ЦӔРӔ ӔМА ИРӔЗӔ, НӔ ЦИТГИН УӔРӔСЕ!..
Рæхги, 12 июни бæрæг кæндзинан нæ цитгийнаг бæрæгбæнттæй еу – Уæрæсей Бон. Бæрæг æй кæндзинан агъазиау мадзæлттæй, фал нæ цийнити хæццæ ба нин лæдæрд уодзæнæй абони нæ Фидибæстæ нури рæстæгути æ цардиуагæ вазуггин æма сагъæссаг уавæрти ке аразуй, е дæр.
Уой нимайгæй мухур кæнæн абони аци хузæ дæр. Уой хузæгæнæг Каджати Вадим искодта бæлвурд недзамайнаг таурæхъмæ гæсгæ. Цæветтонгæ, Персий паддзах Дарий Вавилон ку байста, Азийи мулк æма тугъдон тухæ æ дæлбарæ ку бакодта, уæд æ них исаразта скифтæмæ. Персий паддзах Дарий цидæриддæр адæмти æ дæлбарæ бакодта, уонæй еу дæр скифти хузæн хъаурæгин нæ адтæй. Еуемæ дæр си скиф Анахарсиси хузæн зундгонд ахургонд нæ адтæй. Уони хузæн си аййевадæмæ æмхиц неке адтæй. Уæлдай хъæбæрдæр ба арæхстæнцæ тугъдон гъуддагмæ. Сæ бæстæмæ син ка бампурсидæ, е си æ мæлæт иссеридæ, еуемæн дæр си фæстæмæ раздæхæн нæ адтæй, скифти ку нæ фæндæуидæ, уæд.
Цидæр адтæй, уæддæр Дарий исфæндæ кодта скифти æ дæлбарæ бакæнун. Фал еци тугъд ниддæргъвæтийнæ ‘й, кæрон ин нæбал адтæй. Æма Дарий рарвиста минæвар скифти паддзах Иданфирсмæ æ фæндони хæццæ.
Æ фæндон ба адтæй: «Ци ледзис мæ разæй, барæ дæ ку ес дууемæй еу равзарун, уæд? Кæд дæ хъаурæй мæ нихмæ фæллæуунмæ дæ нифс хæссис, уæд æрлæууæ, ниууадзæ дæ хæтун æма мæ хæццæ истохæ. Кæд дæхе æгæр лæмæгъ æнгъæлис, уæддæр гъæуама æрлæууай, ниууадзай дæ ледзун æма æз куд дæ æлдар, уотæ мин гъæуама æрбахæссай лæварæн зæнхæ æма дон æма райдайæ дæ дзубанди».
Аци дзурдтæн скифти паддзах Иданфирс равардта уæхæн дзуапп: «Мæ уавæр уæхæн æй, паддзах! Æз раздæр дæр некæд лигъдтæн еске тæссæй æма нур дæр дæуæй нæ ледзун…»
***
Еу дзæвгарæ рæстæги фæсте, скифтæ ку балæдæрдтæнцæ, персайнæгтæ сæ итигъд будурти æрдæгстонгæй – æрдæгæфсесæй ке истухстæнцæ, уой, уæд скифти паддзæхтæ Дариймæ федеуæги хæццæ рарвистонцæ уæхæн лæвæрттæ: цъеу, мистæ, хæпсæ æма фондз фати. Персайнæгтæ минæвари бафарстонцæ: аци лæвæрттæ ци нисан кæнунцæ, зæгъгæ. Фал син е загъта, æ ихæс ке æй лæвæрттæ раттун æма уайтæккæ фездæхун. Кæд, дан, персайнæгтæ уойбæрцæ зундгин æнцæ, уæд син уæхуæдтæ сæ нисанеуæг гъæуама балæдæрайтæ.
Минæвари фæстаг дзурдтæ персайнæгти сагъæси багæлстонцæ. Дарийи гъудимæ гæсгæ скифтæ аци лæвæрттæй лæдæрун кæнунцæ, сæхе æ дæлбарæ ке кæнунцæ, уой. Æма ин уомæ гæсгæ æрбахастонцæ зæнхæ æма дон. Гъома, мистæ цæруй зæнхи буни æма адæймаги хузæн цæруй бæркæдтæй, хæпсæ цæруй дони, цъеу тагъд ке тæхуй, уомæй хъæбæрдæр æй бæхи хузæн, фæттæ ба æвдесунцæ – скифтæ сæ хæццæ истохун фæндæ ке нæбал кæнунцæ.
