ӔРДЗӔ ИН Ӕ ИСКОНДИ ХӔЗНАТӔ ХАРАКЕТТӔЙ ӔРГОМ КОДТА…
Не ‘мзӕнхон, номдзуд геолог Мудойти Цӕрайи фурт Геуӕргий райгурдбӕл 30 июни исӕнхӕст ӕй ӕхсӕзинсӕй анзи (1901-1991). Ӕ карнӕ уотӕ рауадӕй, ӕма Ленингради хуӕнхон институт каст фӕууогӕй, косунмӕ ӕрвист ӕрцудӕй Казахстанмӕ. Ӕма си ӕ цӕргӕ-цӕрӕнбӕнтти фӕккуста кадгинӕй. Аци республикӕн берӕ хуӕрзти бацудӕй, ӕма си хъӕбӕр устур нимади адтӕй, кадӕ ин кодтонцӕ. Исаккаг ин кодтонцӕ Казахстани науки ӕскъуӕлхт архайӕги кадгин ном, адтӕй Казахстани наукити Академий иуонг-корреспондент. Ӕхсӕз анзей размӕ ба Казахстани К.И.Сатпаеви номбӕл национ техникон университети аудиторитӕй еуемӕн лӕвӕрд ӕрцудӕй Мудойти Геуӕргий ном.
Мудой-фурти туххӕй ӕ рӕстӕги берӕ ӕрмӕгутӕ мухургонд ӕрцудӕй дзиллон хабархӕссӕг фӕрӕзнити, наукон журналти, хецӕн киунугути. Нӕ номдзуд ӕмзӕнхони рохс ном ӕримисунӕн си равзурстан, зундгонд журналисттӕ Черчести Геуӕрги ӕма Богазти Умар кӕддӕр ци очерк ниффинстонцӕ, уой. Ӕ фиццаг хай ин ниммухур кодтан нӕ газети айразмӕ номери, абони ба ин кӕсетӕ ӕ дуккаг хай.
Кассинӕн ести гъуддаг цийфӕнди хъӕбӕр ку фӕццӕуидӕ ӕ зӕрдӕмӕ, уӕддӕр ефстагмӕ растауидӕ ӕ исаразӕги – ӕвӕдзи, тӕрсидӕ, е ӕхебӕл ӕгӕр ку фенвӕрса, ӕма ӕ равгити бӕрцӕ ин ку нецибал ӕнтӕса. Фал аци хатт ба ӕргом цийнӕгӕнгӕй загъта:
– Кӕд ӕцӕгӕйдӕр уотӕ ’й, уӕд е ӕнӕгъӕнӕ бассейн ку ӕй.
– Ка ’й еци Мудой-фурт? Цӕмӕн ибӕл гъӕуама хъӕбӕр баууӕндӕн? – десгӕнгӕ дзурдтонцӕ еуӕй-еу зундгонд ахургӕндтӕ.
Фиццаг фӕлварӕн куститӕ равдистонцӕ, уӕди уӕнгӕ ци геологи нӕ зудтонцӕ, е раст ке разиндтӕй. Геуӕрги ци агъазиау гъуддӕгутӕ исаразта, етӕ зин банимайӕн ӕнцӕ. Исфӕлдистадон гъуддаги, ахурдзийнадӕй уӕлдай ма устур ахедундзийнадӕ ес интуици ӕма сауӕнгӕ фантазийӕн дӕр. Гъо-гъо, фантазийӕн, уомӕн ӕма ӕндӕр куд исхонӕн ес, зӕнхи хӕзнатӕ бӕрӕг кӕнгӕй адӕймагмӕ цал ӕма цал ӕнахур гъудий фӕззиннуй, уонӕн?
