21 ноября 2024

«КАВКАЗИ СÆРМÆ УÆЛДÆФИ ХЕЦАУЕУÆГ МАХ КОДТАН!..»

22.09.2020 | 17:54

Куд ма игъосун кодтан, уотемæй Уæрæсей Президент Владимир Путин июли кæрони бафинста Указ, кæцимæ гæсгæ нисангонд æрцудæй нæ Фидибæсти еума зæрдæбæлдарæн бон – Кавказ немуцаг-фашистон æрбалæборгутæй багъæуай кæнуни тугъдтити Сурх Æфсади уæлахези кадæн. Еци бон амæй фæстæмæ бæрæггонд цæудзæнæй 9 октябри.

Уой фæдбæл нæ зæрди ес хецæн æрмæгутæ мухур кæнун. Абони уæ зонгæ кæнæн Советон Цæдеси Бæгъатæр, авиаций маршал К.А. Вершинин (1900-1973) Цæгат Иристони журналисттæн кæддæр ци хабæрттæ ракодта, уони хæццæ. Номдзуд тугъдон архайæг Кавказ немуцаг-фашистон æрбалæборгутæй багъæуай кæнуни тугъдтити рæстæг инæлар-лейтенант К.А. Вершинин адтæй 4-аг уæлдæфон æфсади къамандæгæнæг.

– Константин Андрейи фурт, мах зонæн Устур Фидибæстон тугъди уæззау рæстæг, знаг Кавказмæ ку æмпурста, уæд ду тох кодтай Цæгат Иристони. Еци бæнтти туххæй ку радзорисæ цæгатиристойнаг газеткæсгутæн

Хъæбæр æхцæуæнæй ракæндзæнæн уæди рæстæги кæцидæр цаути хабæрттæ. Фиццаги-фиццагидæр уой зæгъун гъæуй, æма Цæгат Иристони сæйраг сахар Дзæуæгигъæу (уæд хундтæй Орджоникидзе) адтæй, немуцаг командæкæнуйнадæ цийфæндийæй дæр æнæмæнгæ байсунбæл кæбæл исфæндæ кодтонцæ, уæхæн.  Куд зонæн, уотемæй  Орджоникидзе æй Арви коммæ нади дæгъæл. Гъе уомæ гæсгæ немуцаг-фашистон æрдонгти разамунд сæ сæйрагдæр цæф Цæгат Иристони сæйраг сахармæ исаразтонцæ, гъавтонцæ, уой байахæсгæй сæхецæн Фæскавказмæ над байгон кæнун: фиццагидæр – Арви коми нæдтæбæл; дуккагæй ба – Дербентбæл Бакумæ. Æма уотемæй, ке зæгъун æй гъæуй, бæстæй, еугур фронтæй дæр фæххецæн адтайуонцæ агъазиау рауæнтæ. Гъе, уомæ гæсгæ сахар Орджоникидзебæл тугъдæн адтæй ахсгиаг æма агъазиау стратегион ахедундзийнадæ.

Уæд æз разамунд лæвардтон, æфсæдти Цæгаттаг къуармæ ка хаудтæй, еци 4-аг уæлдæфон æфсадæн. Гъулæггагæн, басæттун гъудæй уобæл, æма нæ фронт уæд хъæбæр лæмæгъ ке адтæй. Уотæ ба уомæн рауадæй, æма Сурх Æфсади хæйттæн æнæбари сидзмудзи цæугæ ке рауадæй сауæнгæ сахар Ростови алфамбулайти уæнгæ, уой фудæй сæбæл æрцудæй устур зæрантæ. Цæугæдон Дони сæрти бахезун дæр син хъæбæр исзин æй – фашистон хуæдтæхгутæ æхсæвæй-бонæй хедтæбæл, бæлæгътæбæл, баржитæбæл бомбитæ ехуарæгау калдтонцæ, гагадзагъд кодтонцæ… Ку зæгъун, хъæбæр устур зæран нин хастонцæ махæн. Адæмæй дæр æма техникæй дæр  исавдæй хъæбæр берæ. Æма, гъе еци æрлæмæгъгонд æфсæддон хæйттæ, тагъд-тагъдæй Кавкази хуæнхти æрдæмæ сидзмудзи рацæугæй, позицитæ байахæстонцæ Терки билгæрæнтти.

