22 декабря 2024

«НÆ МÆЛÆТДЗАГ НИХКЪУÆРДÆЙ ЗНАГ ФÆЛЛЕДЗÆГИ ÆЙ!..»

12.11.2022 | 14:59

Фембæлди архайгутæ (галеуæрдигæй рахесæрдæмæ): бадунцæ – ЗÆНГИАТИ Владимир, Николай БУРЛАК, Антон КАРАВАЙ, Дмитрий ВАЩЕНКО; лæуунцæ – А. КОЗЛОВСКИЙ, РÆМОНТИ Геуæрги, Валентин КАЛЕНЮК, ЗÆЛЕТИ Михаил, АБАЙТИ Александр, Михаил ПАВЛЕНКО, Орджоникидзей æфсæддон комиссариати косæг Д.ХАЛМАНСКИХ, НИГКОТИ Беза.

Гизæли тугъдон операци куд цæттæгонд æрцудæй æма рахецæн æй, уой туххæй бæлвурд радзурдта запаси гвардий болкъон Михаил ПАВЛЕНКО. Уæд е адтæй 93 гвардион артиллерион полкки командир. Полк бахаудтæй 1942 анзи кæрони сахар Орджоникидзей бунмæ ка тох кодта, еци 11-аг гвардион фестæг æфсади корпусмæ.

– Кавказбæл тох, – загъта М. Павленко, – æ уагæ æма ахедундзийнадæмæ гæсгæ адтæй агъазиау Устур Фидибæстон тугъди дзамани. Немуцаг оккупанттæ кæд Мæскуй бунмæ дæрæнгонд æрцудæнцæ, уæддæр сæ идарддæри нимпурститæ нæ ниууагътонцæ. Куд зонæн, уотемæй знаг 1942 анзи æ сæйрагдæр хъауритæ исаразта Сталинградмæ æма Кавказмæ. Ардæмæ æмпурсгæй, фашистон æрдонгтæ гъавтонцæ нефть æма тиллæггин районтæ байсунмæ. Уомæй уæлдай ма сæмæ адтæй никки æндæр нисантæ – Хæстæг Хорискæсæн æма Индимæ бампурсун.

1942 анзи 25 августи знаг байахæста Мæздæг. Мах тугъдтити хæццæ цудан Нальчикки ’рдæмæ. Уавæр адтæй хъæбæр уæззау æма тæссаг. Æма советон командæкæнуйнадæ æвæстеуатæй агъаззаг мадзæлттæ исаразта Кавказ багъæуай кæнуни гъуддаги. Алли рауæнтæй ардæмæ æрвист цудæнцæ нæуæг æма нæуæг æфсæддон хæйттæ. Арæзт цудæй аллихузон гъæуайкæнуйнадон федæрттæ, æфсæдтæ еудадзуг ефтонггонд цудæнцæ нæуæгдæр хуæцæнгæрзтæй.

Баксан æма Мæздæги размæ районтæ байахæсгæй, фашисттæн сæ бон нæ бацæй идарддæр цæун. Æма кæд сентябри, сæ идарддæри нимпурсти рæстæг, сæ къохи бафтудæй Малгобек байсун, уæддæр ацирдæмæ æнтæстгинæй æмпурсун нæбал бафæразтонцæ. Не ’фсæдтæ бауорæдтонцæ знаги.

25 октябри немуцаг фашисттæ æрбампурстонцæ Баксани ’рдигæй, дуккаг бон ба – Майский æма Котляревски ’рдигæй, æма сæ них исаразтонцæ сахар Орджоникидземæ. Æрбалæборунмæ гъавтонцæ Даргъ-Къохи ’рдигæй, фал е сæ къохи нæ бафтудæй, уæд. Чиколай ’рдæмæ раздæхгæй, æмпурсун райдæдтонцæ ецирдигæй. Байстонцæ Алагир æма Æрæдон. Æма дууердигæй се ’ргом исаразтонцæ нæ республики столицæмæ.