Дорӕвзалуй кенӕ ӕндӕр къахгӕ хӕзнати тӕлмитӕ иссеруни туххӕй зӕнхӕ не ’схъел кӕндзӕнӕ, уӕдта еу тӕлмӕ ку иссерай, уӕд дин е ӕндӕр тӕлмӕ ма си ес ӕви нӕ, уой туххӕй неци зӕгъдзӕнӕй. Тӕлмӕ ӕхуӕдӕг цӕйбӕрцӕ ‘й, уомӕн дӕр нӕййес фӕууинӕн – уой туххӕй дӕ зӕнхи бунмӕ ниххезун гъӕуй. Еу скважинӕ никъкъахунӕн дӕр берӕ фӕрӕзнитӕ гъӕуй. Ӕма етӕ ба цӕйбӕрцӕ фӕуунцӕ!
Мадта уӕд куд кӕнгӕ ‘й? Ами устур агъазгӕнӕг ӕй наукӕ. Сӕдӕгай ӕнзти дӕргъи геологтӕ морӕгай фембурд кодтонцӕ сӕ хъазар фӕлтӕрддзийнадӕ, хуӕздӕрӕй-хуӕздӕр кодтонцӕ сӕ методтӕ. Сӕ кусти сӕйрагдӕр ӕй, зӕнхи арфи тӕлмӕ куд цӕуй, уой исбӕрӕг кӕнун, къӕдзӕ ’й ӕви ӕмраст, кӕцирдӕмӕ цӕуй…
Геуӕрги берӕ фӕййархайдта, Карагандай райони туххӕй ци зудтонцӕ ӕ размӕ, уони рартасунбӕл. Ӕма ӕ къохи бафтудӕй зӕнхи хӕзнадони сосӕгдзийнӕдтӕмӕ никкӕсун. Е дзурдта, зӕгъгӕ, ӕвзалуй тӕгтӕ-тӕлмитӕ цӕунцӕ Карагандайӕй Сорани сахари ӕрдӕмӕ. Ци картӕ искодта, уомӕ гӕсгӕ исбӕрӕг кӕнуни туххӕй цалдӕр рауӕнеми никъкъӕрттитӕ кодтонцӕ шахтитӕ… Ӕма геологи дзурд раст рауадӕй. Ӕхцӕуӕн хабар рарвистонцӕ Мӕскумӕ: ӕригон геолог ци загъта, е ӕцӕг разиндтӕй.
Фӕллойни ӕма ӕдасдзийнади Совет (СТО) рахаста унаффӕ, цӕмӕй цубур рӕстӕгмӕ косун райдӕдтайдӕ Карагандай дорӕвзалуй бассейн.
… Уӕд дин Геуӕргимӕ ку фӕдздзориуонцӕ Мӕскумӕ. Е сабургай бацудӕй, ӕвзалуй куст кӕнуни фарстати фӕдбӕл Еугурцӕдесон ӕмбурд кӕми адтӕй, еци залмӕ. Президиуми рауидта, уӕди уӕнгӕ айдагъдӕр киунугутӕ ӕма газетти мухургонд хузтӕмӕ гӕсгӕ ци номдзуд геологти зудта, уони. Ӕрбадтӕй Геуӕрги зали уӕгъдӕ бадӕнтӕй еуебӕл ӕма аййевӕй залбӕл ӕ цӕстӕ радардта. Ӕма дин уоми фарсбӕл ку рауинидӕ устур гӕгъӕди. Лӕмбунӕгдӕр имӕ бакастӕй. «Айӕ мӕ картӕ ку ӕй!..» – бадес кодта Геуӕрги. Картӕ ауигъд адтӕй тӕккӕ бӕрӕгдӕр рауӕн. Ӕновудӕй кӕбӕл фӕккуста, берӕ кӕбӕл фӕссагъӕстӕ кодта, ӕ еци картӕ. Бӕргӕ бадестӕ кодта, фал дин уой хӕццӕ ба ма ӕ зӕрдӕ ку ниссӕххӕт кӕнидӕ: фӕстаг бӕнтти картӕмӕ ци нӕуӕг ӕййивддзийнӕдтӕ бахаста, етӕ си бӕрӕггонд нӕ разиндтӕнцӕ.
