«АДӔН, ДАН, ӔНЦӔ ИРД АЙДӔНӔ, – ЗОНУНЦӔ, – КА РАСТ, ӔНӔРАСТ…»
Æрæги мухури рацудæй æссон литератури бундорæвæргутæй еу, Отарати Керим Сæрæмурзи фурти æмдзæвгити æмбурдгонд, дигорон æвзагмæ тæлмацгондæй. Киунугæ хуннуй «Заман» æма ‘й исаразта, уæдта ин раздзурд дæр ниффинста зундгонд поэт, журнал «Ирæф»-и сæйраг редактор Скъодтати Эльбрус. Æма еци раздзурд абони мухур кæнæн, цæмæй уин зундгонд уонцæ Отарати Керими цард æма исфæлдистади хабæрттæ.
***
Æссон литератури бундорæвæргутæй еу – Отарати Керим Сæрæмурзи фурт райгурдæй 1912 анзи 3 майи Гюрхожани гъæуи – нури Кæсæг-Балхъари сахар Тырнаузи – зæнхкосæг бийнонти. Скъолай фæсте каст фæцæй педагогон училище 1934 анзи, уæдта Кæсæг-Балхъари университет 1963 анзи. Куста æссон æвзаги ахургæнæгæй скъолай, медицинон æма педагогон техникумти, Совпартскъолай, Уæлдæр коммунистон гъæууонхæдзарадон скъолай. Еци рæстæги райдæдта æ литературон архайд дæр. Æ ирд æма хехуз искурдидиадæ ’й ракодтонцæ уæди нæуæг литераторти фæлтæри рæнгъитæмæ. 1936-аг анзи ист æрцудæй ССР Цæдеси финсгути Цæдесмæ… 1938-1941 æнзти адтæй Кæсæг-Балхъари АССР-и финсгути Цæдеси правлений сæрдар.
Уæдмæ Устур Фидибæстон тугъд райдæдта, æма Керим фиццаг бонти хебарæй рандæ ’й фронтмæ. Каст фæцæй æфсæддон-фестæг училище æма архайдта Брянски фронти роти политрукæй, сгаргути взводи командирæй уæдта – æхсгути роти. 1943-аг анзи уæззау цæф фæцæй æма ’й æ тугъдон ихæстæй исуæгъдæ кодтонцæ. Нальчикмæ исæздæхгæй, идарддæр æ куст кодта финцгути Цæдеси правлений.
1944 анзи æ адæни хæццæ депортацигонд æрцудæй Киргизимæ. Уоми цардæй сахар Фрунзей. Нальчикмæ исæздахтæй 1956-аг анзи æма косун райдæдта литературон альманахи «Дружба»-йи. Еци-еу рæстæги ма кодта устур æхсæнадон куст дæр, адтæй сабурдзийнадæ гъæуай кæнуни республикон Комитети сæргълæууæг. Æ царди фæстаг æнзти куста литературон консультантæй Кæсæг-Балхъари АССР-и финсгути Цæдеси правлений æригон авторти хæццæ.
Æ берæ исфæлдистадон æнзти дæргъи рауагъта инсæй киунугемæй фулдæр æссон æма уруссаг æвзæгтæбæл («Дороги», 1956; «Родная земля», 1960; «Годы и горы», 1966; «Моя утренняя звезда», 1969; «Дороги утра», 1972 æма æнд.).
Е ‘сфæлдистади автор бавдиста, ци рæстæги цардæй æхуæдæг, еци рæстæг, куд æй уидта, уотемæй. Эпикон мотивтæ зиннунцæ æ берæ киунугути. Поэт тугъди рæстæги æма фæстугъди хабæрттæ æвдесуй æ поэмити: «Вдали от тебя», рацудæй 1941-1942 æнзти, «Письмо к матери» – 1942, «Дороги» – 1950, «Белый башлык» – 1956.
Отарати Керим зундгонд æй, куд скъоладзаутæн ахурадон киунугути автор, уотæ дæр. Адтæй искурдиадæгин тæлмацгæнæг, уруссаг æма фæсарæйнаг поэзий классиктæй берети уадзевдзитæ раййивта æ маддæлон æссон æвзагмæ. Керим ци устур æвæрæн бахаста æссон литературæ æма культури ирæзтмæ уæдта Устур Фидибæстон тугъди æхе куд бæгъатæрæй равдиста, уонæн аккаг аргъгонд æрцудæй. Отарай-фурт æ тугъдон æма фæллойнадон æскъуæлхтдзийнæдти туххæй хуарзæнхæгонд æрцудæй Фæллойни Сурх Туруса æма Сурх Æстъалуй ордентæй берæ майдантæй, лæвæрд ин æрцудæй Кæсæг-Балхъари Адæмон поэти ном (1969), уæдта – Кæсæг-Балхъари АССР-и Республикон преми (1972).
