27 декабря 2024

Æ ИУАЗГУТÆЙ МАХ УÆЛДАЙ ЦИТГИНДÆР КОДТА

09.09.2023 | 23:50

Расул ГАМЗАТОВ æма ХЪÆБÆЛОТИ Билар Цæгат Иристони зундгонд адæймæгути хæццæ.

Мæнæ уæлдæр ци къарæ уинетæ, уой хумæтæги нæ мухур кæнæн – Расул Гамзатов æма Хъæбæлоти Билар, æ рæстæги партий Цæгат Иристони фиццаг секретарь, кæрæдзей хуарз зудтонцæ, кæрæдзебæл æхцул адтæнцæ. Нæ республики адæмон поэт Дзасохти Музафер æ документалон уацау «Æнзти дæргъæн мæйтæ»-йи финсуй:

«Еу кæддæр мæмæ Хъæбæлоти Билар телефонæй æрбадзурдта:

– Музафер?

– Æз дæн Билар Емæзай фурт.

– Цæмæй мæ базудтай? – ниддес æй Билар.

– Дæ дзурди гъæдæ æнцон базонæн æй.

– Расул Гамзатови юбилей кæд бæрæг кæнунцæ?

Еци фæззæг Дæгестани адæмон поэт Расул Гамзатовбæл æнхæст кодта цуппаринсæй анзи æма ин е ’мдзæвгити æмбурдгонд ирон æвзагмæ тæлмацгондæй мухурмæ цæттæ кодта киунугути рауагъдадæ «Ир». Æз дæр си цалдæр æмдзæвги ратæлмац кодтон, хабæртти хæццæ зонгæ адтæн æма Биларæн дзуапп раттунбæл нæ батухстæн.

– Махачкалай – æстæймаг сентябри, Мæскуй – нæудæсæймаги.

– Мæ зæрди имæ æй тел раттун æма дæмæ уой туххæй дзорун.

Билар мин, Гамзатови хæццæ куд лимæнæй цардæй, уой туххæй радзурдта цалдæр хабари. Сæ еу баст адтæй, Хъæбæлой-фуртæн биццеу ку райгурдæй, еци цауи хæццæ. Ку, дан, æй базудта, уæд мæмæ æрбарвиста уæхæн тел: «Арфæ дин кæнун, мæ кизгуттæн æнсувæр ке райгурдæй, уой туххæй!»

Расулæн кизгуттæ (æртæ) æндæр биццеу нæ адтæй æма ин Билари цийнæдзийнадæ æхцæуæн ке адтæй, уой равдиста зæрдæмæгъаргæ дзурдтæй…»

Аци хабар уомæ гæсгæ райимистан, æма Расул Гамзатов Иристон уоййасæбæл зæрдиагæй уарзта, æма, зæгъун æнгъезуй, æ райгурæн Дæгестани хузæн ин хъазар адтæй. Хуæнхти хузæн адтæнцæ нæ адæм дæр, хъæбæр берæ æрдхуæрдтæ ин адтæй мах адæми минæвæрттæй. Мадта махæй Дæгестанмæ ка бафтуйидæ æма Расули хæццæ ка исæмбæлидæ, етæ исуиуонцæ тæккæ цитгиндæр иуазгутæ. Раст гъе уой туххæй Дзасохти Музафер дæр, мæнæ ин абони ци æрмæг мухур кæнæн, уоми уой туххæй дзоруй.


 

Михаил Юрийи фурт Лермонтови райгурдбæл 1964 анзи астинсæй анзи ке исæнхæст æй, уой фæдбæл уæд аллихузон кадгин мадзæлттæ арæзт цудæй Советон Цæдеси берæ рауæнти.

