28 апреля 2024

АМОНД АДӔЙМАГӔН ӔХЕЦӔЙ ЦӔУЙ

29.03.2022 | 11:57

Уӕрӕсейӕгтӕй уотӕ ке бафарстонцӕ, уӕхе кӕд амондгунбӕл нимайетӕ, уӕд цӕй фӕрци, зӕгъгӕ, уӕд уонӕн сӕ ӕртиндӕс ӕма инсӕй проценти байамудтонцӕ сӕ бийнонтӕ, фиццаги-фиццагидӕр, уой амондӕй амондгун ӕнцӕ. Ӕма ӕцӕгӕйдӕр, адӕймагӕн ӕ амонд ӕ бийнонтӕй ке цӕуй, е ӕнӕмӕнгӕ раст ке ‘й, уобӕл ни нӕ фулдӕр исарази уодзӕнӕй. Нӕ адӕмон исфӕлдистади хӕзнадони дӕр уой фӕдбӕл берӕ цӕмӕдессаг хабӕрттӕ разиндзӕнӕй. Мӕнӕ сӕ еу.

 

АЛКЕДӔР Ӕ АМОНДМӔ ГӔСГӔ ЦӔРУЙ

Паддзахмӕ, дан, еу уосӕ агъазгор бацудӕй. Уӕд ӕй паддзах фӕрсуй:

– Хуарз уосӕ, ӕма дин неке ес, мӕнӕй ӕндӕр дин ка фӕййагъаз кӕна, уӕхӕн? Цӕуӕт, хӕстӕгутӕ?

– Куд нӕ, куд нӕ! Авд фурти мин ес, фал сӕ фадуат нӕ амонуй.

– Ӕма дӕ авд фурти цӕмӕн багъудӕй? Мӕнӕ еу мӕн хузӕн фурт ниййардтайсӕ ӕма дӕ мӕгургор цӕун нӕ гъудайдӕ.

– Дӕу хузӕн? Дӕу хузӕн фурт гъӕуама паддзахӕй райгура. Ду дӕр дӕ лӕгдзийнадӕй паддзах нӕ дӕ, фал паддзах фидӕй райгурдтӕ. Дӕ амонд уӕхӕн адтӕй, ӕндӕр мӕ фурттӕ дӕуӕй ниллӕгдӕр нӕ ’нцӕ. Фал сӕ фидӕ зӕнхкосӕг адтӕй. Сӕ амонд уӕхӕн ӕй.

Паддзах уоси ӕргом дзубандитӕбӕл арф гъудити ранигъулдӕй, ӕ зӕрдӕмӕ фӕццудӕнцӕ ӕма ин фӕййагъаз кодта.

 

Аци хабари силгоймаг мулки кой кӕнуй, цӕмӕй ӕ бийнонтӕн хузӕнон цардиуагӕй фӕццӕрунӕн гъӕугӕ фадуӕттӕ уа. Е бӕргӕ раст ӕй, ӕма бийнонтӕн сӕ цард аразунӕн фагӕ фӕрӕзнитӕ гъӕуама уа, зӕгъгӕ, уобӕл секк неке кӕнуй. Фал мулк адӕймаги дӕр ӕма ӕ бийнонти дӕр амондгун куд кӕнуй, уотӕ сӕ ӕнамонд дӕр фӕккӕндзӕнӕй, ӕгӕр зудӕ ӕма ӕнӕфсес ку уонцӕ, уӕд. Мӕнӕ уин уой фӕдбӕл еума фидтӕлтиккон таурӕхъ.

 

МУЛКИ УӔЗӔ

Цардӕнцӕ ӕма адтӕнцӕ дууӕ синхони. Сӕ еу гъӕздуг – фонсӕй сӕудегергӕнӕг, иннӕ мӕгур – зӕнхкосӕг. Гъӕздуги хӕдзарӕ адтӕй устур, мӕгурӕн ба – минкъий къӕс. Устур тургъӕ алкӕддӕр адтӕй сабур, игъӕлдзӕг адӕймаги дзубанди си некӕд райгъустӕй. Мӕгури тургъӕй ба игъустӕй царди гъӕр.

Бийнонтӕ алкӕддӕр цидӕртӕ архайдтонцӕ, хӕдзари зилдтитӕ кодтонцӕ, цудӕй сӕмӕ иуазгутӕ, хӕстӕгутӕ ӕма сӕ игъӕлдзӕгдзийнади ӕзгули сӕ синхонтӕмӕ дӕр игъустӕй. Гъӕздуги уосӕ сӕмӕ сӕ уӕлхӕдзарӕй, ӕхе къӕлӕтгинбӕл рауадзгӕй, сӕрӕй бунмӕ ахид кастӕй, ӕма син сӕ игъӕлдзӕгдзийнадӕмӕ ӕ зӕрдӕ рохс кодта, хицӕ сӕмӕ кодта. Гъудити ранигъулидӕ, мах гъӕздуг ку ан, алцӕмӕй ӕнхӕст, уотемӕй – ӕнкъард, сагъӕсхуз, царди адӕ ку нӕ лӕдӕрӕн; етӕ махӕй ӕгудзӕгдӕр ку ’нцӕ, марамӕлай къӕбӕрӕй ку цӕрунцӕ, уӕд сӕмӕ еци цӕруни нифс ӕма разӕнгарддзийнадӕ кӕцӕй цӕуй? Еууӕхӕни еци фарста равардта ӕ лӕгмӕ, ӕма ин е уотӕ бакодта:

