27 декабря 2024

ЦÆУЙ Æ РАВЗУРСТ НАДБÆЛ РÆСТУОДÆЙ

30.06.2023 | 23:31

БИЧИЛТИ Алетæ е ’мкосгутæ КОЛИТИ Витали, ШАМАРДИНИ Виктория (бадуй) æма ХЕКЪИЛАТИ Марини хæццæ газети нæуæг номербæл кусти рæстæг.

Нæ рагфидтæлтæй нин байзадæй уæхæн загъд: «Адæми æмхузæнттæй исфæлдесун ку гъудайдæ, уæд æй Хуцау дæр зудта…» Æма æрдзи исконд куд аллихузон æй, бæзгитæ æма нæбæзгитæ си куд æртасæн, уæхæн цæстингасæй кæсæн, а зæнхæбæл цæрæг адæмæй ка ци æй, уомæ. Аргъ ба син кæнæн сæ царди æгъдау, сæ гъуддæгутæмæ гæсгæ. Гъулæггагæн, не ’хсæн разиннуй уæхæн уодисконди хецæуттæ æма сæ архайд æй, – айдагъдæр сæхе гули буни арт æндзарун, алфамбулай цитæ цæуй, уони мæтæ ба ’й æгириддæр нæ фендавуй.

Уæхæнтти ес исхонæн айдагъдæр еухузон номæй – æнæнеци, æнæбитъиз… Æма уони кой кæнгæ дæр нæ кæнæн, уой аккаг нæ ’нцæ, уомæн æма царди фарнæ уонæй не ’нтæсуй.

Фал нин Хуцау хуарз кæнуй æма исæнтæсунцæ æндæр хузи, зæрдтагон адæймæгутæ – цардмæ цийнæ, рохс, амонд æма хуарз гъуддæгутæ хæссунмæ. Æцæгæйдæр фарнæхæссæг ка ’й, цард кæмæй федауй, райдзаст кæмæй æй, уони туххæй цæуй дзубанди.

Уой фæдбæл ба уотæ зæгъуйнаг дæн, æма адæймаг æрдзæй, æ мадæ æма æ фидæй ци хуарз менеугутæ рахæссуй, уонæй царди медæгæ æнтæстгинæй пайда кæнунгъон ку уа, уæд е устур хуарздзийнадæ ’й. Фал еци æууæлтæбæл æхуæдæг никкидæр ма æфтаугæ ку цæуа, æма сæбæл æ кæстæрти дæр ку ахур кæна, уæд е ба дууæ хуарздзийнади æй.

Ка ’й зонуй, кæмæдæрти уотæ дæр кæсуй, æма нури сæрзелæггун рæстæгути сæ нимæдзæ анзæй-анзмæ минкъийдæр кæнгæ цæуй. Адæми зингæ хай, уоди кæдзосдзийнадæ æма æцæг рохсзæрдæ унмæ тундзгæ æма бæлгæ дæр нæбал кæнунцæ, сæ гъавд иссæй айдагъдæр ести пайдайаг кустбæл фæххуæст унмæ, сæ мæтæ – æнæмæтæ царди уолæнти накæ кæнун. Гъо, уотæ дæр кæд æй, уæддæр нæ цардарæзти бонигъæдæ ка райдзастдæр кæнуй, уони ахедундзийнадæ агъазиаудæр æй. Зæрдрохс æма нифсгун ан уомæй, æма не ’хсæн уæхæн адæймæгутæ ке ес. Уонæй еу æй Бичилти Алетæ – Малити Валодий кизгæ.

Нур æртиндæс æма инсæй анзей бæрцæ фæсмæрун æма æмгустгæнæг дæн Бичилти-Малити Алети хæццæ, æма мæ зæрди еунæг хатт дæр дузæрдугдзийнадæ некæд ниххаудтæй æ уоди рæстдзийнади æма кæдзосади туххæй. Алетæ къахæй-сæрмæ ’й хори лæфинттæй бид уоди хецау, багъæуаги алли æгъдауи дæр адæймаги фарсмæ æрбалæуунгъон ке æй, уæдта адæймаги æ рæдуйунадæй дæр рахесмæ ка раздахдзæнæй, уæхæн нифси мæсуг.