Уæхæн дзубанди ракодта Дарий, фал æ нихмæ рацудæй Гобрий (æ унаффæгæнæг).
Лæвæртти нисанеуæг е балæдæрун кодта уотæ: «Кæд сумах, персайнæгтæ, цъеути хузæн арвбæл нæ ратахтайтæ, кенæ мистити хузæн зæнхæбæл нæ рабурайтæ, кенæ хæпси хузæн цъимарамæ нæ ниггæппитæ кодтайтæ, уæд фæстæмæ нæбал раздæхдзинайтæ, уæ мæлæт иссердзинайтæ аци фæттæй».
Хабæрттæ идарддæр куд рауадæнцæ, е, ку зæгъæн, даргъ дзубанди æй, уомæ гæсгæ ба ’й цубурæй зæгъдзинан:
Дарийæй баруагæс æй, Гобрий раст ке балæдæрдтæй скифти лæвæртти нисанеуæг: «Нур æй мæхуæдæг дæр уинун, нæ гъуддæгутæ ци уавæри ‘нцæ, уой. Гъæуй нæ хуарз рагъуди кæнун, цæмæй æдасæй фæстæмæ нæхемæ рандæ уæн, уобæл…»
Нур цæйбæрцæбæл рæстæг рацудæй, сауæнгæ Советон Цæдеси фехæлдæй фæстæмæ Уæрæсей нихмæ ци фудмиутæ ба нæ аразунцæ æ фесафуни зæрдтæй. Цидæртæ син, гъулæггагæн, бантæстæй, уæлдайдæр ба нæ адæмон хæдзаради цардгъон къабæзтæ фехалунæн. Фал фæстаг æнзти син карз нихкъуæрд лæвæрд ке цæуй мах æрдигæй, е ба сæ зæрдæмæ æгириддæр нæ цæуй, æма нæ паддзахади алфамбулай хилкъахæнтæ аразунцæ, аллихузон санкцитæй нæмæ ‘взедунцæ. Е уæлдайдæр рабæрæг æй, Украини нин нæ нихмæ ардаугæй си ци цаутæ ракъахтонцæ, уомæй.
Фал сæ фудвæндитæй ке неци рауайдзæнæй, е абони барæ-æнæбари сæхецæй дæр æруагæс кæнун байдæдта. Æма еци æдзæстуарзонти, сæ сæргъи Америки Еугонд Штаттæ, уотемæй, кадæртæ, æвæдзи, фæсмон кæнун дæр байдæттонцæ, еци илгъаг миути архайунбæл ке райарази ‘нцæ, уобæл – сæ фудмиутæ сæхецæн фуддæр рауадæнцæ.
Уæрæсе ба æ адæмти нифс æма разæнгарддзийнадæй алкæддæр тухгин адтæй æма амæй фæстæмæ дæр, федарæй æруагæс кæнуй, тухгинæй-тугхгиндæр кæндзæнæй. Нæ бæсти президент Владимир Путин фæстаг рæстæги цаутæ æма хабæрттæн аргъ кæнгæй хумæтæги нæ загъта: «Тухтæ, хъауритæ алкæддæр гъæунцæ – алкæддæр, æцæг хъауритæ дæр аллимуггаг фæуунцæ… Мах ба ’й зонæн, æцæг тухæ цæй медæгæ ’й, уой – рæстадæ æма рæстдзийнади, етæ ба мах æрдигæй æнцæ… Æма етæ ба махæн æнцæ æнæмæнгæ гъæугæ бундор нæ исонибони арæзтадæн, нæ еумæйаг хæдзарæ федауцæй исамайунæн, бийнонтæ дарунæн, нæ Фидибæсти хуæрзагадæн…»
Гъе уомæ гæсгæ ба Уæрæсей Бони кадæн арфитæ кæнгæй, еузæрдиуонæй зæгъæн: «Цæрæ æма ирæзæ, нæ цитгин Уæрæсе!..»