22 декабря 2024

НÆ ЕУГУРАДÆМОН ФАРНИ ХÆЗНАДÆНТТÆ

08.11.2023 | 12:24

Нæ республики Парламенти Сæрдар ТУСКЪАТИ Тайморази (галеуæрдигæй) Национ музейи равдисти хæццæ зонгæ кæнуй æ генералон директор ЦУЦИТИ Аслан.

Æцæгæйдæр, нæ еугур адæмон фарни хæзнадæнттæбæл банимайун æнгъезуй музейтæ – уомæн æма уонæми хъæбæр берæ рæстæгути дæргъи бæстонæй æмбурдгонд æма æностæмæ гъæуайгонд цæунцæ нæ Фидибæсти цардвæндаги комкоммæ æвдесæнтæ. Æма айдагъ уоми нæй сæ алæмæти агъазиаудзийнадæ – уони фадуæттæ айдагъ ахедгæ зонадон фæрæзнæ нæ ’нцæ, фал ма æгæрон æй æ гъомусадæ, дзилли алли фæлтæрти Райгурæн бæстæй сæрустур æма ибæл æновуд унбæл гъомбæлади.

Уомæ гæсгæ музейон гъуддагмæ Цæгат Иристони зингæ æргом æздæхт цæуй. Уомæн берæ бæлвурд æвдесæнтæ ’рхæссæн ес. Зæгъæн, æрæги нæ республики Парламенти хъæппæресæй арæзт æрцудæй сæрмагонд æмбурд, кæцими архайдтонцæ Парламенти совети иуонгтæ, республики музейти разамонгутæ æма къабазæмæ бардарæг адæймæгутæ. Дзубанди си цудæй нæ музейтæ абони куд æма ци уавæрти косунцæ, циуавæр лухкæнуйнаг фарстатæ сæмæ ес, æма уони гъæугæ хузи райаразунæн циуавæр равгитæ æма гæнæнтæ ес, æма си кутемæй ес хæдзардзинæй испайда кæнун, уобæл.

Парламенти Сæрдар Тускъати Таймораз, æмбурди райдайæни æ радзубандий баханхæ кодта:

– Музейтæ айдагъ гъæуай нæ кæнунцæ адæмтæн сæ истори, сæ хуæдхуздзийнадæ, фал ма ’нцæ гъомбæлади ахсгиаг фæрæзнæ. Махмæ, Цæгат Иристонмæ æрцæуæг адæмæн, нæ иуазгутæн нæ республики туххæй ци радзорæн æма син ци фæууинун кæнæн, уæхæн регионалон æма федералон нисанеуæги цæмæдесаг историон цæветтонтæ нæмæ берæ ес. Цæгат Иристони музейти ирæзти сæйраг нисантæбæл æмбурди радзурдта республики культури министри хуæдæййевæг Хъусати Зæлинæ. Куд фегъосун кодта, уотемæй нæмæ ес æстдæс музейи: æртæ си æнцæ паддзахадон, æртиндæс филиалтæ, дууæ ба си æнцæ муниципалон.  Уонæн сæ куст цæйбæрцæбæл ахедгæ æй, уой туххæй Хъусати Зæлинæ берæ нисанеуæггин дæнцитæ ’рхаста. Зæгъæн, фарæ Уæрæсей Федераций адæмти культурон бунтæ багъæуай кæнуни анзи фæлгæти, æма Аланибæл исаргъуди 1100 анзи бæрæгбон бæрæг кæнгæй, республики арæзт  æрцудæй берæ зæрдæбæлдаруйнаг культурон мадзæлттæ, сæ еу – нæ республики арæзт ке ’рцудæй  Паддзахадон Эрмитажи бæнттæ. Аци проекти фæлгæти Республикæ Цæгат Иристон æма Паддзахадон Эрмитажи ’хсæн финст æрцудæй æмгустади бадзурд. Никки ба ма Паддзахадон Эрмитажи агъазæй нæмæ байгон æй равдист «Алайнаг паддзахади историон циртдзæвæнтæ».

