03 декабря 2024

КЪУБАЛТИ АЛЕКСАНДР. КАДӔ ИН КӔНӔН ӔНОСТӔМӔ…

27.11.2021 | 10:52

КЪУБАЛТИ Александр

Иристони уӕхӕн къум, уӕхӕн риндзӕ нӕййес, ӕма Ӕфхуӕрдти Солӕмани фурт Хӕсанай ӕверхъау карни кадӕнгӕ кӕми нӕ райгъустӕй; нӕ хуӕнхбӕсти, нӕ будурти цӕргутӕй ба, ӕвӕдзи,  ӕстӕнмӕ разиндзӕнӕй уӕхӕн адӕймаг, кӕци нӕ фегъустайдӕ Ӕфхуӕрдти цӕхӕрцӕстӕ Хӕсанай ӕхсарӕ, ӕ мадӕ – саударӕг уосӕ – Госӕмай нифс ӕма уоди фелардзийнади хабӕрттӕ ӕма етӕ ке ке зӕрдитӕ нӕ фӕрресун кодтонцӕ. Уони фӕнзгӕй, беретӕ сӕхуӕдтӕ дӕр разӕнгард кодтонцӕ мӕгур адӕймаги ӕфхуӕргути нихмӕ тохмӕ.

Еци разагъди кадӕнгӕ аййевадон ӕгъдауӕй дессаг исфӕлдиста поэт Къубалти Захари фурт Александр. Ӕ финст кадӕнгӕ ин зудта, уӕдта ‘й хецӕн киунугӕй бакастӕй Хетӕгкати Къоста дӕр.

Иристони дзиллӕн хуарз зундгонд адтӕнцӕ Къубалти Александри иннӕ аййевадон уадзимистӕ дӕр.

Къубалти Александри райгурдбӕл 9 октябри исӕнхӕст ӕй дӕс ӕма авдинсӕй анзи (1871-1944). Уой фӕдбӕл 4-5 фӕрстӕбӕл кӕсетӕ зундгонд ирон поэт Цӕрукъати Александри (1918-2000) финст ӕрмӕг.

Рӕстӕг цӕуй, цард размӕ уайуй е ‘стур надбӕл. Еци нади билтӕбӕл зиннунцӕ, нӕ адӕмӕн хуарздзийнадӕй ка ци исаразта, уони гъуддӕгутӕ, хъиамӕттӕ. Уотӕ бӕрӕг даруй, бӕрзонд мӕсуги хузӕн Къубалти Александри литературон фӕллойнӕ дӕр. Уой поэтикӕ устур, толдзӕ бӕласи хузӕн, лӕууй царди хонхи фахсбӕл, ӕ къабӕзтӕ фӕйнердӕмӕ райтигъта, ӕ уедӕгтӕ къӕдзӕхи фӕсхъити арф ниццудӕнцӕ ӕма некӕци карз думгӕн бакомдзӕнӕнцӕ уой ӕ сӕрмагонд бунатӕй фезмӕлун кӕнун.

Къубалти Александр райгурдӕй 1871 анзи Зӕронд Бӕтӕхъойгъӕуи. Ӕ фидӕ адтӕй ахургӕнӕг. Александр райдайӕн скъола ӕма Дзӕуӕгигъӕуи гимнази каст фӕууни фӕсте бацудӕй Киеви университетмӕ. Уоми каст фӕцӕй юридикон факультет 1899 анзи. Революций агъоммӕ ӕма ӕ фӕсте дӕр куста адвокатӕй. Уомӕй уӕлдай ӕ гъос хъӕбӕр дардта ӕхсӕнадон иннӕ куститӕмӕ дӕр – архайдта Терки бӕсти хуӕнхаг адӕми ’хсӕн ахурдзийнадӕ ӕма техникон зонундзийнӕдтӕ парахатгӕнӕг ӕхсӕнади. Александр адтӕй хъӕбӕр ахургонд лӕг ӕ рӕстӕги. Хуарз зудта айдагъ уруссаг нӕ, фал еугур дуйнеуон литературон бунтӕ ӕма традицитӕ, финста ирон ӕма уруссаг ӕвзӕгтӕбӕл дӕр айдагъ аййевадон уадзимистӕ нӕ, фал наукон-ӕртасӕн куститӕ дӕр, фулдӕр лингвистикон фарстатӕ ӕма ирон адӕми рагон историбӕл.