– Не ’фсæдти нихмæ знаг æрбампурста 2 ноябри, – дзоруй идарддæр М. Павленко. – Авиаций хъаурæгин бомбардировкити фæсте знаг байахæста Саниба æма Гизæл. Немуцаг танкити къуар æ над исаразта Орджоникидземæ, иннæ къуар ба – Æрхонкæмæ. Изæрæрдæмæ байеудагъ æнцæ карз тугъдтитæ мах артиллери æма знаги танкити æхсæн, æма знагæн идарддæр рацæун æ бон нæбал иссæй.

Ноябри еци бæнтти советон командæкæнуйнадæ исаразта никки ахсгиагдæр мадзæлттæ сахар багъæуай кæнуни туххæй. Ардæмæ ма никкидæр гæлст æрцудæй уæлæнхасæн æфсæддон хæйттæ, танкити нихмæ тохæг цалдæр артиллерион полкки.

3 ноябрæй фæстæмæ знаги нимпурст хъæбæрдæр арæзт цудæй Ногир æма Æрхонки ’рдæмæ.

Советон командæкæнуйнадæ æфсæдти размæ исæвардта ихæс: знаги нихмæ нимпурсун æма ‘й ниддæрæн кæнун. Не ’фсæдти нимпурст райдæдта 7 ноябри еци-еу рæстæг цæгат-хорискæсæн æма хонсари ’рдигæй. Æма 9-аг Æфсади хæйттæ знаги ку æрбалхъивтонцæ аллирдигæй, уæд æртухсти бахаудтæнцæ, 11 ноябри ба бустæгидæр дæрæнгонд æрцудæнцæ. Мингай фашисттæ мардæй æма сæдæгай танкитæ сугъдæй байзадæнцæ тугъди будури. Гъе, уотемæй рахецæн æй Гизæли тугъдон операци.

Сахар Орджоникидзей бунмæ карз тугъд райдæдта, Устур Фидибæстон тугъди хъæппæрес советон æфсæдти къохи ку бафтудæй, уæхæн историон æууæлти. Советон æфсадæн æ бон бацæй айдагъ немуцаг-фашистон æфсæдти бауорамун нæ, фал хъаурæгин нимпурст исаразун. Гизæли тугъдон операци адтæй 1942 анзи фиццаг æнтæстгин операци. Æ тугъдон – агъазиау рахастдзийнадæй уæлдай ма, е хъæбæр агъаз фæцæй советон æфсæдти нифс фæффулдæр кæнунæн. Мæздæг æма Орджоникидзей размæ тугъдтити нæ салдæттæ æма афицертæ ци дзиллон æхсарæ равдистонцæ, уомæй бæлвурд зиндтæй æфсæдти тугъдон арæхстдзийнадæ æма нифс æрбалæборæг знагбæл æнæмæнгæ фæууæлахез унæн.

– Мæн, куд артиллеристи, уотæ фæндуй, – загъта æ радзубандий кæрони М. Павленко, – уæлдай хъæбæрдæр артиллерий устур ахедундзийнадæ байамонун Гизæли операций. Комкоммæ дзоргæй, немуцаг танкити хъæбæрдæр дæрæн кодтонцæ артиллеристтæ. Байамонунæн фагæ ’й е дæр, æма нæ полкки сержант Тарликовский æма кæстæр сержант Бармини еунæг дзармадзан басугъта знаги 16 танки. Артиллери æхе æвдиста æцæг «тугъди хуцауæй».

Сахар Орджоникидзей размæ НКВД-ий æфсæдти 273-аг полкки куд тухтæй, уой туххæй адтæй запаси болкъон Дмитрий ВАЩЕНКОЙ дзубанди.

– Нæ полк арæзт æрцудæй Новосибирски размæ, æма 1942 анзи августи æрвист æрцудæй Орджоникидземæ. Æрбунат кодтан сахари хонсар-хорнигулæн кæрони. Рахесæрдигæй нæ синхаг адтæй 26-аг Ленини орденхæссæг Хъиримаг арæнгъæуайгæнæг æфсæдти хецæн полк, галеуæрдигæй ба – 292-аг гурдзиаг полк.

