22 декабря 2024

«ÆМЗÆРДÆЙ КУ ФЕВНАЛÆН – ФЕНКЪУСДЗÆНÆЙ ХОНХ ДÆР!..»

14.10.2023 | 12:46

Куд Парламенти Сæрдар, уотæ ТУСКЪАТИ Таймораз еудадзуг фембæлуй æвзаргути хæццæ, архайуй сæ цардиуаги хабæрттæ син бæлвурдæй зонунбæл.

«Депутатти исæвзарунцæ адæм æма æз дæр уонæй еу дæн, уомæ гæсгæ ба, куд иннæ депутаттæ, уотæ æз дæр ихæсгин дæн уони цардиуаги фарстатæ тæккæ хуæздæр хузи æнхæст кæнунæн гъæугæ равгитæ аразунæй…» Уæхæн æй нæ республики Парламенти Сæрдар Тускъати Тайморази гъуди парламентон архайди сæйраг нисанеуæги туххæй. Æма ин æ аци загъд хумæтæги нæ æримистан – фарæ аци афони сæ фиццаг æмбурдмæ æрæмбурд æнцæ нæ республики Парламенти нæуæг – æвдæймаг – фæдздзурди депутаттæ æма си Парламенти Сæрдарæй æвзурст æрцудæй Тускъати Руслани фурт Таймораз. Еци гъуддаг цæйбæрцæбæл раст адтæй, уобæл, махмæ гæсгæ, дзорун дæр нæ гъæуй, уомæн æма Тускъай-фурт зундгонд æй куд искурдиадæгин ахургонд, æнтæстгин паддзахадон æма æхсæнадон архайæг, сæйрагдæр ба е æй, æма адæми ’хсæн бæрзонд цæстиварди æй, æ арфиаг гъуддæгути туххæй нимади æй. Æ ацъагъуæдзийнæдтæ никки бæлвурддæрæй рабæрæг æнцæ Парламенти Сæрдар исуогæй дæр – æ хъæппæресæй си фæззиндтæй уæхæн нæуæгдзийнæдтæ, кæцитæ нæ республики закъонæвæрæг къабази архайд гъомусгиндæр кæнунцæ.

Æма нæ абони дзубанди Тускъати Тайморази хæццæ дæр æй уой фæдбæл. Æрмæг кæсетæ 4-5-аг фæрстæбæл.

 

Парламенти архайд ци хузи арæзт цæуй, нури рæстæгути домæнтæмæ гæсгæ си ци нæуæгдзийнæдтæ фæззиндтæй, уæдта паддзахадон æма муниципалон хецаудзийнади къабæзти хæццæ æмгустадæ циуавæр æма цæйбæрцæбæл æнтæстгин æй нæ республики цардарæзт зæрдæмæдзæугæдæр кæнуни сæрбæлтау – гъе уой æма ма æндæр ахсгиаг фарстати фæдбæл адтæй нæ дзубанди Тускъати Тайморази хæццæ.

– Таймораз, рæстæг догъон бæхи хузæн æнсæндуй размæ, æма нæуæг равзурст Парламенти фариккон фиццаг æмбурд дæр æхуæдæг абони истори иссæй. Дæуæн, дæхецæн ба е, дæ царди устур нисанеуæг кæмæн ес, уæхæн цау иссæй æви?.. Дæ зæрдæбæл кутемæй бадардтай, республики Парламентмæ сæрдарæй, еци бæрзонд æма бæрнон бунатмæ дæ ку иснисан кодтонцæ, еци хабар?

– Еци бон, баруагæс уи уæд, мæ зæрдæбæл æнæмæнгæ дардзæнæн, цалинмæ уодæгас уон, сауæнгæ уæдмæти. Æ устур, кадгин уавæрмæ, сæрустурдзийнадæ æма нæуæг бæрнондзийнадæмæ гæсгæ. Сæйрагдæр ба – еугур политикон партити фракцитæ дæр, уæдта, мæхуæдæг ци парти «Еумæйаг Уæрæсе»-й иуонг дæн, етæ, еугур депутаттæ дæр мæн туххæй ке равдистонцæ устур æууæнкæдзийнадæ æма мæ ке исæвзурстонцæ республики Парламенти Сæрдарæй.

