саман дорӕй, цардӕй си Геуӕргий ӕнсувӕр Темболат. Зӕрӕда киндзи ӕрцудӕй Геуӕргимӕ еци цӕрӕн бунатмӕ.

Мостиздӕхӕй Дзинагъамӕ Геуӕргий ахургӕнӕгӕй косунмӕ ӕрбахудта еу хъӕбӕр хуарз лӕг, Хъузелтӕй Хъурман хундтӕй ӕ ном. Уотӕ, дан, ин загъта: «Ахургӕнӕгӕй нӕмӕ косунмӕ ӕрбацо Дзинагъамӕ». Е ’рбацуди уӕнгӕ Зӕрӕда Геуӕргий хабарӕй дӕр нӕ зудта, ӕригон кизгӕ ма адтӕй, киндздзон кизги бӕрцӕ ӕнзтӕ ибӕл нӕма цудӕй. Геуӕрги ку ’рбацудӕй, уӕд ӕй Зӕрӕдай мадӕ Делетхан гъӕунги кӕмидӕр фиццаг хатт фӕууидта: «Гъӕунги еу уӕхӕн сауцъарӕ лӕг фӕууидтон ӕма дессаг».

– Цӕйбӕрцӕ рӕстӕг рацудӕй, уой нӕ гъуди кӕнун, уӕдта дин уӕртӕ е (Геуӕргий Зӕрӕда ӕ номӕй некӕд худта) искорӕг ӕй, ӕвӕдзи мӕ ескӕми фӕууидта, ӕз ба имӕ нӕ кумдтон, цалинмӕ ме ’нсувӕр Цъӕхлӕг уосӕ ӕрхудтайдӕ, уӕдмӕ. Ке нӕ кумдтон лӕгмӕ цӕун, уомӕ гӕсгӕ мин дзорун райдӕдта мӕ фиди ’нсувӕри лӕхъуӕн Тагъати Дӕбули, уатмӕ мӕ бахудта ӕма мин хилӕ кодта, ду, дан, ӕнӕзунд дӕ, неци зонис, Геуӕргийӕн сувӕллӕнттӕ ку райгура, уӕд етӕ дӕр хуарз уодзӕнӕнцӕ, ахургӕндтитӕ. Ӕз ба ин загътон, Геуӕрги ахургонд лӕг ӕй, ӕз ба ӕнахургонд ӕма фӕстагмӕ уотӕ рацӕуй гъуддаг: ахургонд ӕма ӕнахургонд рахецӕн унцӕ кӕрӕдземӕй царди медӕгӕ. Ӕма мӕ еци гъудитӕ Геуӕрги ку базудта, уӕд загъта: «Ахургонд кизгуттӕ берӕ ес, фал мӕн ахургонд кизгӕ нӕ гъӕуй». Равардтонцӕ мӕ, фал ма ӕвзонг кизгӕ ке адтӕн, уомӕ гӕсгӕ анзи бӕрцӕ курдуати фӕббадтӕн, уӕдта имӕ ӕрцудтӕн, фӕххудтонцӕ мӕ Мостиздӕхмӕ, уоми фӕцан еу мӕйи бӕрцӕ, уӕдта фӕстӕмӕ Дзинагъамӕ рандӕ ан. Геуӕрги нӕуӕгӕй райдӕдта косун ахургӕнӕгӕй. Цардан Дзинагъай скъолай азгъунсти еу уати, иннӕ уати ба лӕвардта сувӕллӕнттӕн уроктӕ. Азгъунстбӕл дууердигӕй дӕр адтӕй къӕрӕзгитӕ, къала сӕр хуарз конд, дзӕбӕх бор хурст. Дзинагъай гъӕуи айдагъдӕр еци азгъунстбӕл адтӕй къала сӕр, иннӕ хӕдзӕрттӕбӕл ба – уӕлиндзсӕртӕ.

