26 декабря 2024

ПОЭЗИЙ КУРДОН

30.06.2023 | 22:22

БАГЪÆРАТИ Созур Киристонгъæуи ци хæдзари цардæй, уой фарсбæл цалдæр анзей размæ æвæрд æрцудæй мемориалон дорин фæйнæг. Уой фæдбæл арæзт цитгин мадзали архайдтонцæ æ кизгуттæ дæр (галеуæрдигæй рахесæрдæмæ) Симæ, Верæ æма Зинæ/

Багъæрай-фурт аци æмдзæвгæ æртæ æма инсæйанздзудæй ниффинста, æма сауæнгæ уæд исбæрæг æй æ царди ханхæ, балæдæрæг æй ке нæ уодзæнæй, исонибони æ гъудити хæццæ еунæг ке уодзæнæй, æма ’й тухтох кæнун ке гъæудзæнæй, дуйней исконд æндæрхузи ка ’нкъаруй, еци адæни хæццæ. Аци къуармæ ма хауй æмдзæвгæ «Кувдгæнгутæн» дæр:

 

Ку базудтон хъæбæр раги мæ еунæг,

уæд ма мæмæ цæмæн дзоруй уæ хонæг?

Ниммæ уагътæ, уæ кувдмæ дæр нæ цæун,

уæ минаси зæрдигъæлдзæг нæ фæуун.

 

Ами Созур никки бæлвурддæрæй, арфдæрæй æвдесуй æ гъенцъун: еугур адæн дæр хуæрунцæ, ниуазунцæ, кафунцæ, зарунцæ, еунæг лæг ба сæ астæу фæббадуй фур æнкъардæй, неци имæ гъаруй æгириддæр æма ’й фæрсæг, уинæг дæр нæййес. Е уоми нæй æма уонæй нæй, е æй æндæр дуйней, æндæр барæнтæй баруй царди хæзнати бæрцæ æма асæ, æндæр мæтæ ин æвдирзуй æ тæносон уод. Е мæтæ кæнуй, ке хæццæ фæббадуй фингæбæл, еци кувдгæнгутæн сæхе уодти мæгурдзийнадæбæл, се ’нæбунатон, æма уомæ гæсгæ, ба – æведауцæ зæрдигъæлдзæгбæл. Поэт, кæд æхе еунæг æма мæгур хонуй, уæддæр мийнаси архайгутæбæл ресуй æ зæрдæ, цийни рæуонæн сæ куд минкъий гъæуй – хуæрдæ æма ниуæзтæ – е æй зингомау деси æфтауй. Уомæ гæсгæ бабæй Созурæн ани хæццæ дæр еумæйагæй неци ес. Нæ сæмæ багъардта æ гъенцъун, æ мæтæ, æма сæбæл æ къох ракъуæрдта, дуар сæбæл «ратъæпп ласта», кæд ин цийфæнди хъæбæр зин адтæй, уæддæр. Аци уодигъæдæбæл финст æмдзæвгитæмæ хауй «Фæйдтон мæ цард» дæр:

 

Фæйдтон мæ цард – рист зæрдæ ’йбæл инæфуй.

Арвбæл хъуæцау, царди нивæ исæфуй.

Арвбæл мегъау, ку ’стумугъ уй мæ сагъæс, –

Бадун сæйгау, неуй мæбæл мæ дуаргæс.

 

Поэти еунæгдзийнади зинбæл тухсуй æрмæстдæр æ куй, æма ма уой неун ба никкидæр арфдæр кæнуй уоди рист. Лирикон хъайтарæн ами æ нифс æрдæгсаст æй, æ хъауритæбæл исдузæрдуг æй:

 

Фæйдтон мæ цард, бавзурстон æй еунæгæй,

Уæззау мæ уаргъ, нæ ’й фæразун еу лæгæй.

 

Цума цæхуæн уаргъи кой кæнуй автор еу рауæн дæр æма иннæ рауæн дæр? Уомæн дзуапдæттæг æнцæ Созури æмдзæвгитæ сæхуæдтæ. Мæнæ сæ еу – «Еунæг»:

 

Байзадæй еунæг,

дзиназгæ, кæугæ.