Абони дæр ми нæма феронх æнцæ, уæд мæ цубур радзубандий ци зæгъуйнæгтæ загътон, етæ. Мæ сæйрагдæр гъуди ба адтæй: депутатти исæвзарунцæ адæм æма æз дæр уонæй еу дæн, уомæ гæсгæ ба цæттæ дæн, нæ республикæ цæмæй идарддæр дæр æнтæстгиндæрæй ирæза æма си адæми цардиуаги уавæртæ еудадзуг зæрдæмæдзæугæдæр кæнонцæ, уой сæрбæлтау архайунмæ мæ еугур хъауритæй дæр.

Уæдта косгæ дæр уотид уотæ нæ, æма айдагъдæр дæ комкоммæ ихæстæ æнхæст кæнæ, зæгъгæ, фал дæ еугур гæнæнтæ æма равгитæй дæр æнхæстæй пайда кæнгæй, дæ куст дæ равзарæг æхсæнади, нæ берæнацион адæми сагъæстæ æма бæлдити хæццæ баргæй. Уæдта еудадзугдæр зæрдæбæл уой даргæй, æма нæ адæмæн нуриуæнгæ ци берæ бантæстæй цардарæзти гъуддæгути, уони фæффулдæр кæнунæн мадзæлттæ аразунæй дæр ихæсгин ке ан.

Уой дæр ма зæгъуйнаг дæн, æма Парламентæн разамунд дæттæн нæййес, республики æма Парламенти анзфинст æнхæстæй ку нæ зонай, уæд. Профессионалон æма этикон цæстингасæй гъæуама кæсай раздæри фæлтæрти хуæздæр æма пайдахæссæгдæр фæлтæрддзийнадæмæ.

Уомæ гæсгæ ба сæрмагондæй исахур кодтон нæ республики закъонæвæрæг хецаудзийнади раздæри хабæрттæ, æ ирæзтмæ устур байвæрæн ка бахаста, еци адæймæгути цардвæндаги æма архайди хабæрттæ. Нæ республики хецаудзийнади къабæзти алли æнзти кустонцæ, сæ социалон статус æма сæ дæсниæдтæ фæйнæхузон кæмæн адтæй, фал æмзæрдæй архайгæй ба сæ берæвазуггин ихæстæ æмхузон æнтæстгинæй ка æнхæст кодта, берæ уæхæн адæймæгутæ.

Нур дæр гъæуама уотæ уа – пайдахæссæг закъонтæ финсун уæд æнгъезуй, æма, ци къабазæн конд цæунцæ, уой нисанеуæг æма архайди хецæндзийнæдтæ æнхæстæй гъæуама зонай, уæдта гъæуама лæдæрай, царди бæлвурд уавæрти куд æнхæстгонд цæудзæнæнцæ, уой дæр. Нæ депутатти ’хсæн æнцæ, аллихузон дæсниæдтæ кæмæ ес æма фæйнæхузон социалон къуæрттæмæ ка хауй, уæхæн адæймæгутæ. Уой уæлæнхасæн ба ма фæдздзорæн, ци хузи къабази архайд февзарæн, уой хуарз ка фæззонуй, уæхæн эксперттæ æма специалисттæмæ. Уой фæрци нæ къохи æфтуйуй хуарз бæрæггæнæнтæ. Æма архайди пайдахæссæг фæстеугутæ ку уа, уæдта нæ куст дæр адæми, не ’взаргути цæсти фæууй ахедгæдæр, кадгиндæр.

– Евгъуд анзи Парламенти архайдæн, æ ахедундзийнадæн дæхуæдæг ци хузи аргъ кæнис?

– Аргъ син кæнун, æвæдзи, уотид нимæдзтæмæ гæсгæ, цийфæнди агъазиау æма гъæугæ ку уонцæ, уæддæр бустæги раст нæ уодзæнæй. Растдæр уодзæнæй нæ кустæн æ ахедундзийнадæмæ, нæ цардарæзти ци хуарздзийнæдтæй фæббæрæг æй, уомæ гæсгæ.

Мадта Парламентæн æхе медæги архайд ци хузи арæзт цæуй, е дæр ахсгиаг бæрæггæнæн æй. Мæ бон уотæ зæгъун æй, æма ме ’мгустгæнæг депутаттæ хъæбæр бæрнонæй æнтæстгин æма пайдахæссæг куст бакодтонцæ аци анз. Бæрæг æй, æхсæнадон царди ци фарстатæ исæвзурдæй, уони лæмбунæг исбæлвурд кæнунбæл зæрдиагæй ке архайунцæ, уæдта сæ исæнхæст кæнунбæл дæр сæ косун фæндгæ дæр ке кæнуй, е.