Гъе уæд, 1942 анзи æз мæ царди фиццаг хатт бафтудтæн сумах рауæнтæмæ. Цæгат Кавказ уой размæ æз зудтон айдагъдæр Пушкини, Лермонтови, Толстойи уадзимистæмæ гæсгæ. Берæ бакастæн æма фегъустон «мæстигæр Терки» туххæй, аци хуæнхон цæугæдони «æнæбасæттæн уодигъæди» туххæй. Фал мæхе цæститæй Терк ку фæууидтон, уæд ми баруагæс æй, уой «æнæбасæттондзийнади» туххæй бустæги раст ке нæ адтæнцæ цитгин финсгутæ æма поэттæ – уотæ ке туххæй финстонцæ, еци цæугæдон уæхæн устур цæлхдор ке нæ ’й, е. Знагæн æ бон адтæй Терки сæрти æнцонтæй бахезун. Уой, æвæдзи, зудта фельдмаршæл Клейст дæр, æма Кавказмæ тундзгæй, хъæбæр хестауæн дзубандитæ кодта, гъома, Европи берæ паддзахæдти ругæ сæ фæрстæбæл кæмæн ниббадтæнцæ, еци танкитæ æнцонæй бахездзæнæнцæ Терки сæрти æма балæудзæнæнцæ Арви коми нæдтæбæл.

Фал немуцаг фельдмаршæл æ уæлбекъондзийнадæй æхе расайдта æма фæффудевгед æй – уоййасæбæл сæрбæрзонд кæмæй адтæй, æ еци тугъдон хъауритæн сæ бон бацæй айдагъдæр Мæздæги уæнгæ рацæун. Советон æфсæддон хæйттæ Терки рахесфарс сæхецæн исаразтонцæ  рæвдзæ бунæттæ, æрфедар æнцæ Вознесенская æма  Малгобеки размæ  туппуртæбæл, æма уомæ гæсгæ Терки сæрти æрбахезун, фашисттæ куд æнгъалдтонцæ, уотæ хумæтæг гъуддаг син нæ разиндтæй. Цæгат Кавказ, æцæгæйдæр, равдиста æ «æнæбасæтгæ уодигъæдæ».

Зæгъун гъæуй уой, æма еци тугъдтити агъазиау ахедундзийнадæ адтæй нæ авиацийæн. Фестæг æфсæдтæ махмæ уæд байзадæй минкъий. Æма цуппæрæймаг уæлдæфон æфсади багъудæй аци рауæн никки агъазиаудæр ихæстæ æхемæ райсун, еугур зиндзийнæдтæн дæр, куд гъудæй уавæрмæ гæсгæ, уойбæрцæбæл бафæразун. Сахар Мæздæги æма уомæ хæстæг гъæутæ æма хуторти бамбурд æнцæ знаги агъазиау тухтæ –  устур æфсад æма тугъдон техникæ. Уæди рæстæги газеттæ  æма Совинфорбюрой игъосункæнуйнæгти ахид амунд æрцæуидæ, зæгъгæ, еугур фронтти дæр евгъуд сутки еуцæйбæрцæдæр устур æййивддзийнæдтæ не ’рцудæй. Мæздæги алфалæмбулайтæй ба уæд игъосун кодтонцæ, еудадзуг уæззау тугъдтитæ си ке цудæй, уой туххæй хабæрттæ.  Советон æфсæддон хæйттæ кæд хъæбæр карз нихкъуæрд лæвардтонцæ знагæн, уæддæр 1942 анзи уомæн æ къохи бафтудæй Мæздæги размæ Терки сæрти æрбахезун æма идарддæр размæ æмпурсун. Клейсти танкитæ сæ  цуд  исаразтонцæ Вознесенскийи æрдæмæ. Етæ гъавтонцæ æнцонтæй  Ачалукибæл сахар Орджоникидземæ «багæпп» кæнун, æма уотемæй Арви комбæл Фæскавказмæ над сæхецæн байгон кæнун.