Еци рæстæг сахари медæгæ æма æ кæрæнтти арæзт цудæнцæ федæрттæ. Уобæл æхсæвæй-бонæй, фæллад нæ зонгæй, кустонцæ сахари цæргутæ. Мах полкки размæ, зæгъæн, архайдтонцæ ирон æма уруссаг театрти артисттæ. Адæм къахтонцæ танкити нихмæ арф къæхтитæ. Æфсæддонтæ дæр æма сахари цæрæг адæм дæр хуарз лæдæрдтæнцæ, аци арæнтæбæл сæ мæлæтдзаг тохи нихмæ гъæддухæй лæуун ке гъæудзæнæй. Еугурæйдæр лæдæрдтæнцæ, цийфæнди ку фæууа, уæддæр æрбалæборæг знагæн æрбауадзæн ке нæййес Арвикоммæ дæр æма Орджоникидзей размæ дæр.

Уавæр уæлдай уæззаудæр фæцæй 2 ноябри – знаг Гизæл ку байахæста æма сахармæ ку ’рбахæстæг æй, уæд. Ами, адæгти, нæ полкки æфсæдтæ исæмбалдæнцæ немуцæгтæбæл. Тугъди бацудæй артиллери æма немуцæгтæ фæстæмæ цæун райдæдтонцæ, 3 ноябри ба нæуæгæй фондз немуцаг танки æма фестæг æфсади батальон нæуæгæй æрбампурста не ’фсæдтæмæ. Артиллеристтæ си æртæ танки ку басугътонцæ, уæд иннетæ, уæдта батальон фæстæмæ раздахтæнцæ. Фал бабæй дуккаг бон нæуæгæй, уæлæнхасæн æфсæдти агъазæй, исфæндæ кодтонцæ Гизæлæй сахари ’хсæн надбæл æрбампурсунмæ. Знаги ма Арвикоммæ гъудæй 800 метри, фал еци фæндæ сæ къохи нæ бафтудæй – не ’фсæдтæ гъæддух фæллæудтæнцæ, æма сæ не ’рбауагътонцæ.

6 ноябри нæ полкмæ æрбацудæй морякти ротæ. Уой размæ ба етæ танкитæ æхсæн топпитæй басугътонцæ цалдæр немуцаг танки. Æрбахъæрттæнцæ реактивон минометтæ – «Катюшитæ» дæр. Æма етæ цалдæр хатти ку бахстонцæ знаги, уæд немуцæгтæ нæбал бандиудтонцæ махæрдæмæ æмпурсун.

Знаги нихмæ еумæйаг æмпурст 7 ноябри ку райдæдта, уæд фестæг æфсæдтæн агъазиау агъаз кодта нæ авиаци. «Ил» хуæдтæхгутæ еци еугæндзонæй цудæнцæ æма цудæнцæ атаки æма сугътонцæ немуцаг танкити.

– Орджоникидзей бунмæ тугъдтитæ, – дзурдта Д. Ващенко, – адтæнцæ хъæбæр карз, фал уæддæр знаг дæрæнгонд æрцудæй. Еци уæлахездзийнадæ адтæй Сталингради размæ советон æфсæдти агъазиау уæлахези райдайæн.

Идард Сибирæй Кавказ багъæуай кæнунмæ иссудæнцæ 273-аг полкки æфсæддонтæ. Ардæмæ, сахар Орджоникидзе багъæуай кæнунмæ, 1942 анзи фæззæги нæ Райгурæн бæсти столицæ Мæскуйæй æрвист æрцудæй НКВД-ий æфсæдти 34-аг полк дæр.

– Мах уайтæккæдæр æрвист æрцудан федæрттæ аразуни куститæмæ, – загъта еци полкки снайперти взводи командир Николай Антони фурт Бурлак. – Нуртæккæ турбазæ кæми æй, уой рази, Ной Буачидзей гъæунги, Калакмæ надбæл æма æндæр рауæнти аразтан доттæ. Ами, сахари, нæ куститæ ку рахецæн æнцæ, уæдта федæрттæ аразун райдæдтан Арвикоми надбæл, сауæнгæ Казбегий гъæуи уæнгæ.

