АЛЦÆМÆНДÆР ХУÆРЗЗУНД БÆРЦÆ ÆМА ФÆТКÆ КУ УАЙДÆ…
Недзамантæй рацудæй уæхæн фæткæ, æма Нæуæг анзи размæ адæм кæрæдзей барæвдауиуонцæ ести зæрдæхцæуæн лæвæрттæй, мадта хецаудзийнадæ дæр дзиллæн æхцæуæндзийнæдтæ æнæисаразгæ нæ фæууидæ… Еци арфиаг гъуддаг фæстаг рæстæгути, гъулæггагæн, уоййасæбæл цæстиварди нæбал æй. Гъо, адæм ма кæрæдземæн райарфитæ кæнунцæ, æхсæнадон хелæдæрундзийнадæ цæмæй аразгæ ’й, уæхæнæй уоййасæбæл нецибал уинæн нæ цардиуаги. Гъе нæ, фал ма зæрдæунгæггæнæг «лæвæрттæ» æгæр берæ дæр ма раунцæ.
Мæнæ нур дæр – Нæуæг анзи размæ нæмæ мет нæ уаруй, æвæдзи, уой бæсти? – сæххæт кæнунцæ æрхуни æфтауæг уодуазалгæнæг аллихузон игъосункæнуйнæгтæ: е дин коммуналон æма æндæр лæггæдти феддонтæ фулдæргонд, е дин хуæлци æргъти ирæзт…
Еци фарстатæ адæмæн цæйбæрцæбæл гъезæмайраг æнцæ, е хецаудзийнадæн дæр, æвæдзи, лæдæрд æй, уомæн æма ибæл рæстæгæй-рæстæгмæ дзубанди дæр рауайуй. Мæнæ æрæги ба нæ республики экономикон ирæзти министр Кучити Заур исаразта фембæлд республики агъазиаудæр базарадон косæндæнтти минæвæртти хæццæ. Дзубанди си цудæй фæлхасадон базаради къабази абониккон уавæрти фæдбæл. Уоми уæхæн загъд райгъустæй, гъома, анзи райдайæнæй нуриуæнгæ республики разамунди ’рдигæй бæрнон цæстдард цæуй æнæмæнгæ гъæугæ хуайраги æма æндæр товарти æргъти æмвæзнæмæ, уой хæццæ ба ма фæлхасадон базаради еумæйаг уавæрмæ дæр. Уавæр ба сагъæссаг иссæй уомæ гæсгæ, æма нигулæйнаг бæститæ Уæрæсей нихмæ ци экономикон гæрæнтæ исаразтонцæ, етæ расайдтонцæ хуайраги продуктти æма промышленнон товарти æргъти ирæзт. Еумæйаг экономикон уавæри рæстæгмæ къулумпитæ дæр адæми фæттæрсун кодтонцæ æма си беретæ хæлæфæй æлхæнун райдæдтонцæ хуайраг æма æндæр аллихузи фиццаградон товартæ.
Еугур еци æууæлтæ хинцгæй, федералон хецауадæ æма регионти æмвæзадæбæл бæлвурд унаффитæ хаст æрцудæй, цæмæй æргъти ирæзт еуцæйбæрцæдæр бауорамонцæ, уæдта, фиццаградон нисанеуæги хуайраг æма æндæр товартæ базарадон хизæгтæмæ гъæугæ бæрцитæй æрвист цæуонцæ.
Гъо, адтæй уæхæн хабæрттæ, кæцитæ хъæбæр батухсун кодтонцæ хумæтæг адæми. Уомæй кæцидæр æдзæсгæнттæ фæппайда кодтонцæ æма февналдтонцæ уæларвон æргътæй сæудегейрадæ кæнун. Еци æнаккагдзийнадæ бæлвурдгонд æрцудæй æма, æвæдзи, æнгъезуй, æнæбунати уæлдæргонд æргътæ хузæнон бæрцæмæ раздахун. Фал… Еци æмбурди Кучий-фурт куд загъта, уотемæй:
– Æргътæ раздæри æмвæзадæмæ раздахтæнцæ, зæгъгæ, уæхæн хатдзæг искæнæн нæййес. Уæлдайдæр ба, базарадон экономики æууæлти архайгæй, базаргæнгутæн ес товартæн уæгъдебарæй аргъ æвæруни барæ. Паддзахадæ фиццаградон нисанеуæги хуайраг æма æндæр товарти æргъти фæткæ æвæруй айдагъдæр багъæуаги сæрмагонд уавæрти (еци уагæвæрд федаргонд æрцудæй федералон закъонæвæрунади).
