НЕКӔЦИ БАРӔНТӔБӔЛ ЕС РАБАРӔН Ӕ ХУӔРЗТӔН!..
Нӕ Иристони номдзуддӕр лӕгтӕй еу, Хъӕбӕлоти Билар ӕ бӕрнон кусти айдагъ идардмӕуинагӕ ӕма хъӕппӕресгун разамонӕгӕй нӕ баскъуӕлхтӕй, фал ма, куд фӕззӕгъунцӕ, мади губунӕй рахаста адӕмуарзондзийнадӕ ӕма арф зӕрди рахастдзийнӕдтӕ. Е адтӕй агъазиау нифсдӕттӕг менеугути хецау. Сауӕнгӕ ӕригонӕй дӕр ӕ гъуддӕгути имӕ адтӕй, ӕ карӕмӕ гӕсгӕ ци нӕма ӕнгъизтӕй, уӕхӕн курухондзийнадӕ.
Абони дӕр ма бӕрӕг дарунцӕ, Билар республики сӕргъи инсӕй анзей дӕргъи лӕугӕй нӕ Иристони царди алли къабӕзтӕмӕ ци ахедгӕ байвӕрӕнтӕ бахаста, етӕ. Ци политикон ӕгъдауӕй, ци республики промышленнон ӕма гъӕууонхӕдзарадон арӕзтади, ци культури къабази ирӕзти гъуддаги. Цал ӕма цал аййевадон ӕма документалон уадзимиси ниффинстонцӕ нӕ искурдиадӕгин финсгутӕ ӕма журналисттӕ Хъӕбӕлоти Билари цардвӕндаги хабӕртти туххӕй, ӕма хӕдзарадон, ӕхсӕнадон-политикон агъазиау ӕнтӕстдзийнӕдтӕбӕл. Номӕй-номмӕ дзоргӕй, уонӕй мӕ зӕрдӕмӕ арфдӕр райстон финсӕг, журналист, Уӕрӕсей Федераций ӕскъуӕлхт косӕг Даурати Дамири уацхъуд «Хъӕппӕресгун разамонӕг ӕма гъуддаги лӕг», кӕци мухургонд ӕрцудӕй Билари райгурдбӕл 90 анзи исӕнхӕсти фӕдбӕл газет «Рӕстдзинад»-и 2007 анзи 14 ноябри. Ӕрмӕг кӕрӕй-кӕронмӕ дӕр ӕй Хъӕбӕлоти Билари берӕвӕрсуг кустбӕл цӕстуарзон рафӕлгӕст.
Ӕз дӕр, куд культурон-рохсадон рагондӕр косгутӕй еу, базонгӕ кӕнон нӕ газеткӕсгути Билари туххӕй ци имисуйнӕгтӕ ниффинстон, уони хӕццӕ.
Цӕветтонгӕ, еууӕхӕни Хумӕллӕги культури артдзӕсти радон устур бӕрӕгбони архайдта Хъӕбӕлоти Билар. Хъӕппӕресадон къуӕрттӕ ци концертон программӕ бацӕттӕ кодтонцӕ, уомӕ кӕсгӕй Билар уӕлдай ӕхсицгондӕрӕй бацийнӕ кодта бунӕттон скъолай уодӕфон (духовой) оркестрбӕл. Зӕрдибун арфити хӕццӕ оркестри архайгутӕй алкӕмӕн дӕр ӕ къох райста. Е уин айдагъдӕр еу ӕвдесӕн, Билармӕ, устур хецау уогӕй дӕр, цӕйбӕрцӕбӕл дессаги ӕрдзон хумӕтӕгдзийнадӕ адтӕй, уомӕн.
Билар еузӕрдиуон адтӕй ӕ адӕмбӕл, устур ӕвӕрди имӕ адтӕнцӕ нӕ адӕм цитгин ӕма хъаурӕгин цӕмӕй ӕнцӕ, еци гъуддӕгутӕ еугурӕй дӕр, уӕлдайдӕр ба – нӕ уодварни хӕзнатӕ. Уомӕн дӕр ӕвдесӕн, зӕгъӕн, Билар ӕгӕрон уарзт ӕма аргъ кодта адӕмон исфӕлдистадӕн, нӕ героикон зартӕн.
Ӕвдайӕймаг ӕнзти Иристони цудӕй аййевадӕ ӕма культури косгути II съезд. Байгон ӕй кодта Хъӕбӕлоти Билар. Берӕ ахсгиаг фарстати хӕццӕ дзубанди цудӕй героикон зарти хъисмӕтбӕл дӕр, уони идарддӕри исфӕлдистадон ирӕзтбӕл. Гъӕдгӕрони гъӕусовети сӕрдар Бокоти Солтан (гъулӕггагӕн, не ‘хсӕн нӕбал ӕй) ӕ радзубандий лӕмбунӕг дӕнцитӕ ӕрхаста еци гъуддаги гъӕндзийнӕдти фӕдбӕл. Ӕ кӕронбӕттӕн дзубандий Хъӕбӕлой-фурт раст аргъ искодта Бокой-фурти феппайуйнӕгтӕн. Хатир си ракурдта, ӕма ӕримиста уӕхӕн хабар. Цӕветтонгӕ еу рӕстӕги имӕ Ростовӕй исдзурдта Плити Иссӕ:
– Билар, цалдӕр бони мин ес уӕгъдӕ рӕстӕг, ӕма мӕ фӕндуй, нӕхе Иристони сӕ ку рарветинӕ, е. Мӕнӕн е ӕхцӕуӕн куд нӕ адтайдӕ! Ӕма ин дзуапп равардтон:
– Иссӕ, табуафси, ӕнгъӕлмӕ дӕмӕ кӕсӕн!
