КАРЗ ТОХИ ЦӔХӔРИ
1942 анзи фӕззӕги Цӕгат Иристони зӕнхӕ сугъдӕй. Фашисттӕ ӕмпурстонцӕ Орджоникидземӕ, гъавтонцӕ Грознай нефтигурӕнтӕ байсунмӕ ӕма Арвикоми над ӕрӕхгӕнунмӕ.
Фиййагдони ӕма Дзиуаригъӕуи сӕ нихмӕ мӕлӕтдзаг тох исамадта 34-аг Сӕрмагонд ӕхсӕг бригадӕ (е арӕзт ӕрцудӕй Сумгаити тугъдон-денгизон училищети курсанттӕй) ӕма бӕрзӕйсӕттӕн цӕфтӕ фӕккодта знагӕн, уӕлдайдӕр ба – Майрӕмадаги рази, Сиуари коми. Еци тугъдтити бӕгъатӕрӕй архайдта аци бонуги автор минометӕйӕхсӕг роти командири раздӕри хуӕдӕййевӕг ӕма фӕстӕдӕр ба бригади политхайади инструктор Иосиф Ивани фурт Качанов. Дзиуаригъӕуи тугъди райста ӕ фиццаг хуӕрзеуӕг – «Сурх стъалу»-й орден, коммунист Качанов архайдта берӕ тугъдтити, адтӕй, Берлин ка байста, уони хӕццӕ. Абони ба ин мухур кӕнӕн, Цӕгат Иристони зӕнхӕбӕл тугъдтити рӕстӕг ци бонуг финста, уомӕй хецӕн хӕйттӕ.
27 октябрь. Райстан бардзурд – нӕуӕгӕй бабӕй балций. Аци хатт нӕ бригадӕ цӕуй Цӕгат Иристони столицӕ Орджоникидзей бунмӕ. Немуц Нальчикки цори ӕрбатудтонцӕ нӕ федӕрттӕ ӕма сӕ дзӕмбу дарунцӕ Цӕгат Иристони гъӕутӕмӕ.
Изӕрӕй – Беслӕн. Цубур уолӕфт. Хуӕруйнаг равардтонцӕ тугъдонтӕн. Фал бабӕй цӕун гъӕуй идарддӕр. Цӕуӕн. 50 километри рахаудтӕнцӕ нӕ рагъӕй. Ӕрӕнцадан Фиййагдони билӕбӕл. Ӕвӕдзи, ами араздзинан нӕ федӕрттӕ ӕма бал нур нӕ фӕллад ку исуадзианӕ. Хуссӕг нӕбӕл хъӕбӕрдӕр кӕнуй.
28 октябрь. Ирӕнттӕ нӕмӕ дзӕбӕх цӕстӕй ракастӕнцӕ. Сӕумӕй нин равардтонцӕ сехуар хуӕрзӕфснайд райдзаст уати. Зелӕнтӕ си кодта еу кизгӕ, ӕ ном Раисӕ. Хуӕрзадӕ адтӕнцӕ карки фид, басӕ, хъайла. Цай дӕр бацумдтан. Ӕхца неци хузи бакумдтонцӕ.
11 сахаттебӕл рараст ан Дзӕуӕгигъӕумӕ. Бахъӕрдтан изӕр ӕрдӕмӕ. Гъӕуайгӕнӕн позицитӕ рагацау цӕттӕ адтӕнцӕ. Фал ма нӕ уӕддӕр нӕхе рӕвдзитӕ кӕнун берӕ гъудӕй.
29 октябрь. Нӕ фусун – Тотрати Николай Константини фурт. Ахургӕнӕг. Хуӕрзконд, хуӕрзӕгъдау лӕг. Дууинсӕй анземӕй фулдӕр ибӕл нӕма цӕудзӕнӕй. Николай берӕ ӕнзти фӕцӕй Уӕрӕсей, ахид фӕууидӕ Мӕску ӕма Ленингради. Кӕдзос дзоруй уруссагау.
Игъосун ӕма гъуди кӕнун: урус ма ирӕ, уӕдта еугур советон адӕм дӕр, ӕмхузонӕй сӕ уодхӕссӕг фӕууидтонцӕ фашисттӕй, уони нихмӕ исеу ӕй сӕ зунд, сӕ хъаурӕ. Тотри-фуртӕн ӕхе хузӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ ӕнцӕ ӕ бийнойнаг ӕма е ’ртӕ кизги дӕр; хестӕрӕн ӕ дууадӕс анзи ӕхе фӕцӕнцӕ. Уруссагау къӕрцц кӕнунцӕ сӕ еугурдӕр.