Немуцæгтæ Гизæл ку байстонцæ, уæд мах сахармæ æрбацæуæнтæ гъæуай кодтан, нуртæккæ сувæллæнтти сæйгæдонæ кæми æй, уоми, æма Ной Буачидзей гъæунги. Уой фæсте ба знаги нихмæ тухтан Мичуринæй Æрæдони ’хсæн. Нæ полкки фиццаг батальон æмпурста Гизæлмæ. Аци батальони адтæй номдзуд бæгъатæр автоматчик Петр Барбашов. Атаки рæстæг нæ хъæбæр хъор кодта знаги еу дот – уордигæй еудадзуг æхста пулеметчик. Петр Барбашов ибæл гранат багæлста, фал уæддæр пулемет нæ банцадæй. Уæд е бабурдæй доти размæ æма ибæл æхе багæлста. Æ дессаги лæгдзийнади туххæй ин лæвæрд æрцудæй Советон Цæдеси Бæгъатæри ном.

Гизæли тугъдон операций Советон Цæдеси Бæгъатæри ном райста бронетанккин батальони командир капитан Кузнецов. Знаги нихмæ бæгъатæр тох кодтонцæ сурхæфсæддонтæ – æнсувæртæ Остапенкотæ. Сæ еуемæн лæвæрд æрцудæй Ленини орден, иннемæн ба – Советон Цæдеси Бæгъатæри ном.

Не ’фсæдти нифс æма бæгъатæрдзийнадæ адтæй берæ, ци доттæ аразтонцæ, уонæбæл финстонцæ: «Тоги зæйтæ ку райвулонцæ сахари гъæунгти, уæддæр сахарæн раттæн нæййес!» Æма æфсæдтæ исæнхæст кодтонцæ сæ ардбахуæрд – знаги сахармæ не ’рбауагътонцæ.

Æ дзубандий кæрони Н.А. Бурлак зæрдиаг дзурдтæ загъта, полккæн федæрттæ аразуни кустити ка агъаз кодта, еци студенттæн. Еци гъуддаги æфсæдтæ хъæбæр арфиагæй байзадæнцæ сахари цæрæг адæмæй дæр. Республики столицæ багъæуай кæнуни гъуддаги сахайрæгтæ куд зæрдиагæй архайдтонцæ, уой туххæй берæ дзурдтонцæ иннетæ дæр.

Дæлболкъон Антон КАРАВАЙ радзурдта гъе уой туххæй. Уæд е адтæй сæрмагонд полкки инженер. Полк арæзт æрцудæй С.М. Кирови номбæл арæнгъæуайгæнæг училищей афицертæ æма курсанттæй. 1942 анзи училище каст ка фæцæй, етæ сæ митингти командæкæнуйнадæй ракурдтонцæ, цæмæй си арæзт æрцæуа хецæн æфсæддон хай æма син байхæс кæнонцæ сахар гъæуай кæнун. Сæ курдиадæ æнхæстгонд æрцудæй. Фæстæдæр ба аци полк, иннæ уæхæн æфсæддон хæйтти хæццæ, иссæй хецæн дивизи. Æ командир ба иссæй инæлар Киселев.

Федæрттæ аразуни рæстæг А. Каравай ци саперти батальони адтæй, уой доттæ æма дзоттæ аразта сахар Орджоникидзей.

– 1942 анзи октябри кæрони, – зæгъуй А. Каравай, – сахар Орджоникидзе иссæй сæрмагонд федар район. Арæзтадон кустити нин устур агъаз бакодтонцæ сахари промышленнон кустуæттæ æма цæрæг адæм. Æма нæмæ кæд механизмтæ нæ адтæй, уæддæр пайда кодтан алли фæрæзнитæй. Завод «Электроцинк» нин равардта уæзесæн кран, «Стеклотарæ» – цемент. Вагæнттæ цалцæггæнæн заводи косгутæй арæзт æрцудæй сæрмагонд бригадитæ, етæ аразтонцæ танкити нихмæ цæнгæт «узунтæ». Вагæнтти цæлхитæ къуаргæйттæй нихастонцæ кæрæдзебæл, æма сæ æвардтан сахари гъæунгти.

Аллихузон мадзæлтти фæрци сахари цæрæн хæдзæрттæн се ’мбес арæзт æрцудæнцæ федæртти хузи, доттæ æма дзоттæ арæзт цудæнцæ хæдзæртти æма æндæр рауæнти. Еци гъуддаги мах испайда кодтан Севастополь, Ленинград æма Сталинград гъæуай кæнуни фæлтæрддзийнадæй.

