22 декабря 2024

«НÆ УÆЛАРВОН ХУÆРÆ НИН АГЪАЗ КÆНУЙ…»

28.02.2023 | 13:31

Темиратæ æма се ’рвадтæлтæ устур кадæ кæнунцæ сæ уæларвон хуæрæ Гумерханæн, алли анз дæр ин искæнунцæ кувд Мæхчески гъæуи, сæ муггаги рæсугъд ковæндони.

Нæ республики гъæууон хæдзаради хестæр æма астæуккаг кари косгутæй берæ, æвæдзи, нæ уодзæнæй, Темирати Мæрзахъули фурт Андрейи ка нæ зонуй, уæхæнттæ. Е берæ æнзти дæргъи æнтæстгинæй разамунд лæвардта айдагъ Уæрæсей нæ, фал æнæгъæнæ Советон Цæдеси дæр зундгонд кустуат – еугонд «Цæгирконсерв»-æн, æ коллектив еудадзуг разæй адтæй æ къабази кустуæтти хæццæ ериси, нæ республики цæргути гъæуагæ нæ уагъта гъæууон хæдзаради аллихузи продукцийæй, фулдæр – халсартæй, хуæрзгъæдæ консервтæ æма дæнттæй.

Советон доги Андрей хуарзæнхæгонд æрцудæй Ленини, уæдта «Кади нисан»-и ордентæй, майданæй «Иристони кадæн», Адæмон Хæдзаради Еугурцæдесон Равдисти сугъзæрийнæ, æвзестæ æма бронзæ майдантæй. Æй Уæрæсей, уæдта Цæгат Иристони гъæууон хæдзаради æскъуæлхт косæг.

«НЕКÆД УÆ ФЕРОНХ УОДЗÆНÆН… СУМАХÆЙ ДÆР ИРОНХ КУД НÆ УОН…»

Андрейи хæццæ хæстæгдæр базонгæ дæн, Темирати муггаги киунугæбæл косун ку райдæдтон, уæд. Æма си еухатт ракурдтон, муггаг сæ уæларвон хуæрæ ке хонунцæ, уой туххæй мин бæлвурддæр радзорун.

– Æ ном æй Гумерхан, – райдæдта æ дзубанди Андрей. – Рагфидтæлтæй байзадæй уæхæн таурæхъ. Кæддæр Дигоргоми цардæнцæ цуппар æнсувæри – Темира, Дзанхъис, Хъазах æма Саукуй. Адтæй син еунæг хуæрæ Гумерхан. Еу сæрдигон бони æнсувæртæ рандæнцæ игуæрдæнмæ хуасæ кæрдунмæ. Сехуарафони ба син Гумерхан фæххаста хуæруйнаг. Бон адтæй райдзаст, хор тæмæнтæ калдта арвбæл, мегъæн æ кой дæр некæцæй адтæй. Кизгæ игуæрдæни нарæг къахнадбæл куд фæххæстæгдæр æй е ’нсувæртæмæ, уотæ æвеппайди æ сæрмæ фæззиндтæй бæмпæги хузæн уорс-уорсид мегъи къубулойнæ, райдæдта карз думгæ, мегъæ æхе бунмæ æруагъта, Гумерхани арæхстгай исиста  æ гъæбесмæ æма уоййадæбæл æрбайсавдæй арви æгæрон цъæхи. Æнсувæртæ къехæй райзадæнцæ,  исдзорунгъон дæр си некебал иссæй. Уæдта бауадæнцæ, мегъæ син сæ хуæри кæцæй фæххаста, уордæмæ, фал ма си айдагъдæр иссирдтонцæ къахнадæй минкъий уоддæр Гумерхани дзабур. Хъæбæр æрмæтъæл æнцæ, мадта куд адтайдæ.

Рахæлæф кодтонцæ сæхемæ. Сæ фидæ Байборухъæн хабар ку радзурдтонцæ, уæд е гузавæгæнгæ, мæтъæлæй æ сæр батилдта: «Ци уин зæгъон, мæ биццеутæ? Æз уæхæн гъуддаг уингæ нæ, фал игъосгæ дæр некæд фæккодтон… Агорун æй гъæуй нур…»

Æхсæвæ бийнонтæй æ цæстæ дæр неке æрцъундæ кодта. Сæумæй ба бон куддæр фæцъцъæх æй, уотæ æнсувæртæ рандæнцæ сæ хуæри агорæг.  Темира – хонсармæ, Саукуй – цæгатмæ, Дзанхъис – искæсæнмæ, Хъазах ба – нигулæнмæ.

Сауæнгæ зумæги райдайæнмæ фæррацо-бацо кодтонцæ  биццеутæ, ци нæ ком, ци нæ хонх басгарстонцæ, уæхæн нæбал байзадæй.