– Байруагӕс уи уӕд, – загъта Билар, – дуккаг бон Иристонмӕ исхъӕрдтӕй. Ӕ курдиадӕмӕ гӕсгӕ фӕрраст ан нӕ ӕрдзи рӕсугъддӕр къум Цъӕймӕ. Адтӕй сехуар афонӕ. Сӕ фӕллад си ка уагъта, уони баййафтан хуӕргӕ. Нӕхе бӕргӕ фӕййаууон кодтан, фал нӕ уӕддӕр бафеппайдтонцӕ. Цалдӕр лӕхъуӕни рауадӕнцӕ нӕ размӕ. Райстонцӕ нин нӕ кьохтӕ. Хъӕбӕр зӕрдиагӕй нӕ худтонцӕ фингӕмӕ. Ку нӕ арази кодтан, уӕд лӕхъуӕнтӕй еу загъта:
– Кӕд ӕнгъезуй, уӕд уин еу-дууӕ зари ракӕнӕн.
Еци дзурдтӕмӕ Иссӕ фӕррӕвдзӕдӕр ӕй.
– Кӕд уотӕ ‘й, уӕд, табуафси, цӕуӕн.
Лӕхъуӕнтӕ низзардтонцӕ. Мӕнӕй феронх ӕй, кӕми ан, е. Ранигъулдтӕн зари дзурдти ӕма зӕлти. Еу дзамани Иссӕ мӕ зӕрдӕбӕл ӕрбалӕудтӕй. Кӕсун, ӕма мӕ рази нӕбал адтӕй. Хӕстӕгдӕр уати дуар фегон кодтон ӕма уинун дессаг: Иссӕ бадуй къелабӕл губурӕй, ӕ къохтӕ ӕ цӕсгонмӕ исбуцӕу кодта ӕма сувӕллони хузӕн хӕкъурццӕй кӕуй.
– Ци ‘рцудӕй, Иссӕ?! – сонт фарст ӕй ракодтон.
– Неци мӕбӕл ӕрцудӕй, – арф ниууолӕфтӕй Иссӕ. – Мӕнбӕл ма тухсӕ. Уойбӕсти цо лӕхъуӕнтӕмӕ, сӕ зарун ма ниууадзӕнтӕ. Мӕ сабийдогӕй абони уӕнгӕ нӕ гъуди кӕнун, ескӕд естӕбӕл искудтӕн, уой. Абони ба мӕ ставд цӕстисугӕй фӕккӕун кодта нӕхе ирон бӕгъатӕрти зар. Ниррезун мин кодта мӕ зӕрди уедӕгтӕ, тугъди дзамани фӕууидтон ме ‘мзӕнхонти хуӕздӕрти мӕрдтӕ. Кӕд сӕ хӕдзӕрттӕмӕ нӕбал исӕздахтӕнцӕ, уӕддӕр си сӕрустур дӕн. Се ‘взонг цӕрӕццаг уодтӕ равардтонцӕ нӕ бӕсти сӕрбӕлтау. Фал сӕ нӕмттӕ байзадӕнцӕ зарти.
– Ӕма цӕрӕд ирон зар! – уӕхӕн федар загъдӕй фӕцӕй Билар ӕ дзубанди.
Берӕ агъазиау гъуддӕгутӕ исаразта Билар, цӕмӕй нӕ адӕми исфӕлдистадӕ еци гъомусгин ӕма цӕмӕдессагӕй фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ цардайдӕ, гъомбӕл кодтайдӕ нӕ кӕстӕрти, нӕ адӕми уодиконди хуӕздӕр ӕма хиццагдӕр менеугутӕбӕл.
Хъӕбӕлоти Биларӕн ӕ сӕйрагдӕр сагъӕстӕй еу адтӕй, тугъди фӕсте ӕ сувӕллӕнтти хӕццӕ ка байзадӕй, еци ӕнӕфӕккеугӕ седзӕргӕстӕн сӕ царди уавӕртӕ фӕххузӕнондӕр кӕнунбӕл. Уони хӕццӕ адтӕй мӕ ниййерӕг мадӕ Гӕбути (Туайон) Нинӕ дӕр – фондз сувӕллоней мадӕ, Коммунистон партий иуонг, ӕхсӕнадон кусти ӕнӕзӕрдихудт, сӕрӕн архайӕг. Кӕд имӕ ахурадӕ дууӕ къласемӕй уӕлдай нӕ адтӕй, уӕддӕр ин Хуцау балӕвар кодта ӕрдзон искурдиадӕ: адтӕй курухон зунди, ӕнӕсайд уоди хецау, дзурдарӕхст.