Ирӕнттӕн се ’гъдауи ес иуазӕгбӕл ауодун. Нецӕбӕл ауӕрдунцӕ. Уадзунцӕ карз ниуӕзтӕ – арахъ, махмӕ хӕдзӕртти ци ниуӕзтӕ уадзунцӕ, раст уой хузӕн. Бустӕги дессаг ӕй сӕ бӕгӕни. Фингӕбӕл бадгӕй, уадзунцӕ зӕрдӕбун седтитӕ, боц кӕнунцӕ иуазӕги.
Бадӕн финги уӕлгъос ӕртемӕй – Николай, ӕз ӕма лейтенант Дмитрий Карташов – роти командири хуӕдӕййевӕг. Нӕ рази арахъ ӕма бӕгӕний графинттӕ, хуӕруйнаг. Фусуни дзубанди, ӕ зундирахаст цӕунцӕ нӕ зӕрдӕмӕ, дӕттунцӕ нин нифс. Нӕ, оккупанттӕ неци байсдзӕнӕнцӕ Кавкази адӕмтӕй. Мӕлӕтдзаг тохи нӕ фӕккеудзӕнӕй ирон лӕги къох. Нури уӕнгӕ фашисттӕбӕл устур цӕфтӕ рауадӕй Иристони зӕнхӕбӕл. Адӕм ӕнцӕ ӕ адӕмон ӕфсади фарс, агъаз ин кӕнунцӕ, цидӕриддӕр сӕ къохи ес, уомӕй.
Дзубанди фӕццубур ӕй: мах цӕуӕн, гъӕуи ка ӕрбунат кодта, еци роти ӕфсӕддонтӕмӕ. Гъӕуайкӕнуйнадон тугъдтитӕмӕ фагӕ цӕттӕ нӕма ан. Зӕнхӕ – хъӕбӕр, зин къахӕн. Фал уӕддӕр архайунцӕ тугъдонтӕ. Беретӕ си тугъди тумугъи нӕма адтӕнцӕ ӕма игъусуй сӕ игъӕлдзӕг ӕстуф. Хестӕртӕ ‘нцӕ мадзорадӕр. Хӕстӕг кӕмидӕр ӕрхауй бомбӕ. Зӕнхӕ базмӕлуй.
30 октябрь. Аразӕн федӕрттӕ Дзиуаригъӕуӕй Фиййагдонмӕ. Уавӕр кӕнуй карзӕй-карздӕр, ӕма гъӕуайгӕнӕн позицитӕ гъӕуама уонцӕ рӕвдзӕ. Минкъийдӕр ахедундзийнадӕ нӕййес рӕнгъон тугъдонтӕ ӕма афицерти зундирахастӕн. Е ба аразгӕ ӕй махӕй, политикон косгутӕй.
Позицимӕ ‘рбацудӕнцӕ батальони разамунд – Руднев, Овсенев, Панасенко. Лӕмбунӕг ӕркастӕнцӕ акъоппитӕ, траншейтӕ, минометтӕй ӕхсӕн бунӕттӕмӕ. Аразийӕй байзадӕнцӕ. Фрицтӕ комкоммӕ нӕма ӕхсунцӕ нӕ позицитӕ. Нӕма зиннунцӕ сӕхуӕдтӕ дӕр. Ӕруорӕдтонцӕ сӕ махонтӕ кӕмидӕр Алагири рази. Рӕстӕгмӕ сабурдзийнадӕй пайда кӕнгӕй, фӕлгӕсӕн хуӕнхтӕмӕ. Уинӕн сӕ ирдӕй, махӕй беретӕ нури уӕнгӕ уӕхӕн хуӕнхтӕ некӕд фӕууидтонцӕ.
Не ’фсӕддонтӕ ци хӕдзӕртти ӕрфусун ӕнцӕ, уонӕй еуеми ӕ мади хӕццӕ цӕруй рӕсугъд кизгӕ Верӕ. Ӕнцӕ Киевӕй. Гитлерон лӕгхуартӕ Дзиуаригъӕумӕ ке ӕрбахӕстӕг ӕнцӕ, е сӕ бафтудта устур катаййи: идарддӕр фӕлледзонцӕ ӕви хуӕнхтӕмӕ рандӕ уонцӕ дзиуаригъӕуккӕгти хӕццӕ? Махонтӕ син зӕгъунцӕ: «Фашистти а гъӕумӕ не ’рбауадздзинан!..» Фал ци бӕрӕг ес? Верӕ ӕма ӕ мадӕ уӕддӕр истумбул кодтонцӕ сӕ дзаумӕуттӕ.
Знаг фӕххӕстӕгдӕр ӕй. Изӕрӕрдӕмӕ фӕззиндтӕй бригади командир болкъон Александр Василийи фурт Ворожищев, ӕ хӕццӕ – политхайади хецау Александр Семени фурт Кошкин. Цубур митинг. Дзоруй Кошкин.