– Етӕ игъӕлдзӕг уомӕн ӕнцӕ ӕма мӕгур ӕнцӕ. Мулки уӕзӕ ӕнцон хӕссӕн нӕ ’й. Фӕндуй дӕ, ӕма син ӕз сӕ игъӕлдзӕгдзийнадӕ фӕссорон?

– Куд? Фуддзийнадӕ син маци бакӕнӕ! – фӕттарстӕй уосӕ.

– Нӕ-ӕ. Анзи ӕмгъудмӕ син инсӕй сугъзӕрийнӕ соми ӕфстау ратдзӕнӕн, уӕхецӕн си ести испайда кӕнетӕ, зӕгъгӕ, ӕндӕр неци.

Лӕг куд загъта, уотӕ бакодта. Ӕма уайтӕкки мӕгур лӕги тургъӕ ниссабур ӕй. Бийнонтӕбӕл катай ӕма сагъӕс бафтудӕй еци инсӕй сугъзӕрийнӕ сомей туххӕй. Еуӕй, куд си пайда кӕнонцӕ, уобӕл гъуди кодтонцӕ, иннемӕй ба син радавунӕй тарстӕнцӕ ӕма мӕти бацудӕнцӕ…

 

Нӕ фидтӕлтӕй нин байзадӕй уӕхӕн загъд: «Мулки фӕдбӕл берӕ адӕм исӕфуй!..» Уой афойнадӕбӕл ка балӕдӕруй ӕма зунди хуасӕ кӕмӕн разиннуй, е фидбилизӕй фӕййервӕзуй, уой хӕццӕ ба ма ӕ кӕстӕртӕн дӕр ниффӕдзӕхсуй: «Мулкӕй ӕфсес нӕййес, ӕма ин ӕ бӕрцӕ лӕдӕретӕ, ӕма си уӕхе ма дӕнгӕл кӕнетӕ, цӕмӕй уӕ ма бабун кӕна…» Мӕнӕ уин уой фӕдбӕл дӕр еума таурӕхъ.

ЛӔГЪУЗ АХУР ФИДБИЛИЗ ӔЙ

Еу гъӕуи ӕрӕнцадӕнцӕ нӕуӕг цӕргутӕ цалдӕр хӕдзаремӕй. Хӕдзӕрттӕ аразунмӕ, дзӕхӕрати кустмӕ февналдтонцӕ. Бунӕттон цӕргутӕ дӕр сӕмӕ ци амал ӕма гӕнӕн адтӕй, уомӕй сӕ гъос дардтонцӕ. Уӕдмӕ фӕззӕг дӕр ралӕудтӕй, тиллӕг ӕфснайӕн рӕстӕг. Ӕма дессаг: бунӕттон цӕргутӕн сӕ сӕнӕфсери, сӕ рӕзи тиллӕг ӕхсӕвигӕнтти исӕфун райдӕдта. Багъӕуай кодтонцӕ давгути. Етӕ разиндтӕнцӕ нӕуӕг цӕргутӕ. Ци нӕ син фӕккодтонцӕ хуарзӕй, тузмӕгӕй, ма даветӕ, давун лӕгъуз ӕй, зӕгъгӕ. Фал сӕ нӕ басастонцӕ.

Ӕрӕмбурд ӕнцӕ зӕронд цӕргутӕ сӕ унаффӕдони ӕма сагъӕс кӕнунцӕ, мадта син ци амал искӕнӕн, зӕгъгӕ. Уӕд си еу курухон лӕг фӕндӕ бахаста:

– Гъӕйдӕ, ӕма син сӕ дзӕхӕрати сӕнӕфсерӕ ниййаразӕн. Сӕхемӕ рӕзӕ ӕма сӕнӕфсерӕ ку уа, уӕд нӕбал давдзӕнӕнцӕ!

Исарази ӕнцӕ ӕ фӕндӕбӕл. Сӕ дзӕхӕрати син ниййаразтонцӕ аллихузон рӕзӕбӕлӕстӕ, сӕнӕфсерӕ.

