21 декабря 2024

РЕСПУБЛИКÆН Æ ЭКОНОМИКОН ГЪОМУСАДÆ БÆРЗОНД ÆЙ!..

17.06.2022 | 16:39

Нæ республики косæг балций адтæй Уæрæсей Федераций экономикон ирæзти министр Максим Решетников, æ хæццæ ма Уæрæсей промышленность æма базаради министради, «Ростех» æма æндæр профилон ведомствити бæрнон косгутæ.

Цæгат Иристонмæ аци косæг балци министрæн фиццаг нæ адтæй. Æ радон иссуди нисан адтæй Цæгат Иристони социалон-экономикон ирæзтæн аргъ искæнун, инвестицитæ республикæмæ куд цæунцæ, уой исбæлвурд кæнун, базонун, куд æнхæстгонд цæунцæ национ проекттæ æма программитæ республики, уæдта нæ бæсти нихмæ, раздæр ка некæдма адтæй, уæхæн санкцитæ æвæрд ке цæуй, уой нимайгæй, бизнесæн циуавæр агъази мадзæлттæ ес æма ци уавæрти архайунцæ, уой исбæлвурд кæнун дæр.

Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйло æма республики хецаудзийнадæ æнхæстгæнæг оргæнти минæвæртти хæццæ фембæлди рæстæг Максим Решетников куд загъта, уотемæй Цæгат Иристонæн æ экономикон гъомус æй берæ, уомæ гæсгæ Уæрæсей Экономикон ирæзти министради, иннæ федералон ведомствити ‘рдигæй имæ ес сæрмагонд гъосдард.

– Республикæ лæуд æй ирæзти надбæл. Уобæл дзорæг æнцæ аци анзи фиццаг квартали бæрæггæнæнтæ. Фæффулдæр æй инвестицити бæрцæ. Сæ гурахстмæ гæсгæ Цæгат Кавкази федералон зилди субъектти ‘хсæн Цæгат Иристон ахæссуй фиццаг бунат. Хуæрзæрдæмæ æййивддзийнæдтæ цæуй промышленности, гъæууон хæдзаради, туризми, – фембæлди фæсте журналистти фарстатæн дзуæппитæ дæтгæй загъта министр.

Нуртæккæ республики æнхæстгонд цæунцæ 20 паддзахадон программи, уонæй 12 æнцæ национ проекттæ. Сæ еугуремæн дæр сæ еумæйаг хæрзтæ ‘нцæ 20 миллиард соми. Еугур аци программити фæлгæти 114 объектеми нуртæккæ цæунцæ арæзтадон, бундорон цалцæггæнæн æма райарæзти куститæ.

– Ке зæгъун æй гъæуй, ес сагъæссаг кустуæттæ дæр, абони базарадæй ка фæххауæццаг æй, абони домæнтæн дзуапп ка нæбал дæттуй æма æ равналæнтæ кæмæн нæбал амонунцæ, уæхæнттæ. Етæ домунцæ æййивддзийнæдтæ, нæуæг цæстингас, уомæ гæсгæ республикæн æ фарсмæ балæудзæнæй федералон Хецауадæ, фарстатæ лух кæнунæн агъаз уодзæнæй федералон бюджетæй дæр, – бафеппайдта Максим Решетников.

Социалон къабазæ райрæзун кæнунæн ес Уæрæсей Федераций Президенти сæрмагонд бардзурдтæ. Аци рауæн дзубанди, фиццагидæр, цæуй сахар Беслæнбæл, уæдта Мæздæги æма Горæтгæрон районтæбæл. Сæ райрæзун кæнунбæл æнхæстгонд цæунцæ берæ аллихузон мадзæлттæ, лæвæрд цæуй уæлæнхасæн финансон агъаз.

Максим Решетников æма Сергей Меняйло сæ фембæлди рæстæг куд фæннисан кодтонцæ, уотемæй Уæрæсей Президенти унаффитæ цæунцæ æнхæстгонд, фал куст гъæуй никки фæккарздæр кæнун, социалон объекттæ – фулдæр аразун. Аци нисантæ исæнхæст кæнунæн 2023-2025 æнзти федералон бюджети æвæрд æрцæудзæнæй уæлæнхасæн фæрæзнитæ. Хæрзти-проектон гæгъæдитæ гъæуама цæттæгонд цæуонцæ афойнадæбæл.