Революций агъоммӕ, 1894 анзи, ниффинста кадӕнгӕ «Ӕфхӕрдты Хӕсанӕ». Мухур ба ‘й никкодта хецӕн киунугӕй 1897 анзи; фӕстӕдӕр, 1905 анзи, рауагъта Нарти кадӕнгитӕ ӕмдзӕвгитӕбӕл арӕзтӕй, уӕдта сӕ 1906 анзи ниммухур кодта уруссагау – «Герои-нарты»; 1915 анзи хецӕн киунугӕй фӕззиндтӕй кадӕнгӕ «Хосдзау».

Ниффинста ма «Косер», «Хъарӕг», «Изӕр», «Цагъар». Етӕ сӕ еугур дӕр мухургонд ӕрцудӕнцӕ 1900 анзи еумӕйаг ӕмбурдгонд «Гӕлӕбу»-йи.

Къубалти Александрӕн революций агъоммӕ фадуат нӕбал адтӕй ӕ поэтикон хъауритӕ рапарахат кӕнунӕн: фагӕ баст нӕ адтӕй автор ӕхуӕдӕг дӕр уӕди доги раззагдӕр, сӕребарӕмӕ седӕг змӕлди хӕццӕ. Е хъӕбӕрдӕр лӕудтӕй еумӕйаг демократон идейитӕбӕл, ӕма е ‘сфӕлдистади бон уомӕ гӕсгӕ фагӕ исӕмбохун не ’ссӕй революци ӕма контрреволюций ’хсӕн карз тохи рӕстӕги. Революций фӕууӕлахези фӕсте ин фадуат фӕцӕй е ’цӕг хъауритӕ равдесунӕн.

Кадӕнгӕ «Ӕфхӕрдты Хӕсанӕ» ӕй Къубали-фурти исфӕлдистади тӕккӕ зингӕдӕр уадзимис. Уой нимайун гъӕуй ирон аййевади медӕгӕ литературон циртдзӕвӕнтӕй еуебӕл. Амад ӕй адӕмон исфӕлдистади бундорбӕл. Ӕ ниффинсуни аййевадон фӕрӕзнитӕ ӕма мадзӕлттӕ, ӕ геройти характертӕ ӕма сӕ фӕлгонц иснивӕ кӕнун, ирон нивӕфтуд дзубандий аллихузон гӕнӕнтӕ, киунугӕкӕсӕги кенӕ кадӕнгӕмӕ игъосӕги зӕрдӕ фӕййагайӕн фӕззелӕнтӕ ӕма интонаци – етӕ сӕ еугур дӕр ӕнцӕ хецӕн ӕркаст ӕма равзурсти аккаг. Евгъуд дзаманти Иристони уомӕй зундгонддӕр уадзимис зин иссерӕн адтӕй. Бӕрӕгбӕнтти кенӕ ӕндӕр уӕхӕн адӕмон ӕмбурдти еци кадӕнгӕ ӕнӕ райгъусгӕ нӕ адтӕй, Хӕсани зарӕн нӕ адтӕй ӕнӕ разарӕн! Аци кадӕнгӕ Хетӕгкати Къоста нимадта ӕхецӕн уарзон уадзимисбӕл, кӕд имӕ феппайуйнӕгтӕ дӕр хаста, уӕддӕр. Ӕ финстӕгутӕй еуеми уотӕ финсуй, зӕгъгӕ, Дзӕуӕгигъӕумӕ ку бафтуйон, уӕд мӕ размӕ рацотӕ ӕма мин декламаци кӕнетӕ Ӕфхӕрдти Хӕсани кадӕнгӕ. Къостай хузӕн гениалон поэт уӕхӕн дзубанди хумӕтӕг уадзимисӕй нӕ зӕгъдзӕнӕй!

