22 декабря 2024

«СУЛЕЙМАН АДТÆЙ НÆ АДÆМИ ÆЦÆГ ЛÆГ!..»

21.04.2023 | 14:42

Газет «Рæстдзинад»-и редакций косгутæ Цæгат Иристони номдзуд спортсменти хæццæ фембæлди рæстæг. Раззаг рæнгъи (рахесæрдигæй дуккаг) бадуй ТЕГАТИ Сулейман.

Тегати Сулеймани хæццæ  нин хæстæгдзийнадæ адтæй мæ фиди мади æрвадтæлтæ Сосранти ’рдигæй, æма мæмæ е ба бустæги хеуони зæрдæ дардта. Еци хабар мæбæл никки устурдæр ихæстæ æвардта æ рази. Кæд  Сулейман мæ хæццæ  гъазгæ дæр, ходгæ дæр кодта, уæддæр æз мæ кæстæри бунат зудтон. Мæ уарзон хестæр, редакций дзурддзæугæдæртæй еу, рæвдаугæ мæ куд кодта, агоргæ дæр ми уотæ кодта. Айдагъ финсуни гъуддаги нæ, фал аллибони царди дæр, косæг æма гъæууон уацхæсгути хæццæ кусти, редакций æнæнимæдзæ иуазгути фембæлдтити. Ахид мин дзурдта:

– Газетмæ æхе ка бахатуй, е имæ хуарздзийнадæмæ фенгъæлмæ кæсуй. Ду уомæн æ тухст ку нæ балæдæрай, æ фарсмæ ку нæ балæууай, уæд æ зæрдæ æрмæтъæл уодзæнæй, нæбал æууæнддзæнæй газеттæбæл.

Уомæ гæсгæ, редакцимæ ка цæуй, уонæмæ игъосун гъæуй лæмбунæг. Е ди макæд феронх уæд.

Тегай-фурти исфæлдистадон арт уæлдай ирддæрæй иссугъдæй, промышленнон хайади сæргълæууæгæй ку куста, уæд.  Фиццагидæр исаразта уацхæсгути пункттæ устурдæр кустуæтти æма арæзтæдти. Уордигæй имæ финстонцæ фæллойни раззагдæртæ, берæ зундгонд адæймæгутæ: разамонгутæ, инженерон-техникон косгутæ. Мадта партион æма советон разамонгути дæр æнцад кæми уагътайдæ! Æхуæдæг еудадзуг æнæзийнадæй цудæй заводти цехтæмæ, æрзæткъахæнтæмæ, сауæнгæ листæг кустуæттæмæ дæр. Алкæцæй дæр æрбаздæхидæ хуарз хабæрттæй идзаг блокноти хæццæ. Кусти гъæуагæдзийнæдти еувæрсти дæр некæд рацудæй.

Адæми хæццæ цæрунмæ, сæ тухститæ балæдæрунмæ Сулейманæн æхецæй лæгдæр берæ нæ фæууидтон. Еудадзугдæр имæ хъæбæр берæ иуазгутæ цудæй. Кæмæндæр фæййагъаз кæнун гъудæй куст иссеруни гъуддаги, кедæр гъудæй æ сæйги сæйгæдони ниввæрун, иннемæн æ бæдолæ фæлварæнтæ равардта, фал нæ бахаудтæй институтмæ, кедæр расайæ-басайæ кæнунцæ фатерæй… Уæхæнтти хæццæ Сулейман берæ куста. Айдагъ газетти ниффинсунæй некæд рахецæн кодта гъуддаг. Сауæнгæ партий обкоми æма республики Министрти Совети бæрнон косгутæмæ дæр бацæуидæ еске фарста раст ралух кæнуни туххæй. Гъуддаг исаразта, зæгъгæ, уæд, сувæллон рæсугъд гъазæнбæл куд бацийнæ кæнуй, уотæ цийнæ кодта. Сулеймани фæрци айдагъ фатертæ ка райста, етæ дæр зин банимайæн  æнцæ. Æхуæдæг ба æ берæ бийнонти хæццæ цардæй унгæг фадуæтти. Никки ма æнæ иуазæг берæ æхсæвтæ нæ фæцæнцæ.

