АДÆМ ÆНГЪÆЛМÆ КÆСУНЦÆ БÆЛВУРД ГЪУДДÆГУТÆМÆ
Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО архайдта аллианзон «комкоммæ бастдзийнадæ»-йи линий. Æдеугурæй райстонцæ 900 игъосункæнуйнаги æма телефони дзæнгæрæги. Æртæ сахаттемæ комкоммæ эфири республики разамонæг дзуапп равардта 30 фарстаемæй фулдæремæн, иннетæн фæстæдæр адæм дзуæппитæ райсдзæнæнцæ.
Сæрмагонд телеравдист искодтонцæ национ телеуинунадæ «Осетия-Иристон»-и, Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Сæргълæууæги æма Хецауади официалон, паддзахадон телеканал «Алани»-йи сайтти æма радио «Алани»-йи эфири.
Комкоммæ эфир цæттæ кæнгæй алли бон дæр куста адæми курдиадитæ æма дзæнгæргутæ есуни call-центр. Фарстатæ истонцæ республики Сæргълæууæги хецæн аккаунти, социалон хизæ «ВКонтакте» æма Регионæн разамунд дæттуни чат-боты «Telegramm»-и. Комкоммæ эфири рæстæг адæм сæ фарстатæ лæвардтонцæ.
Сергей Меняйло эфирмæ æрбадзорæг адæми хæццæ дзубанди кодта, дзуæппитæ лæвардта фарстатæн, амонгутæ социалон хизтæй курдиадитæ кастæнцæ. Блиц-бафарсти фæрци балæвæрд фарстатæн дзуæппитæ равардта. Национ телеуинунадæ «Осетия-Иристон»-и хæццæ бастдзийнадæ адтæй Хецауади Сæрдари хуæдæййевгутæн, æнхæстгæнæг хецауади оргæнти разамонгутæн, райони сæргълæугутæн æма бунæттон хеунаффæйади администрацити хецæуттæн.
Сæйраг темитæ адтæнцæ: æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади ирæзт, нæдти райарæзт æма æхсæнадон транспорти куст, социалон гъæуайкæнуйнадæ, ахуради уавæр, æхсæнадон фæзуæттæ æма еумæйаг тургъти фæлгонцадæ, регионалон æма паддзахадон программитæ. Уомæй идарддæр разамонæг фæббæрæг кодта сæрмагонд тугъдон операций архайгутæн æма сæ бийнонтæн социалон агъази мадзæлттæ.
Сергей Меняйло куд радзурдта, уотемæй гъæуама «Алани»-йи къуари бундорбæл исаразонцæ материалон-техникон ефтонгади пункт. Цидæриддæр тугъдонти багъæуй, уони сæмæ комкоммæ уордæмæ ласунцæ.
Нуртæккæ сæмæ бахъæрттæнцæ пецтæ, гъар медæггаг дзаума, хуастæ, санитарон фæрæзнитæ, генератортæ æма æндæр гъæугæ дзаума. Куд фæббæрæг кодта, уотемæй æртæ цæгат-иристойнаг тугъдони ’нцæ украинаг уацари, бахастонцæ сæ баййевуни хигъдмæ. Фарстамæ гъосдард ес, фæстагмæ син сæ муггæгтæ базондзинан. Ци гæнæн ес, е конд цæуй.
Дзæуæгигъæуи 61-аг рæвдауæндони бундорон цалцæги туххæй дзоргæй Сергей Меняйло куд байамудта, уотемæй нуртæккæ республикæ косуй хе программæбæл. Уой фæлгæти гъæуама 2023 анзи исцалцæг кæнонцæ 30 рæвдауæндони. Æхца син багъæудзæнæй 600 миллион соми. Рагъмæ рахастонцæ Фæскомцæдесон парки хъисмæт. Дзæуæгигъæуи бунæттон хеунаффæйади администраций хецау Милдзихти Вячеслав куд балæдæрун кодта, уотемæй парк æ раздæри хузи байзайдзæнæй. Бæлæстæ санитарон домæнтæмæ гæсгæ калунцæ. Æ бунати байзайдзæнæй тугъдмæ ка рандæй, еци фæскомцæдесонти циртдзæвæн, фæззиндзæнæй си велосипедбæл цæуни сæрмагонд нæдтæ, даргъ къелатæ. Парки нæуæггонд проект равзардзæнæнцæ æхсæнадон байгъустити.