Еуӕй-еу критиктӕ бустӕги раст нӕ равзурстонцӕ кадӕнги идейӕ, ӕма автори ӕгӕр азунгин кодтонцӕ евгъуд догӕ, рагон царди догӕ ӕма ӕгъдӕуттӕ идеализаци кӕнунӕй, уӕлдайдӕр ба тогесундзийнадӕй. Фал кадӕнги медес ӕй берӕ вазуггиндӕр. Уоми бафеппайун гъӕуй автори протест рагон доги цардиуаги нихмӕ. Поэт лӕууй рӕстдзийнади фарс, ауодуй ӕфхуӕрд адӕмбӕл, сӕ цӕститӕй сӕ кӕсун кӕнуй мӕгури ӕфхуӕргутӕмӕ ӕма сӕ цӕрун кӕнуй маст райсунмӕ се ‘знӕгтӕй. Мулдарти Хъудайнат – хъал, бонгин, е рамардта мӕгур лӕг Ӕфхӕрдти Солӕмани, уӕдта ин ӕ бийнойнаг Госӕмайӕй гъавта фӕггириз кӕнунмӕ, фал е ӕ къохи нӕ бафтудӕй. Госӕма еци устур маст ӕма ӕфхуӕрд ӕ зӕрдӕбӕл бадардта. Ӕ сувӕллон Хӕсанӕ ку рагъомбӕл ӕй, уӕд ин радзурдта ӕцӕгдзийнадӕ ӕ фиди маргути туххӕй. Ӕма Хӕсанӕ райста ӕ фидӕ, ӕ мади ’фхуӕрд – рамардта Хъудайнати лӕгӕй-лӕгмӕ фембӕлди. Фал уобӕл нӕ фӕцӕй гъуддаг: Хъудайнати муггаг лӕборунцӕ Хӕсанӕмӕ, марунмӕ ‘й агорунцӕ. Байеудагъ ӕй Хӕсанӕйӕй сӕ хӕццӕ тугъд… Рамардта уонӕй цалдӕрей, ӕхуӕдӕг дӕр фӕммард ӕй… Солӕмани бийнонти трагеди, уӕдта еугур еци бӕлӕхтӕ исаразуни фудгин ӕй Хъудайнат. Хъудайнати хузӕн фудлӕгти ба гъомбӕл кодта уӕдиккон догӕ, феодалон-патриархалон цардиуагӕ. Финсӕг мах лӕмбунӕг ӕркӕсун кодта еци гъуддагмӕ – ӕма е ӕй ӕ протест.

Кадӕнгӕ вазуггин куд ӕй, уомӕ гӕсгӕ си игуруй цалдӕр идейи. Уонӕй еу ӕй: зӕнхӕбӕл еу фудракӕндӕ дӕр гъӕуама ӕнӕбӕрӕгӕй ма байзайа. Еу инней тӕрегъӕди бацудӕй, уӕлдайдӕр ба рӕстӕй, уӕд уомӕй ихӕлуй царди рӕстдзийнадӕ, ӕма цалинмӕ фудгӕнӕг ӕфхуӕрд ӕрцӕуа, уӕдмӕ еци рӕстдзийнадӕн ӕ гакки исбадӕн нӕййес. Мулдарти Хъудайнат рамардта Ӕфхӕрдти Солӕмани, нецӕмӕй ӕй хъор дардта, уотемӕй. Еци фудракӕндӕн нӕ адтӕй батайӕн адӕми зунд ӕма зӕрдиуаги, уомӕ гӕсгӕ абони уа, исон уа – ӕ тӕрхон ӕй ӕййафдзӕнӕй. Ӕма ин адӕм сӕ фантазий, сӕ рӕсугъд таурӕхъти истӕрхон кодтонцӕ мӕлӕт. Еци мӕлӕт адтӕй карз: Хъудайнат айдагъ Ӕфхӕрдти знаг не ‘ссӕй, фал ма разиндтӕй знаг ӕхе муггагӕн дӕр, уомӕн ӕма уой фудӕй мард ӕрцудӕнцӕ сӕ хуӕздӕртӕ фарастемӕй, сауӕнгӕ ма ӕ азар басугъта сӕ кӕвдӕсардти дӕр. Аци рауӕн кадӕнги философи цӕуй идӕрдтӕбӕл ӕма арф: фудракӕндӕ еу гъуддагбӕл нӕ фӕууй, – е ма ӕ фӕдбӕл расайуй никки фуддӕр бӕлӕхтӕ. Е рамардта ӕ фиди туххӕй цалдӕрей – ӕндӕр гӕнӕн ин нӕбал адтӕй, ци уавӕри бахаудтӕй, уомӕ гӕсгӕ. Ӕма уотемӕй ӕхуӕдӕг дӕр ӕнӕ тӕрегъӕдӕй нӕ байзадӕй, уал адӕймаги рамаргӕй. Уоййадӕбӕл рахецӕн ӕй ӕ рохс дуйнейӕй ӕ берӕ цӕфти азарӕй. Кадӕнгӕ ӕй рагон сау дзаман ӕвдесӕг – трагеди, еци трагеди ба райгурдӕй феодалон-патриархалон цардиуагӕй, ӕма ин ӕнӕ райгурӕн дӕр нӕ адтӕй уӕхӕн ӕхсӕнади цардарӕзти. Уомӕ гӕсгӕ махӕн нӕ бон ӕй уӕхӕн хатдзӕгмӕ ӕрцӕун: поэт критикӕ кӕнуй евгъуд догӕ. Хӕсанӕ хумӕтӕги тогесӕг нӕй – е ӕй рӕстади туххӕй мӕлӕтмӕ цӕуӕг: фудгӕнӕг рамардта рӕстуод лӕги, фехалдта рӕстадӕ, ӕма цӕмӕй еци рӕстадӕ фӕстӕмӕ иснӕуӕг уа, уой туххӕй гъӕуама мард ӕрцӕуа фудгӕнӕг ӕхуӕдӕг. Хӕсанӕйӕн ба еци зундрахаст рахӕсгӕ ‘й уӕдиккон адӕми психологи ӕма дуйнемӕ цӕстингаси уавӕрӕй: маст райсун нимадтонцӕ рӕстдзийнадӕ фӕстӕмӕ ӕ бунати исӕвӕруни фӕткӕбӕл.