Рацудӕй ӕртӕ анзи. Уал анзи син, исонибони нӕбал давдзӕнӕнцӕ, зӕгъгӕ, бухстӕнцӕ. Фал сӕ рӕзӕдӕнтти алцидӕр ку фӕззиндтӕй, уӕддӕр сӕ ахур нӕ ниууагътонцӕ. Ӕма бабӕй сагъӕси бацудӕнцӕ бунӕттон цӕргутӕ.

Лӕгъуз ахур фидбилиз ӕй. Адӕймаг си ӕнцонтӕй нӕбал рахецӕн уй.

 

Нӕ рагфидтӕлтӕй ма нӕмӕ ӕрбахъӕрдтӕй мӕнӕ ауӕхӕн зундгин загъд: «Амонд – кустагор, ӕнамонд – дземагор…» Уой, ӕвӕдзи, уомӕ гӕсгӕ зӕгъиуонцӕ, ӕма ӕдзӕсгон адӕймаг ӕхецӕн царди фӕрӕзнитӕ аразунбӕл ӕхецӕн нӕ зин кӕнгӕй, еске амонди, гъома, фӕллойни бӕркадӕй цӕрунмӕ ба не ’фсӕрми кодта, ранихъуӕридӕ си, ци ин бантӕсидӕ радавун, уойбӕрцӕ. Цийфӕнди ку уидӕ, уӕддӕр сӕ гириззаг миутӕ ба раргом уиуонцӕ…

 

МУД ДАВӔГ

Еу лӕгӕн ӕ муди бӕтман радавтонцӕ. Е байевдалӕй, ӕма гъӕуихецаумӕ ӕ гъаст бахаста. Гъӕуихецау адӕми къӕнцилармӕ ӕрӕмбурд кодта ӕма сӕмӕ дзоруй:

– Нури уӕнгӕ нӕмӕ давд нӕ адтӕй, нур нӕмӕ фӕззиндтӕй, ӕма еци давӕг нуртӕккӕ дӕр нӕ астӕу ӕй, бӕрӕгӕй зиннуй, сумах дӕр ӕй уинетӕ. Кӕсайтӕ имӕ: ӕ ходӕбӕл биндзитӕ куд ӕрӕмбурд ӕнцӕ!

Давӕг ӕцӕгӕйдӕр адӕми астӕу лӕудтӕй: еци загъдмӕ ходӕ ӕ сӕрӕй фелваста ӕма имӕ ракӕс-бакӕс кӕнун байдӕдта.

 

ӔЗ СИ БОНӔЙ КУ НЕЦИ ЕРУН…

Давӕг ӕхсӕвигон еу мӕгур хӕдзарӕмӕ бабурдӕй. Хӕдзари хецау ӕй базудта ӕма имӕ дзоруй:

– Гормон, тог дӕбӕл ниууара! Ӕз си бонигон ку неци ерун, уӕд си ду ӕхсӕвигон ци иссерунмӕ гъавис?..

 

Рӕстзӕрдӕй ӕхе фӕллойнӕй ӕ царди амонд аразунбӕл ка архайа, е ӕ сӕрмӕ некӕд ӕрхӕсдзӕнӕй еске мулк радавун, еске фӕллойни бӕркадӕй сосӕггай ӕхе фӕххайгин кӕнунмӕ. Уомӕн дӕнцӕн – мӕнӕ аци таурӕхъ.

 

РАСТ ЛӔГ

Цардӕнцӕ ӕма адтӕнцӕ ӕртӕ ӕнсувӕри. Уонӕй дууӕ адтӕнцӕ къӕрнихтӕ ӕма кодтонцӕ давуни куст. Ӕртиккаг ба адтӕй раст лӕг. Еухатт ӕй ӕ уосӕ еу рауӕн нӕбал уагъта:

– Ду дӕр ести радавай. Де ’нсувӕртӕмӕ нӕ кӕсис?

– Хуарз, – исарази ӕй лӕг.

Еу ӕхсӕвӕ рандӕй давунмӕ ӕма ӕхе гъог радавта, фӕдздзурдта ӕ уосӕмӕ ӕма ’й равгарстонцӕ. Лӕг зӕгъуй ӕ уосӕн:

– Цирагъ рахӕссӕ ӕма ’й растъегъӕн…

– Уосӕ цирагъ рахаста ӕма уой рохсмӕ сӕ гъоги ку базудта, уӕд ӕ ростӕмӕ фӕллӕбурдта.

Уӕд имӕ лӕг дзоруй:

– Гормон, нур ӕй балӕдӕрдтӕ? Ӕз ке гъог радавон, е дӕр уотӕ ӕрдеуагӕ кӕндзӕнӕй ӕма тӕрегъӕд ӕй, тӕрегъӕд!..

 

Ӕцӕгӕй амонд ци ӕй, адӕми ӕхсӕн ин ци нисанеуӕг ес, уой уоди кӕдзосдзийнадӕй ка лӕдӕруй, е айдагъ ӕхецӕн нӕ фӕууй амондхӕссӕг, фал ма иннетӕн дӕр исуй амонддӕттӕг. Бакӕсайтӕ мӕнӕ аци таурӕхъ ӕма баууӕнддзинайтӕ уотӕ ке ‘й, уобӕл.