Отарати Керимæн е ‘мдзæвгитæ тæлмацгонд æрцудæнцæ берæ æндæр адæнихæттити æвзæгтæмæ. Уруссаг æвзагмæ ин сæ æййивтонцæ Семен Липкин, Дмитрий Голубков, Георгий Яропольский æма иннетæ. Дигорон æвзагмæ тæлмацгондæй ба æ киунугæ цæуй фиццаг хатт. Нæ синхон æнсувæрон адæни исфæлдистади хæццæ куд фулдæр зонгæ уæн, уотæ федардæр кæндзæнæй нæ лимæндзийнадæ дæр. Уомæ гæсгæ, аци киунуги рацуд ахсгиаг гъуддаг æй. Æнæгурусхæй æй банимайæн ес нæ дууæ республикей культурон царди зингæ цаубæл, кæрæдземæ ка фæххæстæгдæр кæна исфæлдистадон косгути æма хумæтæг поэзиуарзгути дууердиги дæр, уæхæнбæл. Æууæндæн, нæ республикити литератури классикти уадзимистæ дæр ахиддæр тæлмацгонд цæудзæнæнцæ нæ кæрæдзей æвзæгтæмæ æма уотемæй федардæр кæндзæнæнцæ не ‘сфæлдистадон бастдзийнæдтæ дæр.
Отарати Керим æ цардæй рахецæн æй 1974 анзи рухæни мæйи 13-аг бони, фал е ‘сфæлдистадæ ба цæргæ байзадæй æ фæсте, æма рохс кæнуй киунугæкæсгути зæрдитæ.
***
Идарддæр ба уæ зонгæ кæнæн, Отарати Керими киунугæ «Заман»-мæ ци æмдзæвгитæ хаст æрцудæй, уонæй кæцидæрти хæццæ.
Скъодтати Эльбруси
тæлмац
* * *
Кади нæ хъор кæнуй тæрсагæ,
Уати нæ мæлуй уонæхсар.
Лæг ка ’й, е мæлуй æдæуагæ,
Тугъди будури æд æхсар.
Мæлуй уоси цори тæрсагæ,
Хуæргæй æ дæлфæдтæ, е’фсар, –
Еци загъд мæн нæй, фал – адæни.
Æма æй уæхæн гъуди раст.
Адæн, дан, æнцæ ирд айдæнæ, –
Зонунцæ, – ка раст, æнæраст…
1943
* * *
Алцидæр ми баистонцæ,
Бакодтон мæ цард дæр харз.
Дæу имисун мæ фурт хъонццæй –
О ме ’нкъард зар, мæ Кавказ!
1945
«Байзадӕй идарди дӕуӕн дӕ ингӕн»
Байзадæй идарди дæуæн дæ ингæн,
Уоми Фидизæнхæн – æ хæццæ
Байзадæй мæ алци – фур «гаффет»
ниддæн,
Бурдæн ’ма адæни æнхæцци.
Идарди байзадæй дæуæн дæ ингæн, –
Хорварсбæл, къæйдорти æхсæн.
Дæуæн дæ хеуæнттæ, къабæзтæ минтæй,
Дуйнебæл æнцæ рæдзæхсæн.
Байзадæй идарди дæуæн дæ ингæн,
Маргъи салд астъонау – къæсæр.
Бахснадтон мæ къохтæ ’нсувæртæ, фидæй, –
Зин бони рацан мах нæхстæр…
Идарди байзадæй дæуæн дæ ингæн,
Фæдтæ ’ймæ къахнадбæл нæййес.
Зæрдæ дин байвардтон, – фæстугъд ке
зиндзæн,
Мæнæ дæн, æгас, æнæнез…
Байзадæй идарди дæуæн дæ ингæн,
Над имæ рагæй нæй бæрæг.
Дæлзæнхæ змæлун нæй сæ бон дæ
зинтæн, –
Æлхъивд æрцудæнцæ мæрæй.
Байзадæй идарди дæуæн дæ ингæн,
Мæ уоди æмбес дæр уоми ’й,
Æхсæйвон тар мегъи уæлмæрдти нидæн
Кæуй дин, кæнуй дин соми.
