ЦÆРГÆСИ БÆРЗÆНДТÆ
Расул ГАМЗАТОВÆН иристойнаг финсгутæ зæгъун æнгъезуй, æ зæрдтагон æрдхуæрдтæ адтæнцæ. Уæлдайдæр ба – ЦÆГÆРАТИ Максим. Дууæ курухон лæги кæрæдзебæл хуæдæнсувæрти хузæн æновуд адтæнцæ … Уой туххæй Максим финста, æ рæстæги Расули туххæй ци æрмæгутæ бацæттæ кодта, уонæми. Уонæй кæцидæрти мухур кæнæн абони.
Кадæ искæнун æнцон гъуддаг нæй… Адæм сæ еугур уой аккаг не ’сунцæ. Æ адæми рист, æ адæми зинтæ, сæ цийнæ, сæ базургин бæллецтæ æмгъудæй раздæр ке исуорс кæнунцæ, еске зиндзийнадæ æхе зинæй хъæбæрдæр ке зæрдæ фæссодзуй, еске гъигæбæл æхе гъигæй минкъийдæр ке зæрдæ нæ фæрресуй, æмбали цийнæдзийнадæбæл зæрдибунæй цийнæ кæнуни хъаурæ кæмæ разиннуй, айдагъ е исуй адæми аккаг.
Дæгестани бæрзонд хуæнхти гъæбеси берæ зартæгæнгутæ райгурдæй. Батырай æма Иржи Казак, Гамзат æма Абуталиб… Уонæй алкедæр æ фæсте ниууагъта дессаги зартæ. Бæрзондæй игъусунцæ абони дæр сæ зартæ.
Цард агоруй æхе зартæ. Æма абони идæрдтæбæл игъусунцæ Дæгестани нæуæг заргæнгути тухгин æма рæсугъд гъæлæстæ. Уони ’хсæн уæлдай зæллангдæрæй, уæлдай гъомусгиндæрæй азæлуй Расул Гамзатови гъæлæс.
Расул Гамзатов райгурдæй Хунзахи федармæ хæстæг, минкъий хуæнхаг гъæу Цадай, зундгонд зартæгæнæг Гамзати хæдзари.
Фиди фарнæ мæрдтæмæ нæ цæуй. Кæд Дæгестани хуæнхти еци рагон дзурди аккаг еске адтæй, уæд уонæн сæ ахсгиагдæртæй еу иссæй Расул. Æ зундгин, æ искурдиадæгин фиди фарнæ рæсугъдæй рахаста идарддæр, æ фиди зартæбæл Расул бафтудта æхе зæрдибун зартæ.
Фидæ æма фурт… Еу хæдзари дууæ зартæгæнæги. Уæдта цæхуæн зартæгæнгутæ! Сæ адæми кадæ æма ном минкъий хуæнхаг гъæуæй еугур дуйнемæ ка рахаста, уæхæн зартæгæнæги. Æ фиди ном хъæбæр цитгинæй нимайгæй Расул зæрдæй лæдæрдтæй уæхæн лæги фурт ун ибæл куд æнæрабаргæ устур ихæс æвæруй, уой, æма архайдта еци ихæс лæгигъæдгунæй хæссунбæл. Хумæтæги æ финстити дæр æма æ радзубандити алкæддæр не ’римисидæ Дæгестани адæмон поэт Абуталиб Гафурови курухон загъд: «Евгъуд бæнттæ дамбацайæй ка фехса, уомæн федæн æхе фехсдзæнæй дзармадзанæй». Æ хестæрти хуарз зунд, сæ тухгин уарзт æма знаги нихмæ карз фудæнхæдзийнадæ Расул цирагъæн райста æ царди вазуггин балций.
Зундгонд финсæг, Кавкази литератури хуæздæр æмбал Николай Тихонов æ имисуйнæгти финсуй, 1933 анзи Расули фидæ Гамзати хæццæ куд фембалдæй, уой туххæй. Берæ гъуддæгути фæдбæл фæдздзурдтонцæ, берæ сагъæссаг гъудитæбæл адтæй се ’ргом æма лæмбунæг дзубандий сæр.