УАСГЕРГИ ӔМА АДӔМ

Адӕмӕн уарзон ӕма адӕмбӕл зӕрдӕй ауодӕг ӕй рагӕй дӕр зӕлдагӕзакъӕ Уасгерги. Еухатт бабӕй ӕхе уӕларвӕй ӕруагъта зӕнхӕмӕ, адӕм куд цӕрунцӕ, ци гъӕуагӕ ’нцӕ, цӕмӕй син фӕййагъаз кӕна, уой базонуни туххӕй. Кӕсуй ӕма зӕнхӕбӕл цард игъӕлдзӕгӕй ивулуй. Адӕм цӕрунцӕ фӕрнуг ӕма райдзаст хӕдзӕртти-галауанти. Кувдтити ӕма киндзӕхсӕвӕрти ӕзгули игъусуй сахартӕ ӕма гъӕутӕбӕл. Фингитӕбӕл – дессаги бӕркад-берекет.

Адӕм цийнӕ кӕнунцӕ Уасгергибӕл, хонунцӕ ’й сӕ фингитӕмӕ. Дзорунцӕ ин:

– Дӕу фӕрци, дӕу фӕрци ӕй нӕ цард! Гъӕуагӕ нецӕмӕй ан, нецӕмӕй гъаст кӕнӕн. Айдагъдӕр ма нин алкӕмӕн дӕр ӕ мӕлӕти бон ку базонун кӕнисӕ. Цӕмӕй, ци цӕрӕн, еци рӕстӕг хуӕздӕр рарветӕн.

Уасгерги син загъта, уой зонун уӕ нӕ гъӕуй, зӕгъгӕ, хуарзӕй уин неци ӕрхӕсдзӕнӕй. Фал имӕ нӕ байгъустонцӕ, сӕ курдиадӕ-бӕллец тухгиндӕр разиндтӕй, ӕма син Уасгерги равардта сӕ мӕлӕн бон зонуни гъомус, уӕдта е ’ртӕкъахуг бӕхбӕл арви мегътӕй фӕууӕлдӕр ӕй.

Рацудӕй дзӕвгарӕ рӕстӕг. Дууӕ фӕлтӕри кӕрӕдзей ӕййивтонцӕ, уотӕ Уасгерги сосӕни мӕйи исфӕндӕ кодта, ӕ мӕлӕн бон ка зонуй, еци адӕми бабӕрӕг кӕнун, ци фӕцӕнцӕ, куд цӕрунцӕ, уой базонун. Ӕрхизтӕй зӕнхӕмӕ. Цӕуй, кӕсуй фӕйнердӕмӕ ӕма уинуй: еу хумӕгӕнӕг нӕуӕгкарст кӕрдӕгӕй аразуй неци-маци хъалагъур, листӕнӕн дӕр си калуй цъифӕ кӕрдӕг. Дзоруй имӕ Уасгерги:

– Байрайӕ, хуарз лӕг! Аци тӕвди ци косис?

– Мӕхецӕн хӕдзарӕ аразун.

– Хӕдзарӕ дӕр ӕма листӕн дӕр цъифӕ кӕрдӕгӕй аразис?

– Гъо, – цубур дзуапп равардта лӕг.

– Кӕрдӕгӕй хӕдзарӕ цӕйбӕрци фагӕ ’й? Цъифӕ листӕнбӕл ба исонмӕ ку фӕххуссай, уӕд фӕссӕйгӕ уодзӕнӕ.

– Уадзӕ ӕма фӕссӕйгӕ уон, уӕддӕр исон мӕлгӕ кӕндзӕнӕн. Хӕдзарӕ дӕр ӕхсӕвӕ мӕ фагӕ ’й, исон мӕ фӕсте дор дӕр мабал уӕд.

Уасгерги рамӕстгун ӕй, ӕ бӕх ӕхсӕй ӕрцавта ӕма дӕлӕ фӕттӕхуй. Ӕрзилдӕй гъӕутӕ ӕма сахартӕбӕл. Исӕдзӕллаг ӕнцӕ, хӕдзарӕ си хӕдзари хузӕн нӕбал ӕй, нӕуӕг хӕдзарӕ некебал аразуй, зӕронд хӕдзӕрттӕ цалцӕг нӕбал кӕнунцӕ. Игъӕлдзӕг дзубанди некӕцӕй бал игъусуй. Адӕми цӕсгӕнттӕй медбилтихудт фӕллигъдӕй, ӕрӕнкъард ӕнцӕ, сагъӕссаг, мӕрдон цӕстингас ӕвдесунцӕ. Зар басабур ӕй бӕстӕбӕл.