Байзадæй идарди дæуæн дæ ингæн,
Хонуй уолæфунмæ мæн дæр.
Æдзох, мæгургорау, ме’ндарг талингæй
Дæумæ фæццæуй цæмæндæр.
Байзадæй идарди дæуæн дæ ингæн,
Фал æй мæ аууон æдзæллаг, –
Адæни ухери кæцийæн зин нæ ’й, –
Байхуæруй еци зин фæндаг.
1946
«Нигулӕг хормӕ кӕсгӕй»
Нигулæг сахирд хормæ нæтгæй,
Мах фæрсæн, – кæд ма нæ байаздзæй?
Хъаурæ есæн дортæбæл хæтгæй,
Пурх нæдтæбæл «лæсæн» дзиназгæй.
Нæ ’й Меккæмæ нæ цуд хе туххæй,
Нæ агорæн сугъзæр, дзæнхъа дор.
Нæ нæ гъæуй кадæ, фал судæй
Куд нæ рамæлæн, – ан уой агор.
Мах дуйнебæл соруй нæ бæллах,
Синдзи сифæ хуæрдæ æнгъæлæн,
Бакъуæрæн донзонугæй цæф къах,
Нади руги фæстаг нифс гæлдзæн.
Кæмæн фæууй æ нифс – цæстисуг,
Е фæснадмæ хауй «куресæй».
Æгæстæ ба кæнунцæ сæ цуд,
Баæмбæрзгæй марди æзмесæй.
Хуцаубæл ма ’й нæ нифс æрмæстдæр,
Мах хæтæн, мæгур зартæ кæнгæй.
Нæ фæсте берæ уадзæн уæддæр
Æнæном циртитæ, нигæнгæй.
Уонæбæл нæ никкæудзæй мадæ,
Фурт æ цирт куд иссера фидæн?
Æнæдзуапп – фæдони фарст: «Ка дæ?»
Æстæгдар нæ зæгъдзæй: «Ами дæн!»
О, махæй нур æнцæ фур идард,
Нæ сæ гъæуй евгъуд ’ма исон.
Нæ сæ гъæуй неке, уæлæцард.
Хæлар зæнхæ – фусун æносон.
…Æрсæкодта сабур…
1947
Уаруй мет
Ду байзадтæ идард… Уаруй мет…
Уорс гъæццол æнбæрзуй зæнхи уатбæл.
И фæснад киргизаг гъæу – Кегет ,
Æфцæгутæ, будур дæумæ-надбæл.
Фæццæун мегъти фæдбæл æз дæр,
Рауинун метиуард Баксангоми,
Хонхи рагъæй уорс мегътæ бундæр
Нирраст æнцæ Тызылмæ айфонмæ.
Фæццæун мегъи фæдбæл æз дæр,
Тагъд кæнун тъæпæнгæсгæ Канжалмæ,
Фал ласæг бæх фесхуайуй æгæр,
Æма æз мæстæйдзагæй фегъал ун.
Æвгъау мин цæмæн кæнис, уæрдун,
Адгин усмæ – евгъуд æримисун?
Нæ мин уарзуй дæ цæстæ хуæрзфун.
Бæх æсхуайун, ласæг, ибилис æй.
Неци дзоруй и лæг, нигъгъос æй,
Раст, цума, мæ уайдзæф æппун неци ’й.
Ци ’й уомæн? Æ гъар къæси къосæй
Е нуртæккæ цумдзæй къæпу месин.
Ду байзадтæ идард… Уаруй мет…
Уорс гъæццол æмбæрзуй зæнхи уатбæл.
Надуордæг – киргизаг гъæу Кегет,
Æфцæгутæ, будур, дæумæ-надбæл.
1950
Нифс
Æз мæ фуни уинун нæхе гъæу,
Уагъд уæлмæрдтæ мæ зæрди ’фтауй,
Фатау мæ ниццæвуй æнæвгъау,
’Ма зæнхæмæ мæ уод æрхауй.
Фал гъæуй уомæй дæр мæ боз ун, –
Ке нæ кæнуй зæрдæй мæ гъæу цох.
Адзал мæмæ гъузуй ’ма косуй, –
Куд ми фæууа мæ гъæу мæрдиронх.
Фал ма ес нифс мæнмæ, ’ма цæрун,
Бахауй æнæнифс ба донмæ.
Ке бон æй рохс бонбæл æууæндун, –
Æ фæндон æрцæуй, гъе, уомæн.