Знаги нихмæ гæлст æрцудæнцæ хуæдтæхгути еугур хузтæ дæр. Сæхе уæлдай бæгъатæрæй равдистонцæ ИЛ-2-бæл тæхгутæ. Аци тугъдтити мах ци мадзæлттæ аразтан, уонæй беретæ разиндтæнцæ, уæди уæнгæ уотид æ кой дæр кæмæн нæма адтæй, уæхæн нæуæгдзийнæдтæ, еузагъдæй, ихæлд æрцудæнцæ тохи тактики уæди уæнгæ классиконбæл нимад уагæвæрдтæ. Раздæр куд адтæй, уотæ нур танкитæбæл бомбитæ гæлст нæ цудæй: 10-15 метри бæрзæндæй нæ хуæдтæхгутæ комкоммæ æхстонцæ знаги техникæ. Уæхæн мадзал адтæй тæхгути хехъæппæресдзийнадæ, æма е фæррæстмæ ’й, не ’нтæститæ адтæнцæ хуарз æма агъазиау. Клейсти «æнæбасæтгæ æрдонгтæй» нецибал байзадæй. Æртæ-цуппар бонемæ знаги еугур танкитæ дæр æрцудæнцæ сугъд æма дæрæнгонд.

Е адтæй нæ авиаций агъазиау æскъуæлхтдзийнадæ. Нæ авиаци фæггуз кодта немуцаг-фашистон æфсæдти хъæбæр тæссаг операци. Уæдæй фæстæмæ знаг еунæг хатт дæр мах æрдæмæ нæбал æрбандиудта Арви коммæ надмæ бампурсуни зæрдтæй.

Сæ танкон операцийæй ку неци рауадæй, уæд немуцæгтæ исфæндæ кодтонцæ идарддæр сæ авиаций агъазæй тох кæнун. Фал нин сæ еци фæндæ неци уоййасæбæл  зæрантæ хаста. Уомæн æма хуæнхрæбунти, мах æфсæдтæ ба уомити лæудтæнцæ, бонигъæдæ еудадзугдæр асуст уидæ, мегътæй æхгæд уидæ арв æма зæнхæ дзæбæх нæ зиндтæй. Фашистон тæхгутæ ба сæ бомбитæ мегъти сæрæй ке гæлстонцæ «хъæрæуæй», уомæ гæсгæ сæ цæфтæ нисанбæл не ’мбалдæнцæ. Немуцаг æфсæдтæ кæми лæудтæнцæ, еци рауæнти сæрмæ ба арв алкæддæр ирд адтæй, кастæй хор. Æма мах уæлдæфон нимпурститæ кæддæриддæр адтæнцæ рæстдзæвин æма уомæ гæсгæ ба æнтæстгин – сæ цæфтæ исæмбæлиуонцæ, знаги техникæ æма æфсæдтæ тумугъæй кæми лæудтæнцæ, еци бунæттæбæл.

Мæн фæндуй нæ цуппæрæймаг уæлдæфон æфсади еугур хæйттæй еуей – æхсæвигон бомбæгæлдзæг полкки туххæй сæрмагондæй зæгъун. Уомæн командæ кодта намусгин тæхæг Евдокия Бершанская. Еци полкки еунæг нæлгоймаг дæр нæ адтæй. Силгоймæгтæ алцидæр сæхуæдтæ æнхæст кодтонцæ, сæхуæдтæ зилдæнцæ сæ машинттæмæ, сæхуæдтæ сæбæл ауигътонцæ бомбитæ. Æхсæви дæргъи алли тæхæг дæр Мæздæги æрдæмæ ракæнидæ фондз-дæс тахти, знагбæл æргæлдзиуонцæ бомбитæ, сæ уæзæ еумæйагæй уидæ дууæ мин килограммей бæрцæ, æма ин устур зæрантæ исаразиуонцæ.