Кӕми цардан ӕма уроктӕ ци уати лӕвардта Геуӕрги, уони ’хсӕн адтӕй медӕггойнӕ. Сувӕллӕнттӕн уроктӕ лӕвардта, еу уӕхӕн рӕстӕги ба нӕ цӕрӕн уатмӕ ӕрбацӕуидӕ, стъоли размӕ сбадидӕ, ӕ гъудитӕ ниффинсидӕ, уӕдта фестидӕ, бацӕуидӕ уроктӕ дӕттунмӕ.

Геуӕрги мадзора адтӕй, е ’мдзӕвгитӕ некӕд дзоридӕ, ӕхе меднимӕр архайдта ӕма финста, айдагъ игъӕлдзӕг дзубанди ку кӕнидӕ еске хӕццӕ, уӕд ракӕнидӕ ӕмдзӕвгӕ. Еу хатт ӕз ӕма Борӕтибӕл уӕхӕн ӕмдзӕвгӕ ракодта «Зӕрӕда ’ма Борӕти, Геуӕрги син – горӕти». Адӕм ӕй хъӕбӕр берӕ уарзтонцӕ, ӕхцул сӕбӕл адтӕй.

Ӕ кустӕй райевдӕлгӕй, рацӕуидӕ Дзинагъай гъӕуи нихӕсмӕ, зӕронд лӕгтӕн газет бакӕсидӕ, ӕнгъӕл имӕ кӕсиуонцӕ: «Геуӕрги бабӕй ӕрбацӕудзӕнӕй ӕма нин газет бакӕсдзӕнӕй». Нихӕси бадӕг лӕгти хӕццӕ къенти ӕма гъолти дӕр гъазидӕ, кӕсалгдзауӕни дӕр ахид цӕуидӕ.

Бӕрӕгбӕнтти, уӕдта ӕнӕуой косарт никкӕнгӕй дӕр, адӕм Геуӕргий сӕхемӕ хониуонцӕ, хъӕбӕр сӕ фӕндӕ уидӕ ӕ фӕххинцун. Гобати Биса нард фидтӕ никкӕрдидӕ, хуӕздӕр ӕй фӕххинцон, зӕгъгӕ. Геуӕргийӕн нард фидтӕ хуӕрун ӕ бон нӕ уидӕ, ӕма сӕмӕ бӕрӕгбони хундмӕ цӕунмӕ зийнадӕгомау кӕнидӕ, нард фидтӕ мин хуӕздӕрӕн ниввӕрунцӕ фингӕбӕл, мӕнӕн ба сӕ мӕ бон хуӕрун нӕ фӕууй, зӕгъгӕ.

Дзинагъай гъӕуи ахургӕнӕгӕй фӕккуста фараст анзей бӕрцӕ. Еци рӕстӕги нӕмӕ еухатт ӕрбацудӕй Къосирати Сӕрмӕт. Геуӕргий хӕццӕ уӕхӕн лимӕнтӕ адтӕнцӕ ӕма дессаг, сӕ хузтӕ дӕр исистонцӕ. Дзинагъай гъӕуӕй рацудан Уорсдонмӕ, уоми анзи бӕрцӕ бакуста ахургӕнӕгӕй. Скъолай азгъунст раздӕр адтӕй Хъубадти хӕдзари. Нӕ фалдзос цардӕнцӕ Лолатӕ ӕма Созайтӕ. Геуӕргимӕ ахур кодта Цӕргӕстӕй Ахурбек, еу дзӕбӕх биццеу, иннетӕй некебал гъуди кӕнун. Уорсдонӕй рацудан Мостиздӕхмӕ. Куста ахургӕнӕгӕй, финсгӕ дӕр кодта. Мостиздӕхи ку цардан, уӕд нӕмӕ еу мӕйи бӕрцӕ фӕццардӕй хуарз иуазӕг – Абайти Васо, куста ирон ӕвзаги дзурдуат исаразунбӕл. Васо ӕма Геуӕргий ‘хсӕн цудӕй берӕ дзубандитӕ дзурдуат исаразуни туххӕй.