1950
«Ду зарау цæрис мæ зæрди»
Нæ уарзун зуймон изæртæ, –
Сæумæмæ фæууй мæ каст.
Ду зарау цæрис мæ зæрди,
Ду – мæ цийнæ ’ма мæ маст.
Мæ амонд уинун дæу хæццæ, –
Æгъатир тугъд – нифсесæн,
Фал тохмæ цæун дæ фæрци,
Цæфти ностæ – æвдесæн!
Цæттæ дæн, – гæлдзун фæдести
Мæхе бабæй дæу туххæн.
Бамæхезæ, – Уæлахез дин
Æрхæсдзæнæн мæ тухæй.
Уобæл æууæндгæй, байзадтæн
Нури уæнгæ æгасæй.
Цæргæсон цард хуарз адтайдæ, –
Зæнхон фудтæй æдас æй.
Е й ’астъони сабур хусдзæй, –
Æз карз тохи ку мæлон,
Арв æ сæрти ку рахæссуй, –
Ду фæууини си мæн уод.
Мæ уарзон зæнхæ! Зумæги
Æй æхсæвæ даргъ, анзау.
Ду зарау цæрис мæ зæрди,
Уо ме ‘сцудмæ æнгъæлдзау…
1952
* * *
Ду ма ко! Корун, ма ко!
Нигæнис мæ уодæгасæй.
Над дзоруй мæмæ: «Рацо!»-
Дæумæ ледзун æнæлазæй.
Дæуæй хуæздæр мин дзæбæх
Неке искæндзæй мæ цæфтæ.
Ду – мæ ниви ирд æртæх,
Царди киунугæн – æ тъæфтæ.
Æхсæвгай æрхун кæнун, –
Куд хицæ кæнун мæйæмæ!
Бамæхезæ, – фæттæхун,
Мæ зæрдæ мин нæбал цæвæ…
1942
Колити Виталий
тæлмац
Дӕ хӕццӕ цудтӕн, адӕн
Уæззау рæстæг, уæззау зинбон, гурусхи,
Кусти кенæ тугъдон надбæл цæугæй.
Дæ зунд уидæ алкæддæр мæ ирисхъæ,
Дæ хъаурæбæл федарæй æууæндгæй.
Мæ цæугæ цард нæ уидæ кæд хиццаг,
Судтæн мети, уардта мæбæл къæвда.
Уæддæр де ’ууæнкæ дардтон куд мицъа,
Куд зæрдæн тæккæ адгиндæр хæзна.
Уæззау тохти, адзал уингæй, ме ’вæрци.
Зинтæ æма мæститæн кæд бухстдæн.
Уæд е адтæй, дзиллæ,
æрмæст дæу фæрци,
Дæ хæццæ æз æмдзогæнгæ цудтæн.
1943
* * *
Нæ дæн гъæстаг, арази мæ хъисмæтæй,
Æ берæ хуæрзтæй хайгин æй мæ уод.
Уидтон арæх зæрийни скаст сæумити,
Нæй ми иронх тугъдон фæтти æскъот.
Кæми ирд бон, кæми мегъæн æ цази
Худта мæ е, æвзаргæй мин фæндаг.
Кæми тухстдæн, кæми – амонд мæ рази,
Кæми нивгун, кæми цардæн – тæссаг.
Мæ цийнæбæл ниллæг ин æрковинæ,
Хеуонау мæ æ маст дæр æндавта.
Æз уой фæрци мæ надæй нæ кеуинæ,
Æ хуарз, æ раст мæ стъалуйау тавта.
Цæрæн нæ, фал уолæвд дæр кæми на ’дтæй,
Уоми мах ба федар æд нифс лæудтан.
Цирен цъæхæй ци растбæл æрцæйбадтæй,
Уой арти ’взагæй къохтæй истудтан.
Нæ дæн гъæстаг, арази – мæ хъисмæтæй,
Æ берæ хуæрзтæй хайгин æй мæ уод.
Уидтон арæх зæрийни скаст сæумити,
Нæма ’й иронх тугъдон фæтти æскъот…
1960
* * *
Куддæр биццеу
Дуйней рохс фæууина,
Æгас дуйне ку ’рæстæфа е ’гурди.
Фиццагидæр уæд сдзордзæнæй:
«Æна!»
Фиццагидæр агордзæй уой е ’сдзурди.
Знаги нихмæ тохи карз хуæцгæй,
Мæрдон мегъи хъурдохæн ку кæна.
Уæддæр дзордзæй æ сау тоги мæцгæй:
«Мæлун! Мæлун!