Ӕ размӕ рацудӕнцӕ хестӕртӕ, сӕ уӕргутӕбӕл ӕрлӕудтӕнцӕ. Ӕма имӕ дзорунцӕ лигъстӕгӕнгӕй:

– Дӕ сӕрбӕл хаст фӕууӕн, Уасгерги, ниххатир нин кӕнӕ нӕ рӕдуд гъуди. Нӕ раздӕри уавӕри нӕ фӕстӕмӕ исӕвӕрӕ. Нӕ нӕ гъӕуй нӕ мӕлӕн бон зонун. Зудтан, зӕнхон адӕймаг ӕнӕ мӕлгӕ нӕй, фал адзал нецӕмӕ дардтан, мӕлӕт нӕбӕл ке нӕ фӕттухгиндӕр уодзӕнӕй, уой нифсӕй цардан. Зардтан ӕма кафтан, галауантӕ аразтан ӕностӕмӕ нӕ цӕуӕти цӕуӕтӕн, хӕлӕрттӕ ӕма знӕгтӕ дӕр кодтан нӕ фӕстагӕнттӕн. Нур нин нӕ мӕлӕн бон зонун нӕ нифс, нӕ хъаурӕ расаста, байста нин нӕ лимӕнти, не ’знӕгти, нӕ фӕстагӕнтти. Цӕрун нӕмӕ нӕбал цӕуй. Райсӕ нин бӕлаххӕссӕг зонундзийнадӕ, раттӕ нин цардмӕ, федӕнмӕ уарзондзийнадӕ.

Уасгерги исарази ’й сӕ фӕндӕбӕл, ӕма бабӕй адӕм аразун райдӕдтонцӕ ӕносон хӕдзӕрттӕ, галауантӕ, цӕрӕццаг зартӕ ӕма кадӕнгитӕ кӕнун.

Аци таурӕхъмӕ гӕсгӕ ма уой дӕр зӕгъун гъӕуй, ӕма цардӕн ӕ исаразуйнаг гъуддӕгутӕбӕл архайун гъӕуй. Уотӕ ку нӕ уа ӕма дӕ сагъӕстӕ, абони ци бакӕнун гъӕуй исонибони хуарзӕн, уобӕл кӕ нӕ уонцӕ, уӕд уӕлзӕнхон цардӕн ӕ медес усхъуммитӕ кӕнуй.

 

Амонди фӕдбӕл дзубандий бабӕй раздӕхӕн бийнонти хабӕрттӕмӕ. Ӕцӕг амонд бийнонти амонд ке ӕй, уобӕл, ку зӕгъӕн, секк неке кӕнуй. Еци амондӕй ци адӕймаг фӕххайгин уа, уой цардӕфсес исхонун ӕнгъезуй, уой зӕрдӕ рохсидзаг кӕнуй царди цийнитӕй… Фал си ӕнӕ хай ку уа, уӕлдайдӕр ба ӕ цӕуӕт, уӕдта ’й нецибал фӕттавуй, неци ’й фӕрразӕнгард кӕнуй. Уой фӕдбӕл еума таурӕхъ.

 

ЗУНДГИН ХЪӔРӔУ ЛӔГ

Мӕйдар ӕхсӕви хъӕрӕу лӕг фӕцӕйцудӕй гъӕунгти, ӕ къохи цирагъ, уотемӕй. Ӕ синхон лӕг ибӕл исӕмбалдӕй ӕма ’й фӕрсуй:

– Дес дӕбӕл кӕнун, мӕ синхон, дӕуӕн ба талингӕй-рохсӕй ци уӕлдай ӕй: цӕмӕн дӕ гъӕуй, ци дин агъаз кӕнуй цирагъи рохс?

Хъӕрӕу лӕг бахудтӕй ӕма ин дзуапп равардта:

– Аци цирагъ ӕз айдагъ мӕхе туххӕй нӕ хӕссун, фал дӕу туххӕй дӕр, цӕмӕй мӕбӕл дӕхе ма искъуӕрай.

 

Амонд гъӕуама царди аразӕг уа, хуӕздӕрӕй-хуӕздӕрмӕ ’й ӕййева. Ӕцӕг уой дӕр лӕдӕрун гъӕуй ӕма цардӕн ес ӕхе ӕнӕраййевгӕ фӕткитӕ, ӕма уони ба ӕзгелун нӕ, фал си зундгинӕй пайда кӕнун гъӕуй. Бакӕсайтӕ мӕнӕ аци таурӕхъ дӕр ӕма расагъӕс кӕнетӕ.