Цума, циуавæр гъæуама уонцæ еци сæрмагонд уавæртæ, цæмæй æргътæ адæми царæфтудгæнæг ма уонцæ?.. Сæ нури гæвзæ цардиуагæ фагæ нæй?
Еци æмбурди ма куд загъд æрцудæй, уотемæй нур зæгъæн ес: нуртæккæ фæлхасадон базари уавæр уоййасæбæл хузæнон æй, æма æргъти зингæ ирæзтæн рæуонæ нæййес.
Магъа-магъа, фал зæгъæн, информацион-аналитикон агентадæ «Infolain»-и генералон директор Иван Федяков ба æрæги дзиллон хабархæссæг фæрæзнити куд фегъосун кодта, уотемæй аци анзи кæрони хуайраги продуктти æргътæ исирæздзæнæнцæ – дæс процентей бæрцæ. Уой фæдбæл уотæ зæгъуй, гъома, анзи кæрони æргътæбæл æнæбафтуйгæ нæййес. Цæмæн, цæй фудæй? Ци рæуæнттæ ракæнунцæ базаргæнгутæ æма «эксперттæ», етæ ба, баруагæс уи уæд, уотид фæливд дзубандитæ ’нцæ. Фудгин ка æма ци æй, е бæрæг æй: фиццагидæр – уавæртæй æхе (айдагъдæр æхе!) хуарзæн ка пайда кæнуй, уони æдзæсгон миутæ. Гъуди ма ’й кæндзинайтæ, анзи райдайæни хуæлци продуктти æргътæ цалдæргай хæттити уайтæккæ куд рабæрзонд ’нцæ!.. Уой дæр – уæди уæнгæ сæмæ се ’фснайæнти æфснайд ка адтæй æма уæлдай хæрзтæ кæнун сæ æгириддæр кæбæл нæ багъудæй, еци продуктти æргътæ дæр. Æма еци миутæ ка аразта, уони æдзæсгон куд нæ исхондзæнæ!..
Раст зæгъгæй, мæнæ Кучий-фурт ци æмбурд исаразта, уоми федералон æма регионалон базарадон хизæгти минæвæрттæ зæрдæ байвардтонцæ, æлхæнгути тухстдзийнадæн нуртæккæ æгириддæр неци рæуонæ ес, фиццаградон нисанеуæги хуайраг æма æндæр гъæугæ товартæ фагæ ес скълæдти. Багъæуаги сахатти дæр фæффулдæр кæнæн уодзæнæй, республикæмæ ци продукци ласунцæ, уой бæрцитæ.
Æмбурдæн хатдзæгтæ кæнгæй, Кучити Заур куд фæннисан кодта, уотемæй идарддæр дæр лæмбунæг цæстдард уодзæнæй фæлхасадон базаради уавæрмæ. Уой фæдбæл ци зæгъæн ес? Еци цæстдардæй адæмæн ести уодæнцойнæдзийнадæй бæргæ ку фæппайда уидæ, зæгъгæ, нæ зæрдæ дардзинан…
Мадта мæнæ уæлдæр ци И. Федякови кой кодтан, е дæр нин зæрдæ бæргæ æвæруй, гъома, рæзæ, халсартæ æма æндæр продуктти æргътæ Нæуæг анзи размæ кæд фæббæрзонд уодзæнæнцæ, уæддæр январи ба декабри райдайæни æмвæзадæмæ æнæгъæнæй ку нæ, уæддæр еуцæйбæрцæдæр гъæуама раздæхонцæ. Хъæбæр зинтæй æруагæс кæнуй, е!.. Фæстаг рæстæгути ма ескæд фæууидтайтæ, æргътæ исбæрзонд уни фæсте фæнниллæгдæр æнцæ, зæгъгæ, уой?