– Нӕ Советон бӕстӕ ӕй тӕссаг уавӕри, фудголи ниддӕрӕн кӕнун ӕма сӕ райгурӕн зӕнхӕй фӕттӕрун гъӕуй цийфӕндийӕй дӕр.
Е кодта, зӕрди медӕгӕ ка райгуруй, уӕхӕн зӕрдиаг дзубанди, ӕма махӕй алкедӕр ӕнӕ фӕстӕмӕ фӕккӕсгӕй, ӕ цард раттунмӕ цӕттӕ адтӕй.
Ӕхсӕвӕ роти коммунисттӕ ӕма фӕскомцӕдесонтӕн исаразтан ӕмбурд. Ӕз архайдтон политхайади хецауи амунддзийнӕдтӕ хуӕздӕр исӕнхӕст кӕнунбӕл.
31 октябрь. Хордзаст бон. Фашистон хъӕрццигъатӕ бомбитӕ ӕгъзалунцӕ 2-аг ӕма 1-аг батальони бадӕнтӕбӕл (етӕ ӕнцӕ Дзӕуӕгигъӕу ӕма Фиййагдони ӕхсӕн). Бӕрӕг ӕй: кӕдзос кӕнунцӕ Орджоникидземӕ над сӕ тухгин нимпурстӕн. Цалдӕр бомби ӕрӕсхустонцӕ Дзӕуӕгигъӕубӕл дӕр. Батальони позицитӕ немуцаг хуӕдтӕхгутӕ ӕхсунцӕ пулеметӕй. Уалинмӕ сӕ нихмӕ фӕззиндтӕнцӕ нӕхе хуӕдтӕхгутӕ. Хъӕбӕр истухсун кодтонцӕ фашистон тӕхгути. Ӕма етӕ дӕр сӕ бомбитӕ ӕркалдтонцӕ кӕмифӕндидӕр. Сӕ хуӕдтӕхгутӕй еу ӕрхаудтӕй мӕхе рази.
Фӕссехуар нӕ бакомкоммӕ, километр ӕма ӕрдӕг идарддӕр, сӕхе атакӕмӕ цӕттӕ кӕнун райдӕдтонцӕ немуц. Танкитӕ, машинттӕ, фестӕг ӕфсӕдтӕ. Ӕваст сӕбӕл дзармадзантӕй нигъзалдтонцӕ капитан Гриценкой артдивизиони дзармадзантӕ.
Ӕрбампурсунцӕ танкитӕ ӕма бронехуӕдтолгитӕ. Нӕ дзармадзантӕ сӕ цӕвунцӕ комкоммӕ. Сӕ куст кӕнунцӕ нӕ минометтӕ, пулеметтӕ. Игъусунцӕ танкцӕвӕн топпити гуппитӕ. Фашистти танкитӕй цалдӕр иссугъдӕй. Иннетӕ ӕрлӕудтӕнцӕ, ӕхсунцӕ сӕ медбунатӕй… Минкъий фӕстӕдӕр ба нӕ нихмӕ ӕрбансанстонцӕ сӕдей бӕрцӕ танкитӕ ӕма бронехуӕдтолгитӕ. Изӕрмӕ син бантӕстӕй нӕ позицити астӕумӕ бахъӕртун. Ӕмпурсунцӕ Алагир-Орджоникидзей над байахӕссунмӕ. Се ’ргом аразунцӕ Майрӕмадаг, Дӕллаг Саниба ӕма Гизӕлмӕ.
Роти тугъдонтӕ сӕхе цӕттӕ кӕнунцӕ знаги нихмӕ ӕхсаргинӕй ӕрлӕуунмӕ. Загътон син: «Къӕхтитӕ фӕййарфдӕр кӕнетӕ!..»
1 ноябрь. Ӕзинӕ ӕхсӕвӕр хуардтон Николайи хӕццӕ. Нӕ бадт адтӕй цубур: Дзиуаригъӕумӕ мӕнӕ-мӕнӕ нимпурсдзӕнӕнцӕ немуц; нади рази 4-аг батальон карз нихкъуӕрд дӕттуй фашистти атакитӕн. Адӕм сӕхе цӕттӕ кӕнунцӕ хуӕнхтӕмӕ рандӕунмӕ.
Аци бон тугъд фӕккарздӕр ӕй. Знаг ӕ них исаразта 2-аг ӕма 3-аг батальонтӕмӕ. Нӕ ауӕрдуй ӕ тухтӕбӕл. Фагӕ нихкъуӕрд ин дӕттунцӕ нӕхеуонтӕ. Гитлеронтӕ ӕрра кӕнунцӕ уӕлдӕфи дӕр. Сӕ уодхӕссӕг уаргъ еци калӕги калунцӕ нӕ разфедӕрттӕбӕл ӕма нӕ фӕскъилдуни дӕр. Тугъд кӕнуй карзӕй-карздӕр. Ӕхсунцӕ нӕ зениткитӕ дӕр. «Катюшити» нӕрун фӕббӕрӕг уй иннӕ гур-гур ӕма къӕр-къӕри ӕхсӕн.