Кадӕнгӕ адӕймаги зӕрдӕ агайуй ӕ романтикон, ӕ героикон пафос ӕма ӕ лирикон интонацийӕй. Поэт ӕй рӕстбӕл архайӕг хъайтарти фарс – цийнӕ кӕнуй ӕ цийнӕбӕл, хъонц кӕнуй ӕ хъонцбӕл, – е уотӕ ку нӕ уайдӕ, уӕд ӕ аййев дзубанди уоййасӕ хъӕбӕр нӕ гъаридӕ адӕймагмӕ зӕрдӕ ихалуни уӕнгӕ. Уӕди дзамани цӕстӕй кӕсгӕй, идеализацигонд цӕунцӕ Хӕсанӕ ӕма Госӕма. Автор кадӕнги цаутӕмӕ цийфӕнди цӕстӕй нӕ кӕсуй. Е архайуй, цӕмӕй фидбилиз минкъийдӕр ӕрцӕуа, гъавуй ӕй бауорамунмӕ, дзоруй Хӕсани хӕццӕ, ӕрветуй ӕй ӕ хӕдзарӕмӕ, ӕ мади размӕ:

Ӕфхӕрдты Хӕсанӕ!
Ӕгъгъӕд цагъд Мулдарты,
Цыппар сӕ куы амардтай дӕ
фыды сау тугмӕ,
Дӕ фыды сау тугмӕ, дӕ мады
ӕфхӕрдмӕ.
Дӕ хӕдзар бацагур: фыдбылыз
ӕмхиц у, –
Фыдбылыз фӕзыны хи къахы
бынӕй.

Фал Хӕсанӕн раздӕхӕн нӕбал адтӕй, е – кӕдзосзӕрдӕ, маст ӕрӕгӕмӕ кӕмӕ гъардта, уӕхӕн, фал си еугӕр маст бацудӕй, уӕдта ӕ тоги фицун ӕрӕгӕмӕ ӕнцадӕй. Никки ма ‘й ӕ мади фӕдзӕхст дӕр размӕ исхуста:

Ма ныууадз Мулдартӕн ацы 
хӕрамдзинад!
Райс-иу Хъуыдайнатӕй саударӕг
мады ’фхуӕрд.

Ӕма айдагъ уобӕл дӕр нӕ адтӕй гъуддаг: знӕгтӕ ӕ фӕдбӕл зилдӕнцӕ марунвӕндӕй, ӕма ӕхе баримӕхсун, фӕлледзун ӕ сӕрмӕ нӕ хаста, уотемӕй ӕ къохӕй мӕрдтӕмӕ бацудӕнцӕ фарастемӕй. Уотӕ райеудагъ ӕй кадӕнги логикон над ӕма фӕцӕй устур трагедибӕл.

Къубали-фурт ӕй дӕсни хузӕгӕнӕг, психолог, алцидӕр ӕвдесуй ӕхе индивидуалон менеугути хӕццӕ, ӕ меддуйне, е ’ндаг бакаст дӕр Хӕсанӕн ӕй ӕнӕлазӕ, бӕгъатӕр, кӕдзосзӕрдӕ. Уодигъӕдӕй – ездон, хебӕлхуӕцгӕ, цардбӕллон. Хъудайнат – ӕдзӕсгон, уостити фӕдбӕл зелӕг; кедӕр силгоймаг цӕмӕй ӕ къохи бафтуйа фӕггириз кӕнунмӕ, уой туххӕй ин ӕ лӕги ка рамардта, уӕхӕн. Фал еци лӕгъуз менеугути хецау ӕгудзӕг, ӕнӕнифс, ӕдух лӕг нӕ адтӕй. Хӕсани цӕф ибӕл куд исӕмбалдӕй, уой поэт ӕвдесуй уотӕ:

Фӕлӕ йӕ фӕстаг бон ӕрхӕццӕ сахъ лӕгӕн,
Уӕлгоммӕ рахауди тулдз бӕласы хуызӕн.