НÆХЪÆРТОН АДÆМИ ТУХСУН КÆНУН ТÆРЕГЪÆД ÆЙ!..
Уогæ, нури еци «æгъдæутти» туххæй æй нæ дзубанди, етæ абони æргъудигонд нæ ’нцæ. А зæнхæбæл базарадæ ку фæззиндтæй, уæд, æвæдзи, фæззиндтæй æ фазони хузæн сæудегейрадæ дæр. Алли паддзахæдти æма аллихузи цардарæзтити рæстæг æ нихмæ бæргæ тох кодтонцæ, фал ин искунæг нæ адтæй. Уæлдай бæрæгдæрæй ба «деденæг рафтауй», адæм тухст уавæрти ку бахаунцæ, уæд. Мæнæ сæрмагонд тугъдон операцимæ гæсгæ нæ бæсти æфсади рæнгъитæмæ кæмæ фæдздзурдтонцæ, еци тугъдонти æфсæддон ефтонгадæй æлхæнун ци багъудæй, уони æргътæ уайтæккæ рауæларвон æнцæ!.. Еума хатт æй фæууидтан, цæйбæрцæбæл цъамардзийнадæ ’й еци сæудегеркæнуйнадæ (уруссагау – спекуляци).
Еци дзурд æй латинаг æвзагæй æрбайсгæ æма амонуй «цæстæ дарун», «еске фæдбæл зелун». Гъома, кæмæндæрти бантæстæй базаради гъуддагарæзти сосæгдзийнæдтæ балæдæрун – адæми æхсицгондæр ка гъæуй, уæхæн товартæ кæмидæрти асландæр аргъæй фæммадзал кæнун æма сæ æртивæр аргъæй уæйæ кæнун. Еу гъуддаг æй, сæудегертæ театралон билеттæ, кенæ машини æййевæн хæйттæ уæйæ кæнун – е уоййасæбæл берети нæ багъигæдардзæнæй. Æндæр хабар ба ’й хуайраги продукттæ хъазардæр аргъбæл уæйæ кæнун, е ба хъæбæр берети, æнæуойдæр нæхъæртон адæми батухсун кæндзæнæй.
«АСЛАНДÆРБÆЛ СÆРЕБАРÆЙ УÆЙÆКÆНУЙНАДÆ»
Уæхæн хабæрттæ еудадзуг æма æнæкунæгæй цудæнцæ нæ бæсти. Никки ба ма лæдæрд нæ адтæй, еци фæззинди нихмæ куд æма ци мадзæлттæй тохгæнгæ ’й, е дæр. Нури доги уæгъдебарæй базар кæнуни уавæрти сæудегерти ести хузи æфхуæрун дæр бустæги растбæл ку нæбал ес банимайæн… Иннердигæй ба еци царæстъегъгутæй уæддæр гъæуй хумæтæг адæм багъæуай кæнун.
Тæккæ фиццагидæр уæхæн зин уавæри бахаудтæй Уæрæсей паддзах Борис Годунов. Æ рæстæги, 1601-1603-аг æнзти фæд-фæди цалдæр анзи Уæрæсей тиллæг не ’рзадæй. Изæвзургæ уавæрæй фæййервæзунæн адтæй еунæг фæрæзнæ – раздæр æнзти дзоллаги æвæрæнтæ раздæри аргъбæл уæйæ кæнун. Фал дзоллаги æвæрæнтæ кæмæ адтæй, уонæй уобæл арази неке адтæй. Уотемæй дууæ анземæ дзоли аргъ фæхъхъазардæр æй инсæй хатти, уæдта æ фæййасландæр кæнунæн дæр неци фæрæзнæ адтæй.