– Фæззæронд дæн, – арф ниууолæфгæй загъта Гамзат, æма ракодта, æвæдзи, рагæй кæбæл сагъæс кодта, уæхæн хабар. – Æхсæрдæс æма дууинсæй анзи кæбæл фæццæуй, е биццеу нæбал фæууй. Æма еу гъуддагмæ мæ зæрдæ дзоруй… Уой ма мæ цæстæй ку фæууининæ, уæд мæхе амондгунбæл нимайинæ. Мæ фурт Расулбæл цæуй дæс анзи. Æз мæ цардæй нецæмæй гъаст кæнун. Райстон ахургонддзийнадæ. Мæ минкъийæй нурмæ финсун æмдзæвгитæ. Æз финстон талингæдзийнадæ, цард æндæр, æведауцæ хузи ка кодта, еци зианхæссæг æгъдæутти нихмæ… Фал нур æндæр рæстæг æй… Дæхуæдæг æй фæууидтай, хуæнхти нæуæг цард куд æрфедар æй, уой. Уартæ зæронд федари – скъола. Ке ма гъæуй еци федар? Скъола ба еугурей дæр гъæуй. Цард æнæгъæнæй дæр скъола исуодзæнæй. Нæбал уодзæнæй талингæ адæм, талингæ дзаман. Байзайдзæнæнцæ мæ фæсте мæ зартæ, фал сæ идарддæр ба ка рахæсдзæнæй?.. Ке зæгъун æй гъæуй, нæуæг доги зартæгæнæг!.. Мæн фæндуй, цæмæй еци зартæгæнæг уа мæ фурт, мæ минкъий Расул…
Æвæдзи, еци гъудий хæццæ берæ æнæхуссæг æхсæвтæ рарвиста зæронд зартæгæнæг. Æхсæз æма инсæй анзей размæ сæ мæнæн ба минкъий æндæр хузи радзурдта еци гъудитæ. Уæд цуппар æма инсæйанздзуд Расул ахур кодта Мæскуй, Литературон институти. Æ фиди райгурдбæл дæс æма æртинсæй анзи ку исæнхæст æй, уæд еци бæрæгбон айдагъ Дæгестан нæ бæрæг кодта, фал, зæгъун æнгъезуй, нæ æгæрон устур Советон бæстæ æнæгъæнæй дæр – уой фæдбæл арæзт цитгин мадзæлтти архайунмæ кæцæй ба не ’рбацудæнцæ иуазгутæ. Еугурей разæй æ фиди къæсмæ Мæскуйæй исхъæрдтæй Расул, мадта ма æндæр куд адтайдæ!
Мах – Гамзати иуазгутæ – адтан Хунзахи федари, æхсæвеуат кодтан Цадай гъæуи Гамзати райгурæн хæдзари. Дууæ бони æма дууæ ’хсæви иуазæгæй не ’сцох æй Гамзати хæдзарæ. Æма кæцæй, еума хатт æй зæгъун, нæ цудæнцæ иуазгутæ! Шамили федар Гунибæй райдайæ æма сауæнгæ идæрддаг гъæутæй дæр цудæнцæ æма цудæнцæ бæхбæл бадгутæ. Мах дес кодтан: куд хуарз арæхсуй уойбæрцæ иуазгутæн фингитæ æвæрунмæ Расули мадæ. Къæсхуртæарæзт, хуæдæфсармæ Хандулай. Уæдта ма ни ескæмæ тарæрфугæй ку ракастайдæ!..
Дуккаг бон ме ’мбæлттæй раздæр исистадтæн. Исхизтæн уæлхæдзарæмæ. Сæрдигон хори фиццаг тунтæ гъазтонцæ хуæнхти цъопбæл. Æнæнгъæлти мæ рази фæззиндтæй Гамзат.
Æнæ ходæй, даргъ хæдони. Куд базудтон, уотемæй е махæй раздæр исистадæй. Гамзат мин ракодта, гъæуи хуæдсæрмæ, рахаунæрвонг ци устур хонх лæудтæй, уой хабар.
– Хамирчой хонх æй хонæн, – е ’ргом хуæнхти ’рдæмæ раздахта, уотемæй дзурдта Гамзат. – Рагæй лæууй. Нæ синхаг гъæутæ нæмæ естæбæл ку фæххæран унцæ, уæд нæмæ уомæй февзедунцæ. Хамирчой хонх уæбæл ракæлæд, зæгъгæ. Исахур сæбæл ан. Хонх ракæлун ке нæ бакомдзæнæй, уой сауæнгæ гъæуккаг сувæллæнттæ дæр зонунцæ…
Расули туххæй дæр нæмæ еци сæумæ уæлхæдзари дзубанди рауадæй. Уæд е фиццаг къахдзæфтæ кодта литератури. Расулбæл мæтæ кодта еци сæумæ зæронд зартæгæнæг.