Иннӕ уӕхӕн – Мулдарти Къӕбутдзӕф: е дӕр – фудлӕг, сосӕггай марӕг, стортӕ, бӕхтӕ давӕг, ӕнӕуой ба – сӕрӕн лӕг, бӕгъатӕр уоди хецау; е дӕр ку фӕццӕф ӕй, уӕд:

Тынг фидар лӕг уыди Мулдарты Къӕбутдзӕф,
Иу дзӕвгар фӕлӕууыд ӕнӕ ахаугӕйӕ,
Стӕй ныггуыпп ласта цъӕх уымӕл кӕрдӕгыл.

Еумӕйаг ӕмбурдгонд «Гӕлӕбу»-йи Къубали-фурт ниммухур кодта цалдӕр ӕмдзӕвги – «Косер», «Хъарӕг», «Изӕр», «Цагъар». Сӕ еугур дӕр финст ӕнцӕ адӕмон поэтикон традицитӕбӕл нӕ, фал уруссаг классикон поэзий формитӕбӕл. Ами дӕр автор хуӕст ӕй гуманистон идейитӕбӕл – раст зӕгъгӕй, еуцӕйбӕрцӕдӕр сӕмӕ хецӕндзийнадӕ ес: ӕнцӕ абстрактон, поэт тухсуй адӕймаги зиндзийнӕдтӕбӕл, фал еци адӕймаг фагӕ конкретон нӕй, – циуавӕр къласӕй рацудӕй, ке фарс лӕууӕг ӕй, е бӕрӕг нӕй. Еци идард гуманизм автори позици кӕнуй лӕмӕгъгомау, нӕййес имӕ, Хӕсанӕйи кадӕнги ци конкретондзийнадӕ адтӕй, е аци ӕмдзӕвгити.

Поэт уой фӕсте е ‘ргом фулдӕр ӕздахта Нарти эпос ӕмбурд кӕнунмӕ ӕма ‘й ӕмдзӕвгити уагӕбӕл аразта – иронау дӕр ӕма уруссагау дӕр. Аци рауӕн ӕ уруссаг финститӕ рауадӕнцӕ тухгиндӕр, аййевдӕр. Ӕцӕг аци куст кӕронмӕ нӕбал рахъӕртун кодта. Фал уӕддӕр хуарз гъуддаг исаразта уомӕй, ӕма базонгӕ кодта Нарти кадӕнгити хӕццӕ иннӕ адӕмти, сауӕнгӕ ӕнӕгъӕнӕ дуйней дӕр!

Уони тӕккӕ хуӕдфӕсте ниммухур кодта балладӕ «Нарсау-лӕбурӕг». Ами ӕвдист цӕуй, тухӕгӕнӕги над цубур ке ‘й: Нарсау рандӕ ‘й ӕргъӕуттӕ давунмӕ ӕма фӕммард ӕй. Ӕ уосӕ, ӕ бийнонтӕ ибӕл гъарӕнгӕ кӕнунцӕ. Автор арази нӕй уӕхӕн балцити хӕццӕ. Еци лӕборӕн балцитӕ дӕр игурдӕнцӕ уӕди дзамани цардиуагӕй.

1915 анзи ниффинста кадӕнгӕ «Хосдзау». Ами дӕр ес абӕреги философи: Хуасдзау рараст ӕй ӕргъӕуттӕ есунмӕ, цӕмӕй Ири уӕзӕгбӕл ӕхецӕн цӕсгон искӕна, цӕмӕй Ири кизгуттӕ фӕндурӕй ӕрцӕгъдонцӕ ӕ лӕгдзийнади туххӕй… Хуасдзау ӕй тухӕгӕнӕг, е ‘мбӕлттӕ рамардтонцӕ кӕсгон гъонгӕс Бӕтъой, ӕма Хуасдзау ӕхуӕдӕг дӕр фӕммард ӕй. Е адтӕй фидбилизи над, исӕвди над, ӕгадӕ мард… Ӕма ин киунугӕкӕсӕг тӕрхон хӕссуй автори хӕццӕ еумӕ.