Уой бæсти зарæг

Ку ’ адтайдæ бæргæ.

 

Косунмæ – тухгин,

Хуссун нæ уарзта.

Тохунмæ – нифсгин,

æ реу лæвардта.

 

Поэт æй косæг æма тохæг, куст æма тох æнцæ æ «уæззау уаргъ», фал æ хæццæ æмзунд, æмунаффæ неке ’й, фæххуæцæг ибæл нæййес, иннæ адæми æндæр гъуддæгутæ гъæунцæ, æма ин уомæ гæсгæ зин æй, нæбал æууæндуй æхебæл:

 

Æ мосмæ фæззæг

тиллæг ку хаста.

Фесавдæй еунæг –

дон æй фæлласта.

 

Нифссаст, цардæнсæнстæй поэти лирикон герой е ’ннæ æмдзæвгæ – «Бæхбадæг»-и рæнгъæбæл æ саргъбæл æрфунæй æй: «Райзадтæн, еунæгæй фæдздзæгъæл дæн, æррæстæ нæ уайуй хуссигъæлдзæг». Уæдмæ ба е ’мбæлтти, е ’мбæлццонти ефхæссунцæ «хъозæнттæ», сæхецæн амæлттæ ерунцæ æма «тундзунцæ хæлæфæй сæ хæйттæмæ».

 

Сау бæхи фæссайдтон бæхбадæгæй.

Раууелон æфсæрмæй мæ кæрци дус.

 

Ами дуккаг рæнгъæ æй æнахур, фал рæсугъд дзурдбæститæй арæзт сорæт. Уæхæнттæ ба Багъæрати Созури исфæлдистади ес хъæбæр берæ:

 

Зæгъун, нæ дæн гъосæй къуру,

нæ дæн къуру сæрæй дæр.

Хонетæ мæ гъолон уру,

фегъосун уой дæуæй дæр.

 

Аци рæнгъитæ ист æнцæ æмдзæвгæ «Цæмæй къуру дæн»-æй. Уоми идарддæр ес мæнæ уæхæн дзурдтæ:

 

Зин æй цæрун æнæ ’мбалæй,

нæййес хуæцæг мæгурбæл.

 

Поэт бабæй ами дæр æвдесуй еунæгдзийнади фудæбон æма æнæбоц ухери. Уомæ гæсгæ Созур иннæ æмдзæвгæ «Æмбæлттæн»-и федарæй зæгъуй:

 

«Ма зæгъетæ, æнæ ’мбалæй

нæ хевастæй исистæн.

Ма зæгъетæ, афонæ й ’ма

нæ цæвгути ниццæвæн.

 

Ирон тогæн ходуйнаг æй

хæлæф кæнун, нæ бæлсун, –

ба нæ уагътæ æмхузæнæй

æд æмбæлттæ исистун.

 

Идардмæ уинæг æма гъудигæнæг поэт Багъæрати Созури тæссонд уод æма æнкъарагæ зæрди æздирвæги æздирвтонцæ адæмбæл мæтæ, уой нури уавæр æма æ исони цард. Фал æ равгæ н ’адтæй, ци хузи ’й хуæздæр æнгъæл адтæй, ецирдæмæ ескæд фæббæрæг ун царди уагæбæл, уомæн, æма исæмбалдæй æрцæуйнаг æййивддзийнæдтæмæ æдзæттæ адæнбæл. Уомæ гæсгæ æ хъазар гъæубæстæй цæунвæндæ искодта, берæ сæ уарзгæй, цæмæй син ма хъор кæна сæ мæгур сагъæстæ, сæ хумæтæг гъудитæ æма уотемæй æхуæдæг дæр фæййервæза æнæпайда тухдзурд æма тохæй:

 

Цæун, цæун, идзулд зæрдæй сæ уадзун.

гъæуæн, синхæн сæ къох есун фæразун.

Гъæуæн, цид, æз мæ зæрди нез ку дзурдтон,

уæд син фæрсæй сæ ходунгъæр игъустон.

