ХУÆНХБÆСТИ КÆСТÆРТÆН ИССÆЙ СÆ РАЗВÆНДАГАМОНÆГ
Абони Дигоргоми цардиуаги хабæрттæбæл дзоргæй, ма нæ фæндуй еу æхцæуæн цауи кой ракæнун дæр – Мæхчески гъæууон скъолабæл æнхæст кæнуй фондз æма æхсæзинсæй анзи. Нæудæсæймаг æноси 90-аг æнзти райдайæни Мæхчески байгон æй, мæнæ церковно-приходская, зæгъгæ, ке хониуонцæ, уæхæн еукъласон скъола. Е уæд иссæй агъазиау цау айдагъ аци гъæубæсти нæ, фал æнæгъæнæ Дигоргоми дзиллæн дæр.
Кæми æрфусун кодта, е адтæй хумæтæги хуæнхаг хæдзарæ, фал æ нисанеуæгмæ гæсгæ ба ’й исхонун æнгъезуй зонундзийнæдти Галауан. Уоми ци куст цудæй, уой ахедундзийнадæ агъазиауæй-агъазиаудæр адтæй – уомæн æма хуæнхаг фæсевæдæн е иссæй сæ рохс исонибонмæ развæндагамонæг, зонундзийнæдтæй фæххайгин унмæ тулавастгæнæг.
Ардæмæ зонундзийнæдтæ райсунмæ цудæнцæ айдагъ Мæхчески цæргути цæуæт нæ, фал иннæ кæмтти цæрæг сувæллæнттæ дæр. Берæ рæстæг нæ рацудæй, уæдта аци ахургæнæндони гæнæнтæ фæуурухдæр æнцæ – иссæй æхсæзанзон. Цубур рæстæгмæ ахурдзаути нимæдзæ дзæвгарæ фæффулдæр æй, æма уой нимайгæй, æвæрд æрцудæй фарста нæуæг скъолай азгъунст исаразуни туххæй. Æма 1894 анзи райдæдтонцæ арæзтадон куститæ, кæцитæ кæронмæ æнхæстгонд фæцæнцæ 1896 анзи. Коми цæргутæ, еци гъуддаг ке фæрци æнхæстгонд æрцудæй, уонæн скъолай парахат тургъи зæрдиаг арфитæ кодтонцæ. Уони ‘хсæн адтæнцæ: арæзтади хецау Иван Кузнецов, ахургæнæг, зундгонд рохситауæг Гарданти Михал, Мæхчески зилди саугин Лаврентий Церетели, фæстæдæр е иссæй скъолай сæргълæууæг. Фидæ Лаврентий кодта агъазиау рохситауæн куст. Уомæн дæр æнæзæгъæн нæййес, аци коми фиццагидæр е ниссагъта рæзи дзæхæрадонæ, уой хæццæ ба ма скъолай тургъи дæр.
Аци скъолай дæс анземæй фулдæр ахургæнгутæй фæккустонцæ Гарданти Михал, Малити Геуæрги, Кцойти Моисей. Алли рæстæгути си ка ахур кодта, уонæй хъæбæр беретæ иссæнцæ, берæ аллихузон арфиаг гъуддæгутæй агъазиауæй ка фескъуæлхтæй, уæхæн архайгутæ. Зæгъæн, Гетъоти Хаджиумар, зундгонд революционер, æ цард иснивонд кодта фæллойнæгæнæг дзилли амондгун цардиуаги сæрбæлтау. Мæхчески скъолай рауагъдонтæ сæхе æхсаргинæй бавдистонцæ Устур Фидибæстон тугъди рæстæг. Зæгъæн, инæлар-лейтенант Худæлти Харитон, артиллерий инæлар-лейтенант Гацолати Виктор, Намуси ордени æнхæст кавалер Хъалати Семен, Нигкоти Беза æма Тауитти Геуæрги, кæцити сæ тугъдон æскъуæлхтдзийнæдти туххæй сæ тугъдон разамунд бæргæ бавдистонцæ, цæмæй син лæвæрд æрцудайдæ Советон Цæдеси Бæгъатæри ном, фал цæмæдæр гæсгæ уобæл нæ исарази ‘нцæ уæлдæрбадæг разамунд æма син лæвæрд æрцудæнцæ æндæр хуæрзеугутæ… Аци скъолай рауагъдонтæй нæ дзиллæ сæрустур кæмæй æй, уонæй ма берети æримисун æнгъезуй: ССР Цæдеси æскъуæлхт ахургæнæг, Ленини дууæ ордени хæссæг Темирати Тазрети, номдзуд скульптор, Цæгат Иристон æма Башкирий адæмон хузæгæнæг, Советон Цæдеси паддзахадон премий лауреат Тауасити Сослæнбеги, Социалистон Фæллойни Бæгъатæр Тауитти Михаили, игъустгонд механизатор, Фæллойни Намуси ордени æнхæст кавалер Хадати Ахурбеги, игъустгонд гъогдоцæг, орденхæссæг, Уæрæсей Советон Федеративон Социалистон Республики Сæйраг Совети раздæри депутат Дигойти Тамуси, зундгонд паддзахадон архайæг, нæ республики парламенти цалдæр хатти депутат, Хуæнхон паддзахадон аграрон университети раздæри ректор Темирати Виктори, адæмон ахуради ветерантæ, финсгутæ Мæрзойти Сергейи æма Тауасити Фацбайи æма ма берæ æндæрти, кæцитæ сæ минкъий фидибæсти ном кадгинæй исцитгин кодтонцæ айдагъ Уæрæсей нæ, фал ма сауæнгæ фæсарæнти дæр.
Инсæйæймаг æноси æвдайæймаг æнзти аци скъолай дууæ фæлтæремæй ахур кодта дууæсæдæ ахурдзауемæй фулдæр. Аци бони хæццæ рабаргæй – инсæй хатти фулдæр. Фал си нур кæд уойбæрцæ сабийтæ нæбал ахур кæнуй, уæддæр скъола æ куст кæнуй, æ коллектив æ размæ æвæрд ихæстæбæл æновудæй косуй, хестæртæ син ци гъæздуг æгъдæуттæ æма фæткитæ ниууагътонцæ, уони сæ зæрдæбæл дарунцæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ æма сæ æнхæст кæнунцæ, сæ фарнæ син бæркадгиндæр кæнунцæ.
БЕСОЛТИ Æхсарæ