Поэти юбилей кадгинæй исбæрæг кæнунбæл зæрдиагæй байархайдтонцæ Кавкази цæрæг адæмтæ еугурæйдæр. Фæстегæй нæ байзадæнцæ дæгестайнæгтæ дæр. Фæскомцæдеси Дæгестани обком æма республики финсгути Цæдес баунаффæ кодтонцæ Цæгат Кавкази Лермонтови кари поэтти Махачкаламæ æрбахонун. Æма нæ Цæгат Иристонæй уордæмæ рарвистонцæ æртемæй: Гаджити Геуæргий, Малити Васой æма мæн. 1964 анзи 4 октябри нæ изæр бахастан Дæгестани сæйраг сахармæ,  иннæ иуазгути хузæн æрфусун кодтан иуазæгуати. Берæ рæстæг нæма рацудæй, уотæ, ци уати цардан, уой дуар кадæр æрбахуаста. «Медæмæ», зæгъгæ, ку загътан, уæд дуар байгон æй æма… æ медбилти ходгæй нæ уатмæ æрбахизтæй Расул Гамзатов. Номдзуд поэти æз уой размæ лæгæй-лæгмæ некæд фæууидтон, фал Гаджити Геуæргий хæццæ ба зонгæ адтæнцæ, æма кæрæдзебæл хъæбæр зæрдиагæй бацийнæ кодтонцæ. Базонгæ ’й мах хæццæ дæр. Фæстæдæр нин куд радзурдта, уотемæй «æгасцæуай» зæгъунмæ айдагъдæр мах делегацимæ æрбацудæй. Иуазгутæ ба адтæнцæ аллирауæнтæй: Кæсæг-Балхъарæй, Адыгейæй, Хъæрæсе-Черкесæй, Хъалмухъæй…

Кæд иуазгутæ мах адтан, уæддæр нæ уати ба Расулæй иуазæгдæр неке адтæй, æма уайтæкки фингæ æвæрунмæ февналдтан. Адтæй си, ке зæгъун æй гъæуй, хъæбæр ниуæзтæ дæр. Расулæн устур агувзи (арахъниуазæн агувзитæ иуазæгуати нæ разиндтæй) еу сикъай бæрцæ уруссаг арахъ ку рауагътан, уæд хатиркорæгау бакодта:

– Нуртæккæ нæ ниуазун, – уæдта ма æ загъдмæ бафтудта: – Ку нæ фæнниуазун, уæд ми силгоймæгтæ дæр феронх унцæ…

Дуккаг бон Махачкалай М. Горькийи номбæл театри М.Ю.Лермонтови юбилейи кадæн арæзт æрцудæй устур номерæн изæр… Уой хæццæ ба ма берæ зæрдæбæлдарæн фембæлдтитæ адтæй еци бæнтти, еци агъазиау литературон бæрæгбони архайгутæн Дæгестани сахартæ æма гъæути цæрæг дзиллити хæццæ.

*  *  *

Дæгестанмæ дуккаг хатт дæр бабæй бафтудан еума агъазиау бæрæгбони рæстæг… «Хъурройтæ», зæгъгæ, еци зар кæддæри Советон Цæдеси ка нæ фегъуста, уæхæн адæймаг, æвæдзи, нæ разиндзæнæй. Музыкæ ин ниффинста Ян Френкель, дзурдти автор ба ’й Расул Гамзатов. Дзубанди си цæуй, Райгурæн бæсти сæрбæлтау æ цард нивондæн ка ’рхаста, еци æдзард тугъдонти уодрохсдзийнади туххæй. Зар адæми зæрдæмæ уоййасæбæл фæццудæй, æма æцæгæй еугурадæмон иссæй – зардтонцæ ’й бæрæгбæнтти, æ зæрдæскъæфæн муртæ изæлдæнцæ цитгин æма номерæни бæнтти дæр.

Фæстагмæ «Хъурройтæ» рахизтæнцæ зари арæнтæй æма алли рауæнти фæззиндтæнцæ циртдзæвæнти хузи. Тæккæ фиццаг уæхæн циртдзæвæн фæззиндтæй Иристони зæнхæбæл, Гæздæнти авд æнсувæрей кадæн. Авд хъурройемæн уæлæрвтæмæ се ’носон балци ку райдæдта, уæд нæмæ иуазæгуати ’рбацудæй Расул Гамзатов дæр. Циртдзæвæн игон кæнгæй е берæ гъар зæрдтагон зæгъуйнæгтæ загъта Иристон æма æ адæми туххæй.