Годуновæн бауайдзæфгæнæн нецихузи ес. Баздахтæй æма æхе æвæрæнтæ байгон кодта адæмæн, дзоллаг инсад уæйæ кодта, раздæр æнзти ци æргътæбæл уæйæгонд цудæй, уобæл. Мæнæуæ уæлдайгунтæй ка æлхæдта, уони ба карз æфхуæрдта куд Мæскуй, уотæ иннæ сахарти дæр. Сæ бустæги æдзæсгондæрти ба ауиндзгæ дæр æркодтонцæ. Ци тиллæг сæмæ иссериуонцæ, уой ба райсиуонцæ æма ’й лæвар иурстонцæ хумæтæг адæмæн.
Гъæуама паддзахи бафæнзтайуонцæ уæди рæстæги хецаудзийнади бæрзонди иннæ бадгутæ дæр. Фал етæ се ’вæрæнтæ игонкæнуйнаг нæ адтæнцæ. Дзолæй ка сæудегер кодта, уонæй уæд ма æгасæй ка байзадæй, етæ ба гъавтонцæ алли мадзæлттæй дæр, æргътæ цæмæй ма ’рхаудтайуонцæ, уобæл. Уой фæсте тиллæг уæлдайгунтæй ку ’рзадæй, уæд сахартæмæ сæ тиллæг уæйæ кæнунмæ ка ласта, уони сæ бæхуæрдунтæ фулдæр хæттити багъæуидæ фæстæмæ сæ хæдзæрттæмæ раздахун, уомæн æма нæдтæбæл исберæ ’нцæ æстъегъгути балтæ æма син сæ тиллæг байсиуонцæ. Цæмæй сæ мæнæуæ сахари асландæрбæл ма уæйæ кæнонцæ, уой туххæй син сæ нæдтæ æрæхгæниуонцæ æма сæ идарддæр нæбал уадзиуонцæ.
КЪОЛАКТÆ ÆМА АСЛАНÆЙ ÆЛХÆНГУТÆ
Сæудегерти мондæгтæ фæццубурдæр кæнунбæл æ рæстæги райархайдта паддзах Алексей Михайлович дæр. 1660 анзи фæззæги паддзах хъæбæр устур деси бацудæй, Мæскуй æма иннæ устур сахарти дзол дзæвгарæ ке фæхъхъазардæр æй, уобæл. Цæмæй уæхæн уавæр исæвзурдайдæ, уомæн неци рæуæнттæ адтæй. Тиллæгæрзад хуарз адтæй. Куд Годунови доги, уотæ бабæй нур дæр сæ цæсгон исуагътонцæ, тиллæг асланæй ка æлхæдта æма ’й хъазардæрбæл ка уæйæ кодта, еци сæудегертæ.
Ами нæ фæндуй нæ гъуди фæббæлвурддæр кæнун. Не ’взаги еци рæстæг фиццаг хатт фæззиндтæй дзурд «къолак». Уогæ, æ къæхтæбæл федар ка лæудтæй, уæхæн лæг нæ нисан кодта, фал хумæтæг адæймагæй тиллæг развæлгъау ка æлхæдта, уæхæн. «Асланæй æлхæнгутæ» худтонцæ, кæрæдзей хæццæ развæлгъау ка бадзубанди кæнидæ æргътæ уæлдæрмæ исесунбæл, уæхæнтти. Сæ нихмæ ка ислæууидæ уонæн нихкъуæрд раттунмæ, уони фæстаг ба бустæги хиццаг нæ уидæ. Цубурдзурдæй, сæудегергæнгутæ адтæнцæ æцæг фудгæнæг къабазæ.
