СÆРМАГОНД ГРАНТТÆ – ХУÆЗДÆР СКЪОЛАТÆН
Цæгат Иристони скъолатæй ахурадон архайди хуæздæр бæрæггæнæнтæ ка ’вдеса, уонæн лæвæрд цæудзæнæй Цæгат Иристони Сæргълæууæги гранттæ. Уой туххæй Сергей Меняйло фегъосун кодта Хецауади алликъуæреуон æмбурди.
Республики разамонæг науки министради разамундæн бабарæ кодта, цæмæй бацæттæ кæнонцæ уæхæн гранттæ дæттуни фæткæвæрд. Сергей Меняйло ма сæрмагондæй баханхæ кодта уой дæр, цæмæй еци фæткæвæрди нисангонд æрцæуа, гранттæн сæ еу хай лæвæрд ке цæудзæнæй гъæууон скъолатæн.
Ахуради фарстатæбæл идарддæр дзоргæй, республики Сæргълæууæг министрадæн байхæс кодта, цæмæй байархайуонцæ, Цæгат Иристон æма Мæскуй Курчатови институт æрæги ци уæрæх ахурадон-наукон бадзурд бафинстонцæ, уой æнæгъæнæйдæр æнхæст кæнуни туххæй бæлвурд мадзæлттæ иснисан кæнунбæл. Сергей Меняйло ма куд байамудта, уотемæй дуйнеуон рахастдзийнæдти Мæскуйаг паддзахадон институти хæццæ дæр уæхæн фæтки бундорбæл æмгустадæ рапарахат кæнун ке гъæуй, уой.
ТАБУЙАГ РАУÆН ГЪÆУАМА ÆНÆМÆНГÆ ТАБУЙАГ УА…
Æмбурди ма дзубанди рацудæй, Алагири райони Дзиуаригъæуи Гæздæнти æнсувæрти циртдзæвæнмæ хæстæг зæнхи хай цæмæдæр гæсгæ хъæбæр дзурдтаг ке иссæй, уой фæдбæл. Куд рабæрæг æй, уотемæй аци, нæ еугуремæн дæр табуйаг рауæни кадæр гъавуй берæуæладзугон хæдзарæ исаразун. Æма Сергей Меняйло паддзахадон есбонадæ æма зæнхи рахастдзийнæдти министр Тедети Русланæн байхæс кодта, цæмæй уавæр лæмбунæг рартаса.
– Зæнхи хаййи фæдбæл еугур гæгъæдитæ дæр бамбурд кæнетæ æма мин сæ æрæвæретæ мæ рази. Уæдта идарддæр унаффитæ кæндзинан!..
Уой хæццæ ба ма бунæттон хеунаффæйади еугур къабæзти разамонгути зæрдæбæл дæр æрлæуун кæнун: еу кенæ иннæ зæнхи хай сауæнгæ хе есбонади ку уа, уæддæр æ хецауæн барæ нæййес, цæмæй си араза цидæриддæр æй бафæндæуа, уой. Ке зæгъун æй гъæуй, ес юридикон фарстатæ, фал ма уомæй уæлдай гъæуама æфсармæ æма адæймагдзийнадæ дæр ес, æма етæ фулдæр хæттити гъæуама сæйрагдæр æма нимаддæр уонцæ, – карзæй баханхæ кодта Сергей Меняйло.
АЛЛИ КУСТМÆ ДÆР – ЛÆМБУНÆГ ЦÆСТДАРД
Зундгонд куд æй, уотемæй Уæрæсей Хецауади Сæрдар Михаил Мишустин æрæги исаразта Цæгат Кавкази федералон зилди экономикон райрæзти федералон къамиси радон æмбурд. Уоми ци унаффитæ хаст æрцудæй, уонæмæ республики Сæргълæууæг нæуæгæй раздахта Хецауади иуонгти æргом. Æ дзубандимæ гæсгæ, профилон ведомствитæ гъæуама ахедгæ мадзæлттæ исаразонцæ, цæмæй раздæр нисангонд программитæ æма проекттæ афойнадæбæл æнхæстгонд цæуонцæ. Беслæни нæдти хизæги цалцæг, хуæнхон-рекреацион комплекс «Мамисон»-мæ бацæуæнти арæзтадæ, гъардæнтти системи нивæбæладæ æма уотæ идарддæр.
Цæгат Иристони экономикон ирæзти министр Кучити Заури дзубандимæ гæсгæ, нуртæккæ профилон ведомствитæ æма подрядон компанитæ æнхæст кæнунцæ 22 паддзахадон программи уагæвæрдтæ. Уони фæлгæти арæзт æма цалцæггонд цæунцæ социалон инфраструктури 174 аллихузон объекти.
Министр куд загъта, уотемæй лæмбунæг цæстдард цæуй, цæмæй еугур графиктæ дæр æнæкъулумпийæй æнхæст кæнонцæ. Зæгъæн, аци анзи пълантæн се ’ртиккаг хай нуриуæнгæ рахецæн кодтонцæ.