Уолӕфун – зин. Хъуӕцӕ. Хӕдзӕрттӕ пеллон калунцӕ.
Знаги дӕсгай танкитӕн сӕ сугъди хъилма цӕуй уӕларвмӕ. Сӕ мӕрдтӕ – ӕнӕнимӕдзӕ.
Уӕддӕр нӕуӕг ӕма нӕуӕг тухтӕ гӕлдзунцӕ тугъди тумугъмӕ, сӕ бицъинӕг тонунцӕ Орджоникидземӕ.
… Изӕрӕй ӕрӕгиау фӕууидтон Тотури-фурти. Николай цидӕр тухстгомау ӕй. Фӕндаггон арӕзт. Ӕ усхъӕбӕл фондзӕхстон.
– Хонхмӕ цӕуӕн, – зӕгъуй. – Мах дӕр ӕнцад нӕ баддзинан.
Ӕ уосӕ имӕ равардта хуӕруйнӕгти хизин.
2 ноябрь. Уӕлдӕфи – нӕ хуӕдтӕхгутӕ. Ӕ куст кӕнуй «тугъди бардауӕг» – артиллери. Фашистти уӕлдай хъӕбӕрдӕр тухсун кӕнунцӕ «катюшитӕ». Фӕссехуар. Дзиуаригъӕуӕй километри ӕрдӕг идарддӕр гъӕдбуни немуц ӕмбурд кӕнунцӕ сӕ танкитӕ, фестӕг ӕфсӕдтӕ. Гъӕуама бабӕй нимпурсонцӕ. Сӕ фӕндӕ син фехалдтонцӕ нӕ артиллеристтӕ ӕма минометчиктӕ. Уотӕ рӕстдзӕвийнӕй сӕбӕл «ниууӕрӕйда» кодтонцӕ, ӕма гитлеронтӕ ледзӕги фӕцӕнцӕ, сӕдӕ лӕгей бӕрцӕ ба си байзадӕй тохи будури, сӕ хуӕдтолгитӕй дӕр еуӕндӕсемӕн сӕ хъуӕцӕ калдӕй.
Уой хуӕдвӕд фӕхъхъӕбӕрдӕр ӕй сӕ дзармадзанти ӕма минометти нӕрун. Снарядтӕ тахтӕнцӕ нӕ сӕрти, ихалдӕнцӕ хӕдзӕртти фӕсте дзӕхӕрати.
Фашисттӕн Алагир-Орджоникидзей надбӕл рацӕун ку нӕ бантӕстӕй, уӕд сӕ цӕф Дзиуаригъӕубӕл фӕккодтонцӕ. Хорнигулӕни размӕ бабӕй – сӕ нӕуӕг нимпурст. Авиаци, артиллери, мотопехотӕ. Сӕ танкитӕ цӕунцӕ гъавгӕй, бӕлӕсти аууӕнтти, сӕ фӕдбӕл – мотоциклисттӕ ӕма фестӕг ӕфсӕддонтӕ. Нӕ минометчиктӕ сӕбӕл цалдӕр хатти мӕлӕтхӕссӕг нӕмгутӕ никкалдтонцӕ. Фӕлгӕсӕн бунатӕй сӕмӕ ӕрбадзориуонцӕ:
– Хуарз архайетӕ!.. Фашисттӕ мистити хузӕн ледзунцӕ!..
Е сӕ кодта разӕнгард. Ами ка тухтӕй, уонӕн сӕ фулдӕрӕн аци тугъдтитӕ адтӕнцӕ фиццаг фембӕлдтитӕ знаги хӕццӕ, ӕма нӕма райахур ӕнцӕ мӕлӕти цӕститӕмӕ комкоммӕ кӕсунбӕл, уомӕ гӕсгӕ ба архайдтан уонӕн зӕрдӕвӕрӕн дзурдтӕ зӕгъунбӕл. Аци бон сӕхе хуарз бавдистонцӕ минометчиктӕ Анищенко, Котлярский, Ермолаев, Плакса, Ефимов, фӕлгӕсӕг Алахвердян, ӕхсӕг Цаплев, роти ӕфсӕддонтӕ Чумаков, Смородин ӕма иннетӕ. Талинги цалдӕр танки уӕддӕр ӕрбайервазтӕнцӕ гъӕуи астӕумӕ, автоматчиктӕ дӕр – еу-инсӕй…
Комӕй ралӕстӕй бӕзгин мегъӕ. Нецибал уидтан бустӕгидӕр.