Знаги позицитæбæл бомбитæ гæлдзгæй дæр пайдагонд æрцудæй нæуæгдзийнæдтæй. Зæгъæн, нæ тæхгутæ тугъдон ихæслæвæрдтæ æнхæст кæнунмæ (еудадзугдæр – æхсæвигон) ранæхстæр уогæй, райдайæни сæ хуæдтæхгутæбæл (етæ ба адтæнцæ ПО-2, адæм сæ худтонцæ «кукурузниктæ») фиццаг бал  бæрзæндти тæхиуонцæ, фал  Мæздæги æма æ алфамбулайти сæрмæ ку бахæстæг уиуонцæ, уæдта син сæ мотортæ рахуссун кæниуонцæ. Æма уотемæй уæлдæфи накæ кæнгæй, æнæстуфæй бахъæртиуонцæ, кумæ уидæ сæ нисан, уордæмæ æма æркалиуонцæ сæ бомбитæ знагбæл. Еци æхсæйвон уæлдæфон æрбампурстити туххæй немуцæгтæ базониуонцæ  бомбитæ сæбæл кæлун æма ихæлун ку байдайиуонцæ, айдагъдæр уæд. Нæ тæхгути уæхæн æндиуд нимпурститæ  хъæбæр устур тасдзийнади æфтудтонцæ знаги. Куд æригъустан, уотемæй немуцаг æфсæддонтæ нæ тæхгути еци æхсæвигон нимпурстити туххæй сæ медастæу, дан, уотæ дзурдтонцæ: «Фельдфебель нин æгъдау æвæруй!..» Цæмæ гæсгæ сæмæ, фæрсис, фæззиндтæй уæхæн æнахур загъд? Цæветтонгæ, фельдфебель немуцаг æфсæддонтæн адтæй сæ тæккæ тасæфтауæгдæр æма карздæр хецауеуæггæнæг. Хъæбæр си тарстæнцæ, æма, куд рабæрæг æй, уотемæй гъе уæхæн тасдзийнадæ  æвзурстонцæ нæ тæхгути дæрæнтæй дæр.

Немуцаг командæкæнуйнадæ æ фæндитæ уæддæр исæнхæст кæнуни зæрдтæй æ хъауритæй испайда кæнун бавзурста æндæр рауæн дæр. Е исфæндæ кодта сахар Орджоникидземæ Майрæмадаг æма Гизæли æрдигæй нимпурсун. Æз лæмбунæг нæ дзордзæнæн, сахар Орджоникидзе бæгъатæрæй куд гъæуайгонд цудæй, æма не ’фсæдтæ ирон гъæу Гизæли бунмæ ци бæгъатæрдзийнадæ равдистонцæ, уобæл. Айдагъдæр  мæ уой зæгъун фæндуй, æма бунæттон цæргутæ Сурх Æфсадæн куд  агъаз кодтонцæ, уой туххæй. Зæрæндтæ дæр, силгоймæгтæ дæр æма ма сауæнгæ сувæллæнттæ дæр – хуарз ма ’й гъуди кæнун – зæрдиагæй архайдтонцæ блиндажтæ аразунбæл, къахтонцæ акъоппитæ. Хъæбæр фæййагъаз кодтонцæ етæ нæ авиацийæн дæр. Зæгъæн, мах гъудæй хизтæй хуæдтæхгутæ байаууон кæнунæн. Зæронд  лæгтæ æма зæронд уоститæ хъæбæр цубур  рæстæгмæ исаразтонцæ уæхæн хизтæ æма нин уомæй фæййагъаз кодтонцæ знагæй нæ хуæдтæхгутæ байаууон кæнун. Нæ алли курдиадæ дæр бунæттон цæргутæ æнхæст кодтонцæ хъæбæр разæнгардæй.

