ИЗÆДТÆЙ КАДГИНДÆР КА ÆЙ?..
Еууæхæни изæдтæ балций рараст æнцæ: Хуцауи-изæд, Уасгерги, Тбау-Уацелла, Алаурди æма Хор-Уацелла. Адтæй фæззæг. Еу рауæн сæбæл æризæр æй. Бæхæй, изæдæй бафæлладæнцæ, æхсæвæрбæл адтæй сæ сагъæс. Уæд кæсунцæ, æма еу фæзи фиййау хезуй фонси устур дзогæ. Изæдтæ исфæндæ кодтонцæ æхсæвæрæн уомæй еу уæрикк ракорун. Бæхтæй æрхизтæнцæ, арт искодтонцæ, уæдта фиййаумæ корæг рарвистонцæ Хуцауи-изæди. Е бацудæй фиййаумæ æма имæ дзоруй:
– Дæ фонс – берæ, хуарз фиййау!..
– Арфæгонд уо, – дзуапп ин равардта фиййау.
– Бæлццон адæм ан, идард надбæл цæуæн, фæндаггагæн нæмæ нæ хæццæ неци ес, æма ди еу уæрикк корæг дæн.
– Уæрикк раттун дессаг нæй, – загъта фиййау. – Фал гъуддаг уотæ ’й: мæ фидæ, ме ’нсувæртæ алли бæлццонæн дæр фур лæвардтонцæ, фал син арфæ ба некæд неке ракодта. Æз дин уæрикк ратдзæнæн, фал мин ду гъæуама зæгъай, ка дæ, уой.
– Æз дæн Хуцауи-изæд, – загъта æма расоми кодта, цæмæй ибæл фиййау баууæндтайдæ.
– Хуарз, æруагæс ми кæнуй дæ дзубанди, – загъта ин фиййау. – Мæгур лæгæн хуарз ракæнун уодибæстæ ’й, фал Хуцауи-изæдæн ба æз неци ратдзæнæн.
– Е ба куд? – бадес кодта Хуцауи-изæд.
– Цæмæн ку зæгъай, уæд ду раст нæ тæрхон кæнис: гъæздугутæн фарсласæн кæнис, æма уонæн сæ мулкбæл мулк æфтуйуй, мæгуртæбæл ба мæгури уаргъ æвæрис. Нæ, ду адæмæн æмхузон нæ дæ. Уомæ гæсгæ мæнмæ дæуæн косæрттаг нæййес, рæствæндаг уо.
Ранæхстæр æй фæстæмæ Хуцауи-изæд уонтæхъел æма сæргубурæй. Изæдтæ ба æнгъæлмæ кæсунцæ нард косæрттагмæ. Артбæл агæ исæвардтонцæ, сæ кæрдтæ циргъ кæнунцæ. Хуцауи-изæди ревæдæй ку рауидтонцæ, уæд æй фæрсунцæ:
– Æма дæ фур ба кæми ’й?
– Фур дзоги хезуй, – зæгъуй син Хуцауи-изæд.
– Æма ’й цæмæннæ рахастай?
– Фиййау æй нæ равардта.
– Гъе ба дин дессаг, гъе! – исдзурдтонцæ изæдтæ. – Гæрр, еу уæрикк нин æ цæстæ куд нæ бауарзта?!. Е, ка нæма æрцудæй, уæхæн гъуддаг æй!..
– Цотæ, уæхуæдтæ бавзаретæ, – загъта Хуцауи-изæд æма æхе арти фарсмæ æруагъта.
Уæд æхе рацæттæ кодта Алаурди.
– Мадта мæмæ фæккæсайтæ, – загъта е, – æз уайтæккæдæр еу нæ, фал дууæ фуси ами æрбалæуун кæндзæнæн.
Балæудтæй фиййауи уæлгъос, арфæ ин ракодта æма си коруй еу далис.
– Ка дæ, дæхе мин байамонæ, – зæгъуй ин фиййау.
Алаурди ин æхе байамудта.
– Мадта кæд ду Алаурди дæ, уæд мæнæй хуарз нæ фæууиндзæнæ æма дæ нади кой кæнæ, – дзуапп ин равардта фиййау.
– Цæмæн уотæ зæгъис? – фæрсуй æй Алаурди.
– Мæгур лæгбæл незтæ бафтауис, æ еунæг бæдоли ин мæрдтæмæ барветис, бонгин ба æнæмаст æй, æ берæ цæуæт – æнæнез æма сæрæгас… Дæ над дарæ, неци дин ратдзæнæн…
Æрбаздахтæй Алаурди е ’мбæлццон изæдтæмæ æма сæмæ дзоруй:
– Фиййауи не ’ссирдтон, кумæдæр рафардæг æй. Æз бафæлладтæн, сумахæй æй еске байагорæд.
Хуцауи-изæд балæдæрдтæй гъуддаг, бахудтæй, фал зæгъгæ ба неци кодта.
Уæд рараст æй Тбау-Уацелла, фал е дæр ревæдæй æрбаздахтæй. Фиййау ин загъта:
– Ду раст нæ дæ. Мæгурти хумтæбæл ех рауадзис, æма адæм судæй мæлунмæ æрцæунцæ. Бонгинти зæнхæмæ ба ех æмгæрон дæр нæ уадзис…
Гъе уæхæн дзуаппи хæццæ раздахтæй Тбау-Уацелла, мадта ци кодтайдæ. Арти фарсмæ æрхустæй, дзурд си нæ хауй. Ци балæдæрун ма гъудæй е ’мбæлтти: кæд ревæдæй æрбацудæй, уæд ибæл фиййау хъæбæр нæ бацийнæ кодта.