Ӕма ӕмбурди куст рауолӕфунмӕ ку бауорӕдтонцӕ, уӕд Геуӕрги батагъд кодта Кассинмӕ.
– Николай Григорийи фурт!
– Ци ‘рцудӕй? Цӕбӕл тухсис? – ходӕзмолӕй ӕй рафарста Кассин.
– Картӕ фарсӕй рафтаун гъӕуй!
– Цӕмӕн?
– Ме ‘ййивддзийнӕдтӕ имӕ бахӕссон, – сабургай загъта Геуӕрги.
Ахургӕнӕг ӕ ахургӕнуйнаги ӕ хъури никкодта.
– Ехх, мӕ лимӕн, – рӕвдаугӕ гъӕлӕсӕй загъта, – ами ка бадуй, уонӕй алкедӕр хъӕбӕр ӕхцӕуӕнӕн ӕхе исхонидӕ уӕхӕн карти автор ӕнӕ еу ӕййивддзийнадӕй дӕр…
Карагандай ӕвзалуй бассейн ӕнтӕстгинӕй косун райдӕдта. Мудойти Геуӕргий ба раййивтонцӕ ӕндӕр кустмӕ – Казахстани геологон-сгарӕн управлений геологон хузесӕн сектори хецауӕй. Еци-еу рӕстӕг ӕй байагурдтонцӕ Казахстани геологон-сгарӕн техникуммӕ лекцитӕ кӕсунмӕ, уӕдта Казахстани хуӕнхон-металлургон (нуртӕккӕ потитехникон) институтмӕ дӕр.
Фал уӕддӕр Геуӕргийӕн ӕ бон нӕ иссӕй ӕртасӕн кустбӕл ӕ къох ракъуӕрун. Ӕ зӕрдӕ дзоруй нӕуӕг районмӕ – Завалийски Алатаумӕ. Ӕма бабӕй ами дӕр ӕ къохи бафтудӕй устур ӕнтӕстдзийнӕдтӕ. Еци кустити бундорбӕл ниффинста кандидатон диссертаци ӕма тагъд рӕстӕги иссӕй наукити кандидат.
Геуӕргий царди 1948 анз ахӕссуй уӕлдай ахсгиаг бунат – Карагандай ӕвзалуй бассейни иннӕ геологти хӕццӕ устур геологон-ӕртасӕн куститӕ ке бакодта, уой туххӕй ин лӕвӕрд ӕрцудӕй ССР Цӕдеси Паддзахадон премий лауреати ном.
Уӕдӕй фӕстӕмӕ дӕс анзи рацудӕй, ӕма Мудойти Геуӕргийӕн исаккаг кодтонцӕ Ленинон премий лауреати кадгин ном – Казахстани идарддӕри геологон-сгарӕн куститӕ ӕнтӕстгинӕй ке кодта, уой туххӕй.
Берӕ наукон куститӕ исӕнхӕст кодта Мудойти Геуӕрги. Е разамунд лӕвардта ахургӕнгути ӕма студентти устур къуарӕн минкъий Каратауи. Иссирдтонцӕ си цинк ӕма изди. Геуӕргий фӕрци геологтӕ иссирдтонцӕ хуӕрзгъӕдӕ доломити игурӕн.
«Казахстани ССР Наукити академий Хабӕрттӕ», зӕгъгӕ, наукон журнали не ’мбӕстаги туххӕй уотӕ финст ес: «Мудойти Геуӕрги ӕй, республики зӕнхи хӕзнатӕ исбӕрӕг кӕнунӕн ӕ берӕ хъауритӕ ӕма ахургонддзийнадӕ ка равардта, уӕхӕн устур геолог…»
Мудойти Геуӕрги Казахстани политехникон институти геологон ӕма къахгӕ хӕзнатӕ агорӕн кафедри сӕргълӕууӕгӕй косгӕй берӕ арфиаг гъуддӕгутӕ исаразта. Дӕс ӕма дууинсӕй анзей дӕргъи ӕ дӕсни разамунди фӕрци цӕттӕгонд ӕрцудӕй мингай специалисттӕ.. Етӕ архайунцӕ геологон къуӕртти, экспедицити, наукон ӕма проектон институтти нӕ бӕсти аллирауӕнти.