Орджоникидзей (Владикавкази) уогæй, æз  хъæбæр дестæгæнгæй кастæн ардигон цæргутæмæ: етæ еци уæззау æма тухст бæнтти, сауæнгæ бомбитæ ехуарæгау ку калдæнцæ сахари еугур рауæнтæбæл дæр, уæддæр æдæрсгæй архайдтонцæ гъæунгтæ кæдзосæй дарунбæл. Уæдта еци-еу рæстæг етæ зæрдиагæй агъаз кодтонцæ æфсæддон хæйттæн – раззагдæр позицитæмæ тугъдонтæн худтонцæ гъар дарæс æма сæбæл æй исæмбæлун кæниуонцæ, уой хæццæ ба ма, кæд сæхуæдтæ дæр гъæуагæдзийнæдтæ æвзурстонцæ, уæддæр син еудадзуг ластонцæ хуæлцæ, уæдта гилдзитæ æма нæмгутæ дæр, еузагъдæй, знаги нихмæ тохгæнгути цидæриддæр гъудæй, уомæй син агъаз кодтонцæ. Сахари ци промышленнон кустуæттæ адтæй, етæ дæр сæ куст кодтонцæ, фронтæн гъæугæ продукци дæтгæй.  Ирæнттæ, уруссæгтæ,  гурдзиæгтæ, сомехæгтæ, украинæгтæ æма ма берæ æндæр адæмихæттити минæвæрттæ æнсувæрон берæнацион бийнонтæй æрлæудтæнцæ фæллойнадон вахти. Адæмти еци æнæихæлгæ еудзийнадæ, фронт æма фæсфронти æнгомдзийнадæ фæййагъаз æнцæ сахар Орджоникидзей размæ тугъдтити рæстæг немуцаг-фашистон æрбалæборгути размæмпурст æруорамун, карз нихкъуæрд син радтун æма син бæрзæйсæттæн цæф никкæнгæй сæ ардигæй фæлледзæги кæнун.

Сахар Орджникидзей размæ тугъдтитæн сæ ахедундзийнадæ цæйбæрцæбæл агъазиау адтæй, е бæлвурдæй финст æрцудæй Устур Фидибæстон тугъди цитгин анзфинсти. Ами знагбæл æрцудæй устур зæрантæ, хъæбæр берæ си фæгъгъудæй æфсæддонтæй дæр æма техникæй дæр, уой дæр уоййасæбæл берæ, æма ин фæстæмæ фæлледзунæй уæлдай æндæр неци гæнæн бал адтæй. Е адтæй, еу къуар къуæремæ æнæгъæнæ Кавказ байахæссунмæ ка гъавта, еци гитлерон æфсади ходуйнаги дæрæн.

Уой фæсте ка райдæдта æма æнтæстгинæй ка рахецæн æй, Сталингради советон æфсæдти еци тугъдон операци дуйнейæн  никкидæр ма еума хатт равдиста нæ Фидибæсти цардарæзти федардзийнадæ, советон берæнацион адæми хъаурæ.

– Устур Фидибæстон тугъди рæстæг нæ авиаций æнтæстдзийнæдти æма Цæгат Кавказ немуцаг-фашистон æрбалæборгутæй багъæуай кæнуни гъуддаги уой ахедундзийнади фæдбæл дæ радзубанди, гъай-гъайдæр, цæмæдессаг æй, фал уой хæццæ ба ма хуарз уидæ, мæнæ ци рæстæгути туххæй цæуй дзубанди, уæд знагмæ дæр æма махмæ дæр тугъдон-уæлдæфон тухтæ кæмæ цæйбæрцæ адтæй, уой фæббæлвурддæр кæнун…

Æз дæ лæдæрун. Базонун уæ фæндуй, уæлдæфи, куд фæззæгъунцæ, хецауеуæг ка кодта, махонтæ æви немуц, уой. Римæхстаг  нæй – тугъдтити райдайæни знаг адтæй хъаурæгиндæр, уой туххæй æма уомæ уæд адтæй раззагдæр тугъдон-уæлдæфон  флот. Фашистон æфсадмæ адтæй æндонцъарæ хуæдтæхгутæ хуарз хуæцæнгæрзти хæццæ. Фал фæстæдæр нæ авиацион промышленность уадзун райдæдта дессаги хуарз машинттæ.  Етæ зингæ тагъддæр тахтæнцæ.