Кæми дæ, кæ, –
Æна!»
1961
Салдати дзурд
Раст цума сау хъуæцæн æ хевастæй
Зин уалдзæги, уæддæр хе уагæй,
Цума сувæллон фæййервазтæй, –
Зæнхи къоре байстан хелагæй.
Бауæр ба æхст цæфтæй нинносон æй,
Асдзæгъдуй, медæхсæвтæ, додуй.
Æ рист евгъуд, тузмæг æносонæй
Салдатæн æ тухст бауæр содзуй.
Медæхсæвæ арæх фæссонт уогæй,
Нæ нæ уадзгæй фуд фунтæ æнцад.
Мах зæнхæ фæгъгъæстан нæ сау тогæй,
Дуйнебæл цæмæй уа сабур цард.
Фæффæндуй нæ хъæбæр уомæ гæсгæ,
Цæмæй æрттева сæуæртæх.
Цæмæй, заргæй сауцъеу бæрзгун
мæскъæй,
Барохс уа лæги зæрдæ дзæбæх.
Хæссæн нæ дзурдæн æ тузмæги
Нæ байсæвд тугъдонти цæсгон.
Ес уоми æвæрд хумæтæги
Уоститæ, мадтæлти фæндон.
Хæссуй уой æ хæццæ федæнмæ
Фæстугъд рагъонбæлгонд фæлтæр.
Уоми исигъусуй æстæнмæ
Рагуалдзæг
цъæх тауи сос гъæр!
Дæлзæнхæ фæууæнтæ æд рестæ,
Тогмондæгти ном – иронхуат.
Тугъдмæ ка фæсседуй – оркестрæн
Мæбæл уæд нæ царди бунат.
1962
Хъурройти зар
Фæззæг, – хъурройти фæттæхæн,
Сæ хецæнбæл кæнгæй, заргутæ.
Тæлфгæ цæнгтау ба сæ базуртæ,
Фæстаг хуæрзбон, зæгъгæй, зæнхæн.
Нифс æрæздæхдзæнæй нæуæг,
Ратдзæй базуртæн федар тухæ.
Уазал Уруси арви цъæхи
Дардзæй сæ фезмæлдæ бæрæг.
Нæййес де ’ной цæрæнтæ,
Нифс!
Нæ уæззау тугъди лæгдзийнадæн.
Нæ идард надбæл амондадæн,
Мæргътæн дæр хъарæ ду дæттис…
1966
Дуйне
Берæ æнцæ, дуйне, дæ фæндæгтæ,
Цæмæй уа лæг амондгун алкæд.
Фал дæ еци амондмæ колдуæрттæ
Фулдæремæн æнцæ сахæхгæд.
Дæ зæнхæн æ фулдæр хай сæ къохи
Бакодтонцæ тогцъиртæ сæхе.
Мæгуртæн ба, цæргæй, сæ зелдохи
Æрбадæн бунат дæр ма нæййе.
Амондмæ над идард, зинвæндаг æй,
Ци фæууа мæгур лæг, зæгъай, нур.
Уоми ба кард, топпæхст – æмидзаг æй,
Лæги цард ба усмæ ‘й æдеугур.
Мин зинемæй дæр лæг нæ барездзæй,
Æ къахæй ниссæтдзæй ехи сæр.
Мин комей сæрти дæр рацæйхездзæй, –
Рæстцардæй ку цæра æрмæстдæр.
Къибирти Амурхани
тæлмацтæ
Ме ‘мдогон
Ка рарвиста æнцойнæ царди бонтæ, –
Мæ дзурд нæ йæй нуртæккæ уонæбæл.
Ка сдæсни æй цæрунмæ фур æнцонтæй, –
Ка ‘рбадуй, ка, агъаззаг хунтæбæл.
Ка хъихъхъитæ кæнидæ трибунæй,
Ка лæудтæй дзубандитæй гъуддæгтæмæ
цæттæй.
Ци нæ рандæй тугъдмæ, ци рæуонæй,
Æрбадтæй гъар бунати, гъæйттæй.
Æ дзурд ин гъе нур дæр игъосетæ:
Аразта хуарз гъуддæгтæ, цума…
Зæгъуй; æвзурстан устур зинтæ…
Æ дзухбæл æвæргæ æй къума!
Хуарзæй ке кой кæндзæн нуртæккæ, –
Фарни дзурд ци игъуса уомæ.