Аци бонти ба Алетæн æй бæрæгбон. Уогæ адæймаги, уæлдайдæр ба силгоймаги карнæ æнзти бæрцæй неке фæббаруй, фал æ хуарз гъуддæгутæй. Æма мæ бон федарæй зæгъун æй: Алети цардæн тæккæ растдæр аргъгæнæг æнцæ æ уодиконди хиццагдзийнадæ, æ рæстзæрдæй хъазауат хуарз ракæнуни сæрбæлтау. Еугæр хъазауати кой искодтон, уæд сæрмагондæй зæгъун гъæуй уой, æма æ цардвæндаги зингæдæр хай баст æй нæ уарзон республикон газет «Дигори» хæццæ.

Алети нуртæккæ газети равзурдбæл, æ карни хабæрттæбæл ку бафæрсай, уæд æнæнийнæфгæй дзорун нæ райдайдзæнæй. Æма, æцæгæйдæр, аци силгоймаг æ зæрдæбæл хуарз бадардта, газет цæмæй дуйней рохс фæууидтайдæ, уобæл цæйбæрцæ гъезæмæрттæ багъудæй, æ исаразгутæн цæйбæрцæ æвзаргæ ’рцудæй, етæ ин зундгонд æнцæ, уомæн æма син æхуæдæг адтæй комкоммæ æвдесæн, комкоммæ архайæг.

Дæс æма инсæй анзи бал нерæнги æнæкъулумпийæй нæ республикон газет ке цæуй, уоми дæр Алети, уæдта, ци коллективи косуй, уони устур байвæрд ке ес, еци гъуддаг дæр мæмæ дузæрдуггаг нæ кæсуй.

Уæрæсей Федераций журналистти Цæдеси иуонг Бичилти-Малити Алети къохæй еу æма дууæ зæрдæмæдзæугæ æрмæги нæ рацудæй ацал-ауал анзи. Æмхузон æнтæстгинæй финсуй аллихузон фарстатæбæл. Уæлдай фулдæр ба финсуй Устур Фидибæстон тугъди архайгути, Райгурæн бæсти сæрбæлтау тохгæнгути цардвæндаги туххæй, фæллойни ветерантæбæл. Сæ уодти кæдзосдзийнадæ, сæ хумæтæг, фал амондгун царди нивтæ син æууæнкгунæй бавдесуй. Зæрдæмæгъаргæ ба уомæн æнцæ, æма си æримисæггагæй неци фæууй, æцæгдзийнадæ ба алкæддæр цæсти ахедгæдæр æй. Уогæ цард айдагъ кустæй нæй. Алетæй арфиаг айдагъ газеткæсгутæ нæ ’нцæ, фал ма æ хеуæнттæ, уæдта ци муггагмæ æркувта, етæ дæр. Æхе тæккæ фиццаг бонтæй фæстæмæ бауарзун кодта Бичилти муггагæн.  Уоййасæбæл федауцæй цæруй сæ хæццæ, æма имæ  киндзи нæ, фал хуæри цæстæй кæсунцæ æ цардæмбали хеуонтæ. Уæхæн æууæнкæ æма æ аккаг унæн ба устур  хъаурæ æма тергади гъæуй. «Цæмæй дæ еске бауарза, нимайа, уой развæлгъау бал дæхуæдæг гъæуама ескети уарзай», – зæгъуй адæмон æмбесонд.

БИЧИЛТИ Алетæ æ фурт Олег æма Бичилти хуæрифурт Эрматов Алишери хæццæ балций Санкт-Петербурги.

Алетæн ба еци искурдиадæ, æвæдзи, æ цæгатæй, ци хæдзари, ци бийнонти ’хсæн исгъомбæл æй, уордигæй рахæсгæ фæцæй. Хеуонти рахаст рæстæрдæмæ ку фæууа киндзæмæ, уæд е амонд æй, дууæ амонди ба æй, дæ цардæмбали хæццæ кæрæдзей ку лæдæрай айдагъ дзурдæй нæ, фал уотид  цæстингасæй дæр, уæд. Алетæ ба æхе уодиконди æма хуæрзæгъдауи фæрци абони уæнгæ дæр æ цардæмбал Алани хæццæ цæрунцæ кæрæдзей нимайгæй, æмзунд-æмвæндæй сæ карни гъуддæгутæ нивæйдзагæй аразгæй.