Паддзахи нихкъуæрддæттæн къахдзæф фæррæстмæ ’й. Райдайæни, дзоллаг асландæрæй ка æлхæдта, æма ’й хъазарбæл ка уæйæ кодта, уони æхсæй уой уæнгитæ фæннæмиуонцæ, æма ма си ефстæгтæ райервæзидæ уодæгасæй. Уæдта бардзурд рацудæй, цæмæй етæ зæнхкосгутæй тиллæг мабал æлхæнонцæ æндæсахар, гъæути æма нæдтæбæл. Тиллæг уæйæгæнæг гъæуама æхуæдæг бацудайдæ базармæ æма ин уоми е ’цæг аргъ исбæлвурд кодтайдæ. Уотемæй сæ нæдтæбæл ка расайидæ, уонæн фæггæнæнтæ гъæуама нæбал адтайдæ. Сахари тиллæг уæйæ кæнунæн ба ’ргъуди кодтонцæ циргъзунд мадзал. Сæуми æхсæз сахаттей уæнгæ хуайрæгтæ базари уæйæ кæнун æнгъизтæй айдагъдæр, паддзах ци æргътæ æрфедар кодта, уонæбæл. Цæмæй сæудегертæ се ’хсæнмæ ма ластайуонцæ, уой туххæй ба еу æлхæнæги къохтæмæ лæвардтонцæ айдагъдæр дууæ дзоли. Еци гъуддагмæ сæ цæстæ лæмбунæг дардтонцæ пъиристæфтæ. Аци мадзалæй уæлдай ахиддæр пайда кодтонцæ сахари мæгурдæр цæргутæ. Æмбесонд: «Ка куд раздæр фестуй, уотæ ин Хуцау фулдæр хай бакæнуй», зæгъгæ, е дæр, æвæдзи, уæд фæззиндтæй. Хъазардæрбæл ка уæйæ кодтайдæ æ базайраг, уони кезу ба ралæууидæ сæуми æхсæз сахаттей фæсте. Зундгин бацуд?
Сæудегерти налатдæртæй æма æнæсæттондæртæй, æвæдзи, еу адтæй Яков Шутов. Паддзахади карз бардзурдтæ алкæд æма алли рауæнти, куд æнгъезуй, уотæ æнхæстгонд ку цудайуонцæ, уæд е æхси бунæй истгæ дæр нæ кодтайдæ. Фал Шустови «базари тæрхон» нæ исæргъавта. Е нæ, фал ма дзоллагæй сæудегер кæнунæй уæлдай, цæнхæй дæр райдæдта базар кæнун. Гъе уотемæй иссæй Шустовти сæудегергæнгути дзилаги бундорæвæрæг. Фæстæдæр ба ма сæнтæ-коньяктæ уадзуни гъуддаг дæр сæ къохтæмæ ка райста, етæ.
Паддзахи бардзурд кæбæл не ’сæмбалдæй, æма «базарадон æфхуæрд»-и туххæй арæзт документтæ хъæбæр æстæн æнцæ. Уой фæсте сæудегер кæнуни нихмæ тох кæнуни фæдбæл бардзурдтæ ба дзæвгарæ уагъд æрцудæй.
Зæгъæн, 1694 æнзи Петр I рауагъта сæрмагонд бардзурд, кæцими загъд адтæй, цæмæй сæудегертæ, асландæрбæл æлхæнгутæ æма къолактæ æрбафтуйæг базаргæнгутæй ма æлхæнонцæ фид, кæсалгæ, дзоллаг, хуасæ æма согтæ, уой фæдбæл. Уæхæн гъуддæгутæ ка кæна, етæ ба цæудзæнæнцæ карз æфхуæрд æнæхатирæй æма æнæтæрегъæдæй ист цæудзæнæй сæ есбон.
Зундгонд куд æй, уотемæй паддзах Петр I паддзахади хуарзæн пайдахæссæг æма зæранхæссæг дæр ци ’й, уой хъæбæр хуарз лæдæрдтæй, уомæ гæсгæ, ка ’й зонуй, æгæр гурумухъ дæр уидæ. Фал, баруагæс уи уæд, раст адтæй, æгъатирæй ке æфхуардта æгъдауихалгути, уæлдайдæр ба экономикон фудракæндтити туххæй. Æ мæлæтæй минкъий раздæр, 1725 анзи январи рауагъта нæуæг бардзурд, цæмæй хуайраги продукттæ еугур сахарти дæр уæйæгонд цæуонцæ асландæр æргътæбæл, уæдта фæрсаг гъæутæй ци продукттæ ласт цæуй, уони сæудегертæ ма æлхæнонцæ развæлгъау.