Штурмовик ИЛ-2, зæгъæн, адтæй æндонцъарæ, е ин гъæуай кодта æ ахсгиагдæр рауæнтæ – мотор æма экипажи бунат. Уомæн æ бон адтæй ниллæгути тæхун. Уой фæрци ба ин фадуат уидæ æ нисанмæ æнæзингæй батæхунæн. Еци штурмовик гæлста бомбитæ (бомбитæ ба еумæйаг уæзæй ластонцæ 500 килограммей бæрцæ), æхста дзармадзанæй. Уæхæн хуæдтæхæг уæд махæй уæлдай некæмæ ма адтæй.

Ирæзтæй дæрæнгæнæг авиаци дæр. Е гъæуама тох кодтайдæ знаги бомбæкалгути нихмæ. Етæ еу рæстæги уæнгæ æнæфхуæрдæй бомбитæ гæлстонцæ айдагъ не ’фсæдти раззаг позицитæбæл нæ, фал ма сауæнгæ сабурцæрæг сахартæ æма гъæутæбæл дæр. Фал уалинмæ мах уæлахез кæнун райдæдтан уæлдæфон тухти дæр.  Ракæнун мæ фæндуй еу хабар. Немуцаг хуæдтæхгутæ 1942 анзи бонигон батахтæнцæ Грознамæ. Бомбитæ æргæлдзуни фæсте сахар цалдæр боней дæргъи сугъдæй. Немуцæгтæ бангъалдтонцæ, зæгъгæ, нурæй фæстæмæ дæр син нихкъуæрд неке ратдзæнæй, æма бабæй  уордæмæ батахтæнцæ. Уæд мах уони  бомбæгæлдзгути нихмæ рарвистан, хуæрзæрæги ке райстан, уæхæн хуæдтæхгутæ ЛА-5. Уонæн сæ цæлхитæ дæлæмæ ке зиндтæнцæ, уой фæууингæй, немуцæгтæ, æвæдзи, бангъалдтонцæ зæронд машинттæ ’нцæ, зæгъгæ, æма син неци уоййасæбæл тæссаг æй. Фал, ЛА-5 хуæдтæхгутæ сæ «къæхтæ ку балхъивтонцæ», уæд, зелгæдумги хузæн, знагмæ нимпурстонцæ, баййафтонцæ немуцаг «асти» æма сæ еугай-дугайæй гæлдзун райдæдтонцæ. Еци бон нимпурсти ка архайдта, егур еци фашистон бомбæгæлдзгутæ дæр гæлст æрцудæнцæ.  Уæдæй фæстæмæ немуцæгтæ еу хатт дæр нæбал исфæндæ кодтонцæ бонигон бомбитæ гæлдзунмæ тæхун.

 

Уой фæсте мах есун байдæдтан нæуæг æма нæуæг хузти  хуæдтæхгутæ. Етæ сæ менеугутæмæ гæсгæ берæ хуæздæр адтæнцæ знаги машинттæй. Гъе уотемæй мах бустæгидæр иссан уæлдæфи хецауеуæггæнгутæ. Нæ авиаци знагæн ци зæрантæ æрхаста, етæ агъазиау æнцæ. Уой туххæй, мæнмæ гæсгæ, цидæр нимæдзитæ ранимайæ-банимайæ кæнун уоййасæбæл нæ гъæуй, уомæн æма уотемæй дæр дзиллæн зундгонд æнцæ. Уони туххæй тугъди рæстæги еудадзуг игъосун кодтонцæ нæ мухури фæрæзнитæ, дзурдтонцæ радиойæй, игъустгонд цæунцæ абони дæр аллихузон æрмæгути фæрци.