Геуӕрги сувӕллӕнттӕн фӕлмӕн адтӕй, зуст дзурд сӕмӕ некӕд искодта, хуарз син адтӕй. Ӕз ба син карз адтӕн, нӕмгӕ дӕр сӕ ракӕнинӕ, е ба сӕмӕ ӕвналун нӕ уагъта, тӕрегъӕд син кӕнидӕ, ӕма уотӕ зӕгъидӕ: «Ду сувӕллӕнттӕн марг дӕ, марг». Ахургӕнӕгӕй дӕр куста, финсгӕ дӕр берӕ кодта. Ӕ финстити гӕгъӕдитӕн бафснайунмӕ устур чумӕдан нӕ фагӕ кодта.

Геуӕрги ахӕст ку нӕма ‘рцудӕй, уӕди уӕнгӕ нӕ бийнонти царди уавӕртӕ хуарз адтӕнцӕ, мӕн колхози куститӕмӕ дӕр нӕ уагъта, фондз сувӕллони уӕледарӕсӕй, хуӕруйнагӕй гъӕстаг нецӕмӕй адтӕнцӕ.

Нӕ бийнонти сабур цард 1937 анзи ӕвеппайди, ӕнӕнгъӕлти фехалдӕй, нийнод ӕй. Ӕхсӕвигон нин нӕ хӕдзари дуар ӕрбахуастонцӕ, ӕз фестадтӕн, дуар байгон кодтон, дууӕ лӕги ӕваст медӕмӕ ӕрбагӕпп кодтонцӕ, исдзурдтонцӕ: «Ду ахӕст дӕ! Рацо!» Геуӕрги ӕ уӕ-ледарӕс искодта, рацудӕй. Мӕнмӕ ма исдзурдта: «Мӕ сахат байзадӕй ӕма ’й бафснайдзӕнӕ. Сувӕллӕнттӕмӕ кӕсӕ…» Ӕз ниууадтӕн Геуӕргий ӕнсувӕр Темболатмӕ ӕма ин загътон: «Нӕ лӕги нин ракодтонцӕ». Ӕндегӕй машинӕ лӕудтӕй. Еци ‘хсӕвӕй фӕстӕмӕ Геуӕргий нӕбал фӕууидтон. Фондз сувӕллоней хӕццӕ байзадтӕн, ӕхсӕзӕймаг Васгӕ ба игурд нӕма адтӕй, губуни байзадӕй, ӕ фидӕ Геуӕргий рохс цӕсгон нӕ бафӕсмардта, нӕй зонуй. Седзӕргӕсӕй, ӕфхуӕрд ӕма мӕгурӕй ӕхсӕз сувӕллоней хӕццӕ мӕ цард ӕрвистон. Еугурӕй дӕр зиндонӕмӕ бахаудтан. Еци дзамани мин колхози косунӕй уӕлдай неци барӕ адтӕй. Зӕгъиуонцӕ: «Дӕуӕн дӕ лӕг ахӕст ӕй, адӕми знаг ӕй ӕма косгӕ кӕнӕ». Сувӕллӕнтти дӕр ахур кӕнун нӕ уагътонцӕ, хецауадӕ сӕмӕ лӕгъуз цӕстӕй кастӕй. Еухатт хестӕр кизгӕ Зӕйрат Дигори райони хецауадӕмӕ фӕццудӕй, цидӕр гӕгъӕди ӕй гъудӕй ахурмӕ бацӕуни туххӕй ӕма ин нӕ равардтонцӕ, дӕ адӕми знаг фидӕ дӕу хузӕн исафуйнаг бӕдӕлттӕ ӕ фӕсте берӕ ниууагъта, зӕгъгӕ. Фӕстӕмӕ ӕрбаздахтӕй кӕугӕй, ӕ цӕстисугӕй ӕхе нихснадта. Мӕнмӕ дӕр нӕ гъӕуи хецауадӕ фудцӕстӕй кастӕнцӕ. Туканмӕ ести товартӕ ку ‘рбаласиуонцӕ, уӕд мин неци лӕвардтонцӕ, зӕгъиуонцӕ: «Сумахӕн «не полагается», уӕ лӕг ахӕст ӕй!..»

