БЕРÆ РАВГИТÆ ГЪÆУАМА БЕРÆ ПАЙДА ХÆССОНЦÆ
Куд игъосун кодтан, уотемæй Уæрæсей Федераций Президенти Æнхæстбаргин минæвар Цæгат Кавкази федералон зилди Юрий Чайка евгъуд къуæрей кæрони бабæй бабæрæг кодта Цæгат Иристон. Æ косæг балций нисанеуæг адтæй, нæ республики идарддæри социалон-экономикон райрæзти фарстатæ куд æнхæстгонд цæунцæ, уой хæццæ бæлвурдæй базонгæ ун. Юрий Чайка æма Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйло бабæрæг кодтонцæ гъæуайкæнуйнадон-промышленнон комплекси кустуæттæ, базонгæ ’нцæ кустадон процессти уавæри хæццæ.
Зæгъæн, акционерон æхсæнадæ «Победит»-и разамунди минæвæрттæ куд радзурдтонцæ, уотемæй кустуат стратегион нисанеуæги продукций рауагъд фулдæрæй-фулдæр кæнуй. Гъæуайкæнуйнадон комплексæн ахсгиаг ка ’й, еци продукций хуæрзгъæдæдзийнадæ бæрзонддæр кæнуни гъуддаги аци кустуат æнгом æмархайд кæнуй Мæскуй машинæаразæн наукон-æртасæн институти хæццæ.
Бæлвурд гъуддæгути фæдбæл бæлвурд зæгъуйнæгти æма фæндонти бундорбæл дзубанди рауадæй иннæ кустуæтти фембæлдтити рæстæг дæр.
Балций фæсте Юрий Чайка æма Сергей Меняйло ци уæрæх æмбурд исаразтонцæ, уоми дзубанди цудæй гъæуайкæнуйнадон-промышленнон комплекси кустуæтти архайд гъомусгиндæр кæнуни фарстатæбæл.
Президенти минæвар æ радзубандий куд фæббæрæг кодта, уотемæй фæстаг рæстæг промышленнон компанитæ (уони нимæдзи æнцæ гъæуайкæнуйнадон-промышленнон комплекси кустуæттæ дæр) сæ аллибони архайди æвзарунцæ аллихузон къулумпитæ, нигулæйнаг бæститæ Уæрæсей нихмæ экономикон санкцитæ ке аразунцæ, уой фудæй. Уой фæдбæл æ загъд адтæй уæхæн:
– Æма цæмæй еци къулумпити сæрти æдасæй рахезæн, цæмæй бæсти технологон райрæзт ма фæккеуа, еци нисанбæл æмхъауритæй бакосун гъæуй. Сæрмагондæй, гъæуайкæнуйнадон-промышленнон комплекси архайди туххæй ку дзорæн, уæд аци фарстай фæдбæл лæмбунæг дзубанди рауадæй, куд Цæгат Кавкази федералон зилди регионти æмвæзадæбæл, уотæ Уæрæсей Федераций Гъæуайкæнуйнади æма Промышленности æма базаради министрадти бæрнон косгути хæццæ дæр. Еци фембæлдтити бæлвурд унаффитæ хаст æрцудæй региони гъæуайкæнуйнадон-промышленнон комплекси косæндæнтти архайд фæахедгæдæр кæнуни туххæй.
Æмбурди архайгутæ куд фæббæрæг кодтонцæ, уотемæй цæгатиристойнаг кустуæттæ аци анзи райдайæнæй нурмæ æвдесунцæ ирæзти бæрæггæнæнтæ. Зæгъæн, айдагъ фиццаг квартали «Победит»-и продукций рауагъдадæбæл бафтудæй 62 процентемæй фулдæр. Хуæздæр бæрæггæнæнтæ æфтуйуй кустуæттæ «Бином»-и, «Баспик»-и, «Разряд»-и, Алагири сопротивленити завод æмæ иннети коллективти къохи дæр. Еумæ райсгæй, фари хæццæ рабаргæй, атæ дæр продукций рауагъдадæбæл бафтудтонцæ 30-90 проценти бæрцæ.
Æмбурди архайгутæ се ’ргом раздахтонцæ, кустуæттæн цæмæй сæ архайд æнтæстгиндæр уа, уой туххæй æнæмæнгæ райаразун ке гъæуй, еци гъуддæгутæмæ, зæгъæн, фагæ заказтæ син дæттун, заводтæ дæсни специалисттæй æнхæстæй ефтонг кæнун æма æндæр ахсгиаг кустадон фарстатæмæ.
Æмбурди ци фарстатæбæл цудæй дзубанди, уони фæдбæл сæ гъудитæ загътонцæ профилон федералон æма республикон ведомствити бæрнон косгутæ, уæдта ма акционерон æхсæнадæ «Победит»-и техникон директор Игорь Морозов, Цæгат Кавкази федералон университети ректор Дмитрий Беспалов, æндæр кустадон æма ахурадон къабæзти минæвæрттæ. Сæ радзубандити медес кæд цæмæйдæрти фæйнæхузон адтæй, уæддæр сæ еугæнæг сæйраг гъуди ба еу адтæй: гъæуайкæнуйнадон-промышленнон комплекси кустуæтти æнтæстгин кустæн нæ республики ес гъæугæ равгитæ æма си гъæуама æнтæстгинæй пайдагонд цæуа, цæмæй республикæн дæр æма паддзахадæн дæр пайдахæссæг исуонцæ.
Еугур фарстати фæдбæл дæр хаст æрцудæнцæ бæлвурд унаффитæ.