ФÆЛТÆРТÆН УОДЗÆНÆНЦÆ ЗÆРДÆБÆЛДАРУЙНАГ…
Беслæни маисон комбинати (БМК) микрорайони «Æртæкъумон» ке хонунцæ, еци парки кадгин уавæри байгон кодтонцæ циртитæ Александр Булатов, Сергей Завгородний æма Гæтийти Керменæн. Аци нæмттæ хуарз зонунцæ, БМК-йи ка куста æма еу бийнонти хузæн æнгомæй ка цардæй, еци хестæр фæлтæри минæвæрттæ.
Александр Николайи фурт Булатов Устур Фидибæстон тугъди рæстæг разамунд лæвардта нæ республики промышленности флагманæн, нæ бæстæ сæрустур кæмæй адтæй, еци Беслæни маисон комбинатæн. Кустуат тугъди рæстæги дæр не ’рлæудтæй. 1942 анзи, немуц Беслæнмæ ку ’рбахæстæг æнцæ, уæд æ косгутæ, æхсæвæ-бон не ’взаргæй, платформæбæл æвардтонцæ комбинати ефтонггæрзтæ, аппаратурæ, цæмæй сæ Грозна æма Бакумæ æрвистайуонцæ. Айдагъдæр уотемæй багъæуайгæнæн адтæй агъазиау кустуат. Уомæй уæлдай ма БМК фронтмæ æрвиста æ продукци – мурæг (патока), декстрин, глюкозæ æма берæ æндæртæ цудæнцæ госпитæлтæмæ.
Гæтийти Захари фурт Кермен дæр еци рæстæг æ кусти бунати сахари цæргутæн устур нифси хуасæ адтæй. Евгъуд æноси 30-аг æнзти БМК ирæзтæй, æ равналæнтæ агъазиаудæр кодтонцæ, адæм имæ аллирдигæй кустмæ цудæнцæ, поселокки дæр цæрунæн гъæугæ уавæртæ аразтонцæ: скъола, рæвдауæндонæ, клуб. Ке зæгъун æй гъæуй, æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади фарста дæр лæудтæй кустуати размæ. Еци ахсгиаг гъуддаг бабарæ кодтонцæ фæлтæрдгун дохтир Гæтийти Керменæн. Еци рæстæг е куста Нузали сæйгæдони сæйраг дохтирæй. Кермен 1937 анзи поселокки еу корпуси байгон кодта фиццаг поликлиникæ. Зæгъун æнгъезуй, сæйгитæ имæ цудæнцæ æхсæвæй-бонæй. 1942 анзи, немуцаг фашистти хæццæ уæззау тугъдтити рæстæг Гæтийти Кермен суткæгай операцитæ кодта цæф æфсæддонтæн, рæстæгмæ госпитæл кæмæй исаразтонцæ, еци БМК-йи клуби.
Сергей Ильяйи фурт Завгородний, тугъди уодуæлдайæй архайæг, Беслæни дуккаг скъолай раздæри директор. Уæлдæр куд загътан, уотемæй, социалон ахедундзийнадæ кæмæн адтæй, еци объекттæй еу дæр æ куст нæ бауорæдта тугъди рæстæги. Уотæ – скъола дæр, кæд уавæртæ уæззау адтæнцæ, уæддæр уроктæ кодтонцæ. Уæди ахурдзаутæ ма гъуди кæнунцæ, скъоламæ пецæн гъæбеси дзаг согти хæццæ куд тагъд кодтонцæ, уой. Сергей Ильяйи фурти математики уроктæ куд цудæнцæ, уобæл хецæнæй ниффинсун æнгъезуй, æ ахурдзаути зæрдæбæл нур дæр лæуунцæ.
Уæхæн æрдхуæрæни лæгти нæмттæ гъæуама иронхуати куд байзайуонцæ?! Еци фарста сæхемæ ахид лæвардтонцæ Беслæни хестæр кари адæм. Æгас ма ’нцæ, ка сæ зудта, сæ хуарз гъуддæгутæн æвдесæн ка адтæй, уонæй беретæ. Сæ сорæттæ син «Æртæкъумон» парки исæвæруни гъуди ба æрцудæй, æхсæнадон архайæг, поэт Торчинти Хъазбегмæ (Мэлс), уæдта æ исаразуни туххæй хæрзти зингæ хай дæр æхемæ райста.
Аци арфиаг гъуддаг исаразуни туххæй Гæтийти Кермени фурт Тамбий æхе бахатта Рахесфарси райони администраций сæргълæууæг Мирикати Хъазбегмæ æма исарази æй æ курдиади хæццæ, байихæс кодта администраций бундорон арæзтади хайади хецау Къæбойти Заурæн парки фадуæттæмæ гæсгæ си федауцæ бунат иснисан кæнун.
Æма уоййадæбæл куститæ сæ тæмæни бацудæнцæ. Гъуддаг гъæугæ хузи исаразунæн райони администраци дæр фæккастæй æхцай фæрæзнитæй. Тауитти Руслан бюстити æрхийæй бамбарзта.
«Æртæкъумон» паркмæ циртитæ байгон кæнуни кадгин мадзалмæ æрбацудæнцæ Беслæни маисон комбинати поселокки цæрæг хестæртæ, комбинати раздæри косгутæ, дзиллон-æхсæнадон организацити, фæсевæди минæвæрттæ. Хестæртæ сæ радзубандити æримистонцæ се ’ригони бæнттæ, комбинати сæ кусти, сæ царди хабæрттæ æма сæмæ адæм, уæлдайдæр ба кæстæртæ цæмæдесæй игъустонцæ. Мадзали архайдта Рахесфарси райони Минæвæртти æмбурди сæрдари хуæдæййевæг Уарзиати Валери. Æма æ радзубандий уотæ зæгъта:
– Абони ами уе ’хсæн ке дæн, е мæнæн устур кадæ ’й. Райони разамунди номæй арфæ кæнун, циртитæ исæвæруни гъуди ке зæрдæбæл æрлæудтæй æма ’й царди рауадзунбæл зæрдиагæй ка байархайдта, æхцай фæрæзнитæй, уоди хъаурæй ка фæййагъаз кодта, уонæн. Е агъаз æй æригон фæлтæри гъомбæладæн, уадзæ æма зононцæ, абони царди бундор ка æвардта, æма нур не ’хсæн ка нæбал æй, еци хестæрти.
Циртдзæвæнтæ байгон кæнуни барæ лæвæрд æрцудæй Александр Булатов, Сергей Завгородний æма Гæтийти Кермени фурти фурттæ æма уони фурттæн, кæцитæ сæрустурæй исистонцæ уорс æмбæрзæн. Уой фæсте мадзали архайгутæ циртитæбæл деденгутæ исæвардтонцæ.