Партион æма фæскомцæдесон æмбурдти не ’фсæддонтæ иннæ æфсæддон хæйтти хузæн, ард хуардтонцæ: «Еу ампъез дæр фæстæмæ нæ!» Мах хуарз лæдæрдтан, фæстæмæ цæуæн ке нæййес, уой. Æма цæттæ адтан знаги нихмæ мæлæтдзаг тохи бацæунмæ. Знагбæл æнæмæнгæ фæууæлахези туххæй, æфсæдтæ сæ хъаурæ æма æхсарæ равдистонцæ Гизæли тугъдтити. Сахармæ хæстæг немуцæгтæ берæ минитæ ниввардтонцæ адæгти. Хъуæцæгæнагæ шашкитæй испайда кæнгæй, не ’фсæддонтæ бацæуæнтæ аразтонцæ, минитæ кæми æвæрд адтæнцæ, уоми. Гизæли тугъдон операций берæ сурхæфсæддонтæ æма афицертæ фескъуæлхтæнцæ. Е адтæй еугай адæймæгути нæ, фал дзиллон бæгъатæрдзийнадæ.

Фестæг æфсæдтæн хъæбæр агъаз кодта авиаци. Хуæдтæхгутæ берæ къуæрттæй тахтæнцæ æма тахтæнцæ знаги позицити сæрмæ, уæлдæфи атакæ кодтонцæ немуцаг авиаций. Мах бомбæгæлдзгутæ, кунæггæнгутæ æма штурмовиктæ æнцад нæ уагътонцæ знаги. Махæй алкедæр уидта, нæ авиаций ратахти фæсте немуцаг танкитæ куд сугъдæнцæ, уой. Нæ авиаций бæгъатæр тугъдон архайгутæ никки нифсгундæр ма кодтонцæ еугур æфсæдти.

Нæ авиаций туххæй А. Каравай хумæтæги нæ дзурдта, – уой архæйдтитæ деси æфтудтонцæ æфсæддонти. Уой туххæй дзурдтонцæ нæ иннæ иуазгутæ дæр – фестæг æфсæдтæ æма артиллерион æфсæддон хæйтти минæвæрттæ. Авиаций туххæй лæмбунæг радзурдта бæгъатæр тæхæг ЗÆНГИАТИ Владимир. Уомæн знаг æргæлста æ хуæдтæхæг, содзгæ дæр ма кодта, фал уæддæр æгасæй байзадæй, мардбæл дæр æй банимадтонцæ, уотемæй ба знагæн уæлдæфæй кодта хъаурæгин цæфтæ. Владимир æхе бæгъатæрдзийнади туххæй неци дзурдта, фал сæрустурæй кодта е ’мбæлтти кой, етæ тугъди сæхе куд æхсаргинæй равдистонцæ, уой фæдбæл адтæй æ радзубанди.

– Райдайæни нæ авиаций агъаз æфсæдтæн хъæбæр лæмæгъ адтæй, – дзурдта Владимир. – Уомæн берæ анхосæгтæ адтæй, фал махæн, тæхгутæн, зин адтæй нæ фестæг тугъдон æфсæдтæн байагъаз кæнун цæйбæрцæ нæ фæндæ адтæй, уойбæрцæ нæ бон ке нæ адтæй, е.

Не ’фсæдтæ еугурæйдæр ку нимпурстонцæ, уæд уавæр бустæги раййивта. Æз службæ кодтон 230 штурмовикти авиаций æвдæймаг полкки, æма нæ куддæр сахар Орджоникидзей размæ æрбарвистонцæ, уотæ активонæй архайун райдæдтан знаги нихмæ тугъдтити, нæ сæйрагдæр ихæс адтæй немуцаг танкитæ æма хæрдмæхсæн артиллерий батарейтæ дæрæн кæнун. Уæд мах райстан хъаурæгин хуæцæнгарз – реактивон дзармадзанти нæмгутæ, æма си пайда кодтан айдагъдæр знаги танкитæ æма хæрдмæхсæн артиллерий нихмæ.

