26 декабря 2024

ЦИТГИН Е ÆЙ, Æ ЗÆНХОН ИХÆС КА БАФЕДУЙ РÆСУГЪДÆЙ…

21.10.2023 | 13:43

ГЕЦАТИ Афæхъо æма æ цардæмбал Настя сæ кæстæри хæццæ.

Гецати Афæхъой цард дæлæмæ дæр æма уæлæмæ дæр ку рабарай, уæд æрцæудзæнæ еу гъудимæ: «Ци бон райгурдæй, еци бонæй фæстæмæ лæги ном рæсугъдæй фæххаста, рæсугъдæй фæццардæй адæми хæццæ, рæсугъд ном ниууагъта уæлæбæл дуйней». Æма кæд уарзонæй, хæларæй, рæстæй ци уарзон дзиллити ’хсæн фæццардæй, уонæн фæстаг хуæрзбон æхсæрдæс анзей размæ загъта, уæддæр æй абони дæр имисунцæ, уомæн æма æ зæнхон царди ниууагъта æцæг лæги фæд, ниууагъта бийнонтæн, синхæн, гъæубæстæн æ рохс ном, æ федар нифс æма хъаурæ. Цуппæрдæс æма æртинсæй анзей дæргъи царди арф денгизи лæгау фæннакæ кодта, зин сахатти дæр, цийни усми рæстæг дæр æ сæрмæ æгадæ некæд æрхаста, некæд фæккиудтæй æ равзурст надæй, кадæ æма радæй фæццудæй кæронмæ дæр. Æ цардæй ин æрхæсдзинан еуцалдæр цауи.

1941 анзи 21 июни æхсæвигон 69-аг танкити полкки радгæс, фестæг æфсæддон училищей æзиниккон курсант, лейтенант Гецати Афæхъо штабæй райста уæхæн бардзурд: «Полкки командир тагъд æрбадзорæд штабмæ!» Афæхъо гъудити бацудæй: «Командир æма штаби хецау ардигæй æхсæвæ æнафони ку рандæнцæ, уæд сæ уотæ тагъд цæмæн агорунцæ?» Цидæр адтæй, уæддæр телефонæй командирмæ бадзурдта, е хуссæгигъæлдзæгæй цидæр бахъур-хъур кодта. Минкъий фæстæдæр нæуæгæй райгъустæй телефони зæлланг, Афæхъо хæтæл исиста æма фегъуста: «Тугъд райдæдта, фашистон Германи нæ бæстæмæ æрбампурста. Командир æвæстеуатæй полкмæ фæззиннæд!» Уотæ райдæдта Гецати Афæхъой æфсæддон афицери цард. 22 июни бони дуккаг æмбеси полк еугурæйдæр Нигулæнмæ ниннæхстæр æй. Над Новгород-Волымский-Ровной айдагъ танкити полк нæ цудæй фронти æрдæмæ, фал гарнизони иннæ æфсæддон хæйттæ, æнæуой ледзæг адæм. Арвбæл фæззиндтæнцæ знаги хуæдтæхгутæ, бомбитæ ехуарæгау никкалдтонцæ æма над уайтæккæдæр зиндонæ фестадæй. Мæрдтæ исахид æнцæ, зæнхæй дæр, уæлдæфæй дæр гъæуайгонд ка нæ цудæй, еци æфсæддон хай æма лигъз адæми ’хсæн. Ровной бунмæ ци уæззау тугъдтитæ цудæй, уоми июни мæйи кæрони Афæхъо уæззау цæф фæцæй æма ’й дзæбæх кæнунмæ рарвистонцæ фæскъилдунмæ. Ку исдзæбæх æй, æхебæл ку фæххуæстæй, уæд бацудæй 83-аг æхсгути полкмæ, уордигæй ба курсантти роти командирæй Бакуй æртиккаг фестæгæйцæуæг æфсæддон училищемæ. Фæстæдæр æхсгути бригади тугъдонти хæццæ Афæхъо бæгъатæрæй хуæстæй Семашхи знæгти къуари нихмæ, фæццæф æй æма бахаудтæй Еревани госпитæлмæ. Ами æ цæфтæ æрæгæмæ дзæбæх кодтонцæ æма 1943 анзи æфсæддон къамис Гецати Афæхъой нæбал бауагъта тохун. Æ реубæл Фидибæсти фиццаг къæпхæни, Сурх Стъалуй дууæ ордени, берæ майдантæ, уотемæй исæздахтæй Ирæфи районмæ, косунмæ бацудæй æфсæддон комиссарадæмæ фиццаг инструкторæй, уæдта майор Гецати Афæхъо уорæд æрцудæй æфсæддон комиссарæй. Советон Æфсади рæнгъитæн цæттæ æма гъомбæл кодта нифсхаст, æндиуд æма арæхстгин тугъдонтæ, Райгурæн бæсти æцæг фурттæ. Æма айдагъ уони нæ, фал æхецæн ци цуппар фурти исæнтæстæй, уони дæр æ цардæмбал Гацолати Настяй хæццæ раст надбæл аразун гъудæй, ахурмæ дæр, кустмæ дæр тулаваст куд уонцæ, уобæл дууемæй дæр сæ уодтæ гъардтонцæ. Афæхъо æма Настяй цæуæт еугуремæн дæр фæнзуйнаг рауадæнцæ. Хестæр Анатолий спортмæ æмхиц адтæй, ахурмæ бæлдтæй, институти фæсте куста ахургæнæгæй, нуртæккæ ’й нæ республики физкультурæ æма спорти æскъуæлхт косæг, Дзæуæгигъæуи фарæстæймаг лицейи нимад æй дæсни ахургæнæгбæл. Дуккаг фурт Валерий равзурста æ фиди дæсниадæ. Чиколай астанзон скъола ку фæцæй, уæд бацудæй Орджоникидзей уæлдæр æфсæддон училищемæ, уой фæсте – Мæскуй М.В. Фрунзей номбæл æфсæддон академимæ. Хуæрзæригонæй райста болкъони ном, службæ кодта Чехославакий, Идард Искæсæни, Фæскавкази, адтæй фæсарæнти дæр – æнхæст кодта интернационалон ихæс. Хонсар Иристони ци фидбилизтæ æрцудæй, уоми активонæй архайдта, еу рæстæги адтæй Хонсар Иристони президенти агъазгæнæг æфсæддон ханхæбæл, нуртæккæ ба ’й дууæ парламентей минæвар, косуй Цæгат Иристони Хецауадæ æма Президенти бæрни. Æй уæгъдебарæ гъæбесæй хуæцунæй ССР Цæдеси спорти мастермæ кандидат.

