БÆСТИ ПАЙДАЙÆН ГЪУДДАГИ ПАЙДАКÆНУНГЪОН МА УО БÆСТИ РАВГИТÆЙ , Е КУД ÆЙ?..
Уæрæсей Федераци рæстæгмæ æруорæдта хуæдтолгитæ техникон фæрæзнитæ гъæугæ артаги экспорт нæ бæстæй æндæр рауæнтæмæ ласуни фæткæ. Уой фæдбæл Уæрæсей Хецауади Сæрдар Михаил Мишустин ци бардзурд бафинста, уоми куд загъд æй, уотемæй аци мадзали нисанеуæг æй нæ бæсти медæгæ артагæй пайдагæнгутæн е фагæ куд кæна, уæдта ма уой фæрци æргъти ирæзт бауорамун. Ка ’й зонуй, артаг еугуремæн дæр фагæ кæндзæнæй, фал æ æргъти ирæзт уорæд æрцæудзæнæй, е ба хъæбæр секкаг æй… Уогæ идарддæр ци куд уодзæнæй, уобæл нуртæккæ нæ дзордзинан. Уомæн æма абони сагъæссагæй-сагъæссагдæр æй, нæ зингхуссунгæнгутæ ци уæззау уавæри бахаудтæнцæ, е. Артаг зингæ ке фæхъхъазардæр æй, уой хæццæ ба ма фагæ дæр ке нæ кæнуй, уой фудæй Цæгат Иристони фермертæ бауорæдтонцæ нартихуари тиллæг æфснайуни æма фæззигæндтæ тауни куститæ.
Зæгъæн, хумæллæггаг зундгонд зæнхикустгæнæг Кæсæбити Бариси нартихуари хумтæ ’нцæ 750 гектари. Сæ бафснайунæн æфстау ци ’хца райста банкæй, е исæхгæндзæнæй хæрзти 30 проценти.
– Фæззигæндтæ байтаунбæл нæбал дзорун, – хъæбæр тухстхузæй зæгъуй фермер. – Тиллæги фулдæр хай бафснайунæн мин фадуат нæййес. Е устур бæлах æй, уотæ некæд адтæй. Бæрнон уагæдæнтти дæр адтæн, фал мин неке нецæмæй фæййагъаз кодта. Тиллæг минкъийгай уæйæгæнгæй, гъавтон артаг æма исæрдæн æрмæг æлхæнун, фал нартихуар еци аргъæй – аргъбæл бафтудæй 5-10 проценти – неке æлхæнуй. Зæронд аргъбæл ба куд уæйæ кæнæн, кутемæй нихгæндзинан нæ хæрзтæ, етæ дæр аци анз зингæ фæффулдæр æнцæ.
Республики гъæууон хæдзаради министради уавæр бæргæ зонунцæ, фал фермертæн агъази туххæй неци зæрдæ æвæрунцæ…