29 апреля 2024

«ЦАРДАМОНДМÆ БÆЛГÆЙ, УÆХЕБÆЛ КОСУНÆЙ МА ФÆЛЛАЙЕТÆ!..»

31.03.2023 | 13:28

Еу зундгин лæг, дан, кæддæр фæсевæди хæццæ цардарæзти хабæртти фæдбæл ку дзубанди кодта, уæд æй бафарстонцæ:

– Кæмæй истай зунд?

Æма син е равардта уæхæн дзуапп:

– Хъæрæутæй!.. Хъæрæу æ къах не ’рæвæрдзæнæй, рагацау æ лæдзæгæй ке нæ исбæрæг кæна, уæхæн рауæни…

Аци хабар, махмæ гæсгæ, фæдзæхсти хузи бабæззидæ нæ кæстæртæн, сæ карни нæдтæ равзаруни размæ, цæмæ бæллис æма сæ бантæсунбæл кутемæй архайуйнаг дæ, зæгъгæ, рагъуди кæнунæн. Уогæ еци загъд æнæгъæнæй дæр хауй хестæртæмæ дæр: нæ кæстæртæ нæ исонибон æнцæ, æма сæ абони ку фæррæствæндаг кæнæн, уæд, цæмæ сæмæ æнгъæлмæ кæсæн, уомæй зæрдрохс уодзинан. Аци фарста кæд хъæбæр сагъæссаг æй, уæддæр ес еугур равгитæ тæккæ хуæздæр хузи æ райаразунæн. Æцæг ибæл еудадзуг æма æновудæй косун гъæуй. Уомæн, махмæ гæсгæ, нæ республики Парламенти Сæрдар Тускъати Таймораз берæ кустæгути ’хсæн сæйрагдæр фарстатæй еуебæл нимайуй ирæзгæ фæлтæрти хæццæ архайд. Фарæ октябри Парламенти арæзт æрцудæй ахурдзау фæсевæди хæццæ фембæлд. Уæд Тускъай-фурт райарфæ кодта Дзæуæгигъæуи базарадон экономикон колледжи студенттæн, Еугуруæрæсеуон конкурси уæлахездзау ке разиндтæнцæ, уой фæдбæл. Е ма уæд бæлвурд дзуæппитæ равардта, фæсевæдæн сæйрагдæр ка ’й, уæхæн берæ фарстатæбæл.

Æма бабæй мæнæ æрæги арæзт æрцудæй еума уæхæн фембæлд. Уогæ аци хатт ба Тускъати Таймораз æхуæдæг иуазæгуати адтæй ахурдзау фæсевæдæн сæхемæ – фембалдæй Хуæнхон паддзахадон аграрон университети æма Цæгат Иристони базарадон-экономикон колледжи студентти хæццæ. Ци берæ аллихузон фарстати фæдбæл си цудæй дзубанди, етæ адтæнцæ: республики фæсевæдон парламентмæ æвзурститæ, æригон фæлтæри архайд социалон-культурон æма политикон тугъдади, патриотон гъомбæладæ. Райгурæн бæстæбæл рæстуодæй æновуд ун æма æ гъомусади сæрбæлтау рæстзæрдæй архайунмæ цæттæдзийнадæ…

 

БАТЫШЕВ Сергей, педагогон наукити доктор:

«Беретæ хъæбæр зинтæй исарази унцæ сæхуæдтæ сæхе цардиуаги гъуддæгути фæдбæл сæхемæ бæрнондзийнадæ райсунбæл. Æвæдзи, уомæ гæсгæ æма хемæ бæрнондзийнадæ уой амонуй, æма уæд адæймаги багъæудзæнæй «нæ» зæгъун æ зæрдихудтитæн, кедæр гъæнтæ бæрæг кæнунæн, куд иннети, уотæ æхе дæр фудгин кæнунæй. Е ба домуй бæрæг æййивддзийнæдтæ æма тухархайд. Гъай-гъайдæр, хе раййевуни бæсти, кедæр фудгин кæнун æнцондæр æй. Берæ адæймæгутæ, сæ сагъæссаг уавæри фуд зонгæй, уæддæр нæ архайунцæ хе раййевунбæл, æма уой бæсти сæхецæн аккаг кæнунцæ ухери кæнун. Е æй сæ барæвзарæ ’й. Алли адæймаг дæр æхуæдæг фæлдесуй æ дуйне…»

 

 

Æ радзубандий Тускъати Таймораз баханхæ кодта, ахуради ахедундзийнадæ, куд æнæгъæнæ æхсæнадæн, уотæ хецæн адæймæгутæн дæр сæйрагдæр ке ’й, уой.