***

Октябри революций фӕууӕлахези фӕсте Советон цардиуагӕ Къубали-фуртӕн исаразта исфӕлдистадон нӕуӕг фадуӕттӕ, хуарз уавӕртӕ. 1920 анзи ниммухур кодта нӕ поэт, раздӕр ке ниффинста, еци уадзимис «Ӕмбазыг» – кадӕнгӕ рагон хӕтӕн-балцити сайӕн ӕма мӕнгӕ гъуддӕгутӕбӕл. Е ӕй ӕ фӕстаг романтикон кадӕнгӕ тухӕгӕнӕг стӕрти мӕнгӕкъах героики туххӕй. Ами автормӕ разиндтӕй устур поэтикон культурӕ. Е ‘взаги рӕсугъддзийнадӕ, ӕ фӕлгонцти ӕнахур арӕзт ӕма хуарӕнти ӕрттивдӕй бӕрӕг даруй нӕ литератури. Ами дӕр Хӕсани кадӕнги хузӕн тухгинӕй рабӕрӕг ӕй Къубали-фурти дӕсниадӕ. «Ӕмбазыг»-и ес дессаги поэтикон интуици. Уӕхӕн интуицийӕй хайгин фӕуунцӕ айдагъдӕр ӕцӕг поэттӕ. Е ӕй ӕцӕг искурдиадӕгинти менеуӕг. Дзубанидтӕй ин балӕдӕрунгӕнӕн ӕнцонтӕй нӕййес, ӕнкъарун ӕй гъӕуй айдагъдӕр зӕрдӕй…

Къубали-фурти балцитӕбӕл финст поэмитӕ нӕ литератури сӕ гъудити ӕнӕбӕрӕгдзийнадӕмӕ гӕсгӕ фӕнзуйнаг не ‘ссӕнцӕ сӕ еугурдӕр, уомӕн ӕма уӕхӕн балцитӕ нӕ адӕмон исфӕлдистади, уӕдта нӕ литератури размӕцуди неци уоййасӕ ахедудтонцӕ. Етӕ нӕ адтӕнцӕ зари сӕйраг, уӕдта, ӕвӕдзи, зари аккаг дӕр. Царди, историй ӕцӕгдзийнадӕ куд амонуй, уомӕ гӕсгӕ адӕм зартӕ кодтонцӕ уонӕбӕл нӕ, фал уӕхӕнттӕн сӕхе нихмӕ ка тох кодта, еци бӕгъатӕртӕбӕл.

Къубали-фурт советон доги ӕ гъос зӕрдиагӕй ӕрдардта царди нӕуӕг фӕззиндтитӕмӕ, нӕуӕгдзийнӕдтӕмӕ. 1923 анзи газет «Рӕстдзинад»-и ниммухур кодта ӕмдзӕвгӕ, ӕ ном хундтӕй «Зарӕг». Поэт цийнӕ кӕнуй, хуӕнхбӕсти ци нӕуӕг цард ӕрфедар ӕй, уобӕл. Минкъий фӕстӕдӕр, Октябри революций 10 анзей бӕрӕгбонмӕ, ниффинста ӕмдзӕвгӕ, – уоми заруй нӕуӕг цардиуаги устур уӕлахезтӕбӕл:

Дӕс азмӕ сарӕзтам ныр ног ӕгъдӕуттӕ мах…
Дӕс азмӕ сфидар ныр Советон Цӕдис фаг,
Ӕмӕ йӕм бавналын нӕ бауӕнддзӕн ызнаг!

Поэт активонӕй бавналдта царди фарстатӕбӕл финсунмӕ. Фал ма еуӕй-еу хатт ӕ гъос радаруй евгъуд доги темитӕмӕ, айдагъ нур лӕборӕг балцити туххӕй нӕбал, фал финсуй адӕми барти сӕрбӕл, рӕстдзийнади фӕдбӕл тохгӕнгути туххӕй, фӕллойнӕгӕнӕг адӕм сӕ зарти ке искадгин кодтонцӕ, уони туххӕй.

Уӕхӕн кадӕнгитӕ ниффинста дууӕ – «Чермен» ӕма «Зӕронд Есӕ».

Чермени кадӕнги тох цӕуй мӕгур, ӕнӕзӕнхӕ, ӕнӕбарӕ адӕм ӕма феодалти ‘хсӕн. Кадӕнги сӕйраг герой – Чермени – поэт хонуй «сӕ федеуӕг – бартӕн, мӕгурӕн – гӕнах!»