Республики Сæргълæууæг куд бафæдзахста, уотемæй сахари разамунд гъæуама лæгигъæдгун фæсевæди хъаурæ æма зундæй испайда кæнонцæ. «Паспорт дæр гъæуй, фал лигъз бунати зиндзийнæдтæ цæмæй ма фæззиннонцæ, уой туххæй адæми зундирахаст гъæуама лæдæрдгонд уа. Æхсæнадæ гъæуама æ цæстæ фæддара арæзтадон куститæмæ», – загъта республики разамонæг.
Дзæуæгигъæуи цæрæг фарста, 16-аг гимнази кæд байгон уодзæнæй, уобæл. Уоми аци анз райдæдтонцæ бундорон цалцæги куститæ. Сергей Меняйло куд радзурдта, уотемæй аци анзи кæронмæ цалцæггонд фæууодзæнæй. Дзæуæгигъæуи 24-аг скъолай дæр цалцæггæнæн куститæ кæронмæ æрхъæрттæнцæ, уотæ – Советскоейи, Чиколай гъæути, Мизури поселоки. Зумæгон фæлладуагъди фæсте, сабийтæ бацæудзæнæнцæ нæуæггонд кълæстæмæ. Гъуддæгутæбæл хъæбæр архайунцæ 11-аг скъолай дæр.
Республики разамонæг куд фæббæрæг кодта, уотемæй 11-аг скъола цалцæг кæнунцæ дууæ программæмæ гæсгæ, сæ еу æй зæнхинкъусти нихмæ. «Уотæ ’й исфедар кодтонцæ æма ин тæссаг нæбал æй, нæуæг анзи размæ æ цæттæдзийнадæ 100 проценти уодзæнæй. Модернизаций программæмæ гæсгæ дæр анзи кæронмæ исцæттæ уодзæнæй. Уотемæй æй нæуæг анзи искосун кæндзæнæнцæ», – загъта Сергей Меняйло.
Куд ма райгъустæй, уотемæй бавналдтонцæ 44-аг скъолай бундорон цалцæгмæ. Декабри кæрони 19-аг скъолай искодтонцæ еу анзæн нисангонд куститæ, дууæ анзи кæмæн лæвæрд ес, еци скъолатæй ба 8 исцæттæ уодзæнæнцæ. Цуппар бал си бакодтонцæ, иннети нæуæг анзи фæлладуагъди фæсте байгон кæндзæнæнцæ. 2023 анзи нисантæ исæнхæст кæндзæнæнцæ 17 скъолайеми, майи бавналдзæнæнцæ 22 скъолай бундоронæй цалцæги куститæмæ, кæронмæ сæ исæнхæст кæндзæнæнцæ фæззæги. Нæуæг курдиадитæ балæвардтонцæ 70 скъолай туххæй. Республики еугур скъолатæ дæр бундоронæй гъæуама исцалцæг кæнонцæ.
Дзæгъæл куйти хæццæ уавæри туххæй дзоргæй, Сергей Меняйло фæббæрæг кодта, Дзæуæгигъæуи питомники уæлæнхасæн 150 бунати ке байгон кæндзæнæнцæ, уой. Куститæ цæунцæ. «Гъæуама гъуддагмæ æхсæнади æргом раздахæн, гъомбæл сæ кæнун гъæуй. Дзæгъæл куйтæн сæ фулдæр хай æнцæ, хæдзæрттæй ке рагæлстонцæ, уæхæнттæ. Нæ армæй ке исхастан, уони размæ ихæсгин ке ан, е ни иронх ма уæд», – загъта республики разамонæг.
Уæхæн питомник ма 2023 анзи исараздзæнæнцæ Мæздæги. Нуртæккæ ин зæнхи хай радех кодтонцæ, объекти проектон-хæрзти гæгъæдитæ цæттæ кæнунцæ.
Сергей Меняйло загъта æ гъудитæ дони фарстай туххæй. «Нуртæккæ дони хæдзарадæ ’й паддзахадон-унитарон кустуати. Муниципалон дони хæдзарæдтæ есæн ихæсти хæццæ. Уой фæсте феддонтæ æмбурд кæнун райдайдзинан, тарифти ’хсæн ци хецæндзийнæдтæ ес, уони нимайгæй, ихæстæ федуни æмгъудтæ раизолдæр кæндзинан. Хизтæ ’нцæ æййевуйнаг, уонæбæл дæр бакосдзинан», – загъта республики разамонæг.