Аци хатт цæун багъудæй Хор-Уацеллай. Балæудтæй фиййауи рази, арфæ ин ракодта, уæдта исхуæстæй дзубандитæбæл – æ фонс ин æстауй.
– Ка дæ, уой мин зæгъæ, – райста ин фиййау æ дзурд. – Ци дæ гъæуй, уой ба мæхуæдæг дæр зонун.
Хор-Уацелла ин æхе байамудта.
– Дæхе райсæ мадта ардигæй, кенæдта дæ гъуддаг хуарз нæ уодзæнæй, – загъта ин фиййау.
– Цæмæн уотæ зæгъис? – фæрсуй æй Хор-Уацелла. – Лæгъузæй дин ци бакодтон?
– Мадта мæмæ байгъосæ. Дæумæ нæййес рæстдзийнадæ. Мæгур лæг анзæй-анзмæ фæккосуй æ хуми гæппæли, уодхарæй маруй æхе дæр, æ косæг фонси дæр. Æнгъæлмæ кæсуй æ тиллæги æрзадмæ. Фæззæг ралæууй. Кæсуй, æма æ хумти хуар – нæ, фал хъамил кæрдæг. Бонгин æнæуой дæр æ хъурæй кæлуй, æ хумтæмæ нæ зелуй, уæддæр æ хуарæн кæрон дæр нæ фæууй. Зæгъай мадта, е дæмæ куд раст кæсуй?
Ци загътайдæ Хор-Уацелла? Æ сæр фæббунмæ кодта. Е ’мбæлтти размæ исхъæрттæй, арти фарсмæ æрлæудтæй æма дзоруй:
– Е фиййау нæй, фал цидæр абæрæг! Тухтæ-амæлттæй си фæййервазтæн. Куд кæсун, уотемæй нин стонгæй хусгæ райаудзæнæй, кæд ма Уасгергий къохи ести бафтуйидæ.
Уæд иннæ изæдтæ дзорунцæ Уасгергимæ:
– Цо, балигъстæ кæнæ еци цæлæмбуд фиййауæн, кæдимайди ба нин уæддæр еу фудхуз далис раттидæ.
Уасгерги бацудæй фиййаумæ, арфæ ин ракодта æма ин загъта:
– Хатир бакæнæ, хуарз лæг, уинис, ци хузи дæмæ æрбацудтæн, уой – мæ дарæс цъифæйдзаг æма æскъудтæ. Надбæл еу лæгæн æ уæрдуни цалх расастæй. Æз имæ фæккастæн цалх аразунмæ, æма уой фудæй ауæхæн уавæри дæн.
– Æз дæ базудтон,- загъта фиййау,- ду дæ Сугъдæг Уасгерги, мæгурти гъæуайгæнæг, табу дæхецæн.
– Æцæгæйдæр, æз дæн Уасгерги. Ме ’мбæлтти хæццæ надбæл цæуæг ан. Дæ хуарзæнхæй, æстонгæй нæ ма ниууадзæ, еу уæрикк нин ма бавгъау кæнæ.
– Еу уæрикк ци ’й!.. Аци фонс еугурæйдæр дæу фæууæнтæ! – загъта фиййау. – Мæгур адæм дæу фæрци цæрунцæ, Хуцауи рази ду дæ нæ хуæрзгæнæг. Мæгур æма æфхуæрд адæм дæумæ ковунцæ, ду син дæ рæстауодæг.
Фиййау табутæ кæнуй Уасгергийæн, зæрдиагæй ин æ гъуддаг исаразта, рафæндараст æй кодта. Гъе уотемæй Уасгерги æд косæрттаг æрбахъæрдтæй иннæ бæлццæнттæмæ.
– Дессаг æй аци гъуддаг! – загътонцæ изæдтæ. – Фиййау айдагъдæр дæуæн искодта аргъ, мах ба, цума æ фудæзнæгтæ ан, уой хузæн нæ ратардта. Бæрæг æй нур: адæм изæдтæй фулдæр аргъ кæмæн кæнунцæ, е ду дæ, Сугъдæг Уасгерги.
Аци таурæхъ уруссаг æвзагбæл финстæй мухургонд æрцудæй газет “Кавказ”-и 1901 анзи, №11. Ниффинста æй Евг. Б-нов (Баринов). Радзурдта æй Ольгинскæйи гъæуи цæрæг Мамсурати Аслæнбег.
Редакцийæй. Аци таурæхъ уомæ гæсгæ мухур кæнæн, æма еци фиййау уоййасæбæл тингунæй ци изæдтæмæ ракастæй, етæ цæййасæбæл ездон разиндтæнцæ. Сæ бон уотемæй райсун ци адтæй, уой си коргæ кодтонцæ. Уой дин, нури рæстæгути нин сæхе изæдтæ æма идаугутæй ка æвдесуй, еци бонгинтæ – «бизнесментæ», хецауадзийнади «фæрнгун» бунæтти бадгутæ… Æдзæсгонæй хæлæф кæнунцæ еугурадæмон есбонадæбæл… Ке фæллойни фæрци арæзт æрцудæй еци есбонадæ, уонæн ба – бустæги неци.