Еци сæумæ райдæдта Гамзати бийнонти хæццæ не ’мбалдзийнадæ.
Исæнхæст æй фиди бæллец – æ фурт иссæй нæуæг доги зартæгæнæг. Фидæн æ устурдæр амонд, æвæдзи, е адтæй, æма æхе цæститæй фæууидта æ фурти киунугæ, арази адтæй æ байзайæггагæй.
Ка ’й зонуй, е адтæй уалдзигон сæуми, кенæ сæрдигон ирд бони. Æ фурти фиццаг киунугæ æ къохи, уотемæй æ уæлхæдзарæ лæудтæй зæронд зартæгæнæг æма цæмæдесæй кастæй Хамирчой сæрмæ, æригон цæргæс æ базуртæ куд райтигъта, думги нихмæ куд нифсгунæй ниллæудтæй, уомæ. «Тæхæ, дæ фиццаг балцийæй барохс кодтай дæ фиди зæрдæ. Ма фæттæрсæ тумугътæй… Цæргæс бæрзæндти федауй!..» – дзурдта æхенимæр фидæ æма, ка ’й зонуй, æ цард–цæрæнбонти фиццаг хатт расæрфта, æ цæститæй ци æнæбари цийни цæстисугтæ æруадæнцæ, уони.
Е уотæ адтайдæ. Хуæнхти сæрмæ цæргæсæй хуæздæр неци федауй. Берæ æнзти фæсте Расул æхуæдæг хумæтæги нæ ниффинста: «Мæ критиктæ мæмæ берæ хæттити хастонцæ азум, ме ’мдзæвгити цæргæси кой ахид ке кæнун, уой туххæй. Фал ци киндæуа, кæд цæргæстæ иннæ уæларвон мæргътæй мæ зæрдæмæ хъæбæрдæр цæунцæ, уæд? Цæргæстæ идæрдти æма бæрзæндти тæхун уарзунцæ…»
Цæргæси бæрзæндтæ… Еци бæрзæндтæмæ æнцон исхезæн нæй. Цæргæси базуртæ, цæргæси зæрдæ æма си идардмæуинæг цæститæ гъæуй. Цæргæси тæхæнти айдагъдæр цæргæс фæттæхуй. Æ зæрдидзæбæхæн нæ, бæрзондæй уотид ракæсуни туххæй дæр нæ. Адæми нифс, адæми бæллецтæ, сæ бæрзонддзийнадæ цæмæй никки бæрзонддæр уонцæ, цæргæс, æвæдзи, уой туххæй уотæ бæрзонд исесуй æхе. Æ тæссаг балцимæ берæ фæццæттæ кæнуй æхе.
Расул дæр поэзий бæрзæндтæмæ еци-еу тахт не ’скодта. Берæ игъосун æй багъудæй адæми зундмæ, фиди фæдзæхститæмæ, ниййерæг мади авдæни зартæмæ. Нур дæр, æнзти фæд цæсгон дууердæмæ ку бахумæ кодта, æ æнзти бæрзæндæй ку ракастæй, уæд никки цæмæдесдæрæй, никки бæрзонддæрæй дзубанди кæнуй æ адæми гъæздуг æма æведуйгæ историй хæццæ, æ нæуæг балций агъоммæ æрлæууй æ фиди сорæти рази, байгъосуй ин æ баргин дзубандимæ æма бабæй нæуæгæй – бæрзæндтæ, тухгин æнкъарæнтæй финст зартæ.
Фал цæргæси бæрзæндтæй ма ес никки устурдæр бæрзæндтæ – Адæм. Етæ айдагъ Дæгестани хуæнхти нæ цæрунцæ. Уонæй федаунцæ хуæнхтæ, сахартæ, гъæутæ, будуртæ, денгизтæ. Расул дæр сæмæ уомæн бæллуй, æ карздæр соми дæр уони номæй, уомæн кæнуй.