Уæд еу сæумæ æнсувæрти хестæр Темира искувта Хуцаумæ æма си зæрдиагæй ракурдта, цæмæй ма син уæддæр еу хатт сæ уарзон хуæри фæууинун кæна. Æма бабæй рандæй агорæг. Аци  хатт æ гъуддаг фæррæстмæ ’й. Кæмидæр метин æфцæгбæл Темира бахаудтæй еу устур лæгæтмæ. Уоми æ зæрди адтæй æхсæвеуат бакæнун. Æхе куд æруагъта лæгæти къуми æма æрæмбарзта нимæтæй, уотæ дин æвеппайди æ алфамбулай ку ниррохс уидæ. Фæггæпп кодта Темира, кæсуй æма æ размæ байгон æй лæгæти дуар. Разиндтæй си агъазиау рæсугъд уат. Уати астæу ба лæууй Гумерхан, изæди хузæн æма фæлмæн ходуй е ’нсувæрмæ.

Фæццийнæ кодтонцæ кæрæдзебæл хуæрæ æма æнсувæр, уæдта ин Гумерхан загъта:  – Уæларвон тухæ мæ фæххаста æ хæццæ еци бон, нур мæнæн фæстæмæ ’здæхæн нæбал ес. Фал уæ некæд феронх кæндзæнæн. Сумахæй дæр гъæуама иронх макæд уон. Мæнæ уин мæ минкъий лæвар – уацамонгæ, хумæтæг нæй – е уин еу мæйæ раздæр зонун кæндзæнæй, муггагбæл хуарзæй дæр, лæгъузæй дæр æрцæуйнаг ци уодзæнæй, уой. Мæ номбæл ба хуарæфснайæнти агъоммæ исковиайтæ – æхсири гъæстæ  æма æртæ уæлвицки…» Уотемæй Гумерхан рафæндараст кодта е ’нсувæри æ райгурæн хæдзарæмæ…

Андрей еу минкъий рæстæг нигъгъос æй, нецибал дзурдта, уæдта мæмæ æрбакастæй æма загъта: –Лæдæрун дæ, мæ радзурд дæмæ аргъауи хузæн фæккастæй, фал тæккæ дессагдæр ба е æй, æма нæ уæларвон хуæри агъаз берæ хæттити балæдæрдтан. Дæнцæгтæ дин æрхæсдзæнæн. Зонис ме ’рвадæ Темирати Виктори, гъæууон хæдзаради наукити доктор, профессор, берæ æнзти дæргъи æнтæстгинæй разамунд лæвардта Хуæнхон паддзахадон аграрон университетæн. Уомæн æ фидæ Хæмиц, мæ фиди ’нсувæр, Устур Фидибæстон тугъди фæцæй, зæгъæн ес, райдайæнæй кæронмæ, фал, цъæрæмухст дæр некæд фæцæй. Еухатт се ’фсæддон хайбæл немуц æрхъола ’нцæ, цæгæн ратонуни мадзал нæбал адтæй. Хæмици æмбæлттæ минкъийæй-минкъийдæр кодтонцæ. Акъоппи бадтæй, сæр исесæн дæр си нæ адтæй, æхецæн фæййервæзун æнгъæл нæбал адтæй. Еу усми æ фур тухст æма фæлладæй лæгæн æ цæститæ фæххуæстæнцæ, æма дин æ медфунæймæ ку райгъосидæ: «Ма тæрсæ, Хæмиц, неци дин уодзæнæй, фæййервæздзæнæ…» Фестъæлфтæй æ медбунати Хæмиц, ракæсæ-бакæсæ кæнуй, фал æ рази неке… Уæдмæ райдæдта нæхе æфсæдти нимпурст, æрхъолай цæг ратудтонцæ, фал Хæмици æмбæлттæй æгас некебал адтæй… Нæхе æфсæддонтæ имæ ку æрбахъæрттæнцæ, уæд си Хæмиц ракурдта, æркæсайтæ, дан, мин мæ фæсонтæмæ, цидæр æнахур сугъд мæ кæнунцæ, зæгъгæ.  Раластонцæ ин æ цинел, фæууидтонцæ æфсæддон хурдзин æма сæ десæн кæрон нæбал адтæй – цинел дæр, хурдзин дæр издий æрхъезтæй сарсийнæ фестадæнцæ.