Фембæлди рæстæг дзубанди цудæй курорт «Мамисон»-бæл, нæуæг аэровокзал Дзæуæгигъæуи аразунбæл, цæрæнуатон-коммуналон хæдзаради къабазæ райаразунбæл, Вагæнттæцалцæггæнæн заводи карнæбæл.

«Мамисон»-бæл дзубанди кæнгæй, фембæлди архайгутæ куд загътонцæ, уотемæй фиццаг инвестори хæццæ бадзурд финст æрцудæй. Е æхемæ есуй фондз фусунуати, уæдта ма коттеджтæ, ресторантæ æма æндæр социалон объекттæ исаразуни ихæс. 2023-2024 æнзти зуймон рæстæгмæ курорти фæззиндзæнæй бундорон инфраструктурæ, цæттæ уодзæнæй лыжитæбæл цæунæн хуæнхон нади 20 километри.

Сергей Меняйло арфæ ракодта Максим Решетниковæн æма, æ хæццæ ка иссудæй, еци бæрнон косгутæн, федералон Хецауади ‘рдигæй Цæгат Иристонмæ уæхæн гъосдард ке ес, уой туххæй.  Цæгат Иристонмæ æ косæг балций Максим Решетников бабæрæг кодта Беслæн дæр.  1-аг скъолай ихæлд спортивон зали исæвардта деденгутæ æма фембалдæй  «Беслæни мадтæлтæ»-йи комитети разамонгути хæццæ – Дудиати Сусаннæ æма Гæдиати Анети хæццæ. Се ‘хсæн дзубанди цудæй, 1-аг скъолай бундорбæл арæзт ка цæуй, «Беслæн. 1-аг скъола», зæгъгæ, Дуйнеуон культурон-патриотон центрбæл. Æ аразуни æма æ нисани туххæй силгоймæгтæ загътонцæ сæ фæндæнттæ æма феппайуйнæгтæ. Дудиати Сусаннæ куд загъта, уотемæй центри нисан æй терроризми профилактикæ, æма еци нисанæн æ ахсгиагдзийнадæ лæдæргæй, Центр аразунмæ барæ кадæр даруй, етæ еугурдæр сæ ихæстæ æнхæст кæнунцæ цæсгонгинæй æма бæрнонæй.

Куститæ æнхæстгæнæг æй реставрацион арæзтадон компани «Скифос-РСК». Центри арæзтадæ куд цæуй, уой туххæй бæлвурд хабæрттæ иуазгутæн радзурдта компаний разамонæг Петр Павлов. Куд загъта, уотемæй куститæ æнхæстгонд цæунцæ «Цæгат Кавкази федералон зилди райрæзт»-и паддзахадон программи фæлгæти. Нуриуæнгæ куститæн сæ 30 проценти æнхæстгонд æрцудæнцæ. Анзи кæронмæ Центр гъæуама уа цæттæ. Проекти нисан æй, 2004 анзи 1-3 сентябри аци рауæн ци æверхъау бæлах æрцудæй, уомæн æ историон фæд багъæуай кæнун, ихæлд скъолай бæстихай ба, куд мемориалон-историон нисанеуæги объект, еци хузи багъæуай кæнун.

Еци бон Беслæни адтæй цийни бæрæгбон дæр – байгон æй нæуæг рæвдауæндонæ. Сахари цæргутæ хъæбæр æнгъæлмæ кастæнцæ аци æхцæуæн цаумæ. Æ гæнæнтæмæ гæсгæ рæвдауæндонæ дзуапп дæттуй еугур нуриккон домæнтæн. Бунат си ес 120 сувæллонемæн. Арæзт ба ‘рцудæй Беслæни райрæзти генералон пълани фæлгæти. Нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйло, уæдта Максим Решетников æма мæскуйаг иннæ иуазгутæ дæр адтæнцæ аци рæсугъд бæрæгбони архайгутæ.

 

Æрмæг мухурмæ бацæттæ кодта

Гæтийти Светланæ.