Казахти ССР-и наукити Академий геологон наукити институти косгӕй – раздӕр наукон косӕгӕй, 1946 анзӕй фӕстӕмӕ ба сектори хецауӕй – Мудойти Геуӕргийӕн ӕ къохи бафтудӕй устур ӕнтӕстдзийнӕдтӕ. Уогӕ айдагъ наукон куст нӕ кӕнуй, ӕй ма геологон зонундзийнӕдти ӕвӕллайгӕ парахатгӕнӕг дӕр. Разамунд дӕттуй ӕхсӕнадӕ «Зонунадӕ»-йи геологон географий секцийӕн, кӕсуй лекцитӕ фӕллойнӕгӕнгутӕн.
Мудойти Геуӕрги ниффинста ӕма мухури рауагъта дӕс ӕма дууинсӕй наукон кусти, бацӕттӕ кодта наукити финддӕс кандидати.
Ӕма уӕд экспедицитӕ ба? Адӕймагбӕл ӕртинсӕй анземӕй фулдӕр ку цӕуа, уӕд ин, ӕвӕдзи, зин фӕууй къӕдзӕ-мӕдзӕ нӕдтӕбӕл цӕун. Фал Мудой-фуртӕй уотӕ зӕгъӕн нӕййес. Еухатт ка уа геологон балций, еухатт ка базона, зӕнхи хӕзнатӕ иссерун ци ‘й, уой, уӕд уомӕн бауорамӕн нӕбал ес.
Геуӕрги адтӕй гъе уӕхӕн адӕймаг. Нур ба ӕ зӕрдӕ Мангышлакмӕ дзурдта. Хуӕрзӕрӕги дӕр бабӕй уоми адтӕй. Ӕма цийнӕгӕнгӕй ӕ хабӕрттӕ дзоруй:
– Мангышлаки ӕрцӕрунмӕ тагъд рӕстӕги беретӕ бӕлдзӕнӕнцӕ. Е исуодзӕнӕй рӕсугъд бӕстӕ!
Махӕй дӕр ӕруагӕс кӕнуй – исуодзӕнӕй, уомӕн ӕма имӕ се ’ргом раздахтонцӕ Мудойти Геуӕргий хузӕн бӕгъатӕртӕ, ӕ адӕми, ӕ Райгурӕн бӕстӕ берӕ ка уарзуй, ӕма уони сӕрбӕлтау рӕстуодӕй архайунмӕ цӕттӕ ка ‘й, уӕхӕн адӕймӕгутӕ.
1967 анз.
РЕДАКЦИЕЙ: Аци ӕрмӕг, ку зӕгъӕн, финст ӕрцудӕй Мудойти Геуӕрги ма цардӕгас ку адтӕй, уӕд. Ӕма си, куд уинетӕ, дзубанди цӕуй рагон хабӕртти туххӕй. Абони ба Геуӕрги ӕхуӕдӕг дӕр, уӕдта ӕрмӕг ка ниффинста, еци журналисттӕ дӕр, гъулӕггагӕн, цардӕгас нӕбал ӕнцӕ. Ӕма уомӕ гӕсгӕ ӕрмӕги искондмӕ неци ӕййивддзийнӕдтӕ бахастан – хевӕндӕй еци гъуддаг исаразун бустӕги раст, ӕвӕдзи, нӕ адтайдӕ. Ӕцӕг – нӕ зӕрди ма ес, Мудойти Геуӕргий ка зудта, уони имисуйнӕгтӕ фӕстӕдӕр ниммухур кӕнун.
Аци ӕрмӕг мухурмӕ цӕттӕ кӕнунмӕ нин фӕййагъаз кодтонцӕ Киристонгъӕуи Цӕголти Геуӕргий мемориалон музейи косгутӕ.