ДУЙНЕЙ ИСКОНДИ ДЕССÆГТÆ ÆМА СОСÆГДЗИЙНÆДТÆН КÆРОНМÆ БАЗОНÆН НÆЙЙЕС…

Иннæ хабар ба уæхæн адтæй, Задæлески гъæуккаг Бæзити Инали фурт Бидолæ адтæй Темирати хуæрифурт. Службæ кодта 1914 анзи зундгонд инæлар Брусиловмæ ветеринарон хаййи болкъони цини. Адтæй имæ берæ тугъдон хуæрзеугутæ. Бидолæ æфсæддон хай дæр еууæхæни бахаудтæй хъæбæр зин уавæри. Æхсæви, æ цатири, хуссæнбæл æхе æруагъта Бидолæ,  исон ци бауодзинан, зæгъгæ, еци гъудий хæццæ. Мæтъæл адтæй æ ординарец дæр. Фæсæмбесæхсæвæ ба дин Бидолæ æвеппайди ку балæдæридæ æндеггæй, цатири сæрбæл, цидæр къахдзæфти змæлд. Æма æ гъос ку радаридæ: «Æз дæ мади хуæрæ Гумерхан дæн, ма тæрсæ, алцидæр хуарз уодзæнæй…» Бидолæ сагъæси бафтудæй, хуссæг æй нæбал ахæста. Ку ’рбон æй, уæдта райдæдта Брусилови зундгонд нимпурст…

Андрей æхуæдæг, кæдмæ цæра, уæдмæ дæр си некæд феронх уодзæнæй еци фæззигон изæр 1957 анзи. Уæд е, 27-анздзуд æригон агрономон факультети фæсте косун райдæдта Чиколай Ленини номбæл колхози. Еу изæр фæскуст æ бидарки рандæй Силтанухъи будурти æ фиди ’нсувæр Геуæргий бæрæггæнæг. Уоми Дигоргоми колхоз æфснайдта æ нартихуар, Геуæрги ба адтæй колхози сæрдар. Фæццийнитæ кодтонцæ æмбесæхсæвтæмæ æрвадтæлтæ кæрæдзебæл, хуарз фæббадтæнцæ, уæдта Андрей цæунвæндæ искодта.

Геуæрги æй нæ уагъта, æнафонæ ’й, мабал цо, ку ’рбабон уа, уæд цæудзæнæ, зæгъгæ. Фал æригон агроном тарстæй, сæумæй планеркæмæ ку байрæги кæнон, уæд е аййев нæ уодзæнæй. Æ над ракодта Чиколай ’рдæмæ. Æ бидаркæй еу минкъий ку бауадæй фæззигон итигъд будури, уæд ибæл берæгътæ æрбамбурд æнцæ. Бæх уайун байдæдта, фуртæссæй æ хеди тæф мегъи хузæн исбадтæй сæ сæрмæ.

Андрей ба æ бон цæйбæрцæ адтæй, уойбæрцæ гъæр кодта, æ зæрдæ æрлæуунмæ ’й берæ нæбал гъудæй.

Чиколайæй Дзæуæгигъæумæ надмæ ба ма гъудæй дзæвгарæ бауайун. Сирдтæ дууердигæй хæстæгæй-хæстæгдæр кордтонцæ бидаркæмæ, еу имæ си фæстети исгæпп кæнун дæр равзурста. Æвеппайди разæй ферттивта хуæдтолги цирæгъти рохситæ. Куд хæстæгдæр кодтонцæ, уотæ берæгътæ æнæбари еугай-дугаййæй æхсæви тари фæццидæр æнцæ.

Хуæдтолгæ бауорæдта, шофер рахизтæй кабинæй æма байамудта, мæ фæсте рацо, зæгъгæ.  Бахъæртун кодта бидаркæ Чиколай гъæугæронмæ, æнæдзоргæй разилдæй æма сахари ’рдæмæ райевгъудæй. Ка дæ, кæмæй дæ, зæгъгæ, ма бæргæ дзурдта æ фæсте, фал е нæбал æрлæудтæй.

Еугуремæй дессагдæр ба е адтæй, æма еци æнзти æхсæвигон нæ – бонæй дæр аци надбæл кæд рацудайдæ дууæ-æртæ уæзласæн хуæдтолги! Уой фæсте берæ фæффарста, фæййагурдта æ ервæзунгæнæги Андрей, фал неци… «Æвæдзи мæмæ еци лæги нæ уæларвон хуæрæ рарвиста, – дзурдта Андрей. – Æндæра е ка адтæй?»

Æ бæх ба еци æхсæви фæсте еу-дæс бони нæдæр хуæргæ бакодта, нæдæр дон баниуазта, æ къæхтæбæл нæбал ислæудтæй, ниммардæй… Андрей æхуæдæг дæр дзæвгарæ рæстæг æ кеми не ’рцудæй…

Темиратæ æма се ’рвадтæлтæ устур кадæ кæнунцæ сæ уæларвон хуæрæ Гумерханæн, алли анз дæр ин искæнунцæ кувд Мæхчески гъæуи, сæ муггаги рæсугъд ковæндони.

Нæййес кæрон дуйней дессæгтæ æма сосæгдзийнæдтæн. Æма сæ, æвæдзи, кæронмæ дæр некæд æма неке базондзæнæй.

ХÆМИЦАТИ Морис