21 декабря 2024

ХУÆРЗЕУГУТÆ – ХУÆЗДÆРТÆН

08.10.2022 | 17:04

Ахургæнæги Бони фæдбæл арæзт цитгингæнæн мадзали нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйло æ радзубандий зæрдигæй райарфæ кодта Цæгат Иристони ахурадон къабази еугур косгутæн æма  загъта.

– Сумах уæ еугурдæр рæстуодæй æнхæст кæнетæ уæ ахсгиаг ихæстæ. Нæ дзиллæ уи арфиаг æнцæ уæ зин, фал кадгин хъазауатон фæллойни туххæй. Махæй алкедæр хуарз гъуди кæнуй æ ахургæнгути, уæлдайдæр ба æ фиццаг ахургæнæги. Етæ нæ карни райдайæни аразтонцæ раст надбæл. Сæ зонундзийнæдтæ, сæ зæрдити гъар æнæвгъауæй лæвар кодтонцæ махæн. Уæ куст æнцон нæй, ци агъазиау арфити аккаг айтæ, уомæй, басæттун ибæл гъæуй, хаттæй-хатт æнхæст рæвдуд не ‘рцæуетæ, фал уой æгириддæр нæ нимайгæй, уæддæр уæ кустбæл устурзæрдæ нæ кæнетæ, æновуд ибæл айтæ, уæ еугур хъауритæй архайетæ, цæмæй уæ ахурдзаутæ аллихузон зонундзийнæдтæй ефтонггонд æма хуæрзæгъдау уонцæ, нæ бæсти исонибон  нифсгунæй кæбæл баууæндæн, уæхæн фæлтæртæй куд ирæзонцæ, уобæл. Абони арфæ кæнæн, нуртæккæ ка косуй, еци ахургæнгутæн еугуремæн дæр, уæдта нæ республики ахуради къабази еугур ветерантæн дæр. Мæ зæрдæ уин зæгъуй федар æнæнездзийнадæ, фарнæ æма нæуæг, никки агъазиаудæр профессионалон æнтæстдзийнæдтæ.

Нæ республики Сæргълæууæги Бардзурдмæ гæсгæ Цæгат Иристони ахургæнгути устур къуар хуарзæнхæгонд æрцудæй аллихузон паддзахадон хуæрзеугутæй. Æнтæстгин педагогон архайд æма бæрзонд профессионалондзийнади туххæй Республикæ Цæгат Иристон-Аланий æскъуæлхт ахургæнæги ном лæвæрд æрцудæй:

Дигори райони Николаевски гъæуи астæуккаг ахурадон скъолай райдайæн кълæсти ахургæнæг Любовь Бессарабæн;

Ирæфи райони Чиколай 3-аг астæуккаг скъолай географий ахургæнæг Бичегкути Риммæн;

Алагири 2-аг астæуккаг скъолай уруссаг æвзаг æма литератури ахургæнæг Габолати Жаннæн;

Беслæни гимназий историй ахургæнæг Гуриати Надеждæн;

Дигори райони Мостиздæхи астæуккаг скъолай математики ахургæнæг Хъæдохти Аллæн;

Горæтгæрон райони Æрхонки 2-аг астæуккаг скъолай химий ахургæнæг Иринæ Лысоконæн;

Дигорай 2-аг астæуккаг скъолай ирон æвзаг æма литератури ахургæнæг Мæрзати Зæлинæн;

Горæтгæрон райони Октябригъæуи 2-аг астæуккаг скъолай географий ахургæнæг Мулдарти Светланæн;

Æрæдони 1-аг астæуккаг скъолай физики ахургæнæг Людмилæ Сафоновайæн;

Дзæуæгигъæуи 41-аг астæуккаг скъолай уруссаг æвзаг æма литератури ахургæнæг Фидарати Беллæн;

Беслæни астæуккаг скъолай райдайæн кълæсти ахургæнæг Татьянæ Халоянцæн;

Ирæфи райони Лескени астæуккаг скъолай райдайæн кълæсти ахургæнæг Цæмæхъати Верæн.

Берæ æнзти ахуради къабази æнтæстгинæй ке косунцæ, уой туххæй Республикæ Цæгат Иристон-Аланий ахуради кадгин косæги ном лæвæрд æрцудæй:

Дзæуæгигъæуи уæлæнхасæн ахуради центри директори фиццаг хуæдæййевæг Еленæ Астафьевайæн;

Цæгат Кавкази арæзтадон техникуми директори хуæдæййевæг Гæбути Дилярæн;

Хъæбæлоти Билари номбæл сувæллæнтти исфæлдистади республикон Галауани уæлæнхасæн ахуради косæг Гъуцъунати Ольгæн;

Дзæуæгигъæуи Калоти Георгий номбæл профилон техникуми мастер Валентинæ Елисеевайæн;

Цæгат Иристони ахургæнгути зонундзийнæдтæ фулдæр кæнуни республикон институти хестæр методист Зазиати Андрейæн.

Аллихузон хуæрзеугутæй аккаггонд æрцудæй ахургæнгути еума къуар дæр.