Ци закъонадон базæ нæмæес, уомæ æркæсунцæ æ пайдадзийнадæ ин хинцгæй, ахид бабæрæг кæнунцæ аллихузон бюджетон организацитæ, ахид фæуунцæ республики районти, сæ гъос лæмбунæг дарунцæ æвзаргути фарстатæ æма фæндитæ æнхæст кæнунмæ. Рауайуй уотæ дæр, æма æвзаргути ’рдигæй фегъосæн уайдзæфтæ дæр, æма уони нецæмæ даруни барæ нин нæййес, уæдта нæ бон дæр нæй, уомæн æма депутат е ’взаргутæй ихæсгин æй, сæ размæ гъæуама рæстзæрдæй æрлæууа, уомæ гæсгæ æхуæдæг дæр уа рæстуод.

Махæн не ’хæс æй æвзаргути хæццæ сæ цæрæн рауæнти æмбæлун æма уотемæй, ци фарстатæ сæмæ фæззиннуй, уонæмæ уоми æркæсун, сæ исæнхæст кæнунæн ци фæрæзнитæ æма мадзæлттæ исаразун гъæуй, уони исбæлвурд кæнун.

Нимæдзити æвзагæй ку дзорæн, уæд фарæ нæ Парламенти арæзт æрцудæй финддæс æмбурди, каст æма æвзурст си æрцудæй æхсæзинсæй закъоней проекттæмæ, кæцитæй дууадæс æма цуппаринсæй нимад æрцудæнцæ хуарзбæл æма сæ нæ республики Сæргълæууæг исфедар кодта.

Нуртæккæ уагъд цæунцæ царди. Парламенти Совети кусти дæр зингæ ахсгиаг гъуддæгутæй бæрæг даруй. Арæзт æрцудæй дууинсæй æмбурди æма си каст æрцудæй мин æма дууæсæдæ аллихузон фарстайемæ. Уонæмæ хаунцæ республики закъонти проекттæ, федералон закъонадæмæ æййивддзийнæдтæ бахæссун, министрæдти разамонгути, ведомствитæ æма муниципалон оргæнти архайди фæдбæл дзуапдæттæнтæ.

Парламенти Совети айдагъ закъонæвæрæн куст нæ кæнæн, фал ма æмгуст кæнæн федералон, республикон æма бунæттон оргæнти разамонгути хæццæ дæр. Нæ цæстæ дарæн, федералон æма регионалон программитæ нæмæ царди куд уагъд цæунцæ, уомæ. Уотемæй бæлвурдæй-бæлвурддæр нин æргомгонд цæуй æхсæнадон царди уавæрти æцæгдзийнадæ, уомæ гæсгæ ба æнцондæр фæууй, закъонади туххæй кæми испайда кæнун гъæуй, еци рауæнтæ.

Ахсгиаг гъуддагбæл нимайун, Хонсар Иристони республики Парламенти хæццæ закъонадæ федар кæнуни гъуддаги æмгустади туххæй бадзурд ке исфедар кодтан, уой. Нæ дууæ республикей депутаттæ устур æргом æздахунцæ нæ историон æма культурон еудзийнадæмæ, медпарламентон бастдзийнæдтæ федардæр æма сæ урухдæр кæнунмæ, кæрæдзей фæлтæрддзийнадæ хуæздæр ахур кæнунмæ æма си æнтæстгиндæрæй пайда кæнунмæ.

– Зундгонд куд æй, уотемæй нæ республики районти æмбурдтæ аразун, парламентон игъуститæ æма æндæр уæхæн мадзæлттæ иссæнцæ Парламенти кусти ахсгиаг фæткитæ. Еци гъуддæгутæ цæйбæрцæбæл агъазгæнæг æнцæ, уæ архайдмæ гъæугæ нæуæгдзийнæдтæ бахæссунæн æма уой фæрци уæ куст фæййахедгæдæр кæнунæн?

– Кустмæ нæуæгдзийнæдтæ хæссуни домæнтæ нин цард нæ размæ æхуæдæг æвæруй. Вазуггин уавæрти цæрæн мах нуртæккæ, æдзæстуарзонæй нæмæ ка кæсуй, еци паддзахæдтæ нæ сæ экономикон санкцитæй æрæлхъевунмæ ку гъавунцæ, уæхæн рæстæги. Æма нæ багъудæй уонæн карз нихкъуæрд раттун.