ЛӔГЪУЗДӔР МАХМӔ ӔРХАУДТӔЙ

Раздӕр хуӕнхбӕсти ирон адӕм устур бийнонтӕй цардӕнцӕ. Цӕуӕт берӕ кодтонцӕ. Адтӕй уӕхӕн лӕг ӕма уосӕ дӕр сӕ сувӕллӕнттӕ дӕс ӕма инсӕй кӕмӕн адтӕнцӕ. Авд ӕма уомӕй фулдӕр фурттӕ кӕмӕн уидӕ, еци бийнонти фӕрнгун хӕдзарӕ худтонцӕ. Авд хуасдзауи, авд гъӕддзауи, авд тугъдони ци хӕдзари уидӕ, е хиццаг адтӕй, алцӕмӕй дӕр ӕнхӕст: нифсӕй, хъаурӕй, есбонӕй. Берӕ бийнонтӕн ӕнцондӕр рахъӕртун уидӕ хуӕнхаг зин ӕма ӕвадуат царди куститӕбӕл, тухмиуи уагӕбӕл сӕмӕ неке ӕндиудта. Хумӕтӕги нӕ байзадӕй загъдӕн: еунӕг мӕгур ӕй, алкедӕр ибӕл тухгиндӕр кӕнуй, зӕгъгӕ. Гъе уомӕ гӕсгӕ хӕдзари биццеутӕ уоститӕ корун ку райдайиуонцӕ, уӕд нӕ тагъд кӕниуонцӕ байуарунбӕл, бийнонтӕй рахецӕн унбӕл. Цардӕнцӕ еу хӕдзари хецӕн уӕтти, сӕ куст, сӕ хуӕрдӕ ба адтӕй еу. Киндзитӕ цӕуӕт кодтонцӕ, сӕ гъомбӕл кӕнун ба фулдӕр кастӕй нана ӕма бабамӕ. Еци гъуддагмӕ сӕхе хӕдзари куститӕй нӕ евдалдӕй.

Берӕ бийнонти ’хсӕн сувӕллӕнттӕ дӕр адтӕнцӕ алли куститӕбӕл хуӕст, ӕмхузонӕй сӕ рӕвдудтонцӕ, ӕ бӕдолӕн си гъолон миуӕ неке кодта. Уӕлдайдӕр ба сӕ фидтӕлтӕ. Фидӕ ӕ бӕдоли ӕ номӕй дӕр нӕ худта. Дзурдта имӕ «биццеу», кенӕ «кизгӕ». Сӕ нанайӕн, бабайӕн адтӕнцӕ «уорс уӕриккитӕ», «фуркъатӕ», фиди уӕхӕн ӕнкъарӕн равдесун ӕгъдау нӕ уагъта, ӕма еуӕй-еу хатт биццеу кенӕ кизгӕ ӕ фиди базонидӕ, ку байуариуонцӕ, уӕд.

Еууӕхӕни, дан, Курттати коми еу устур бийнонтӕ иуарунбӕл ниллӕудтӕнцӕ. Гъуддаг ӕгъдаубӕл, ӕнӕзӕрдихудтӕй рахецӕн ӕй. Фал сувӕллӕнттӕй еу биццеу ӕ зӕрдихалӕн кудӕй иуаргути ӕхемӕ ӕркӕсун кодта ӕма ’й бафарстонцӕ, ци кӕнис, цӕбӕл кӕуис, зӕгъгӕ. Биццеу син хӕкъурццӕй кӕугӕй уотӕ зӕгъуй:

– Лӕгъуздӕр махмӕ ӕрхаудтӕй!..

Иуаргутӕ уӕд нӕ балӕдӕрдтӕнцӕ биццеуи дзуапп, фал бийнонти хӕццӕ ку радзубандитӕ кодтонцӕ, уӕд рабӕрӕг ӕй, ӕнсувӕртӕй еу ниуазагӕ ке ӕй. Биццеуи зундирахастӕй иуаргутӕ бийнонти есбонадӕ нӕ иурстонцӕ, фал ӕнсувӕрти, ӕма ниуазагӕ уонӕмӕ ӕрхаудтӕй. Е ӕ фидӕ разиндтӕй.

 

Кӕстӕртӕ сӕ ниййергутӕй гъӕуама сӕрустур уонцӕ. Фал ниййергутӕ дӕр сӕ кӕстӕртӕй гъӕуама боз уонцӕ. Гъулӕггагӕн, алкӕд уотӕ нӕ рауайуй…

НУР МӔХЕ МАРГӔ РАКӔНОН

Асӕбе ӕ цӕуӕти фудаг ӕма ӕнӕсӕрфат миутӕй бафӕлладӕй, кӕуни уӕнгӕ ӕй бакодтонцӕ ӕма гъарӕнгӕгӕнӕгау ӕ синхонӕн дзоруй:

– Мӕ уод мин бахуардтонцӕ сӕ минкъийӕй абони уӕнгӕ. Мӕхе сабийдоги мӕгурдзийнӕдтӕ гъуди кӕнгӕй, архайдтон, мадта син е дӕр уа, мацӕмӕ гъӕуагӕ уонцӕ. Мӕхе феронх кодтон – алцидӕр уонӕн. Ӕма, уӕлӕ Ӕхсарони цӕуӕти хузӕн ахур ӕма размӕ цӕунбӕл ку фӕцайуонцӕ, уӕд сӕбӕл фӕсмон бӕргӕ нӕ кӕнинӕ…

– Асӕбе, Ӕхсарон сӕ седзӕртӕй, ӕнӕ фидӕй фӕгъгъомбӕл кодта. Седзӕр цӕуӕт ба царди уӕзӕ раги базонунцӕ.