– Гъæуама хуарз зонайтæ нæ бæсти, нæ республики, уæ бийнонти евгъуд рæстæгути хабæрттæ. Дузæрдуггаг нæй – сумахæй алкæмæн дæр ес уæхæн зонгæ адæймæгутæ, кæцитæн сæ ахедундзийнадæ, гъомусадæ агъазиау æнцæ нæ еугур æхсæнадæн дæр. Æма сæ гъæуама фæнзайтæ, е уин фæййагъаз уодзæнæй царди бæрзæндтæмæ исхезунæн. Иристон æй, æнæгъæнæ дуйней дæр ке зонунцæ, аргъ кæмæн кæнунцæ, уæхæн адæймæгути райгурæн бæстæ. Цитгин Хетæгкати Къоста, дуйней фиццаг силгоймаг-дирижер Дударати Вероникæ, ехсæттæн науæ «Ленин»-и капитан Кучити Юрий, Советон Цæдеси дууæ хатти Бæгъатæр, Монголий Адæмон Республики Бæгъатæр Плити Иссæ æма ма беретæ. Царди циуавæрфæнди къабазæ ку райсай, уæддæр си иссердзæнæ нæ адæми минæвæртти намусгин нæмттæ, уони хæццæ дзæвгарæ ес æригон адæймæгутæ дæр.

Студенттæ Тускъай-фуртмæ айдагъ игъосгæ нæ кодтонцæ, фал сæхуæдтæ дæр сæ гъудитæ загътонцæ.

Уæдта ма лæвардтонцæ Тускъай-фуртмæ фарстатæ, е син равардта бæлвурд, æнхæст дзуæппитæ. Аллихузон фарстати æмрæнгъæ адтæй уæхæн дæр – æригон специалист ахур фæцæй, райста диплом, фал куст иссерун æ бон нæй. Æма уæдта ци гæнгæ ’й? Еци фарстайæн Тускъати Таймораз равардта уæхæн дзуапп:

– Уæ фиццаг кусти бунатмæ курдиадæ ку раттайтæ, уæд рагацау ма агоретæ уæхецæн уæлдай зæрдæмæдзæугæдæр уавæртæ æма фадуæттæ. Исарази бал уотæ, кустуати разамунд уин ци зæгъа, уобæл. Æма райдайетæ косун. Хецау кæсдзæнæй, æма уæ архайд, уæ февнæлд æ зæрдæмæ ку фæццæуа, уæд уин æхуæдæг агордзæнæй хуæздæр, пайдадæр гæнæнтæ æма фадуæттæ. Уæхебæл косунæй ма фæллайетæ, сæйрагдæр – ахур æй æма имæ тундзетæ!..»

Тускъати Таймораз æ радзубандий нæ Иристони намусгин адæймæгути æримисгæй, фæсевæдæн фæнзетæ сæ, зæгъгæ, ке бафæдзахста, уомæ гæсгæ зæрдæбæл еу рагон хабар æрбалæууй.

Еу æнæкелбет бердзейнаг, дан, скифти бæстæмæ бафтудæй æма дзæнгæда цæгъдунæй нæбал æнцадæй. Скифтæ ибæл ходун байдæттонцæ.

– Сумах мæнæн гъæуама устур аргъ кæнайтæ, – æсхустæй дзоруй иуазæг. – Æз уæмæ æрбафтудтæн, Платон ци бæсти райгурдæй, уордигæй!..

Æма ин скифтæ ба загътонцæ:

– Цæмæй дин аргъ кæнæн, уой туххæй гъæуама Платони хузæн дзорай. Ду ба дзæгъæл дзæнгæда цæгъдис…

Гъе уотæ нæ нури кæстæртæ дæр æй рæстзундæй лæдæронцæ: нæ фидтæлти кадæ æма намусæй сæрустур уогæй, архайун гъæуй уони хузæн лæгдзийнæдтæй фескъуæлхун…

 

Æрмæг мухурмæ бацæттæ кодта БИЧИЛТИ Алетæ.