Майрæмадаги размæ берæ немуцаг танкитæ æрæмбурд æй, зæгъгæ, нин ку фегъосун кодтонцæ, уæд мах нæ них хъæбæрдæр исаразтан уордæмæ. Штурмовиктæ тахтæнцæ 600 æма сауæнгæ 150 метрей бæрзæндæн. Æма кæд уотемæй мах хъæбæр тæссаг рауæн æвардтан нæхе, уæддæр нæ нисан къохи æфтудæй берæ æнтæстгиндæрæй. Ниллæгути тæхгæй немуцаг танкити ку басугътан, уæд нæ тугъдонтæ акъоппитæй рагæппитæ кæниуонцæ æма нин æрдзæф кодтонцæ.

Нæ авиаци тахтæй эшелонгай. Бомбитæ гæлдзгутæ тахтæнцæ 2-2,5 километрей бæрзæндæн. Устур ахсгиаг адтæй, нæ авиаци фестæг æма иннæ æфсæдти хæццæ æмархайд гъæугæ уагæбæл ке кодта, е. Еци гъуддаги Гизæли тугъдон операцийæн ес устур ахедундзийнадæ.

– Сахар Орджоникидзей бунмæ, – загъта æ радзубандий кæрони Владимир, – немуцаг-фашистон æфсæдти агъазиау къуар дæрæнгонд ке æрцудæй, е фæссикк кодта фашистон командæкæнуйнади нисантæ. Æма уой фæрци, сæ бон нæбал бацæй Цæгат Кавказæй е ’ннæ æфсæдтæн фæййагъаз кæнуни туххæй, еу салдат дæр барветун.

Нимпурсти дзамани тугъдтити аллихузон æфсæдтæ еумæйагæй куд тох кодтонцæ, уой туххæй радзурдта запаси болкъон Валентин КАЛЕНЮК.

– Гизæли тугъдон операций рæстæг артиллери æхуæдæг цудæй фестæг æфсади æмрæнгъæ, – загъта е. – Нæ полкки адтæнцæ, æфсади тугъди агъоммæ ка службæ кодта, уæхæн салдæттæ æма афицертæ. Ардæмæ æрцæугæй, мах æрбунат кодтан сахарæй минкъий уоддæр. Ами артиллери хъæбæр берæ адтæй, æма нимпурст ку райдæдта, уæд мах полк дæр минкъий гъуддæгутæ нæ исаразта.

Немуцæгтæ Иристони дæрæнгонд ку ’рцудæнцæ, уæдта нæ рарвистонцæ Кубанмæ. Уоми дæр полк æхе равдиста бæгъатæрæй. Тугъд фæцан Берлини.

Устур ахедундзийнадæ адтæй Малгобеки æма Елхотти размæ тугъдтитæн. Уой туххæй ба дзурдтонцæ иннетæ.

– Æз уæд адтæн 28 фестæг æфсади снайперти роти командири хуæдæййевæг, – загъта Михаил МЕДНИКОВ. – Нæ бригадæ адтæй Малгобеки рази. Ами 1942 анзи октябрæй 1943 анзи январмæ цудæй карз тугъдтитæ. Æма кæд знаг Малгобек байахæста, уæддæр æ бон нæбал бацæй идарддæр æмпурсун. Сахар Орджоникидзей размæ немуцæгтæ дæрæнгонд ку ’рцудæнцæ, уæд мах дæр размæ æмпурстан. Уæд фæццæф дæн, æма цалинмæ исдзæбæх дæн, уæдмæ не ’фсæддон хай адтæй идард, Хорискæсæни. Уоми æй баййафтон æз дæр.

Малгобеки размæ тугъдтити сæхе бæгъатæрæй равдистонцæ нæ дууæ æмбæстаги – Советон Цæдеси Бæгъатæр Абайти Æхсарбег æма Зæлети Михаил.