 

Багъæрати Созур, æвæдзи, æ иннæ æмгъæуккæгти хæццæ рабаргæй, æндæр, уæлдæр къæпхæнбæл лæудтæй, æ гъудий бæрзæндæмæ ин не ’схъæрттæнцæ етæ, æма ибæл фæрсæй худтæнцæ, зардтонцæ, сæхе зундгиндæр æнгъæл уогæй, мæнгæй.

 

Кæугæй мæнмæ сæ зарунгъæр игъустæй,

уидтонцæ мæн æгадæдæр сæ мистæй.

 

Гъе, уæддæр поэт, куд устур адæймагуарзагæ гуманист, уонæмæ не ’смæстгун æй, æ хуарз зæрдихатт сæмæ нæ раййивта, фал ма син æ уод нивонди æрхæссунмæ дæр цæттæ адтæй:

 

Цардтæн æз дæр, мæ хæстæгæн

адтæй мæ дзурд æнадæ.

Алцидæр нез дзæгъæл лæгæн.

Еунæг – мæгур, æгадæ.

 

Мастæй, зинæй, æфхуæрдæй дæр

хай мæ фæцæй мæ фагæ,

цардæй мæлун берæ хуæздæр –

цардæн зæгъун: «Ирайгæ!»

 

Зинг зæгъунæй ком нæ содзуй. Еци æмбесонд раст æй бæргæ, фал æнæ артæй хъуæцæ дæр нæ фæууй, æма Созур, еци рæстæги, еци уоди зин уавæри хæццæ, алци дæр бакодтайдæ, гъе уомæ ’й æртардтонцæ æ хъазар хеуонтæ, æгириддæр æй ке нæ лæдæрдтæнцæ, уой фудæй. Фал уæдмæти ба Созури зæрди бацудæй æндæр сагъæстæ. Етæ бæрæг æнцæ æмдзæвгæ «Къазармай»-æй.

 

Нæбал мин ес мæ гъар хуссæн, –

нæзи фæйнæг мæ буни.

Хуцау зонуй, ку бахуссон, –

ци фæууиндзæн мæ фуни.

 

Цæмæй зонун, куд цæрунцæ

мæ тухст мадæ, мæ хуæртæ.

Æвæццæгæн, никкæунцæ,

зæрдихалæн сæ гъæртæ.

Багъæрати Созури æнхæст нæбал евдæлуй æ хурфæмæ игъосунмæ, æ гъæубæсти ке ниууагъта, уони мæтæй:

 

Нæ мæ гъæуй они кæун,

евгъуйæнтæ сæ бæнттæ.

Низзарун, цид: тугъдмæ цæун!

Æрхæсдзæн дзи нивæндтæ.

 

Æвеппайди мæ сау рæсугъд

мæ зæрдæбæл ку ’рлæууй, –

хуæрунбæл дæр мæ цæстисуг

мæ фингæбæл нигъзæлуй.

 

Гъе, уоцирдигæй Созурмæ бакалдæй цидæр нифси, цидæр адгин, фæлмæн æма гъар рохси цъита:

Мæнгæ дзурд уин нæ фæууодзæн;

берæ уарзун нæ бæстæ,

фал уегасемæй еу одæн

фулдæр уарзуй мæ цæстæ.

 

Еугур поэзи уарзгути зæрдæмæ дæр ка цæуй, Созури еци æмдзæвгитæй еу æй «Зуймон æхсæвæ гъæди». Уомæн æ алли рæнгъæ дæр æй цæститæбæл гъазагæ цæттæ нивæ:

 

Бæрзонд хуæнхти сæртæй цъететæ

гъизунцæ.

Хецæнтæй æрфинсæн иннæ рæнгъитæ дæр:

Тар гъæдæ сæ буни цæурæхцæ кæнуй.

Идарддæр:

Æносон лæгæтти сирдтæ дæр хуссунцæ,

æма цуппæрæймаг рæнгъæ:

арв дæр мин цæстемæй гъæдæмæ кæсуй.

 

Аци цуппар рæнгъи нин цуппар рауæнеми сæ фæдбæл равзурун кæнунцæ нæ каст, не ’нкъарæнтæ, нæ гъудитæ. Фал еци цуппар рæнгъи нæ ниррæдзæхсæнтæ ’нцæ, нæ рахецæнтæ ’нцæ кæрæдземæй, æнцæ еумæ баст – гъудийæй, райгурдæй си еу къæбæламад сюжет.