Силгоймæгти авиацион полкки командир Евдокия БЕРШАНСКАЯ (галеуæрдигёй) ама полкки штурман Советон Цæдеси Бæгъатæр Ларисæ РОЗАНОВА. 1945 анз.

Редакцийæй. Силгоймæгтæй авиацион полктæ исаразуни фæндæ иссæй Сурх Æфсади уæди хъæбæр дессаги æндиуд фæлтæрæн. Аразун ба сæ байдæдта тæхæг Мария РАСКОВА. Нæкæси, е иссæй, Советон Цæдеси Бæгъатæри ном силгоймæгтæй фиццагидæр кæмæн исаккаг кодтонцæ, уонæй еу. Уæхæн полктæ æдеугурæй адтæй æртæ, æма си еуемæн разамунд лæвардта Евдокия БЕРШАНСКАЯ. Аци полк Кавказ багъæуай кæнуни тугъдтити фæсте архайдта Хъубан, Хъирим, Белорусси æма Польшæ немуцаг-фашистон æрбалæборгутæй исуæгъдæ кæнунбæл тугъдтити, уæдта Хорискæсæн Пруссий тугъдтити.

Сæ тугъдон ихæстæ æнхæст кæнунмæ тæхгæ ба кодтонцæ зæрондæй-зæронддæр хузи хуæдтæхгутæбæл – худтонцæ сæ ПО-2. Етæ сæ рæстæги арæзт æрцудæнцæ тугъдæн нæ, фал исуйнаг тæхгути ахур кæнунæн. Тæхгути къæбинитæ адтæнцæ игон, рæстдзæвин æхстæн си сæрмагонд мадзал, уæдта бомбитæгæлдзæн люк дæр нæ адтæй. Бонигон сæбæл знаги æрдæмæ тæхæн нæ адтæй, уомæн æма сæ хъæбæр æнцонтæй æргæлдзун æнгъизтæй, уомæ гæсгæ тахтæнцæ айдагъдæр æхсæвигон, уой дæр æхсæз-аст хатти, бомбитæ, кæцити еумæйаг уæзæ хъæртидæ дууæсæдæ килограммей уæнгæ, знагбæл гæлстонцæ сæ къохтæй, уомæн æма си иннæ хуæдтæхгути хузæн сæрмагонд люктæ нæ адтæй. Мадта сæ сæхе уæлдæфи багъæуай кæнун багъудæй, уæд сæмæ пистолет ТТ-æй æндæр нецихузи тохæндзаумау адтæй – сауæнгæ 1944 анзи уæнгæ си пулеметтæ æвæрд нæ цудæй. Гъе уотемæй дæр дессаги бæгъатæрæй тох кодтонцæ, знагæн агъазиау зæран хастонцæ, хумæтæги сæ нæ исхудтонцæ «æхсæйвон хинттæгæнгутæ».

Аци полккæн, кæцими, нæкæси, тугъди сауæнгæ кæронмæ дæр айдагъдæр силгоймæгтæ адтæй, лæвæрд æрцудæй гвардиони кадгин ном, исхуарзæнхгин æй кодтонцæ Суворови æма Тугъдон Сурх Турусай ордентæй. Æртæ æма инсæй тæхæгемæн ба си лæвæрд æрцудæй Советон Цæдеси Бæгъатæри ном.  

Номдзуд советон тæхгутæ Советон Цæдеси Бæгъатæр Дзусати Ибрагим (галеуæрдигæй) æма Советон Цæдеси æртæ хатти Бæгъатæр Александр Покрышкин хъазауатонæй архайдтонцæ Цæгат Кавказ фашистон æрдонгтæй багъæуай кæнуни тугъдтити.

Аци къарæ ист æй архивæй, æма æвдесуй, æ рæстæги КОЦОЙТИ Лени хузæн рохситауæг силгоймæгтæ цæйбæрцæбæл æновудæй архайдтонцæ Иристони ирæзгæ фæлтæрти ахуради гъуддаги.