1966 анзи адтӕй нӕ республики силгоймӕгти I съезд. Уой фӕдбӕл нӕмӕ иссудӕнцӕ берӕ кадгин иуазгутӕ дӕр, сӕ еу – дуйней фиццаг силгоймаг-космонавт Валентинӕ Терешкова. Ӕрӕдони райони делегатти хӕццӕ съезди архайдта мӕ мадӕ Нинӕ. Гъӕуама си дзоргӕ дӕр ракодтайдӕ, ӕма ин Билар бабарӕ кодта, цӕмӕй ӕ радзубандий кӕронбӕттӕни зӕрдибун арфӕ ракӕна нӕ боц иуазӕг Валентинӕ Терешковайӕн ӕма ин Иристони силгоймӕгти номӕй ӕ сӕрбӕл ӕркӕна цилле нивӕфтуд ирон сӕрбӕттӕн.
Хумӕтӕг дзубандийӕй уомӕн зӕгъӕн нӕййес, Нинӕ куд исарӕхстӕй еци устур, ӕхцӕуӕн уавӕри ин ци бабарӕ кодтонцӕ, еци хабӕрттӕмӕ. Терешкова бадтӕй президиуми Билари фарсмӕ. Нинӕ ӕ дзубанди ку фӕцӕй, уӕд ӕ бон куд адтӕй, уотӕ имӕ гъӕрӕй дзоруй:
– Нӕ хъазар космонавт Валентинӕ! Паближнӕ, паближнӕ! – ӕма ма имӕ ӕ къохӕй дӕр амонуй, цӕмӕй имӕ е хӕстӕгдӕр ӕрбацӕуа.
Цалинмӕ имӕ е трибунӕмӕ цудӕй, уӕдмӕ Нинӕ зали бадӕг адӕммӕ дзоруй, ӕз дӕр, дан, уруссагау дууӕ дзурди зонун. Ӕвӕдзи, ӕхецӕй хъӕбӕр ниббоз ӕй. Адӕм ӕмхузонӕй исистадӕнцӕ. Цалинмӕ номдзуд силгоймаг Терешковайӕн хумӕтӕг ирон силгоймаг лӕвӕрттӕ кодта ӕма ин ӕ сӕрбӕл еци сӕрбӕттӕн рӕвдзитӕ кодта, уӕдмӕ зали еци тухгинӕй-тухгиндӕр адӕм къохӕрдзӕф кодтонцӕ. Фӕстӕдӕр мӕ мадӕ ӕма Терешковай хузӕ, уӕдта съезди ӕ радзубандийӕй скъуддзаг хаст ӕрцудӕнцӕ Гаджити Марияй киунугӕ «Женщина гор»-мӕ.
Адӕймаг ӕ царди ӕвдесӕн ци цаутӕн фӕууй, уонӕй еуетӕ ӕ зӕрдӕма арф райсуй. 1974 анзи Цӕгат Иристони автономибӕл 50 анзи исӕнхӕсти фӕдбӕл нӕ республики Сӕйраг Совети Президиум исаккаг кодта Кади грамотитӕ нӕ культури ӕма аййевади косгутӕн, уони хӕццӕ адтӕн ӕз дӕр. Грамотӕ мин мӕ къохтӕмӕ равардта Хъӕбӕлоти Билар ӕма мин зӕрдибун арфӕ ракодта.
– Зойӕ! Адӕми гъӕуй дӕ куст, ӕма дӕ хъауритӕбӕл макӕд байауӕрдӕ… Адӕм дӕ уарзунцӕ, ӕма сӕ фарнӕй хайгин уо. Дӕ мади фарнӕ ӕма кадӕ дӕлӕмӕ ма ӕруадзӕ!
Гъе, уӕхӕн аргъ кодта Хъӕбӕлоти Билар, инсӕй анзей дӕргъи ке сӕргъи лӕудтӕй, еци адӕмӕй алкӕмӕн дӕр. Уомӕ гӕсгӕ ‘й адӕм дӕр зӕрдтагонӕй имисунцӕ, ӕ фӕсмӕрдӕ дӕр ин устур кадӕ кӕнунцӕ. Е дӕр уой ӕвдесӕн ӕй, ӕма Билар республики ӕнтӕстгин райрӕзти гъуддагмӕ ци устур хунӕ бахаста, уомӕн некӕци барӕнтӕбӕл рабарӕн ес – нерӕнгӕ, ӕвӕдзи, нӕма ӕргъуди кодтонцӕ, еци хуни уӕзӕ рабарун ка бафӕраза, уӕхӕн барӕн. Уогӕ ес еу уӕхӕн барӕн – адӕми зӕрдитӕ, еунӕг уони бон ӕй уой агъазиаудзийнадӕ исбӕлвурд кӕнун…