Гъӕу нӕ равардтан.
3 ноябрь. Хӕдзӕртти ӕндартӕ хӕстӕгмӕ дӕр зинӕй ӕвзарӕн. Ӕхсӕвӕ фӕффулдӕр ӕнцӕ немуцӕгти танкитӕ, автоматчиктӕ.
Мегъӕ ӕхе есун райдӕдта. Гъӕуи хонсарварс дзӕхӕрай нӕ минометчиктӕ знаги хӕстӕгмӕ ӕхсун райдӕдтонцӕ топпитӕй. Мӕхе цӕстити рази хестӕр сержант Плакса топпӕй фехста немуцаги, е гъӕунги цӕхгӕрмӕ куд фӕууадӕй, уотемӕй.
Дӕс ӕма дууинсӕйи бӕрцӕ немуцӕгтӕ ‘рбацӕунцӕ атаки. Не ’хсӕн 100 метри дӕр нӕййес. Неке фӕттарстӕй. Ӕмхузонӕй сӕбӕл ралӕудтан топпитӕ ӕма къохӕйӕхсгӕ пулеметтӕй. Цалдӕр ма си байервазтӕй хӕдзӕртти аууонмӕ.
Иннӕ рауӕнти уӕхӕн нихкъуӕрд нӕбал адтӕй немуцӕн. Батальони командӕгӕнӕн пункт ихӕлд ӕрцудӕй бомбӕй, разамунд нӕбал адтӕй ӕма уой туххӕй махонтӕ фӕстӕмӕ цӕун райдӕдтонцӕ. Минометчикти позицитӕбӕл фӕлледзӕги ‘нцӕ еу-финддӕс автоматчикки. Еуей си фӕууорӕдтон:
– Ци ’рцудӕй, цӕмӕн ледзетӕ?
– Танкитӕ! Ниууадзетӕ уӕ бунӕттӕ, цалинмӕ нӕ байрӕги ӕй, уӕдмӕ!..
Рагъуди кодтон: «Аци хъарабугъай фехсун ӕнгъезуй!..» Е хуарз гъуди нӕ адтӕй, бӕргӕ, фал зӕрдӕ ристӕй, гъӕу нӕ къохтӕй ке ервӕзуй, уой туххӕй.
Уавӕр никки дӕр ма фӕллӕгъуздӕр ӕй: нӕбал ес бастдзийнадӕ роти командир Лютыйи хӕццӕ. Хабар базонунмӕ рарвистон связисттӕ Калашников ӕма Комарови.
Ӕхсун бабӕй нӕ райдӕдтонцӕ, нур ба нӕ цӕвунцӕ фӕрсӕрдигӕй дӕр. Гитлеронтӕ байахӕстонцӕ Дзиуаригъӕу. Уой нин загътонцӕ Калашников ӕма Комаров.Батальони командӕгӕнӕн пункти дӕр некебал адтӕй. Комбат Халилов, роти командир Лютый ӕма иннӕ ӕфсӕддонтӕ рандӕнцӕ хуӕнхтӕмӕ. Мегъ ку ратадӕй, уӕд немуцӕгти фӕууидтан рацо-бацогӕнгӕй.
– Ци кӕнӕн, комиссар? – фӕрсуй мӕ роти командири хуӕдӕййевӕг Дмитрий Карташов.
– Ду ба ци зӕгъдзӕнӕ?
– Дууӕ фондзинсӕй метри фӕстӕмӕ рацӕуӕн, уоми ӕрфедар уӕн ӕма бабӕй сӕ цӕвӕн.
Уотӕ бакодтан. Минометтӕн ма нӕмӕ адтӕй 200 мини. Ӕррӕсагътан минометтӕ. Карташов бӕрзонд бӕласӕмӕ исхизтӕй ӕма амонуй, кумӕ ӕхсун гъӕуй, уой.
Ӕхсӕн нӕ раздӕри командӕгӕнӕн бунат. Фиццаг ӕхстӕн фашисттӕй ӕрхаудтӕй еу-дӕсей бӕрцӕ. Минометтӕ разилдтан гъӕуи астӕумӕ ӕхсунӕн. Уоми адтӕй фашистти устур къуар. Ӕвӕдзи загътонцӕ: гъӕу гъӕуайгӕнӕг нӕбал ес, ӕма сӕбӕл сайд ӕрцудӕй. Минометтӕй сӕбӕл нӕ минитӕй 150 фулдӕр сӕбӕл рауагътан.
