22 декабря 2024

ДÆ ЦЪУХБÆЛ КУ НÆ ХУÆЦАЙ…

14.12.2020 | 15:20

Раги кæддæр еу инæлар цардæй. Еууæхæни тугъдон стæри адтæй, æма ибæл знæгтæ тухгиндæр кæнун байдæдтонцæ. Е ’фсæдти ин бундзагъд ку никкæнонцæ, уомæй хъæбæр тæссаг адтæй. Уæд дин имæ æваст уæларвæй изæд ку æртæхидæ æма ин ку фæййагъаз кæнидæ. Фæууæлахез æй еци инæлар æ фудголтæбæл. Изæдæн æ сæрæй ниллæг ракувта æма ’й бафарста, дæ ном ци хуннуй, зæгъгæ.

– Мæ ном – Нисан, – дзуапп равардта изæд.

– Устур арфæ дин кæнун, фал ма мæ базонун фæндуй, цæмæн мин фæййагъаз кодтай, уой.

Изæд ин дзуапп равардта:

– Тугъдон ахурти рæстæг мæн фатæй ку æхсиайтæ, уæд мæ еунæг хатт дæр нæ исæргъавтайтæ. Æма уин уæ хуарз æз дæр хуарзæй бафистон!..

– Еци инæлари æфсæддонти хузæн рæстъæптæ уæмæ нæ кæсунцæ депутаттæ, политиктæ, хецауеуæггæнгутæ?.. Еудадзуг дзорунцæ, гъома, сæ сагъæстæ, сæ мæтæ æнцæ адæми цардиуаги уавæртæ исхиццаг кæнуни фæдбæл. Æма ци хузи «фæттæй» (закъонтæ, унаффитæ, проекттæ æма æндæр уæхæн æргъудидзийнæдтæй) ба нæ дорадзагъд кæнунцæ еци Нисанбæл… Фал æй æргъæвгæ ба, цæмæдæр гæсгæ, æгириддæр нæ кæнунцæ. Мадта уоййасæбæл æнæрæстъæпп дæр ку нæ ’нцæ – сæхе цардиуаги хуарзæн Нисантæ ба æгæрдæр раргъæвунцæ. Гъе уæхæн «рæстдзæвинтæ» нин  ке ’нцæ кегъæретæ, уой фудæй гъенцъун кæнæн нæ абони нæхъæртондзийнæдтæй…

 

ИЛЛАРИОН, Волоколамскаг митрополит: «Сайтæнттæ фæссорун гъæуй, зæгъгæ, фарста ку фæззинна, уæд хе бахатун гъæуй саугинмæ. Еци гъуддаги цидæр хуæдархайд гъæуама æгириддæр ма уа…»

– Æма нур саугинæн æхе медæгæ сайтандзийнадæ ку бада, уæлдайдæр ба мулкдзæсти сайтан, уæд е циуавæр сайтани фæссордзæнæй? Мулкдзæстæдзийнади ибилис ке медæгæ æрфусун æй æма си фæййервæзун æ гъудий кæрони дæр кæмæн нæй, уæхæн саугинтæ ба æгæр берæ дæр ма иссæнцæ – æргомæй сæхецæн аразунцæ галауантæ, æлхæнунцæ тæккæ хъазардæр хуæдтолгитæ… Нæ уи æруагæс кæнуй? Кæсетæ газеттæ – уæхæн хабæрттæй се ’дзаг.

 

Оксанæ ПУШКИНА, Паддзахадон Думи депутат: «Æз уотæ нимайун, æма Уæрæсей Хецауадæн нæ фагæ кæнуй демографий æма бийнонти политики министрадæ…»

– Аци депутат, цума, царди хабæрттæй хъæбæр идард æй, уотæ уæмæ нæ кæсуй, æндæра ’й зонидæ, министрадитæ аразунæй нæдæр демографион уавæр, нæдæр бийнонти цардиуагæ нæ фæххуæздæр уодзæнæй. Уæдта – уæхæн министрадæ уæддæр арæзт ку æрцæуа, уæд си, æвæдзи, кустмæ ба есонцæ, тæккæ минкъийдæр фондз сувæллони кæмæн уа, уæхæнтти…

 

Станислав Ежи ЛЕЦ (1909-1966) польшаг поэт, философ: «Амондмæ ци над цæуй, уомæн æ фæйнæ фæрсти уинæн амæй-айæ дессагдæр галауантæ. Сæ цæргутæ еци æнæмæтæ-æвæлмастæй къæрæзгитæй кæсунцæ, æнæсцохæй амондмæ ка цæуй, еци æнæхæдзарæ адæммæ…»

– Уæрæсей, дан, дууæ бæлахи ес – нæдтæ æма æдулитæ. Гъома, нæдтæ си бустæги лæгъуз æнцæ, хецауеуæггæнæг чиновниктæ ба – гъæладзæфтæ. Еци загъд, æвæдзи, бустæги раст нæй. Нæдтæ, æцæгæйдæр лæгъуз æнцæ, фал –  хумæтæг адæм кæми цæрунцæ, еци рауæнти. Мадта чиновниктæ дæр æдулитæ исхонæн нæййес – сæхе пайдайæн æгæр зундгин дæр ма æнцæ. Ке бон си куд æй, уотæ еумæйаг есбонадæй давунцæ. Еци галауантæ дæр уони ’нцæ. Уæдта къæрæзгитæй ку  ракæсунцæ, уæддæр сæмæ æнæхæдзарæ адæм зингæ дæр нæ кæнунцæ – сæ цæрæн рауæнтæмæ хæстæг нæ уадзунцæ уæхæнтти.