Кадӕнгӕ «Зӕронд Есӕ»-йи дӕр тох цӕуй тухӕгӕнӕг, лӕборӕг ӕлдар ӕма ӕфхуӕрд адӕми ‘хсӕн. Зӕронд лӕг Есӕ хъаурӕй, зундӕй, нифсӕй, ездондзийнадӕй, цъухи дзурдӕй уӕлахез кӕнуй кӕсгон ӕлдар Сар-Аслӕнбегбӕл. Есӕ ӕлдари фӕссурдта Дигори хуӕнхтӕй; е ӕууӕндуй ӕфхуӕрд адӕми федӕнбӕл, мӕгурти бӕллец царди ке банхӕст уодзӕнӕй, уобӕл, ӕма зӕгъуй: «… зонун: мӕгуртӕн сӕ фӕндон ке нӕбал уодзӕнӕй фун!»

Нӕ поэт нур дӕр, рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ, куста историон ӕма фольклорон ӕрмӕгбӕл, рагон таурӕхъти сюжеттӕбӕл. Ӕмбурд кодта Нарти эпос идарддӕр ӕма сӕ ӕвардта ӕмдзӕвгити бундорбӕл. Айдагъ ӕ куст кӕронмӕ нӕ рахъӕртун кодта, мухури дӕр си неци рауагъта, кадӕнгӕ «Фӕстаг куывд»-ӕй фӕстӕмӕ. Поэт нур райста ӕмдзӕвгити ӕндӕр бӕрцбарст, революций размӕ финст Нарти кадӕнгити хӕццӕ рабаргӕй; арфдӕрӕй ӕма сӕмӕ баргиндӕрӕй хаста ӕхе поэтикон комиуолӕфт, ӕхе поэтикон къохдзӕф сӕбӕл бӕрӕг ӕй.

Ӕ поэтикон кусти зингӕ бунат ахӕссунцӕ, Ӕгъузати Иуаней кадӕнгӕ «Алгъузиани»-й еуӕй-еу цаутӕбӕл, сценитӕбӕл ци сӕрмагонд, оригиналон уадзимистӕ ниффинста, етӕ: «Алгъуызы куывд», уӕдта драмӕ «Фӕтӕг Алгъуызы мӕлӕт».

Драмӕ «Фӕтӕг Алгъуызы мӕлӕт» – уоми сӕйраг гъуди ӕй уӕхӕн: паддзах цийфӕнди гуманистӕй ӕхе ку ‘вдеса, уӕддӕр рӕстаг некӕд уодзӕнӕй, уомӕн ӕма рагон къласон ӕхсӕнади ӕ миутӕ баст цӕунцӕ, бонгинти ӕма цагъарти ‘хсӕн ци рахастдзийнӕдтӕ ес, уони бундорбӕл. Еци бундор ба паддзах ихалгӕ нӕ кӕнуй, ӕма уӕд уотемӕй рӕстдзийнадӕн нӕййес царди ӕрфедаргӕнӕн. Аци гъуддаг лӕдӕруй Алгъуз ӕхуӕдӕг дӕр, фал ӕ бон цардиуаги системӕ фехалун нӕй, фӕндгӕ дӕр ӕй нӕ кӕнуй, ӕвӕдзи, – ӕма ӕ мӕлӕти анхосаг дӕр ӕй уой медӕги. Аци рауӕн, Алгъуз кӕддӕр ке фӕййервӕзун кодта мӕлӕтӕй, уӕхӕни – Гамрекъелий – дӕлбарӕ бакодта ӕнӕгъӕнӕ бӕстӕ. Гамрекъелийӕй ӕ адӕм хъӕбӕр гъаст кӕнунцӕ: ӕфхуӕруй сӕ. Уой туххӕй ин Алгъуз ӕхемедӕгӕ карз тӕрхон искодта, фал имӕ Гамрекъели ӕхуӕдӕг фӕрраздӕр ӕй: ӕхсӕви ин ӕ гъӕуайгӕнгути бафунӕй кодта цӕмӕйдӕр гъӕстӕ сӕнӕй ӕма ‘й рамардта фунӕйӕй.