– Мах фараст лæхъуæни адтан Киристонгъæуæй. Æз æма Михаилбæл цудæй æвддæсгай æнзтæ, – загъта Æхсарбег. – Нæ еугурей дæр рарвистонцæ еу ротæмæ. Нæ Райгурæн Иристон багъæуай кæнунбæл нæ хъауритæ равдесун нæ хъæбæр фæндæ адтæй. Малгобеки тугъдтитæ карз адтæнцæ. Æз си фæдтæн уæззау цæф. Госпитæли фæсте тугъдтити адтæн Кубани æма Керчи. Фиццаг къуæрттæй еуети хæццæ æз дæр рахизтæн Хъирими зæнхæмæ, æма дууæ суткей дæргъи ме ’мбæлтти хæццæ гъæуай кодтан плацдарм. Уой туххæй мин лæвæрд æрцудæй Советон Цæдеси Бæгъатæри ном.

Малгобеки размæ тугъдтити, – загъта Зæлети Михаил, – махæй еу дæр æ бунат нæ ниууагъта, еу дæр нæ фæттарстæй.

Мæздæги размæ тугъдтити архайдта НИГКОТИ Беза дæр. Уæд е службæ кодта 409-аг сомехаг фестæг æфсади дивизий, взводи командирæй.

– Æртæ суткей дæргъи мах æнæсцохæй адтан тугъди, æма нæ къохи бафтудæй немуцæгти сæ фиццаг акъоппити рæнгъæй расорун. Нæ артиллери фестæг æфсæдти хæццæ кодта æмдзо. Фал уæддæр знаги тухтæ ами адтæнцæ фулдæр æма дууæ мæйей дæргъи размæ рацудан айдагъдæр фондз километри. Сахар Орджоникидзей бунмæ фашистон æрдонгтæ сæ мæлæт ку иссирдтонцæ, уæд мах дæр декабри мæйи размæ бампурстан æма знаги дæрæн кодтан.

Тугъдтитæ Иристони æндæр рауæнти куд цудæнцæ, уой туххæй ба радзурдта уæди 351-аг фестæг æфсади пулеметти взводи командир РÆМОНТИ Геуæрги.

– Нæ полккæн бантæстæй размæ рацæун. Не ’фсæддонтæй беретæ ами равдистонцæ устур лæгдзийнадæ. Роти комиссар Агънати Барис, зæгъæн, атаки ракодта батальон, берæ немуцæгтæ цагъди фæцæнцæ, фал Барис æхуæдæг дæр фæммард æй. Декабри кæрони нæ полк рампурста размæ æма карз тугъдтити архайдта Сурх-Дигорæ байсунбæл. Аци гъæу къуар хатти цудæй къохæй-къохмæ.

Немуцаг фашистон знæгти нихмæ карз тугъдтити сæхе бæгъатæрæй равдистонцæ айдагъ фестæг æфсæдтæ нæ, фал артиллери æма иннетæ нæ, фал фæсфронти ка ’дтæй, еци æфсæддонтæ дæр, зæгъæн, медицинон косгутæ. Уони арæхстдзийнадæ æма бæгъатæр гъуддæгути туххæй радзурдта 276-аг дивизий 404-аг полкки хестæр дохтир
Антон КОЗЛОВСКИЙ.

* * *

Республики журналистти ци тугъдонтæ фембалдæнцæ, етæ сæ размæ не ’вардтонцæ, Цæгат Кавкази ци тугъдтитæ цудæй, уони бустæги бæлвурдæй равдесун. Фал цæбæл фæдздзурдтонцæ, уомæн ес устур ахедундзийнадæ, уæлдайдæр ба Цæгат Иристони æма сахар Орджоникидзей бунмæ карз тугъдтити  æма уонæми Сурх Æфсади уæлахези ахсгиагдзийнадæ никки бæлвурддæр равдесунæн.

Устур Фидибæстон тугъди рæстæг Цæгат Иристони зæнхæбæл немуцаг-фашистон æрбалæборæг æрдонгти нихмæ тугъдтити советон тугъдонтæ ци агъазиау бæгъатæрдзийнадæ бавдистонцæ, е нæ республики аллирауæнти æносонгонд æрцудæй кадæ æма номерæни циртдзæвæнтæй. Уонæн сæ агъазиаутæй иссæй, «Барбашови будур», зæгъгæ, ке хонунцæ, еци мемориалон комплекс Дзæуæгигъæуи æма Гизæли æхсæн фæзуати.