Дууæ уоди еумæ ку цæронцæ бийнонтæй, уæд еу лигъз надбæл цæугæй кæмидæр сæ еу æнæзуст дзурд искæнгæ дæр, æвæдзи, нæ фæууй. Алцидæр рауайуй царди, фал Алетæн ба уæхæн цæлхдор нæййес, æма æ бон райеуварс кæнун кæмæн нæ бауа. Уæхæн уоди хецау æй Бичилти-Малион Алетæ.

Алетæ æма æ цардæмбал Алан исгъомбæл кодтонцæ фурт – Олеги, уæлдæр ахургонддзийнадæ райсгæй, ахургæнæгæй косуй нæ республики медицинон колледжи, æй æгъдаугин, нимад. Уæхæн мади къохти ка исгъомбæл уа, уомæн галеу надмæ рахезунæй макæддæр фæттæрсæ.

Алетæн е ’нтæстгин кусти туххæй еу æма дууæ хатти лæвæрд не ’рцудæй Кади гæгъæдитæ, арфитæ ивулунцæ æ алли ниммухургонд æрмæги фæсте дæр.

2021 анзи ба Алетæн лæвæрд æрцудæй, Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Хецауадæ ци сæрмагонд преми исфедар кодта, «Мæ уарзон Иристон», зæгъгæ. Еци преми ба лæвæрд цæуй, маддæлон æвзагбæл хуæздæр æрмæг ниффинсуни фæдбæл. Æнæнцойнæ зæрди хецау силгоймаг зæрдæй ресуй алцæбæл дæр. Уæхæнттæй фæззæгъунцæ – адæми фарнæн игурд æй, зæгъгæ.

Алетæ ма хуарзæнхæгонд æрцудæй Уæрæсей культури профцæдести, Уæрæсей журналистти Цæдеси æма Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Кади гæгъæдитæй. Ци ма уа уомæй устурдæр аргъ адæймаги кустæн…

Аци бонти Алетæн æй устур бæрæгбон. Æма ин уой фæдбæл зæрдиагæй арфитæ кæнунцæ æ хеуæнттæ, æ зонгитæ, е ’мгустгæнгутæ. Еци арфитæмæ æз дæр аци финстæгæй æфтаун мæ зæрдиагæй-зæрдиагдæр арфитæ.

Фал еци цийни зæгъуйнæгти хæццæ мин æнæ зæгъæн нæййес еу гъенцъуйнаг гъуддаги туххæй дæр. Кæддæр поэт Гибизти Оскар уотæ финста: «Нæ гъæун мæ Дигори!..»

Алетæ! Фæстагмæ ’й куд балæдæрдтæн, уотемæй, цума, мах нæ маддæлон æвзагбæл мухури фæрæзнити косгути фудæбони хъиамæт дæр нæ Дигори бустæги хъæбæр нæ гъæуй, нæ финститæ кæсунмæ сæхецæн рæстæг иссерунмæ бустæги тулаваст нæ ’нцæ. Уотæ мæмæ кæсун райдæдта, нæ газет «Дигорæ» æма журнал «Ирæф»-и тиражтæ цæйбæрцæбæл минкъийæй-минкъийдæр кæнунцæ, уой уингæй. Мадта си куст ба уæхæн æй, æма си хъиамæтæй уæлдай бунтæ дæр не ’скæндзæнæ аци кусти миздæй. Фал фæсмон куд некæд фæккæнай, Алетæ, дæ равзурст надбæл, уал анзи си косгæй, уæхæн хъаурæ ба дæмæ разиннæд æма дæ хуæрзамонд уæд! Еуетæ содзунмæ исæнтæсунцæ, иннетæ ба сæхе тавунмæ. Ду ба хауис фиццæгтæмæ, æма кæд еугæр содзгæ, уæд нихъхъæзалуй уæнгæ. Æндæр карнæ махæн Хуцау не ’саккаг кодта. Мах ба ди хъæбæр арфиаг ан – ка дæ лæдæруй, етæ – æма Хуцауи арфæй хайгин уо!

 

КОЛИТИ Витали