Колхози хецӕуттӕй мӕмӕ еу (ӕ ном ин барӕй нӕ зӕгъун – ӕ уосӕ ӕма ӕ сувӕллӕнттӕ хуарз адтӕнцӕ ӕма ӕнцӕ) куд не ’мбӕлуй, уӕхӕн лӕгъуз цӕстӕй кастӕй. Ӕдзохдӕр мин мӕ цӕстӕмӕ уӕхӕн зӕгъдтитӕ дардта: «Дӕуӕн дӕ лӕг ахӕст ӕй, адӕми знаг ӕй, дзоргӕ дӕр ма кӕнӕ, дӕ сувӕллӕнттӕ дӕр колхози косӕнтӕ». Сувӕллӕнттӕ ба ахурбӕл фӕццӕфстӕнцӕ, ӕма алли кустмӕ дӕр сӕ бӕсти мӕхуӕдӕг лӕстӕн, ӕхсӕвӕ ӕма бон нӕ зонгӕй, зумӕги цъемоси мӕ къӕхтӕбӕл дзабуртӕ ниссӕлиуонцӕ.

Ӕз дӕр хецауадӕн зӕгъинӕ: «Силгоймаг лӕгбӕл дзуапп нӕ дӕттуй. Дӕуӕн ба дӕ дууӕ ӕнсувӕри ахӕст ку ’нцӕ, лӕг ку дӕ, ӕма сӕбӕл уӕд ду дӕр дзуапп кӕнӕ». Гъе, уӕхӕн лӕгъуз дзаман адтӕй, ӕма нӕмӕ мӕ мади ‘нсувӕртӕ бонигон иссӕун дӕр не ’ндиудтонцӕ, ӕхсӕвигон-еу иссудӕнцӕ, агъаз мин кодтонцӕ. Малитӕй мӕмӕ хъӕбӕр хуарз цӕстӕй кастӕй Дзега, хуарз лӕг адтӕй, рохсаг уӕд. Уотӕ загъта: «Зӕрӕда сувӕллӕнттӕ махӕн ку ниууагътайдӕ, уӕд махӕн хӕссуйнаг адтайуонцӕ, ӕгайтима сӕ нӕ ниууагъта, агъаз кӕнун ин гъӕуй». Еу нартихуари голлагӕ ӕма нин мӕнӕуи пут дӕр равардта.

Еци рӕстӕги зин цӕрӕн адтӕй, е устур агъаз адтӕй бийнонтӕн. Иннӕ хӕстӕгутӕй дӕр ке равгӕ куд адтӕй, уотӕ естӕмӕйти агъаз кодтонцӕ. Ӕхсӕз сувӕллони, еу иннемӕй минкъийдӕр, тухмадзӕлттӕй гъомбӕл кодтон, седзӕргӕс куд фӕууй, уотӕ. Немуцаг фашисттӕ ку ‘рбалӕбурдтонцӕ, уӕд мӕ устурдӕр сагъӕссаг гъуддаг адтӕй сувӕллӕнттӕ мӕлӕтӕй фӕййервӕзун кӕнун. Ци ракодтайнӕ? Мӕ арми ци бафтудӕй, уой бакодтон. Нӕ дзӕхӕрай зӕнхи гъӕдин дзаумауӕн бунат искъахтон, уордӕмӕ ’й ниггӕлстон, мӕнӕуӕ никкалдтон, бӕрӕг куд нӕ адтайдӕ, уотӕ. Нӕ пеци плита истудтон ӕма уой дӕр зӕнхи буни баримахстон Геуӕргий финститӕ чумӕдани ’дзаг нӕ хӕдзари тугури сӕрмӕ исгӕлстон, уони дзӕбӕх бафснайун мин нӕбал бантӕстӕй, дзӕбӕх бафснайун мӕ сӕри зунд нӕбал ахӕста ӕма мин еци гъуддаг мӕ царди кӕронмӕ дӕр зӕрди незӕн байзадӕй, бӕргӕ фӕсмон кӕнун, фал ма ци ракӕнон, фӕстӕмӕ нецибал ес раздахӕн. Сувӕллӕнтти хӕццӕ фестӕгӕй фиццаг фӕллигъдтӕн гъӕди хурфӕмӕ, Васгӕ ӕма Тайи къохтӕбӕл хуӕцгӕй. Уӕд мин сӕ еу, уӕд иннӕ ӕ къах естӕбӕл бакъуӕридӕ ӕма размӕ бахауидӕ. Гъӕдӕй ба фӕллигъдан станицӕ Змейкӕмӕ. Фидибӕсти тугъди фӕсте исӕздахтан Мостиздӕхмӕ нӕ хӕдзарӕмӕ, фал си нецибал исӕййафтан. Фашисттӕ нин нӕ хӕдзарӕ ниппурхӕ кодтонцӕ, мулкӕй син ци бӕзтӕй, уой фӕххастонцӕ, ци сӕ нӕ гъудӕй, уоци циййес ба басугътонцӕ. Хӕдзари пец нийхалдтонцӕ, азгъунстбӕл къӕрӕзгитӕ ӕма дуӕрттӕ нӕбал адтӕй, Геуӕргий финститӕ чумӕдани ’дзаг фесавдӕнцӕ. Ӕрмӕст ма нин исбӕзтӕй зӕнхи буни гъӕдин дзаумауи ци мӕнӕуӕ римӕхст адтӕй, е. Геуӕргий финститӕ мин ке нӕ бантӕстӕй бафснайун, ӕма ке фесавдӕнцӕ, е мин устур зин ӕй мӕ уодӕн. Ӕ финститӕ кӕсунмӕ дӕр мӕ нӕ евдалдӕй аллихузи куститӕй, ӕхсӕвӕй-бонӕй не ’нцадтӕн, хуссӕг мӕ нӕ ахӕста, цалинмӕ сувӕллӕнттӕ сӕ къӕхтӕбӕл ислӕудтӕнцӕ, багъомбӕл ӕнцӕ, уӕдмӕ.