Сулейманæн æхецæй  игъæлдзæгдæр, æхецæй зæрдхæлардæр  берæ нæ адтæй. Æ куститæ ку фæууиуонцæ, уæд цидæр æнахур æхсицгон фæлладæй æ рази ку рамбурд уийанæ, уæд нæ фурходæгæй  азгъунсти фæрстæ тудтонцæ. Еци бæгъатæр тугъдон, нæхе Сулейман цума знаги нæмугæй уæззау цæфтæ дæр нæ баййафта, цума дзæбæх – æнæнез уогæй царди зиндзийнадæ дæр нæ фæууидта, уотæ зиндтæй. Æ циргъзунд  æмбесæндтæмæ игъосгæй ходæги цæстисугтæ беретæ æруадзиуонцæ. Еуæй-еу хатт нæ гъæрæй худт æма хъæлæбамæ редактор Хъанухъуати Валодя Тегай-фурти косæнуати дуарæй мæстгун хузæй æрбакæсидæ, æма минкъий фæстæдæр ходгæй раздæхидæ.

Сулейман ахид имиста, скъолай ахури бæнтти æхуæдæг дæр, е ’мгæрттæй дæр кадæртæ æмдзæвгитæ финсун куд æвзурстонцæ, уой. Еухатт нин радзурдта, кæддæр æй е скъоладзау æмбæлттæй кадæр еуварс куд рахудта, æма ин куд бакастæй æ нæуæгфинст цуппаррæнгъон:

О, мæгур кæсæлгитæ,

Дон уæ ку фæлласуй.

Уæ тæрегъæдæй уг дæр,

Гъæрæй ку ниууасуй.

Æригон «поэт» æмзæвгæ каст ку фæцæй, уæд Сулеймани рафарста:

– Политикон æгъдауæй си ести рæдуд ес?

Сулейман бахудтæй æ медбилти:

– Политикон æгъдауæй ин бæргæ неци æй…

Еухатт ба редакцимæ Сулейманмæ æрбацудæй æ гъæуккаг, минкъий хуæздæргъæуагæ лæг. Сæ кæрæдземæн салам ку равардтонцæ, уæд иуазæг райдæдта:

– Сулейман, æз устур Чиколайæй ардæмæ сæрмагондæй дæумæ иссудтæн. Цæмæн, зæгъгæ, мæ фæрсис… Мæ синхæгтæй кедæр хæццæ хæснæ ракодтон.

– Цæй туххæй? – рафарста Сулейман.

– Æз син уотæ зæгъун, Гитлер хъæрæу адтæй, зæгъгæ, етæ ниллæудтæнцæ, нæ адтæй, зæгъгæ. Æццæйнæ, нæ, Гитлер хъæрæу адтæй?

Сулейман, æ ходун туххæйти уорамгæ, дзуапп равардта:

– Уæллæгъи, хъæрæу, хъæрæу! Хъæрæу ку нæ адтайдæ, уæд æ над хуæздæр адтайдæ æма махмæ не ’рбалæбурдтайдæ…

Лæги цийнæн ма кæрон кæми адтæй! Еци разæнгардæй бабæй æй рафарста:

– Æццæйнæ, Сталин æма Гитлер гъæбесæй ку рахуæстæнцæ, уæд Сталин Гитлери рампурста?

Сулеймани дзуапп бабæй берæ хезун нæ багъудæй:

– Гъай-гъай æй рампурста, уомæн æма Сталин богал адтæй.

Иуазæг æ фурцийнæй хæрдмæ хаудтæй:

– Цæуæн, фæйнæ горæттаг бæгæний баниуазæн.

– Æма цæмæннæ гъæуама баниуазæн? – Сулейман æнæзийнадæй рахудта æ гъæуккаги бæгæни ниуазунмæ.

Уой фæсте æй мах ахид нæ разæй искæнианæ, цæмæй нин еци хабар радзурдтайдæ. Кенæдта ’й рафæрсианæ: «Сулейман, æццæйнæ, Гитлер хъæрæу адтæй?»

– Уæллæгъи, бустæги хъæрæу…

Тегати ездон Сулейман редактори хуæдæййевæг ку иссæй, уæд æз «Рæстдзинад»-и нæбал кустон, фал редакцимæ ахид цудтæн æма уидтон, æндæрхузи ке нæ фæцæй, уой. Адæми куд уарзта, адæм æй куд нимадтонцæ, уомæн æвдесæн иссæй æ фæстаг бон дæр: æ рафæндараст кæнунмæ дуйней дзиллитæ æрæмбурд æнцæ айдагъ силгоймæгтæ нæ, фал ма нæлгоймæгтæй дæр беретæ кудтæнцæ хæкъурццæй. Сулейман адтæй адæми лæг, æма адæми зæрдити байзадæй æ рохс ном.

МÆХÆМÆТТИ Ахурбег,
Цæгат Иристони Фæллойни Бæгъатæр