Славик ахур кодта Хетæгкати Къостай номбæл университети фæсарæйнаг æвзæгти факультети. Берæ рæсугъд гъудитæ имæ бæргæ адтæй, фал ибæл æвзонгæй хъисмæт гадзирахаттæй рацудæй – надбæл цæугæй аварий бахаудтæй æма æверхъауæй фæммард æй.

Бийнонти кæстæр Ермак райста хузæкæнуни дæсниадæ. Кæми косуй, кæми архайуй, уоми æй фæнзуйнаг, дæсни косæг. Афæхъой фуртти фурттæй дууæ ’нцæ æфсæддонтæ, сæ еу майори цини, иннæ ба – капитан.

Гецати бийнонтæ сахармæ ку ислигъдæнцæ, уæд Афæхъо кустмæ бацудæй завод «Топаз»-мæ æма дæс æма инсæй анзи фæккуста парткоми секретарæй. Пенсимæ ку рацудæй, уæд æ рагон бæллец æнхæст кæнунбæл ниллæудтæй. Дигоргоми ци муггæгтæ цæруй, етæ ами кæд æма кудæй æрцардæнцæ, куд равзурстæнцæ, еци фарстатæбæл киунугæ ниффинсун. Валерий, цит, æфсадæй отпускæй ку исæздæхидæ, уæд имæ Афæхъо ниуурдуг уидæ:

– Биццеу, хонхмæ мæ ку бадависæ, æхсицгон гъуддаг мæ ес.

– Медбон фæстæмæ раздæхдзинан?

– Нæ. Еу къуæрей æмгъудмæ уæддæр.

– Уойбæрцæ рæстæг мин нæййес. Ласун дæ, фæстæмæ ба къуæрей фæсте автобуси æрцæудзæнæ.

– Хуарз, цæттæ дæн æз.

Гъæуæй-гъæумæ, комæй-коммæ фæззелидæ Афæхъо, хестæртæй ке игъуста, уони лæмбунæг ниффинсидæ, никки æма сæ никкидæр исбæлвурд кæнидæ æма сæ газетти, журналти рауадзидæ. Мæнæ сæхе муггаги туххæй куд финсуй: «Равзурдæй Мæхчески гъæуи Дзайнухъти муггагæй. Сæ фиццаг фидæ Дзайнухъти Дзайнухъ – æлдари дуккаг (номбæлуоси) фурт Геца. Дзайнухъ æлдари уосæ, Гецай мади муггаг кæмæй адтæй, уой ба абони дæр бæлвурдæй неке зонуй. Муггаги хестæртæй сæ еуетæ дзорунцæ, зæгъгæ, адтæй Задæлески гъæуккаг Бæзити кизгæ, дигорон, иннетæ ба ’й хонунцæ цæцæйнаг кизгæ. Еци кизги, дан, е ’нсувæри хæццæ Бæзитæ радавтонцæ еу цæцæйнаг гъæуæй æма сæ сæхемæ Задæлески гъæуи исгъомбæл кодтонцæ.