Геуӕргий берӕ финстити ‘хсӕн адтӕй еу поэмӕ, киунугӕгонд, къохфинст, хундтӕй «Кӕфхъундар». Уацау финст адтӕй иронау, ирон ӕвзагбӕл. Ӕвдист си цудӕй зудӕгӕнагӕ, мулкӕй бафсес кӕмӕн на ’дтӕй, соцъагӕнагӕ, хийнӕйдзаг, фудзӕрдӕ лӕгъуз лӕг, цидӕр фудцъух ӕмбалхуар адӕймаг.

Геуӕрги советон хецауади нихмӕ ести финста, уой нӕ зонун, фал си фесинмӕ загъд ба некӕд фегъустон. Мӕнӕ аци ӕмдзӕвгӕ:

«Ниууӕйӕ кӕнтӕ уӕ бӕхтӕ,
Мӕхъӕл ӕма Цӕцӕнӕн,
Ниббуцӕу кӕнтӕ уӕ къӕхтӕ –
Мах колхозмӕ нӕ цӕуӕн!»

Мӕнмӕ гӕсгӕ уой финст нӕй. Цъифкалгутӕ, цъуххӕ-гутӕ, соцъагӕнгутӕ, адӕймаг уӕйӕгӕнгутӕ алли рӕстӕгути дӕр берӕ фӕууй, уӕлдайдӕр ба – уӕд, нур дӕр уӕхӕн адӕймӕгутӕ берӕ ес. Фал уӕддӕр рӕстӕги бӕлахӕй, ӕ уод раст уогӕй, Геуӕрги фесавдӕй, ӕ зартӕ адӕмӕн кӕронмӕ нӕ фӕззардта, берӕ ци адӕми уарзта, уонӕн ци зар кодта, е ӕмбесбӕл раскъудӕй, ӕ сӕр Сибири амӕттаг бацӕй, уацари бахаудтӕй, ӕ цирт кӕми ӕй, е бӕрӕг дӕр нӕй.

Геуӕрги ахӕстӕй ниффинста, ка ’й фесафта, еци мӕнгӕвдесӕн лӕгти нӕмттӕ. Нур сӕ нӕ зӕгъун, фал ка цӕра, е ба сӕ еууӕхӕни базондзӕнӕй.