Минкъий фӕстӕдӕр нӕмӕ гъузун райдӕдтонцӕ сӕ автоматчиктӕ. Еци рӕстӕг нӕмӕ фӕззиндтӕнцӕ бригади штаби афицер Чернов ӕма Сӕрмагонд хайади косӕг. Етӕ адтӕнцӕ минкъий уоддӕр хуӕнхти ӕма, минометон хӕйттӕй еу фашистти хӕццӕ тохуй, уой ку базудтонцӕ, уӕд сӕ цийнӕн кӕрон нӕбал адтӕй. Нӕ хӕццӕ фӕцӕнцӕ, цалинмӕ минометчиктӕ еугур минитӕ дӕр знагбӕл нӕ никкалдтонцӕ, уӕдмӕ. Уӕдта хуӕнхти ‘рдӕмӕ рацудан еумӕ. Нӕ арӕзт адтӕй Майрӕмадагмӕ.
Еу минкъий гъӕу. Нӕдӕр си немуц, нӕдӕр махонтӕ. Нӕ размӕ рацудӕнцӕ цӕргутӕ цалдӕремӕй.
– Ами бахуӕруйнаг кӕми ци ес?
Байамудтонцӕ нин дууӕ ӕхгӕд колхозон уӕрдундонемӕ. Байгон сӕ кодтан. Хуайрагӕй си неци разиндтӕй – мудӕй уӕлдай, заманай хуӕрзадӕ муд.
Къӕхтӕ ниууӕззау ӕнцӕ. Фал ӕнӕцӕуӕн нӕ адтӕй. Бонӕрдӕмӕ бахъӕрдтан Майрӕмадагмӕ. Нӕ роти уӕрдунтӕ (обоз) ӕма нӕ хуӕлцӕ уоми адтӕнцӕ. Фал бабӕй нӕ дууӕ сахаттей фӕсте нӕ над раидарддӕр кӕнун багъудӕй нӕуӕгӕй, аци хатт – бригади хецауади бардзурдӕй.
Ме ’мбӕлттӕ уайтӕккӕ зӕнхӕбӕл рафунӕй ӕнцӕ. Устур бӕласи рӕбун мӕхе ӕруагътон ӕз дӕр. Хуссӕг мӕ нӕ ахӕста. Гъуди кодтон Дзиуаригъӕуи тугъдбӕл, Руднев, Овсенев, Лютый ӕма Халилов хуӕнхтӕмӕ цӕмӕ рандӕнцӕ, уой нӕ зудтон. Мӕ зӕрдӕмӕ нӕ бацудӕй сӕ миуӕ, гъома, хуӕнхтӕмӕ ке рандӕнцӕ, е.
4 ноябрь. Бонивайӕнти мӕскъбунти цӕун бӕхбӕл гургъахъ нӕдтӕбӕл. Бӕх фӕккеуй, кумӕ цӕуӕн, уой ӕз ӕма Карташов дӕр нӕ зонӕн. Бригади хецауади амундӕй адтӕй нӕ архайд. Изӕрӕй ӕрӕнцадан еу фахси рӕбун. Чернов мин загъта: ами къахун гъӕудзӕнӕй тохӕн бунӕттӕ. Ка кӕми ӕрӕнцадӕй, уой исбӕрӕг кодтан Карташови хӕццӕ ӕма еу устур пъура бӕласи рӕбун мӕхе ӕруагътон. Ку райгъал дӕн, уӕд фегъустон бомбити гӕбар-губур, хуӕдтӕхгути гув-гув ӕма «катюшити» нӕрун.
5 ноябрь. Афицерти ӕмбурд бригади командир болкъон Ворожищевмӕ.
Фӕмминкъийдӕр ӕнцӕ нӕ адӕм. Еуетӕ фӕммард ӕнцӕ Дзиуаригъӕуи тугъдтити, иннетӕ – цӕф, ӕртиккӕгтӕ ба – Халилов, Руднев, Овсенев, Лютый, Глухий ӕма ӕндӕртӕ– нӕма ӕрбайеу ӕнцӕ нӕ хӕццӕ, хуӕнхтӕй рахезун син нӕма бантӕстӕй.
Хецау ке растудта, уони хӕццӕ – мах минометӕйӕхсӕг ротӕ дӕр.
Нӕуӕг ихӕс: Майрӕмадаги алфамбулай гъӕуама домбайӕй ӕрлӕууӕн ӕма ’й знаги къохтӕмӕ цийфӕндийӕй дӕр ма раттӕн.
Уӕрдунтӕмӕ усхъитӕ буцӕугӕнгӕй, бахизтан устур рагъбӕл. Берӕ фӕццудан. Фӕсӕмбесӕхсӕвӕ нӕ бунатмӕ бахъӕрдтан.