Уомæ гæсгæ ба абони нæ размæ уæхæн устур æма ахсгиаг фарстатæ æвæрд цæуй. Зæгъæн, наукон-техникон политикæ кæци нимад цæуй экономики идарддæри ирæзти сæйраг рахуæцæнтæй еуебæл. Цæмæй еци къабазæ ирæза, уой туххæй ба нæ æнæмæнгæ гъæуй нæуæг технологитæ æвæстеуатæй аразун, цæмæй исхезæн, дуйнебæл æмбал кæмæн нæма ес, уæхæн бæрзæндтæмæ. Æма нæмæ, бæрзонд дæсниадæ кæмæ нæййес, уæхæн специалисттæ ку нæ уа, уæд нæ хъиамæттæ дзæгъæли æнцæ. Уæрæсей аллихузи мадзæлттæ æма уавæртæ дæр ес сæ райрæзун кæнунæн.

Уой фæдбæл æрдзубанди кодтан, сæрмагондæй ке исаразтан, уæхæн наукон мадзали, архайдтонцæ си нæ республики цуппар уæлдæр ахургæнæндони æма наукон центрти ахургæндтæ. Уоми исбæлвурд кодтан наукон-техникон политики сæйрагдæр нисанеуæгтæ, федаргонд æрцудæй закъон, кæцимæ гæсгæ республики бон гъæуама исуа тæккæ раздзæугæдæр наукон проекттæ ефтонг кæнун материалон æгъдауæй. Уотемæй наукон идейитæ цардгъон исуодзæнæнцæ, уæрæсейаг базаргонди хъæбæр ахсгиагæй ка гъæуй, уæхæн продукци уадзунæй.

Еци кустмæ хондзинан студентти, аспирантти, цæмæй нæмæ наукон архайд фæстæмæ æ кæддæри бæрзонд къæпхæнмæ исхеза, уой туххæй. Кенæ ба райсæн гуманитарон ахурадæ æма еци къабази специалисттæ цæттæ кæнуни кусти. Хумæтæги имæ е ’ргом нæ раздахта Уæрæсей Президент Владимир Путин æ аллианзон фæдздзурди.

Уотæ ахсгиаг цæмæн æй аци фарста нури доги? Уомæн æма æррæстæ, уотид дипломгин специалист, æ бон кусти ниллæуун æма мизд есун кæмæн уа, æхецæн цæрæнуат ка балхæна æма анзмæ дууæ хатти фæсарæйнаг курорттæмæ æ фæллад уадзунмæ ка цæуа, мах уæхæн адæймаг нæ гъæуй. Гъо, уæхæн ацъагъуæдзийнадæ дæр гъæугæ гъуддаг æй, дзубанди дæр ибæл нæййес. Фал е гъæуама исуа нæ бæстæн, нæ минкъий республикæн ести хуарз фæуунгъон ка уа, уæхæн адæймаг. Цæмæй багъæуаги е æ исхæссæг бæстæн агъазгъон уа, æ адæмæн, æ ахилæн аккаг фуртæн бæзза. Нæ Иристони анзфинстмæ ку ’ркæсæн, уæд си еу æма дууæ лæги нæ иссердзинан, кæцитæ уæхæн бæрнон бунæтти косгæй сæхе мæтæ нæ кодтонцæ, фал сæ еугур хъауритæй æма арæхстдзийнæдтæй дæр архайдтонцæ сæ адæмæн, сæ фидибæстæн куд фулдæр пайда æрхæссунбæл, уобæл.

– Нæ нуриккон Парламенти абони берæ ес бонгин æма амалгъон адæмтæ. Етæ ба куд æма ци хузи агъаз кæнунцæ фронтæн, сæрмагонд æфсæддон операций архайгутæн дæр æма син сæ бийнонтæн дæр?

– Комкоммæ кедæрти кой сæрмагондæй нæ кæндзæнæн, æгæр берæ цидæртæ мæ нимайун багъæудзæнæй. Фал мæ бон ба ’й уотæ зæгъун: сæ еугур дæр агъаз кæнунцæ, еуварсæй кæсæг си неке æй, кадæртæ ба си, сæрмагонд æфсæддон операци кæми æнхæстгонд цæуй, уордæмæ дæр фæццæунцæ гуманитарон уæзæгти хæццæ, кадæртæ си агъаз кæнуй материалон æгъдауæй ка фæммард æй, уони бийнонтæн.