ГЕЦАТИ Афæхъо æма Настя сæ цæуæт æма уони кæстæрти хæццæ.

Цидæр адтæй, уæддæр Гецати муггаги фиццаг фидтæл Геца адтæй Дзайнухъти муггагæй, уонæмæ исгъомбæл æй,  ислæг æй, уонæн æ мади хæццæ ихуæрсти хузæн кустонцæ, цалдæн фæразтонцæ, уæдмæ, уæдта Дзайнухътæй рахецæн æнцæ æма цардæнцæ хецæн хæдзарæй Мæхчески гъæуи. Геца æ мади хæццæ Дзайнухътæй хуарз царди туххæй нæ рахецæн æй, фал нæбал фæразта сау куст кæнун æгадæй. Хецæн ку кодтонцæ, уæддæр ин сæ мулкæй хай нæ равардтонцæ, æма уæд Геца загъта: «Сæ мулк дæр мæ нæ гъæуй, мулк мæхуæдæг искæндзæнæн, сæ муггаг дæр мæ нæ гъæуй, мæ муггаг мæхе номбæл хæсдзæнæн». Æма куд загъта, уотæ бакодта. Уæдæй фæстæмæ Геца, æ цæуæт, æ фæлтæртæ хæссунцæ Гецати муггаги ном».

Дигоргоми алли муггаги туххæй дæр бæлвурдæй финст æрцудæй, фæззилдæй сæбæл хонхæй-будурæй кæмидæр æ бон адтæй, уомити. Æрæмбурд кодта киунугæн гъæздуг æрмæг, фал æ рауадзун ба æ къохи нæбал бафтудæй. Айдагъдæр дæс анзей размæ æ фурт Валерий, уæдта поэт Скъодтати Эльбруси фæрци фæууидта дуйней рохс «Дигори коми муггæгти равзурд» хецæн киунугæй.

Æвæдзи, Афæхъой берæ æнзти хъиамæттæн аккаг хузи аргъгонд нæма æрцудæй, е нæ, фал ма кадæртæ фаутæ дæр æвæрунцæ, аййеппитæ хæссунцæ киунугæмæ. Кæд киунуги рацуд æхуæдæг нæбал фæууидта, уæддæр сæ раздæр мухури ку рауадзидæ, уæд сæ æз дæр бакæсинæ æма нæ еу фембæлди Афæхъойæн гъазгæй уотæ ку зæгъинæ: «Дæ Хуцауи хатирæй, Дигоргоммæ кæми ци тоггин адтæй, уони ци æрæмбурд кодтай?» Афæхъо зæнхæмæ берæ фæккастæй, уæдта æнкъардæй уотæ зæгъуй: «Мæхецæй сæбæл неци бафтудтон. Синхæй-синхмæ, гъæуæй-гъæумæ, комæй-коммæ ци фегъустон адæмæй, уой ниффинстон». Æма Афæхъой киунугæ абони стъолбæл даргæ ке иссæй, уой нæхе цæститæй уинæн. Æ фурт Валерий ба гъуди кæнуй: «Мæ фиди киунугæ дуккаг хатт геппи уадзун гъæуй. Мæ фæндонмæ гæсгæ нæ – адæми фæндуй уотæ. Киунугæмæ ка нæ бахаудтæй, уæхæн æнæмухургонд æрмæг дæр ма берæ байзадæй æма уони дæр бафтаун гъæуй».

Лæг цардæй зæнхæбæл æма æ дуйней ихæс бафиста.

Рæсугъдæй, кадгинæй, æхебæл нæ ауæрдгæй.

Гецати Афæхъо æцæг лæги фæд ниууагъта æ дзиллитæн, æ бийнонтæн, æ ахил æма дзилагæн. Æ бæсти не ’хсæн абони уодæгас циртдзæвæнæй лæуунцæ е ’ртæ фурти, æ цардæмбал Настя, æ хъæболти хъæболтæ æма æ еунæг киунугæ. Цæрæнтæ фæрнæйдзаг цардæй, цæрæнтæ амондгунæй, сæ рохсæй макæд исфедуйæнтæ!

ÆГЪУЗАРТИ Саукуй