Идарддæр дæр аци æмдзæвги автор æ дæсниадæбæл дес кæнун кæнуй, æрдзи рæсугъд æма æхцæуæн нивтæ æрæстæфун æма бавдесунæй:

 

Кирсæ къалеутæбæл рæхцунцæ мæргътæ дæр.

Æнсури ирдгæмæ тавунцæ сæхе.

 

Аци дуккаг рæнгъæн ба, дигорон литературæй идарддæртæмæ рахезгæй дæр, æмбал зин иссерæн æй. Уайтæккæ дæр æй кайфæнди дæр райахæсдзæнæй, зæгъгæ, æнсури уазал ирдгæмæ ба куд ес хе тавæн. Æ дессаг дæр уой медæгæ ’й, æма ’й Созур лæдæргæ-лæдæргæй ке финста. Нихмæвæрд фæззинд, æрдзи æма царди фæткитæй ка рахизтæй, уæхæн сорæт зæрдæмæ хъæбæр цæуй, адæймаг æй æ уодмæ есуй цидæр æнæлæдæрд æнкъарæнти фæрци, æма е ба дзорæг æй, аци æнахур рæнгъи арæзт раст ке æй, уобæл.

Æвæдзи, ами дзубанди цæуй мæргътæн сæхе номæй, сæхе цъухæй. Мæргътæ басудæнцæ, ци бунат иссирдтонцæ кирсæ къалеутæбæл, уоми кæд ирдгæ кæнуй, уæддæр мæргътæмæ ба уотæ кæсуй, нæхе тавæн, зæгъгæ, уомæн, æма сæ уотæ фæндуй, се ’дзæллаг уавæр исраст кæнуни мадзал син е æй сæхемæ гæсгæ. Сæ фæндон нимайунцæ æцæгдзийнадæбæл, æма уотæ ’нкъаргæй, сæхе гъар кæнунцæ, хуæздæр бон сæбæл ке нæййес, уомæ гæсгæ.

Циуавæр автори ес исхонæн поэт æнæ лирикæй? Бæласæбæл къалеутæ еу фарсæй ку не ’рзайа, гъе уой хузæн уодзæнæй е дæр. Созури иннæ лирикон æмдзæвгæ «Сæрдæ» финст æрцудæй 1917 анзи фæлвæра – хорхæтæни мæйи 21 бони. Джусойти Нафи Багъæрати Созури исфæлдистадæ дех кæнуй цуппар фæлхæнебæл сæ финсуни рæстæгмæ æма сæ социалон фæткæвæрдмæ гæсгæ. Алке дæр æхе хузи лæдæруй, уинуй гъуддæгутæ, уомæ гæсгæ ба Нафи нимайуй æмдзæвгæ «Сæрдæ» Созури революцион æмдзæвгити райдайæнбæл æма, уомæн еци барæ ниууадзæн, фал æмдзæвгæ «Сæрдæ» некæци социалистон цардарæзти хæццæ баст æй. Е æй политикон фæливд хабæрттæй идард лæууæг, еппард аййевадон уадзимиси æнаййеп, зæрдесгæ æвдесæн. Е æй æрдзæ æма адæни æнæскъунгæ еудзийнади дæнцæ, цард æма рæстæги бастдзийнади бæдолæ.

Созур нин дуйней æнæлæугæ зелдохæй еу сæрдигон бони нивæ исæскъудта, рæстæг бауорæдта æ еугур цийни змæлди хæццæ, æ еугур æнæбафæнзгæ æрдзи рæсугъддзийнæдти хæццæ нин æй нæ цæстити рази æрæвардта, уомæн æма æхе уоди хурфи нæбал цудæй, деси ’й æфтудта, æндæмæ пурф кодта зæнхи арф реуæй истонгæ дони хузæн фурдессагæй. Нæ зæрдитæбæл æрлæуун кæнæн фæстаг строфа:

 

Бæлæути къуар бæкъуæлтæмæ

ку ’ртæхунцæ пæр-пæрæй, –

се ’рæмбалдæй сурх мæнæутæ

нигъзæлунцæ гæр-гæрæй...