Ахӕсти бунатӕй си адтӕй еу пъисмо, финста (куд ӕй багъуди кодтон, уотӕ ’й дзорун): «Зин рауӕн дӕн, сау гъӕди хурфи, адӕймаг уӕлӕмӕ ку искӕсуй бӕлӕсти цъоппитӕмӕ, уӕд ӕ сӕрӕй ходӕ рахауй, гъе, уӕхӕн гъӕди хурфи ан. Зинтӕ ӕвзарун. Мӕ цубур кӕрцӕ рауӕйӕ кӕнӕ, дзабуртӕ бахуйӕ, ӕхца дзабури къели буни ниввӕрӕ, бахуйӕ ӕма посылкӕ рарветӕ». Уотӕ бакодтон, фал ибӕл посылкӕ исӕмбалдӕй, ӕви нӕ, е не ’сбӕрӕг ӕй. Пъисмо си нӕбал райстон. Лӕг фесавдӕй гъезӕмарӕй ахӕсти, мах дӕр ами нӕ цард ӕрвистан мӕгур ӕма ӕфхуӕрдӕй.

– Нӕ лӕг уоми еунӕгӕй адтӕй, мах ба ами авдемӕй, – загъта Зӕрӕда.

Кӕд Зӕрӕда байзадӕй седзӕргӕсӕй, берӕ сувӕллӕнтти хӕццӕ, берӕ зинтӕ фӕууидта, аллихузи уӕззау кустити ӕ къохти гъӕнтӕй берӕ тог фӕккалдӕй, ӕ дзиккотӕй берӕ хӕлттӕ ӕма гӕппӕлтӕ будури кустити бай-задӕй, фӕллад исуадзун ци ’й, уой нӕ зудта, уӕддӕр Геуӕргий фӕдонтӕбӕл, сувӕллӕнттӕбӕл ӕ хуӕст не ’суагъта, царди сӕ раст нӕдтӕбӕл аразта, ӕма си ӕнахургондӕй неке байзадӕй.

Сувӕллӕнттӕ еугурӕйдӕр каст фӕцӕнцӕ астӕуккаг скъола, уӕдта исахур кодтонцӕ идарддӕр. Хестӕр кизгӕ Зӕйрат ахур кодта Мӕскуй хореографион училищей. Уой фӕсте цӕрунмӕ рандӕй Ленинградмӕ, ӕ амонд иссирдта ами. 1992 анзи ба ибӕл, ӕ хӕдзари куститӕ кӕнгӕй, фицгӕ дон ракалдӕй ӕма фесавдӕй… «Цалдӕр бони ма сӕйгӕдони фӕцӕй, фал ӕ лӕгӕн махмӕ телеграммӕ дӕттун нӕ бауагъта – мӕлгӕ-мӕлун дӕр ма махбӕл тухстӕй…» Зоя райста бухгалтери дӕсниадӕ, куста алли рауӕнти, нур дӕр ма косуй. Мурат каст фӕцӕй медицинон институт, иссӕй хирург, бакуста дууӕ анзи Казахстани, Нальчикки, уӕдта Дзӕуӕгигъӕуи, адтӕй Кирови райони сӕйгӕдони сӕйраг дохтир. Нуртӕккӕ ӕй хирургон хайади хецау. Ӕ хуарз кусти туххӕй ин лӕвӕрд ӕрцудӕй берӕ хуӕрзеугутӕ. Рая каст фӕцӕй ветеринарон техникум, бакуста Ӕрӕдони бӕхтӕдарӕн заводи лабораторий, фӕстаг рӕстӕги ба косуй Дзӕуӕгигъӕуи республикон ветеринарон лабораторий.

Тая фӕцӕй каст педагогон училище, дууӕ анзи бакуста ахургӕнӕгӕй, фӕстӕдӕр каст фӕцӕй медицинон институт, куста дохтирӕй Мӕздӕги райони. Нур косуй Октябрьски гъӕуи тагъд агъази дохтирӕй. Ӕ кусти ихӕстӕ хуарз ке ӕнхӕст кӕнуй, уомӕ гӕсгӕ ин лӕвӕрд ес кади бӕрӕггӕнӕнтӕ.