Берæ ка фæууинуй, берæ дæр е зонуй. Берæ фæууидта, берæ бæститæмæ фæттæхидæ Расул. Америкæ, Инди, Кубæ, Япони, Европи паддзахæдтæ – кæмидæриддæр æрзилдæй, уоми аллирауæн дæр е адтæй нæ берæнацион литератури кадгиндæр минæвæрттæй еу.
Иристони цæргутæ хуарз зонунцæ æма берæ уарзунцæ Расули. Еу æма дууæ хатти е нæ исæмбалдæй нæ дзиллити хæццæ, æма, куд фæззæгъунцæ, цæсгонæй цæсгонмæ етæ нæ игъустонцæ уой зундæй арф æма дзурдæй циргъæвзаг дзубандимæ, еу хатт æма дууæ хатти нæ бацийнæ кодтонцæ æ уадзевзити æма публицистикон киунугутæбæл, багъæуаги ин æримисунцæ æ уадзимисаг зæгъдтитæ…
Расули туххæй ирон лæг сæрустурæй фæззæгъуй: «Æцæг лæгæй рацудтæ поэти зин надбæл. Ду исдæ æцæг адæмон зартæгæнæг æма ма дин берæ бантæсæд!..»
2003 анз
Расул Гамзатовмæ иуазæгуати уогæй, Цæгæрати Максим уой хæдзари исæмбæлдзæнæй æ сабийдоги æрдхуард, номдзуд ирон инæлар Дзилихти Михали хæццæ (хеуæнттæ ’й уарзонæй Хайло худтонцæ). Не ’мзæнхон еу рæстæг куста Дæгестани æфсæддон комиссарæй æма Расули хæццæ синхæнттæ адтæнцæ.
Еци фембæлд Цæгæрай-фурт уотæ имиста.
МАХАЧКАЛА. РАСУЛ ГАМЗАТОВИ ХÆДЗАРИ
Хайлой инæлари дарæси фиццаг хатт уæд фæууидтон. Сæрдæ æ тæккæ тæмæни ку адтæй, раст еци афони Махачкалай уогæй æ хæццæ исæмбалдтæн, æнгъæлдæн, Расулæн æ дæс æма дууинсæй анзей бæрæгбони. Сæумæй мæмæ кадæр иуазæгуати дуар æрбахуаста. Исистадтæн имæ. Кæсун æма Расули кæстæр æнсувæр Гаджи.
– Расул дæмæ дзоруй, – еци гъуддагхузæй загъта Гаджи.
– Кæми æй? – батухстæн æз.
– Нæхемæ… Æнгъæлмæ дæмæ кæсуй…
Нецибал загътон, мæхе рæвдзæ кæнунмæ фæдтæн. Гаджий ма рафарстон:
– Уотæ раги…
Е бахудтæй:
– Махмæ хор раги искæсуй.
Иуазæгуати рази хуæдтолги фæббадтæн æма уайтæккæ Расулетæмæ балæудтан. Е тургъи нæ размæ фæцæй.
– Æз ба, зæгъун, кæд имæ нæ абæргутæй еске мæ разæй фæцæй… Гъæунгæмæ ракæсæ-ракæсæ кæнун… – мæ цонгбæл мин фæххуæстæй æма медæмæ бацудан. Уати бадтæй тумбулдзæсгон, бæзæрхуг нæлгоймаг.
– Косолапов, – загъта лæг мæ къох мин райсгæй.
– Зонун дæ, – дзуапп ин равардтон æз. – Мæ киунугæ мин ку уагътайтæ, уæд исæмбалдан…
– Киунугутæ нæмæ берæ цæуй, адæм дæр. Бахатир кæнæ, фал сæ еугурей… – батухстæй Расули иуазæг.
Раст адтæй. Аййевадон литератури рауагъдади хецау. Мæскуй киунугæуадзæн… Сæдæгай финсгутæ. Сæ еугурей куд бадардтайдæ æ зæрдæбæл.
Фæстæдæр куд базудтон, уотемæй Косолапов æ бийнойнаги хæццæ æртиккаг мæйæ цардæй Расулетæмæ. Е мин куд радзурдта, уотемæй ин рауагъдадæ цæттæ кодта æ уадзимисти æртæ томи.