Ист æрцудæй республикон еуæндæс закъони – уонæмæ гæсгæ агъаз лæвæрд цæуй сæрмагонд тугъдон операций архайгутæн æма сæ хеуæнттæн. Зæгъæн, нæ республики бюджети хецæнæй федаргонд ес закъон сæрмагонд тугъдон операций архайгути бийнонтæн еугæндзон агъаз дæттуни туххæй, уæдта тугъдон операций ка фæццæф æй, уонæн дæр уотæ. Нуртæккæ еци тугъдон операций ка архайуй, уони сувæллæнттæн сæрдигон каникулти лæвар путевкитæ лæвæрд цудæй лагерти бауолæфуни туххæй, тугъдонтæ сæхуæдтæ ба уæгъдæгонд æнцæ транспортон феддонтæй. Нуртæккæ ма каст цæуй республикон Закъони проектмæ, кæцимæ гæсгæ, тугъдон операций архайгæй æма е ’фсæддон ихæс æнхæстгæнгæй ка бастъалдæй, уони сувæллæнттæн цæрæн фатертæ цæмæй лæвæрд цæуонцæ кезуй æнæлæугæй, æртæ æма инсæй анзи си кæбæл исæнхæст æй, уонæн ба цæрæнуат райсуни сертификаттæ лæвæрд цæмæй цæуа.

Ке зæгъун æй гъæуй, æ дарæг, æ цардæмбал, æ фидæ кæмæн байсавдæй, уонæн моралон æгъдауæй дæр агъаз кæнун асхгиаг гъуддаг æй. Еци уавæрти бахаугутæн мах алкæддæр балæууæн сæ фарсмæ, нæ бон цæмæй æй, уомæй син сæ уавæр фенцондæр кæнæн.

Нæ республики нури Парламенти куст цæйбæрцæбæл æнтæстгин æма ахедгæ ’й, уомæн берæ дæнцæнтæ ’рхæссæн ес. Уонæй еу ба е æй, æма ин устур аргъгонд цæуй Уæрæсей Федералон Æмбурди ’рдигæй дæр. Æ Сæрдар Валентинæ МАТВИЕНКО уой æнæмæнгæ баханхæ кæнуй ТУСКЪАТИ Тайморази хæццæ гъуддагон фембæлдтити рæстæг.

– Таймораз, политикæмæ æрбацæуни агъоммæ ду, аграрон институт фæууни фæсте рацудтæ, зæгъун æнгъезуй, лæгæвзарæн нæдтæбæл – зиндзийнæдтæ дæр си куд нæ адтайдæ, фал дин бантæстæй æригон специалистæй ба устур ахургонди уæнгæ исирæзун, багъæуай кодтай доктори диссертаци экономикæбæл, адтæ республики Хецауади Сæрдар, нур ба Парламенти Сæрдар… Куд ахургонд, уотæ дæр æнтæстгин уогæй, уæддæр политикæ цæмæ равзурстай?

– Мæ размæ карьери къæпхæнтæбæл гъæуа-нæгъæуайæй уæлæмæ хезуни нисан мæхецæн некæд æвардтон, æррæстæ мæ равзурст надбæл цудтæн кæдзосзæрдæй æма рæстуодæй. Институт каст фæууогæй, барвæндонæй рандæ дæн Тули облæстмæ.

Кустади архайгæй, никкидæр фулдæр кодтон мæ зонундзийнæдтæ, профессионалон æма царди устур фæлтæрддзийнадæ кæмæ адтæй, уонæй истон, хуарзæн сæмæ бафæнзуйнагæй ци уидтон, уæхæнæй берæ цидæртæ. Уотемæй æрбафтудтæн наукæмæ дæр. Мæ кустадон фæлтæрддзийнадæ æма академион зонундзийнæдтæ мин хъæбæр фæййагъаз æнцæ премьер-министрæй мæ ку исфедар котонцæ, уæд.