Цæйбæрцæдæр рæстæг ма рацудæй, æма зарæй рауадæй бæрæгбон – «Уорс хъурройтæ». Еухатт си æз дæр архайдтон. Иристонæй уордæмæ фæццудан Хостихъоти Зини хæццæ. Цалдæр боней дæргъи  нин фембæлдтитæ адтæй поэзиуарзгути хæццæ, косгутæ æма зæнхкосгути хæццæ.

Нæ сæйраг балци адтæй Гунибмæ… Уоми арæзт бæрæгбони архайдта Расул дæр. Уордæмæ æрбатахтæй вертолети. Фæстæмæ цæугæй Иристони делегаций иуонгтæ, гъома, æз æма Зини байагурдтонцæ æма  æ хæццæ вертолети фæттахтан.

Еци изæр нæ Расул æ хæдзарæмæ бахудта. Куд æй балæдæрдтан, уотемæй байагурдта, æ зæрдæмæ хæстæгдæр ка адтæй, уони, æма нин Зини хæццæ æхцæуæн куд нæ адтайдæ, мах дæр уони ’хсæн ке разиндтан, е.

Расул ГАМЗАТОВ æ бийнонти хæццæ. Рагон ист къарæ.

Дессаги иуазæгуарзон фусунтæмæ бахаудтæн. Æ бийнойнаг Патимат ма нин фурбоцæй ци ракодтайдæ, уой нæбал зудта. Архайдта алкæмæн дæр балæггадæ кæнунбæл. Уомæй размæ дæр ин æ рæсугъддзийнади кой игъустон, фал уæхæн аййев æма хуæрзконд уодзæнæй, уой æнгъæл ба нæ адтæн. Уагæр ма ибæл æнзтæ ку нæ рацудайдæ, æртæ кизгей мадæ ку нæ адтайдæ!..

Æ кизгуттæй ин еуей зонгæ дæр кодтон. Зонгæ, зæгъгæ, Мæскумæ хæстæг финсгути исфæлдистадон хæдзарæ «Малеевкæ»-йи еци-еу  рæстæги уолæфтан. Уоми хуæрæндони финги уæлгъос бадтæн Башкирий адæмон поэт Мустай Карими хæццæ æма мин е загъта, мæ фарсмæ, дан, ци силгоймаг бадуй, е мæ лимæн Гамзатови кизгæ æй…

Расули хæдзари финги уæлгъос бадгæй кувдтитæ куд нæ исахид адтайуонцæ!..   Уой размæ дæр зудтон, Максим Горькийи номбæл литературон институти Расул нæ зундгонд драматург Хубецти Райи хæццæ еумæ ке ахур кодтонцæ, уой. Æма финги уæлгъос æ кой ку ракодта, уæд мин, æргом зæгъгæй, æхцæуæн адтæй…

Нæхемæ ку ’рбацудан, уобæл еуцæйбæрцæдæр рæстæг куд рацудæй, уотемæй Цæгат Иристони финсгути Цæдесмæ Расул Гамзатов  æрбарвиста финстæг, арфитæ си кодта, Хостихъоти Зинæ æма Дзасохти Музаферæн, «Уорс хъурройтæ», зæгъгæ, бæрæгбони зæрдиагæй ке архайдтонцæ, уой туххæй…

Абони ба, Расул Гамзатови райгурдбæл сæдæ анзи ке ’нхæст кæнуй, уой фæдбæл мæ агъазиаудæр ихæсбæл нимайун  æ рохс ном, æ  уодиконди дессаги кæдзосдзийнадæ æма адæймагуарзондзийнади туххæй зæгъун. Кæдимайди ба ин мæ зæгъуйнæгтæ дæр дзенети уодæнцойнæдæр рауæнмæ дуæрттæ игонгæнæг разинниуонцæ…

ДЗАСОХТИ Музафер, Цæгат Иристони адæмон поэт