Цалинмæ Расули бийнойнаг Патимат æма æ иуазæг силгоймаг фингæ рæвдзитæ кодтонцæ, уæдмæ æз уатæй синхæгти тургъæ ’рдæмæ ци къæразгæ адтæй, уой фарсмæ бацудтæн, кастæн, хæдзари дуккаг уæладзугæй тургъæмæ ци гъæдин асинттæ раурдуг кодтонцæ, уонæмæ. Тургъæ адтæй нарæг, æнæ еу бæласæ. Тургъæй асинтти ’хсæн ниллæг горен, тарбун къирæй цагъд Расули къæрæзгити хуæдбунмæ.
Æнæнгъæлæги асинттæбæл фиццаг фæззиндтæнцæ кедæр цулухътæ, æфсæддон хæлаф, уæдта нæлгоймаги гурæ. Астæуæй уæлæмæ – игон. Æ галеу усхъæбæл – хесæрфæн. Асинттæ æ къæхти буни хъис-хъис кодтонцæ.
– Хайло! – мæ фур цийнæй имæ къæразгæ ниххуастон.
Расул мæ уæлгъос æрбалæудтæй. Къæразгæ имæ хуайуй е дæр. Хайло сагъдæй райзадæй, уæдта нæмæ горени сæрти æрбакастæй. Расул имæ дзоруй.
– Михаил Бабуевич, медæмæ!..
Минкъий фæстæдæр Хайло фæззиндтæй еци æлвæстæй. Инæлари цини. Силгоймæгтæн арфæ ракодта, иуазæги къох райста, уæдта Расулæн уотæ бакодта:
– Ду мин хатир бакæнæ, Максим дæр иуазæг æй, – æма мæ æ гъæбеси рæуæг фелваста.
Финги уæлгъос æрбадтан. Уæхæн дзамани куд фæууй, уотæ дзубанди байеудагъ æй. Еу уæлдай дзурд не ’схаудтæй Хайлойæй. Еу æнаййев æвнæлд дæр нæ бакодта фингæмæ. Хуæрди фæсте тургъæмæ ку рацудан, уæд мин Косолапов аййевæй загъта:
– Дæ лимæн мæ зæрдæмæ фæццудæй. Æвæдзи, ездон бийнонти ’хсæн исгъомбæл æй.
– Гъо. Хумæтæг зæнхкосæги бийнонти ’хсæн.
– Æрдзæй, мади губунæй ке рахæссунцæ, уæхæн ездондзийнадæ, – цума мæнæн нæ, фал æхецæн дзурдта, уоййау ниллæг гъæлæсæй загъта Расули иуазæг.
Расул æма Хайло минкъий æндæдæр бæласи буни лæудтæнцæ. Расул цидæр дзурдта æма худтæнцæ.
– Расули исарази кодтон. Сумахмæ ба куд кæсуй, уæхæн хуарз хуæрди фæсте нæхе денгизи ку рауазал кæнианæ, уæд? – загъта Хайло. Дзуапмæ дæр нæбал бангъæлмæ кастæй, хуæдтолгæ ’рбакæнон, зæгъгæ, тургъи дуарæй рахизтæй.
Дууæ машинемæй рандæ ан денгизи билæмæ. Махачкалайæй Дербенти ’хсæн дессаги рауæн æрбунат кодтан. Хъаспий денгиз æ уолæнтæй гъазта. Æ билгæрæнтти борбун æзменсæ хормæ тæмæнтæ калдта.
– Куд æнцæ дæ хабæрттæ? Дагестанæн сæ нæуæг æфсæддон комиссар сæ зæрдæмæ фæццудæй? – денгизæй ку рахизтан æма гъар зменсæбæл нæхе ку æруагътан, уæд бафарстон Хайлой.
– Уомæн дин, æвæдзи, Расул хуæздæр дзуапп раттидæ, – ниууолæфтæй Хайло. – Æфсæддон гъуддаги æнцонæй неци ес. Балæдæрдзинан кæрæдзей.
– Æнæ Оляйæй æнкъард кæндзæнæ…
– Куд нæ. Уæлдайдæр сувæллæнттæ. Гæнæн нæййес, аци дууæ бони мин фатер ратдзæнæнцæ æма уæд…
– Хуæнхти нæма адтæ?
– Адтæн. Гуниби. Сауæнгæ ма Гурдзий арæнмæ дæр бахъæрттæн. Сулаки донæй дæр баниуазтон. Фæззилдтæн Шамили тохæн бунæттæбæл… Даргинаг гъæуи ма мин хъæма дæр балæвар кодтонцæ. Цæнхæ, кæрдзинæй нæ барæвдудтонцæ.