6 ноябрь. Ирд сӕумӕ. Ком. Ӕртитӕ искодтан хускъӕ къуӕцӕлтӕй. Нӕ сӕрмӕ фӕззиндтӕй знаги ӕсгарӕг хуӕдтӕхӕг. Хуӕцӕнгӕрзтӕ, нӕ уӕрдунтӕ къотӕрти ӕма бӕлӕсти бунти баримахстан. Бӕрзонд рагъмӕ нӕмӕ дзӕбӕх зиннунцӕ Дӕллаг Саниба, Гизӕл. Уордӕмӕ цӕвуй нӕ артиллери. Фашисттӕ бабӕй уордӕмӕ нӕуӕг тухтӕ ласунцӕ. Бахӕстӕг ӕнцӕ Майрӕмадагмӕ, цӕттӕ кӕнунцӕ Орджоникидземӕ нимпурсунмӕ.
Нӕ штурмовиктӕ хуарз архайунцӕ уӕлдӕфи. Махӕн бабӕй равардтонцӕ нӕуӕг бардзурд: Майрӕмадагмӕ хӕстӕгдӕр бацӕун ӕма бригади автоматчикти батальонӕн фӕййагъаз кӕнун минометтӕй. Батальони командир Леонид Березови хуарз зонун, ӕй харьковаг. Бӕгъатӕр лӕг. Айразмӕ райста Тугъдон Сурх Турусай ӕртиккаг орден.
Нӕ позиций ӕрфедарӕн фадуат нӕбал фӕцӕй, еци-еу ӕхст райдӕдтан. Цалдӕр залпи, ӕма фашисттӕн фӕннидӕндӕр ӕй сӕ размӕмпурст Майрӕмадагмӕ. Ӕртӕ атаки син фӕггуз ӕй, берӕ адӕм, берӕ тохӕн си фесавдӕй.
Изӕрӕй нин барлӕвӕрд адтӕй нӕ позицитӕ раййевуни туххӕй. Ӕрбунат кодтан арф адаги.
7 ноябрь. Цитгин Октябри 25 анзей бӕрӕгбон. Бӕрӕг ӕй кӕнӕн тугъди будури. Фӕстаг фондз боней дӕргъи нӕ ротӕ ниппурхӕ кодта 46 фашистон хуӕдтолги, 3 пулемети, 2 миномети, 200 немуцаг ӕфсӕддони ӕма афицерӕй фулдӕр. Гъе, е ӕй нӕ лӕвар бӕрӕгбонӕн.
Изӕрӕй ротӕн адтӕй митинг. Ӕ сӕйраг гъуди – Орджоникидземӕ бацӕуӕнтӕ искӕнӕн ӕнӕбасӕтгӕ федар, багъӕуай кӕнӕн Кавкази зӕрдӕ. Фиццаг радзубанди кодтон ӕз, мӕ фӕсте ба роти командир Лютый, ӕхсӕг Петр Колярский, тугъдонтӕ Арутюнов ӕма Мнацаканов.
Не ’хсӕвӕр адтӕй хуарз: еу рацӕргӕ ирон уосӕ нин равгарста кӕркитӕ. Ӕнӕгъӕнӕ ӕхсӕвӕ не ’нцадӕй къӕр-къӕр. Гъӕугӕрон къотӕртӕй ӕма кӕронккаг хӕдзӕртти сӕрӕй ӕхстонцӕ немуцаг автоматчиктӕ.
8 ноябрь. Майрӕмадагмӕ ӕмпурсунцӕ немуц ӕма румынтӕ. Сӕ гъавд ӕй Сиуари ком байахӕссун, уӕдта Арви коми ӕрӕхгӕнун.
Ихӕлунцӕ минитӕ, дзармадзани нӕмгутӕ. Шрапнелӕй ку фехсунцӕ, уӕд бустӕги тӕссаг ӕй: нӕмуг фехӕлуй зӕнхи сӕрмӕ ӕма мӕлӕтхӕссӕг ӕсхъиуццаг уайтӕккӕ адӕймаги исӕргъӕвунцӕ.
Мӕ бахъӕртунмӕ минометчиктӕ сӕ куст кодтонцӕ; роти командир Василий Волков, 22-анздзуд кӕстӕр лейтенант, телефонӕй дзурдта командир Лютыймӕ:
– Кафунцӕ, кафунцӕ залиагтӕ!
Фашистти уӕлдай хъӕбӕрдӕр дӕрӕн кодта Петр Колярский. Минометӕйӕхсгутӕ хуарз фӕййагъаз ӕнцӕ Березови автоматчиктӕн ӕма бригади иннӕ хӕйттӕн. Раздахтан немуц ӕма румынӕгти цалдӕр атаки. Цуппар хуӕдтолги ӕд пехотӕ ниффалгӕрон ӕнцӕ нӕ минометчикти цӕфтӕй.