Политикæ ба… Ес уæхæн загъд: «Паддзахади рæстдзийнади политикæ æй тæккæ уæлдæр къæпхæн». Уогæ аци зундамонæн загъд дæр аллихузи лæдæрдгонд цæуй. Фал мæмæ уотæ кæсуй, æма махæн хеуондæр æй номдзуд финсæг Федор Достоевскийи загъд: «Нæ адæми уодиконди тæккæ бæрзонддæр æма тæккæ бæрæгдæр менеуæг æй рæстдзийнади лæдæрундзийнадæ æма уомæ бæллундзийнадæ…»

Рæстдзийнади сæрбæлтау тохгæнæг адтæй нæхе Къоста дæр, е уотæ финста: «Мах еугурæйдæр еугæйттæй æнæхъаурæ æма минкъий ан. Æмзæрдæй ку февналæн – фенкъусдзæнæй хонх дæр…» Махæн нæ хъаурæ æй нæ еудзийнади.

– Æхсæнадон-политикон сабур æма еугæндзон уавæр хъæбæр ахсгиаг æй, уомæ гæсгæ ба сæ закъонадон æма æнхæстгæнæг хецаудзийнади къабæзтæ гъæуама аразонцæ еумæйаг хатдзæги сæрбæлтау, се ’хсæн гъæуама уа федар æмгустадæ æма кæрæдзей лæдæрундзийнадæ. Дæ бон æй уотæ зæгъун, æма уæхæн рахастдзийнæдтæ бæлвурдæй æнцæ нæ республики дæр?

– Мæнмæ гæсгæ, хецаудзийнади еугур къабæзтæ гъæуама уонцæ тухгин æма хæлар, сæ бон уа сæхе хъауритæй сæ куст гъæугæ хузи æнхæст кæнунгъон. Ци ихæстæ ибæл æвæрд ес, уони æнхæст кæнун гъæуй бæрзонд профессионалон уагæбæл. Раст зæгъгæй, алли кустæн дæр ес æхе сæрмагонд хецæндзийнадæ, фал ес уæхæн гъуддæгутæ, кæцитæ нæ еу кæнунцæ, уонæн сæ сæйрагдæртæй ба еу æй Иристони ирисхъæ.

Еци гъуддаг ба нин уæхæн еумæйаг цæгиндзæ æй, кæцимæй нин еу усмæ дæр еуварсмæ фæккеуæн нæййес. Еугурæй дæр æвдесæн ан, нæ республики хуæрзæрдæмæ ци æййивддзийнæдтæ цæуй экономикон æма социалон къабæзти, культури, уонæн. Нæ зæрдæ дарæн, идарддæр дæр еци æййивддзийнæдтæ агъазиауæй-агъазиаудæр ке кæндзæнæнцæ, нæ цардарæзти гъомусадæ ке ирæздзæнæй, уобæл.

Уомæ устур æргом æздахуй нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйло дæр, кæцимæ ес разамунд дæттуни бæрзонд арæхстдзийнадæ, æнтæстгин цардиуагон æма æфсæддон фæлтæрддзийнадæ, бундоронæй лæдæруй, Парламент дæр æма Хецауадæ дæр ци куст æнхæст кæнунцæ, уой ахсгиагдзийнадæ.

Еума хатт зæгъуйнаг дæн, уой, æма нин нæ фидтæлтæ ци алæмæти гъæздуг цардиуагон фæлтæрддзийнадæ ниууагътонцæ, е махæн дæр хæзнай хузæн фагæ ’й æма ма фагæ уодзæнæй нæ исонибони берæ фæлтæртæн дæр. Сæйрагдæр – хæдзардзинæй си пайда кæнун, иронх ни куд нæ уонцæ, нæ еци уедæгтæмæ гæсгæ нæ абони гъуддæгутæн аргъ кæнун.


Цæгат Иристони Парламенти нури исконди архайди нерæнгæ ци нæуæгдзийнæдтæ фæззиндтæй, уонæй еу æй е, æма æ Совети æмбурдтæ рæстæгæй-рæстæгмæ кезугай арæзт цæунцæ нæ республики районти. Æрæги уæхæн æмбурд арæзт æрцудæй Дигори райони. Уоми абони райаразуйнаг фарстати фæдбæл дзубандийæй уæлдай ма си адтæй зæрдæхуæцæн хабæрттæ дæр – ахургæнæги Бонмæ гæсгæ си адæмон ахуради къабази  æнтæстгиндæрæй архайгути исцитгин кодтонцæ. Парламенти Сæрдар ТУСКЪАТИ Таймораз сæ исхуарзæнхгин кодта кадгин хуæрзеугутæй. Æмбурди туххæй ба бæлвурддæр æрмæг ниммухур кæндзинан нæ газети иннæ номери.