Уæ зæрдæбæл уин æрлæуун кæнæн: «Цæгат Кавкази федералон зилди ирæзти» паддзахадон программи фæрци Цæгат Иристони исаразтонцæ донæфсесади æма донуадзуни еугонд оператор. Е æй паддзахадон-унитарон кустуат, æ сæйраг ихæс æй республики цæргутæмæ хуæрзгъæдæ дон хъæртун кæнун. Нисан æнхæст кæнунцæ Цæгат Иристони, Дагестани æма Мæхъæли республикити. Тарифти ’хсæн ци хецæндзийнæдтæ фæззиндзæнæй, уонæн федералон центр фæрæзнитæ дæттуй. Программæ исæнхæст кæнун бантæсдзæнæй, æнхæстæй дони хизтæ æййивд ку ’рцæуонцæ, уæд.
Дони хæдзарæдти разамунддæттæг адæми нимæдзæ минкъийдæр уодзæнæй, техникон косгутæбæл ба бафтуйдзæнæй. Сæ мизд дæр фæффулдæр уодзæнæй. Проект нерæнгæ ма нæуæг ке æй, уомæ гæсгæ имæ сæ гъос дардзæнæнцæ Уæрæсей Цæрæнуатон-коммуналон хæдзаради проекти ирæзти департамент æма Экономики ирæзти министрадæ.
Сергей Меняйло куд бафеппайдта, уотемæй дони туххæй феддонтæ аллихузи уодзæнæнцæ гъæути æма сахарти цæргутæн. «Нуртæккæ бал исфедар кодтан 2023 анзи феддонтæ, уой фæсте сæ рæстæмбес искæндзинан. Гъæуама нимад уа, дон куд дæттунцæ, хуæдкалгæ ’й æви нæ… Еугур фарстатæ дæр нимад цæудзæнæнцæ. Иннæ анз сæ банхæст кæндзинан. Тарифти ’хсæн хецæндзийнæдтæ алли хæдзарадæн дæр исбæрæг кæндзинан. Уой фæсте ба бавналдзинан модернизацимæ», – уæхæн хатдзæг искодта республики разамонæг.
Дзæуæгигъæуи донибилтæмæ дæр æнгъæлмæ кæсуй устур райарæзт. Красногвардион хедæй Кирови гъæунгæмæ идæрддзæф исфæлгонц кæнуни проект бацæттæ кодтонцæ. Иннæ анз, апърелмæ, исрæвдзæ уодзæнæнцæ проекти-хæрзти гæгъæдитæ. Объекти проект цæттæ кæнуй «Дом.РФ».
Сергей Меняйло ма бафæдзахста цæрæнуатон-коммуналон хæдзаради, артаг æма энергетики министр Тамати Майрæнæн, цæмæй 28-аг скъолай гъардæттуни фарстамæ æргом раздаха. Тамай-фурт куд балæдæрун кодта, уотемæй скъолай гъар æй, айдагъдæр 4-аг уæладзуги циуавæрдæр къулумпидзийнæдтæ æвзуруй. Гъар уордигæй исæфуй, тагъд фарста лухгонд æрцæудзæнæй.
Культури министрадæн æма Рахесфарси райони разамундæн республики Сæргълæууæг байхæс кодта Ольгинскийи культури Хæдзарæ гъæугæ ефтонггæрзтæй банхæст кæнун, хореограф син иссерун. Бунæттон цæргутæ уони курдтонцæ.
Республики бæрнон косгутæ, профилон министрадтæ иннæ фарстатæ равзардзæнæнцæ æма адæммæ дзуæппитæ рарветдзæнæнцæ.
* * *
Цалцæггæнгутæ рахецæн кодтонцæ, федæни хуæнхон-рекреацион комплекс «Мамисон»-мæ надбæл ци тъунел ес, уой бундорон цалцæг. Уой туххæй æ телеграм-канали фегъосун кодта Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйло: «Подрядон организаций минæвæрттæ зæрдиагæй байархайдтонцæ, цæмæй тъунел æ хузæ искала. Нæуæг цалцæггонд объект нур дзуапп дæттуй фæндаггон змæлди æдасдзийнадæ æма техникон æнаййепдзийнади еугур домæнтæн дæр. Зæгъæн ес, аци цау нæ никкидæр ке фæххæстæгдæр кодта проект «Мамисон» царди æнтæстгинæй рауадзунмæ. Нæ зæрдæ дарæн, федæни курорт республики экономикæбæл хуарзæрдæмæ ке фæззиндзæнæй, уобæл. Уомæн æма фæззиндзæнæнцæ нæуæг косæн бунæттæ, зингæ исирæздзæнæй, Иристон фæлладуадзунæн ка равзара, еци туристти нимæдзæ».
Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Сæргълæууæги æма Хецауади пресс-службæ