Васо райгурдӕй Мостиздӕхи, ӕ фидӕ Геуӕрги ахӕст ку ’рцудӕй, уӕд игурд нӕма адтӕй, мади губуни байзадӕй, уомӕ гӕсгӕ ӕ фиди нӕ бафӕсмардта, гъомбӕл кодта куд иннӕ сувӕллӕнттӕ, седзӕрӕй. Астӕуккаг скъола фӕууогӕй, идарддӕр исахур кодта педагогон институти филологон факультети. Куста газет «Рӕстдзинад»-и уацхӕссӕгӕй, радио ӕма телеуинунади комитети редактортӕй. Уой фӕсте ӕрвист ӕрцудӕй Мӕскумӕ дууӕ анзи литературон уӕлдӕр къурситӕмӕ. Фӕккуста паддзахадон рауагъдади аййев литературон редакций хецауӕй, финсгути Цӕдеси сӕрдари хуӕдӕййевӕгӕй, уӕдта сӕрдарӕй. Нуртӕккӕ ӕй журнал «Ирӕф»-и сӕйраг редактор.


Задӕлески Нанай хузӕн, сувӕллӕнттӕ ервӕзунгӕнӕг ӕма гъомбӕлгӕнӕг, ӕгъдаугин, хъиамӕтгун, ездон, ӕнӕсайд, кӕдзос уод мадтӕлтӕй нӕ Иристони бӕстӕ гъӕздуг ӕй. Уонӕй сӕ еу ӕй Малити Зӕрӕда, нӕ дзилли кадгиндӕр зарӕггӕнӕг Геуӕргий цардӕмбал. Зӕрӕда еугур зин царди уавӕртӕбӕл дӕр фӕууӕлахез ӕй. Цума имӕ еци хъаурӕ кӕцӕй цудӕй, куд бафӕразта фӕууӕлахез ун еци зинтӕбӕл, седзӕргӕс уогӕй? Куд бухстӕй? Аци фарстатӕн дзуапдӕттӕг ӕй уӕхӕн зундирахаст. Зӕрӕда архайдта, цӕмӕй Геуӕргий кадӕ ма фӕккиудтайдӕ, уобӕл. Ӕ рохс ном ин некӕд феронх ӕй, ӕгъдау ин лӕвардта, ӕ уоди фарнӕ ин мӕрдти бӕстӕмӕ нӕ рауагъта. Устур аргъ ӕма ӕгъдау равардта Малити муггагӕн, ӕхе муггаг Тагъатӕн, ӕма мадӕ ӕма фиди рохс цӕсгон некӕд феронх ӕй, фидтӕлти ӕгъдӕуттӕбӕл хуӕцгӕй, ӕ цард аразта, Геуӕрги берӕ ци адӕми уарзта, уонӕн ӕгъдау лӕвардта ӕма дӕттуй. Зӕрӕда арфӕ кӕнуй ӕ кӕстӕртӕн, ӕ хуӕрти, ӕнсувӕрти цӕуӕтӕн, зин царди рӕстӕги ин ка агъаз кодта, уонӕн.

РЕДАКЦИЙӔЙ: Малити Зӕрӕда ӕ уӕлзӕнхон цардӕй рахецӕн ӕй 1995 анзи октябри мӕйи. Рохсаг уӕд… Абони ин ци имисуйнӕгтӕ мухур кӕнӕн, уони ба ин ӕхе радзубандимӕ гӕсгӕ, 1994 анзи ниффинста Малити Уане (е дӕр абони цардӕгас нӕбал ӕй, рохсаг уӕд…) Уӕдӕй нурмӕ ци рӕстӕг рацудӕй, уой дӕргъи имисуйнӕгти кӕцидӕр хабӕрттӕ фендӕрхузон ӕнцӕ, фал сӕ ниууагътан, Зӕрӕда сӕ куд радзурдта, уотемӕй. Дӕлдӕр ба мухур кӕнӕн Геуӕрги ӕма Зӕрӕдай цӕуӕти къартӕ.