Бони дуккаг ӕмбеси знаг фенцаддӕр ӕй. Изӕрӕй нин байурстонцӕ тамакутӕ. Лютый ӕма Карташов кӕд нӕ уадзунцӕ, уӕддӕр тугъдонтӕ ӕртитӕ искодтонцӕ, нӕхе батавӕн, зӕгъгӕ. Роти мӕмӕ, комиссар, зӕгъгӕ, ӕндӕр номӕй нӕ дзорунцӕ. Сӕ хӕццӕ зӕрдӕбун дзубандитӕ ракодтон, кӕд нифсгундӕр уиуонцӕ исонибони тугъди, зӕгъгӕ.
9 ноябрь. Никкалдтонцӕ немуц Майрӕмадагбӕл дзармадзантӕй, минометтӕй. Фӕррохсдӕр ӕй. Ӕмпурсунцӕ нӕмӕ знаги танкитӕ ӕма пехотӕ. Махмӕ танкитӕ ке нӕййес, уой зудта знаг, ӕма ӕмпурста никки хъӕбӕрдӕр. Ӕнцон нӕ адтӕй фиццаг атакӕ бауорамун. Минометӕйӕхсгутӕ архайдтонцӕ, фестӕгӕй ка адтӕй, уони танкитӕй фӕххецӕн кӕнунбӕл. Автоматчиктӕ, топпӕйӕхсгутӕ кустонцӕ ӕнӕрлӕугӕй. Снайпер Николай Громов ӕрфӕлдахта знаги дӕсгай лӕгтӕ. Уалинмӕ имӕ бахъӕрдтӕнцӕ танкитӕ. Еуей си басугъта. Иннӕ ӕ сӕрти ӕрбахизтӕй. Цалдӕр танки басугътонцӕ нӕ бронебойщиктӕ. Бони фиццӕг ӕмбеси ӕверхъау зинӕй раздахтан цуппар атаки Майрӕмадагӕй. Уӕддӕр еуӕй-еу рауӕнти нӕ позицитӕй фӕгъгъудӕй. Изӕрӕрдӕмӕ 4-аг батальон бацудӕй контратаки, знаги фӕлледзӕги кодта ӕ раздӕри бунӕттӕмӕ. Дууӕ румынаги ӕрбахаудтӕнцӕ уацари.
Аци бонӕй карздӕр тугъд нӕма адтӕй Майрӕмадаги. Берӕ фӕгъгъудӕй махуӕнттӕй дӕр. Ӕхсӕвӕ мет тадӕй, уотемӕй уардта.
10 ноябрь. Мет. Бӕзгин мегъӕ ӕрбадтӕй гъӕдтӕбӕл, рӕгътӕбӕл, ӕрӕмбарзта Майрӕмадаг.
Ӕхсӕвӕ не ’фсад рахесӕрдигӕй ӕмпурсун байдӕдтонцӕ, сӕумӕй раги знаги ратардтонцӕ Гизӕл ӕма Дӕллаг Санибайӕй. Нур ледзуй уодаистӕй.
Гвардионтӕн агъаз кӕнӕн фӕрсӕрдигӕй. Фал нӕмӕ ӕхсӕн ӕрмӕг фагӕ нӕбал ес. Гитлеронтӕ бабӕй фӕффедар ӕнцӕ Фиййагдони билӕбӕл.
Фӕссехуар адтӕн батальони командӕгӕнӕн бунати. Комбат Руднев, ӕ хуӕдӕййевӕг политикон гъуддӕгути Овсенев дӕр неци исаразтонцӕ тохӕнӕрмӕг ӕма хуайрагӕн: фронт ку исбӕрӕг уа, уӕд бабӕй уодзӕнӕй ӕрмӕг.
Ӕхсӕвӕ Карташови хӕццӕ бацудан Майрӕмадагмӕ. Гъӕуи цъеуӕзмӕлӕг дӕр нӕййес. Фулдӕр хӕдзӕрттӕ игон, сӕ есбон лӕууй пурхитӕй. Еу ревӕд хӕ-дзарӕмӕ бацудан ӕма Карташов дзоруй:
– Ӕзинӕ дӕр ма си хъанӕй лӕудтӕй сӕйгӕ зӕронд лӕг.
Гобӕнттӕ гӕлст. Къуми калдӕй – хъӕдорӕ, гъӕдзиндзӕ ӕма картоф. Карташов бугъзурти бунӕй исиста сувӕллони кукла. Мӕ цӕститӕбӕл рауадӕй: амӕн ӕ хецау, еу-фондзанздзуд кизгӕ, айфонмӕ кӕмидӕр гъӕди кӕуй, агоруй ӕ гъазӕн.
Уоми ӕхсӕвӕ байзайунбӕл нӕ исарази дӕн Карташовӕн.
(Уодзӕнӕй ма)