Фæстаг рæстæгути туристон къабазæ нæ республики ке ирæзуй, уомæ гæсгæ, 2021 анзи хæццæ рабаргæй, зингæ фæффулдæр æнцæ экскурсити нимæдзæ дæр. Музейтæ 2022 анзи ка бабæрæг кодта, уони бæрцæ, 2021 анзи хæццæ рабаргæй фæффулдæр æй 3,4 проценти. Æма идарддæр дæр еци нимæдзæ ке ирæздзæнæй, уомæн ес бундор.


КУРУХОН ФÆДЗÆХСТ

Рабиндранат Тагор (1861-1941), индийаг финсæг, философ: «Æнамонд æй, æ евгъуд бæнтти тиллæг ка нæ багъæуай кодта, еци адæмихатт, уомæн æма е фæффудевгед æй æ евгъуд бæнттæй дæр æма абонæй дæр. Батаунæн имæ муггаг нæййес æма мæгургори хизин райста, цæмæй судæй ма рамæла.  Мах гъæуама нæ зæрдæбæл дарæн, æ историйæй æнæ хай ка фæцæй, еци адæмтæй ке нæ ан, уой… Æндæр адæмти дæрдгун дзаумæуттæ æмбурд кæнун ходуйнаг æй, æма ‘й гъæуама нæ сæрмæ ма хæссæн…»


Идеологон, граждайнаг-патриотон гъомбæлади гъуддаги музейтæбæл устур ихæс æвæрд ке ес, уой фæдбæл дзоргæй, Национ музейи генералон директор Цуцити Аслан æ радзубандий фулдæр æргом раздахта, цæмæй еци ихæс æнтæстгинæй æнхæстгонд цæуа, уомæн сæ ци агъаз гъæуй, уомæ. Зæгъæн, музейтæ сæ экспонаттæ кæми даронцæ æма гъæуайгонд кæми цæуонцæ, уомæн аккаг бунæттæ сæмæ фагæ нæййес. Уой фудæй нæййес гæнæнтæ экспонатти бæрцæ фулдæр кæнунæн. Фарста уæлдай сагъæссагдæр æй Мæздæги, Дигорай, Æрæдони, Майрæмадаги музейти. Уæлдай устурдæр æргом раздахун гъæуй Туйгъанти Махарбеги номбæл Аййевадон музейи æма Къостай Хæдзарæ-музейи уавæртæмæ.

Республики медгъуддæгути министради историй музейи директор Сохити Ларисæн æ радзубанди адтæй уодварни æма патриотон гъомбæлади, нæ республики музейтæн сæ бунат æма сæ ахедундзийнади фæдбæл. Куд загъта, уотемæй сæ музейи ес равдистити дæс зали æма си фæууинæн ес куд Иристони историбæл дзорæг экспонаттæ, уотæ ма си базонæн ес, барадон рахастдзийнæдтæ нæ фидтæлти цардиуаги ци бунат ахæстонцæ, уой.

Æмбурди архайгутæ ма байгъустонцæ Дзæуæгигъæуи наукон центри наукон-организацион хайади хецау Дзуццати Лариси радзубандимæ «Нæудæсæймаг æноси кæронæй еу æма инсæйæймаг æноси райдайæнмæ музейти къабази ирæзти истори: æ къæпхæнтæ æма сæйраг фæззелæнтæ».

Радзубандий фæдбæл сæ гъудитæ æма феппайуйнæгтæ дзурдтонцæ æмбурди архайгутæ – музейти разамонгутæ, къабазæмæ бардарæг эксперттæ. Етæ дзурдтонцæ, косæндæнтти, уæлдæр ахургæнæндæнтти æма скъолати ци музейтæ ес, уонæмæ фулдæр æргом раздахунбæл, музейти материалон-техникон ефтонгадæбæл, дæсни экскурсоводтæ цæттæ кæнуни æма æндæр фарстатæбæл.

Æмбурди архайгутæ ци фарстатæмæ ’ркастæнцæ, уони ралух кæнуни фæдбæл рахастонцæ бæлвурд унаффитæ æма амунддзийнæдтæ, кæцитæй зæрдæдарæн ес, пайдайаг уодзæнæнцæ республики Парламентæн, Хецауадæн, культури министрадæн, ахурадæ æма науки министрадæн æма дзиллон хабархæссæг фæрæзнитæн сæ архайди.