– Гъома, нур мӕхе рамарон? – никкудтӕй Асӕбе!

 

КЕЗУЙ КА ЦӔУДЗӔНӔЙ

Дзуаригъӕуи Гулийи синх сӕ фонсӕн гъонгӕс нӕ дарунцӕ, кезугай сӕ хезунцӕ. Ӕргъаумӕ ка цал уӕси раскъӕруй, уал бони сӕ хезуй. Еууӕхӕни бабӕй Тхостати бийнонти кезу ралӕудтӕй, ӕма сӕ биццеу, радгӕс цӕунӕй ка бафӕлладӕй, е ӕ фидӕн уотӕ зӕгъуй:

– Баба, нӕ сторвонс ӕгӕр исберӕ ’нцӕ. Нӕ кезу ниддаргъ уй, ӕма ми гъонгӕс рауайуй. Мадта син хуасӕ ӕркӕрдун дӕр цӕйбӕрцӕ багъӕуй, уой дӕхуӕдӕг фӕууинис. Рауӕйӕ сӕ кӕнӕн. Зин дарӕн ӕнцӕ.

Фидӕ имӕ ездонӕй байгъуста, уӕдта ин карзӕй уотӕ зӕгъуй:

– Биццеу! Далӕ гъӕуӕнхӕсткоммӕ ниццо, ӕма си дӕубӕл цал уӕси финст ес, уони рауӕйӕ кӕнӕ!

Цал си гъӕуама рауӕйӕ кодтайдӕ биццеу, кӕд ӕма сӕ фонс еугурӕйдӕр фидӕбӕл финст адтӕнцӕ, уӕд?

Еу дзӕвгарӕ рӕстӕги фӕсте бабӕй нӕуӕгӕй ӕрлӕудтӕй сӕ кезу, ӕма бабӕй сӕумӕй фидӕ ӕхе бӕлццон арӕзт ку кодта, уӕд фурт дӕр, фидӕ ӕй куд фӕууидтайдӕ, уотӕ ӕ хъӕппӕлтӕ райста.

– Биццеу, абони нӕ кезуй цӕун гъӕуй, е ди нӕ феронх ӕй?! – фӕрсуй ӕй фидӕ.

– Кезуй цӕудзӕнӕй, далӕ гъӕуӕнхӕсткоми уӕситӕ финст кӕбӕл ӕнцӕ, е, – загъта биццеу.

 

Адӕймаг айдагъ ӕхе бийнонти амондӕй райдзаст нӕ уодзӕнӕй. Царди медӕгӕ ма ’й уомӕн берӕ цидӕртӕ багъӕуй. Фиццагидӕр – ӕрдхуард унмӕ арӕхсун. Гъӕубӕсти дӕр ӕма еуварсдӕр рауӕнти уӕхӕн ӕрдхуӕрдтӕ кӕмӕн уа, ӕцӕг амондгун е уодзӕнӕй…

«ӔМА МӔ Ӕ ЗӔРДИ АРТӔЙ ТАВУЙ…»

Кӕддӕр хуӕнхбӕсти еу ӕригон лӕхъуӕн ӕ цӕстӕ ӕрӕвардта гупгӕнгӕ гъазти ӕндӕр гъӕуккаг саулагъз рӕсугъд кизгӕбӕл. Е ‘ставд бид дууӕ дзиккой кафгӕ-кафун ӕ фӕсонтӕбӕл ӕмӕзмӕлд куд кодтонцӕ, уой дӕр ма бафеппайдта. Кегъӕрейӕн аййевӕй балӕдӕрун кодта, ӕ хӕццӕ мӕ ракафун кӕнӕ, зӕгъгӕ. Ракафтонцӕ. Зӕрдӕ зонагӕ ’й, фӕззӕгъунцӕ. Кизгӕ бафеппайдта тӕлтӕг лӕхъуӕни рахаст. Ӕ зӕрдӕмӕ фӕццудӕй.