Хайло дзурдта æ хабæрттæ. Æдзинæг кастæй, денгизи уолæнти уорс финкæ зменсæбæл куд тадæй, уомæ. Еуцæйбæрцæдæр нецибал исдзурдта, æ гъудити ранигъулдæй.
РАСУЛ ГАМЗАТОВ: «ДÆ ФИДИ КЪАХНАД НИУУАДЗÆ ДÆ ФИДÆН. АГОРÆ ДÆХЕЦÆН ÆНДÆР, ДÆХЕ КЪАХНАД…»
Расул Гамзатов берæ зæрдæмæдзæугæ уадзимистæ ниффинста – æ фидæ Гамзат Цадаса æма æ мадæ Гамзатова Хандулай Гайдарбекгаджий кизги туххæй. Уонæй мухур кæнæн æмдзæвгити цикл «Фиди хæццæ»-й еу скъуддзаг æма æ мади туххæй æмдзæвгæ.
* * *
Æз мæ фыды фæсмæлæт нырмæ дæн къуырма:
Ацыд балцы мæ фыд, уый нæма ’рынцад мæры…
Мæн нæ уырны нырма, æз нæ зонын нырма, –
Ам нæ дунейы сидзæр лæппуйæ кæй цæрын.
Æз куы вæййын æддæ, уæд фæзыны мæнмæ:
Ды – нæхимæ, æнхъæлмæ кæсынæй фæлмæцыд…
Æз куы ’рцæуын йæ уæлвæд нæхимæ, хъæмæ,
Уæд фæзæгъын: мыййаг, кæд уый балцы нæ фæцыд?..
Æз фæлæууын æмыр: нæй хуыздæйраг фæрæз –
Ды нырма дæр дæ кусæн уынгæг къæсы дауыс,
Æмæ уайы мæ хъустыл дæ ныллæг хъæлæс, –
Ды дæхицæн дæ дзырды зæлаив фæлварыс…
Мæнæ раздæрау постхæссæг хойы нæ кау,
Уый сæумæцъæхæй раздæрау телтæ æрхæссы.
Гъемæ диссаг, – дæ номыл нæ хæссы лæгау
Иу тел, иу гæххæтт, афтæмæй уый та йæ хæс у!..
Æз мæ фыды фæсмæлæт нырмæ дæн къуырма:
Ацыд балцы мæ фыд, уый нæма ’рынцад мæры…
Мæн нæ уырны нырма, æз нæ зонын нырма, –
Ам нæ дунейы сидзæр лæппуйæ кæй цæрын!..
НАФИЙЫ тæлмац
ДУЙНЕБÆЛ МАДИ ЗАРÆЙ ЗÆРДТАГОНДÆР ЗАР НÆЙЙЕС…
МАДМÆ
Æз лæппуйæ фыдуаг уыдтæн, «Ма кæн!»
Ничи уæндыд мæнæн зæгъын.
Ничи цыди нæ рæзты махæн
Сыхы лæппутæй – уыдзæн хыл.
Азты хъазгæ цыд… Æз дæр – хъазгæ.
Мурмæ никуы ’рдардтон хъысмæт.
Ныр мæ хъысмæтимæ дæ размæ
Æз фæцæуын, куы фæцæуын, уæд.
Абон – иумæ кæдæй-уæдæй мах дæр.
Къуымты ничи змæлы æндæр.
Æз дæ къухтæм мæ сæр æруагътон, –
Кæс, æнафон ысурс мæ сæр.
Тынг æнкъард у, зын у мæ удæн,
Дуне-адæмы хъомпалы дæн.
Царды ’нтæфы куы ’рхауыс æнудæй,
Уæд дæ дæлфæдтæм нæ феныс мæн.
Зилын зилдухы зылдæй, нæй мæ,
Нæй, дæ фарсмæ æрбадыны бон.
Зæрдæ хатт ныссæххæтт кæны: цæй-ма,
Цон, нанайы абæрæг кæнон.
Фæлæ ницы… Куыстытæ – бирæ,
Уырдæм ауайон, уый ма – æххæст…
Хыл нæ кæныс, нæ кæныс æртхъирæн,
Арф ныуулæфыс хатгай æрмæст.
ХУЫГАТЫ Сергейы тæлмац