Ӕ мӕлӕти размӕ еу ӕхсӕви тари еунӕгӕй сагъӕс кӕнуй Алгъуз ӕ цард, ӕ паддзахдзийнадӕбӕл, нихӕй-нихмӕ ӕвӕруй хумӕтӕг лӕг ӕма паддзахи миутӕ, раст лӕдӕруй паддзахеуӕги фуддзийнӕдтӕ ӕма ӕ къох исесунмӕ гъавуй ӕ паддзахеуӕгбӕл… Е азуми даруй ӕхе цӕрӕнбони тугъдтити, маруни ӕма гъӕусугъдтити туххӕй. «Нӕ кӕнӕн мах мӕгури тогӕн аргъ», – зӕгъуй е, уӕдта: «Рӕстадӕ нӕййес паддзахтӕмӕ, ес адӕммӕ айдагъдӕр». Алгъуз ӕлгъетуй хъисмӕти, зӕгъуй си уотӕ: «Ес махбӕл тухӕ, ӕма ни гъазуй е, – куд гъазунцӕ ехбӕл адӕм гъолтӕй…» Алгъуз имисуй ӕ евгъуд бонтӕ, хумӕтӕг адӕми ‘хсӕн куд гъомбӕл кодта, паддзах ку нӕма иссӕй, еци дзамантӕ:

Сызгъӕрин уӕд рӕстӕг,
Куы цардтӕн ӕз нӕ
хӕхбӕсты лӕппуйӕ
Ӕмӕ нӕ уыдтӕн ӕз паддзах…
Хуымгӕнӕг, йе фыййау, хъӕздыг кӕнӕ мӕгуыр,
Ӕмхуызон цин мӕнӕн мӕ фендыл кодтой,
Мӕ худтыл худгӕйӕ, мӕ мастыл та кӕугӕ…
Ӕмӕ цӕуын нӕхимӕ
райсом ӕз…

Аци рауӕн Алгъуз ӕвдист цӕуй устур медхъурдохӕн, медконфликт хӕссӕг адӕймагӕй, устур психологон фӕлгонцӕй… Зӕрдӕбӕл ӕрлӕууй Шекспири къарол Лири уотӕхсӕн будури астӕу карз думги гъӕбеси… Алгъузи фӕлгонц аци ханхӕбӕл нӕ драматург идарддӕр ку рахастайдӕ, уӕд си рауадайдӕ устур трагикон хъайтар. Фал Къубали-фурт ӕ рӕстӕг фулдӕр исхарз кодта Гамрекъелий фудмиутӕ, фуднисантӕ ӕма фӕндтӕ ӕвдесунбӕл, Алгъузи характери логикон цуд, диалектикон змӕлд еуварс фӕууадзгӕй.

Къубали-фурт ма ниффинста еуцалдӕр драмон уадзимиси. Уонӕй мах уӕнгӕ ӕрхъӕрдтӕй опереттӕ «Хадизӕт» ӕма  оперӕ «Рӕмонаты Хадзымӕт»-и либретто.

***

Къубали-фурти исфӕлдистади менеугутӕй еу ӕй: ӕхсаргин мӕлӕт, уой фӕдбӕл адӕймаги гъигӕ, ӕ уоди рист равдесун. Аци гъуддаги поэт адтӕй, бафӕнзӕн кӕмӕн нӕййес, уӕхӕн тухгин, арӕхстгин.

Цард ӕма мӕлӕти сагъӕс дӕр имӕ фулдӕр баст ӕй адӕймаги уоди рист, адӕймаги эмоцитӕ байагайуни уагӕбӕл, гъома, мӕлӕтӕн ӕнӕрцӕугӕ нӕййес, нӕййес си фӕййевгъуйӕн ӕма уобӕл нӕ мӕтӕ кӕнуй, уомӕй нӕ тӕрсуй.

Фал гъулӕггаг ӕй, адӕймагмӕ ци рӕсугъд сӕнттӕ, сагъӕстӕ, гъудитӕ фӕууй, уонӕй ке фӕццох уй; уӕлӕбӕл царди ин сӕ еугурдӕр ӕнхӕстгонд ке не ‘рцӕунцӕ, е ибӕл ӕрхӕндӕгдзийнадӕ ‘фтауй:

Тыхсын, кӕй уадзут сидзӕр мӕн,
Сымах, мӕ сӕнттӕ ‘мӕ мӕ
фынтӕ.
Рог дардтат-иу сымах
мӕ зынтӕ
Мӕ царды уалдзӕджы мӕнӕн.

Къубалти Александр адтӕй устур ирон поэт, эмоционалон дзурди дӕсни, романтикон комиуолӕфт кӕмӕ адтӕй, аййев дзурдӕй нивӕфтуд фӕлгонцтӕ аразӕг. Е ‘сфӕлдистадон над зиннуй Ӕрфӕни фӕди хузӕн.

ЦӔРУКЪАТИ Александр,
1976 анз.