Цӕйбӕрцӕ рӕстӕг рацудӕй, ка ’й зонуй, фал лӕхъуӕнӕн ӕнӕ еци саурӕсугъдӕй ӕ бон цӕрун нӕбал адтӕй. Ӕ къах ӕй еци гъӕуӕй нӕбал хаста. Ӕ уавӕр ин лӕдӕрдтӕнцӕ ӕ берӕ хӕлӕрттӕ, е ’рдхуард ӕнсувӕр. Хестӕрти гъости ’й бацагътонцӕ, фал кизгӕн ӕнӕлӕгмӕцуд хуӕрӕ адтӕй – нӕма ’й лӕвардтонцӕ. Ӕма ‘й уӕд исфӕндӕ кодтонцӕ раскъӕфун. Сӕ фӕндӕ исӕнхӕст кодтонцӕ еу зуймон бон. Дондзаути ӕхсӕнӕй ӕй фӕххецӕн кодтонцӕ, сау нимӕти ’й батухтонцӕ, бӕхбӕл ӕй багӕлстонцӕ, ӕма ’й далӕ фескъӕфунцӕ.

Сӕрдигон хуӕнхбӕсти цъӕсти кӕмифӕнди дӕр баримӕхсӕн ес, ӕхсӕвигон дӕр си не  ’суазал уодзӕнӕ. Зумӕг еци уавӕртӕ унгӕг ӕнцӕ. Ӕма сӕ фӕсте фӕдеси ка рацудӕй, уонӕй сӕхе баримӕхсун сӕ къохи нӕ бафтудӕй. Байстонцӕ кизги, ӕрахӕстонцӕ лӕхъуӕни. Иннети рауагътонцӕ, адӕм син тӕрхонгӕнӕг уодзӕнӕнцӕ, зӕгъгӕ.

Кизги фидӕ ӕгъатир лӕг адтӕй, ӕма исфӕндӕ кодта лӕхъуӕни бафхуӕрун. Рамарон ӕй, зӕгъгӕ, ӕма рамарунмӕ ба алке къох нӕ тасуй. Изӕр ӕрдӕмӕ ’й хонхи риндзӕмӕ искӕнун кодта, ӕма ’й уоми бӕласӕбӕл бабастонцӕ. Кизги фидӕ кӕстӕртӕн бафӕдзахста, исуӕгъдӕ кӕнунмӕ имӕ куд маке иссӕуа, уотӕ. Карз тӕрхон ин рахаста: хуӕнхаг зуймон гъизт ӕхсӕви барӕ ин бакодта ӕ хъисмӕт, ӕрдзи фӕрци ’й рамарун адтӕй ӕ фӕндӕ.

Лӕг сӕумӕй амӕттаги бӕрӕггӕнӕг ку иссудӕй, уӕд ӕ десӕн кӕрон нӕбал адтӕй: лӕхъуӕн нӕ ниссалдӕй, нӕ рамардӕй. Е нӕ, фал ӕ цӕстити цӕхӕр дӕр нӕ фӕннидӕндӕр ӕй.

– Ци изӕд, ци идауӕг дин байагъаз кодта, биццеу? – фӕрсуй ӕй. – Уодӕгас ма ку дӕ… Куд нӕ ниссалдтӕ?

– Мӕ изӕд ӕма мӕ идауӕг дӕр ӕй ме ’рдхуард ӕнсувӕр. Ӕзинӕ-бонмӕ мин арт кӕнуй ӕма мӕ ӕ зӕрди артӕй тавуй.

Лӕг рамӕстгун ӕй кӕстӕртӕмӕ, хӕстӕг имӕ маке бауадзетӕ, зӕгъгӕ, син ку бафӕдзахста. Лӕхъуӕни алливарс ракӕститӕ кодта арти фӕд агоргӕй. Биццеу ӕй балӕдӕрдтӕй ӕма ин уотӕ:

– Ами ’й ма агорӕ, уартӕ риндзи нихмӕ къардеубӕл… Нур дӕр ма уоми ӕй. Ӕ арти цӕхӕр мӕ нур дӕр тавуй.

Кизги фидӕ риндзи бакомкоммӕ дӕллаг фарс мети сӕрмӕ арти ӕвзӕгутӕ ӕма лӕхъуӕни ӕрдхуарди ку рауидта, уӕд фӕссах ӕй. Ӕрдхуарддзийнади тухӕ идардмӕ дӕр ке ахедуй, ӕ гъомус зуймон ӕхсӕви гъизтӕй ке багъӕуай кодта, уомӕй ӕ зӕрдӕ ӕрфӕлмӕн ӕй. Лӕхъуӕни райхалун кодта, ӕ зин сахатти адӕймаги еунӕгӕй ка нӕ уадзуй, уӕхӕн ӕрдхуӕрдтӕ кӕмӕн ес, е мин сиахсӕн цӕмӕннӕ исбӕздзӕнӕй, зӕгъгӕ, ӕма ин загъта: «Цӕугӕ дӕ хӕдзарӕмӕ ӕма дӕ минӕвӕрттӕ рарветӕ! Мӕн дӕуӕй хуӕздӕр сиахс нӕ гъӕуй!..»

Гъе уӕхӕн устур цӕстиварди адтӕй адӕммӕ ӕрдхуарддзийнадӕ…