Ка рараст æй карз тугъдмæ уайтæккæ,
Уомæй ба æ цард исуæлдай æй, цума?
Æ рæбунти и фæттæ тахтæнцæ цъуз-гæнгæ,
Цæф уогæй æй дохтурти æнхус куд гъудæй.
Басудæй, мæгурæг, и уазали æ зæнгæ.
Размæ ма гъе уæддæр реуæмбæрцæ цудæй.
Сæйгæ уогæй, кенæ ба фур уæгæй дæр,
Фудголæн æ сау зæрди уагъта устур тас.
Бахауидæ размæ, истадæй нæуæгæй дæр ‘
Ма цудæй кæдзосгæнгæ æзнæгтæй æ раз.
Уæдæй нурмæ, гъай-гъай, рацудæй берæ
бæнттæ,
Уæддæр æй æз арæх боззагæй имисун.
Тугъдон æй, гъо фал нæ домуй гæлæ
мæнттæ.
Косуй хуæдæфсæрмæй æнæ хъип, æнæ сун.
Цæруй рæстагонæй, нæ уарзуй æсхъæл
дзорæ.
Æй æд кадæ,æд æгъдау, æд æфсар.
Иннетæй игъауги, уæлдай нæ агоруй.
Нæ хæссуй нецæмæти æ сæр.
Дессаги зæнхон лæг æй ме ‘мдогон.
Æ аккаг дзурдтæ мин, æцæгæй, зин ерæн.
Алли алцæмæй æнхæст уогæй,
Зæгъуйнæгтæ ма йбæл хъæбæр берæ.
Кæдзос тог, курхон лæг, фур мадзора, –
Æй алли каритæн дæр дæнцаг.
Етæ нин – зин ерæн, зин агорæн.
Уæхæнттæй исфедауй нæ цард.
1949
Фӕндӕгтӕ
Фæндæгтæ, азæлæн фæндæгтæ…
Адтæй мæ балци æгæр даргъ.
Фæндæгтæ, царди зин фæндæгтæ, –
Æгæр уæззау адтæй уæ уаргъ.
Туххæй хастон уæ, гъе уæддæр
Некæд ниррæгустон сумах.
Уидтон додой бæнттæ, уидтон,
Уæддæр адтайтæ мин зинаргъ.
Сумах.салдати зин фæндæгтæ, –
Хæнхул цъимаратæ, гъæдтæ.
Мæ бауæрбæл, мæ царди зин фæндæгтæй, –
Бæрæг, – тангъа ‘вæрдау фæддæ.
Еци фæндæгтæбæл уидтон
Æвуд лигъдонти мæгурбон.
Кадæр тилдта си æ дивил,
Ка ба – мадæйирдау игон.
Салдати зинхæссæн фæндæгтæ, –
Адтæй уæ бони рохс минæг.
Размæ худтонцæ нæ фæндæгтæ, –
Кодтан тугъди арти кунæг.
Н ‘адтæй æййевæн нæ фæндæн, –
Тагъддæр æзнаги ниссæттæн!
Дæмдта нæ тохи дæгæрна,
Уæддæр нæ мæрдтæ нигæдтан.
Фæндæгтæ, азæлæн фæндæгтæ…
Кæсис алли ‘рдæмæ, æма, –
Боззаг гъуддæгтæ-цæуйнæгтæ.
Уинис сæ, фун уинис, цума.
Скалдæй æрвгæрони сурх рохс,
Тæмæн дæ зæрдæбæл бамбалдæй.
Кæсис, – хорнигулæн-кæдзос,
Æма сосæ муртæн ба ‘мбал дæ.
Уадзæ, и æнзтæ евгъуйæнтæ, –
Хинцун мæ хъаурæ ма мæ зунд.
Идард фæндæгтæ мæ сайæнтæ, –
Æнхæст кæндзæнæн æз мæ дзурд.
Есæн зæнхи хъанзæй ирæз,
Есæн æ хъаури цъирт, æ алци.
Цæудзæн зæрди фæндонбæл æз, –
Хæсдзæн изæлттæбæл мæ балци.
Оххай, æвзонг æнзтæ фæцæнцæ!
Сæ раздахун мæ бон ку нæ ‘й.
Æма зæри бонтæ рæхцунцæ
Нихæси дорбæл æрхунæй.
Гъæйдæ, зæгъон уин æй æргом;
Æвзонг ку уайнæ ма дæс хатти,
Уæддæр нæ раздахдзæн ме ‘ргом,
Æнцад не ‘рбаддзæн еу бунати!
1955