 

Æвæдзи, берети батавуй аци, Хуцауæй æрвист изæддонæ, фал уæддæр зæнхон æмдзæвгæ.

Къуар æмдзæвги тухгин, уæдта нурмæ ка адтæй, уонæй æндæрхузи финст ку рауайуонцæ авторæн, уæд поэт цæрдзæнæй уони хæццæ. Фал Созурæн ба къуаремæй фулдæр æнцæ еци бæрзонддæр тæрхæгбæл æвæруйнаг уадзевдзитæ. Никки бæрæгдæр дзоргæй ба имæ æрдæгконд, кенæ кæронмæ арæзт ка нæй, уæхæн æмдзæвгитæ уогæ дæр нæййес, кæд сæхе æмхузон тухуаст нæ ’нцæ, уæддæр.

Созур хъæбæр молуй æмдзæвги формæ аразуни фæрци. Æрмæст имæ æмдзæвги формæ фæззиннуй, хецæнтæй нæ, фал æ медеси хæццæ еу рæстæги, æмбастæй. Æ æргъæй косæг фæлтæрдгин скульптори хузæн, æмдзæвги медæггаг æма агъодæ исфæлдесуй еци-еу исфæлдистади зинги æрмæгæй. Уой фæрци ба имæ кæнгæ æмдзæвгитæ æстæн æнцæ, уæдта Багъæрай-фуртæй уæлдай иннæ устур поэттæ дæр зундæй финститæй цохгонд нæ ’нцæ, уомæн æма айдагъ уоди уæларвон тæмæнæй дæр идардмæ рагæпгæнæн нæййес аййев литератури рæсугъд ухерий будурти.

СКЪОДТАТИ Эльбрус, журнал «Ирæф»-и сæйраг редактор

 

БАГЪÆРАТИ СОЗУРÆН УÆДДÆР ЦИ КИУНУГУТÆ УАГЪД ÆРЦУДÆЙ, ЕТÆ АБОНИ ДÆР ЗÆРДТАГОН ÆНЦÆ НÆ ДЗИЛЛÆН

 

Гулути Андрей, (1892-1980)  Цæгат Иристони адæмон поэт

БАГЪÆРАТИ СОЗУРÆН

 

Нæ мæгуртæ дин адтæнцæ

Дæ унгæг бæнтти хъазар.

Æнæуинон дин иссæнцæ

И бонгинтæ, и æлдар.

 

Дæ рист зæрдæ и сау доги

Цагъайрадæн нæ бухстæй.

Ивулдæй дæ маст дæ тоги,–

Нæ фæразтай æвдустæй.

 

Низзардтай нин тохи зартæ,

Фæндон цардмæ мах худтай, –

Хуæздæр догæ, урух бартæ

Нæ дзиппитæн агурдтай.

 

Сæребарæ! Сæребарæ! –

Дæхуæдæг æй фæууидтай.

Дæ зарти ин ду æ хъаурæ,

Æ тæмæнтæ фæдздзурдтай.

 

Бахуардтай ду нæ фæтæгæн

Æнæсæтгæ ард уобæл.

Мах алкæддæр иуæндагæй

Ке цæудзинан æ надбæл.

 

Муггагмæ нин фæццæрдзæнæй

Зæрди тогæй финст лæвар, –

Нæ рохс бæстæн æрттевдзæнæй

Дæ дессаги «Зæрди дуар».

 

Редакцийæй: Багъæрати Созур е ’мдзæвгитæй еуеми («Цæун») уотæ финста: «Цæун, цæун, нурмæ дæр дзи нæ гъудтæн. Мæ уод фæууæд сæрбæлтау дæр сæ фурттæн…» Цæмæй æ еци гъенцъун ма исæцæг уа, уомæ гæсгæ ба мах, абони цæрæг дзиллæ, ихæсгин ан кадæ ин кæнунæй, æ рохс ном æма æ исфæлдистадæ ин æносон кæнунæй…