Цийфæнди карз мадзæлттæ ка аразта, уæддæр, куд зонæн, уотемæй Петр I бон дæр нæ бацæй сæудегерти архайди уедагæ бундзарæй исæскъунун.
СÆ АСТÆУИСТÆГ СИН НИССÆТТУН
Раст зæгъун гъæуй, уидæ уæхæн цаутæ дæр, æма паддзахи циргъзунддзийнади фæрци бæрзæйсæттæн цæф æрцæуидæ, базайраги æргътæ зонгæ-зонун уæлæмæ ка исесидæ, уонæн. Зæгъæн, Николай I, ци нæ фæууй, зæгъгæ, æ рæстæги басосæг кодта, паддзахадон скълæдти цæйбæрцæ тиллæг адтæй, уой бæрæггæнæнтæ. Уомæ гæсгæ неке зудта, паддзахи бон исуодзæнæй уæддæр ести хузи базаради цуд фендæрхузон кæнун, уой.
Уæдмæ, 1848 анзи ба Уæрæсей æрæййафта дууæ бæлахи. Еуемæй адæмбæл халери нез бахуæстæй, иннемæй ба тиллæг не ’рзадæй. Николай I бардзурд равардта, цæмæй хуар уæйæгонд цæуа исфедаргонд аргъбæл. Еци аргъмæ каст цудæй хецауади сæрмагонд æмбурди. Рацудæй бардзурд æма си загъд адтæй: «Сæудегертæ сæхуæдтæ ци æргътæ исфедар кодтонцæ, уомæй асландæр дзоллаг куд нæ уæйæ кæнонцæ, уотæ». Уой фæсте ба байгон кæнун кодта паддзахади хуари æвæрæнтæ æма адæмæн дзол уæйæгонд цудæй аслан аргъбæл.
Берæ сæудегертæн сæ зæрантæ исхъæрттæнцæ миллионгай сомти уæнгæ, беретæ ба си бустæгидæр æнæ есбонæй байзадæнцæ.
Советон хецаудзийнадæ ку æрфедар æй æма адæймаги уотид нецæй туххæй дæр, карзæй-карздæр ку бафхуæриуонцæ, сауæнгæ ма ’й ку гæрах дæр ракæниуонцæ, уæддæр сæудегейрадæ бундзарæй исæскъунун ба æ бон нæ бацæй. 1932 анзи медгъуддæгути адæмон комиссариатмæ бацудæй уæхæн финстæг: «Сæудегергæнгутæ аслан аргъбæл æлхæнунцæ колхозонтæй продукттæ, районти центртæ æма базартæмæ бацæуæнти нæдтæбæл. Аллихузон мадзæлттæй сæ тæрсунгæнгæй, сæ хуайраги продукци æлхæнунцæ асландæр æргътæй. Уой фæсте ба сæ уæйæ кæнгæй син сæ æргътæ цæхгæр фæббæрзонддæр кæнунцæ».
Æндæр мадзал нæбал адтæй æма къолæкти ахæстдæнттæмæ кæнун райдæдтонцæ, хуайраги продукттæ уæйæ кæнунæн ба федаргонд æрцудæй паддзахадон æргътæ. Фал уæддæр «листæг сæудегейрадæ» еугур искунæг кæнун ба сæ бон нæ бацæй, уотемæй.
Абониккон «уæгъдебарæ базаради» рæстæг ба алцидæр уæйæгонд цæуй, уæйæгæнгутæй ке цæсгон куд хуæцуй, уæхæн æргътæбæл. Цæстæдарæг оргæнтæ дæр нæмæ бæргæ берæ ес, фал гъуддаг рæстмæ хузи аразæг ба нæййес.
Æрмæг мухурмæ бацæттæ кодта САКЪИТИ Эльбрус.