АДӔМӔН ЗӔРДРОХСДЗИЙНАДӔ ХАСТА, НИФСГУН ӔМА РАЗӔНГАРД СӔ КОДТА…
Берӕ ӕности дӕргъи ӕгуппӕгӕхгӕд ка адтӕй, еци уазал ӕма ӕнод цӕрӕнбунатӕн къӕразгӕ ку исаразай ӕма имӕ дуйней рохс ку бауадзай, уой хузӕн адтӕй нӕ дзиллӕн фиццаг ирон газети фӕззинд…
Уӕхӕн зӕрдӕхцӕуӕн загъдӕй бацийнӕ кодтонцӕ, Иристони райдзастдӕр исонибонбӕл дзурдӕй ӕма гъуддагӕй дӕр ка тухстӕй, еци рӕстмӕгъудигӕнӕг адӕймӕгутӕ, хъӕбӕр рагӕй кӕмӕ бӕлдтӕнцӕ, еци «Ирон газет» ку фӕззиндтӕй, уӕд. Цийнӕ ибӕл кодтонцӕ уомӕн, ӕма уой фӕрци сӕ фидиуӕзӕги еугур къумтӕмӕ фегъустӕй царди гъӕр, адӕммӕ игъусун байдӕдтонцӕ, сӕхе бӕсти дӕр ӕма сӕ алливӕрсти дӕр ци хабӕрттӕ цудӕй, етӕ.
Сауӕнгӕ фиццаг номерӕй фӕстӕмӕ аци газетӕн ӕ дзубандий сӕр иссӕй, уӕди рӕстӕги (уогӕ абони дӕр!..) алцӕмӕйдӕр ахсгиагдӕр ка адтӕй, еци дзоруйнаг: ӕнӕмӕнгӕ гъӕуй, цӕмӕй нӕ адӕм сӕхе ӕнхӕстбаргинӕй ӕрлӕдӕронцӕ, кӕрӕдземӕ ӕнгомдӕр ӕрбалӕууонцӕ, сӕр сӕрмӕ хӕссонцӕ, раззагдӕр адӕмихӕттити сӕ цардарӕзтӕн пайдахӕссӕг гъуддӕгутӕй фӕнзун байдайуонцӕ. «Ирон газет»-ӕн ци фараст номери рауадзун бантӕстӕй, уони ӕрмӕг цӕмӕдесӕй кӕсӕн абони дӕр, уӕдта, ӕруагӕс ни кӕнуй, кӕсдзӕнӕнцӕ ’й исонибони фӕлтӕртӕ дӕр – финсӕг дӕр, историк дӕр, ахургӕнӕг дӕр, дохтир дӕр, хумӕтӕги косӕг дӕр си ӕхецӕн иссердзӕнӕй ести ахсгиаг хабар. Е уомӕн уотӕ ’й, ӕма газет ка аразта, етӕ фарни лӕгтӕ адтӕнцӕ, сӕ адӕми цӕрайӕй цардӕнцӕ. Ета ба адтӕнцӕ: Гӕздӕнти Дзибин, Ӕмбалти Цоцко, Когинати Сабан, Гӕдиати Цомахъ, Хъанухъуати Алмахсидт, Бутати Аслӕнбег, Уртати Хъамболат… Аци зӕрдӕргъӕвд адӕмбӕл тухбегара нӕ адтӕй, ирон ӕвзагбӕл газет рауадзетӕ, зӕгъгӕ, сӕбӕл сӕрмагонд ихӕс неке исӕвардта, фал сӕ сӕ фидибӕстӕ еузӕрдиуонӕй ке уарзтонцӕ ӕма уомӕн хуарздзийнӕдтӕй фескъуӕлхун сӕ царди ахсгиагдӕр ихӕсбӕл ке нимадтонцӕ, уомӕ гӕсгӕ исразӕнгард ӕнцӕ еугурадӕмон гъуддаг исаразунмӕ. «Еске цума барӕй равзурста аци лӕгти редакций коллективӕн, – финста номдзуд революцион архайӕг ӕма публицист Гӕдиати Цомахъ. – Уони ‘хсӕн адтӕй дохтир, ахургӕнӕг, агроном, ирон «Райдайӕн киунугӕ» аразӕг, студент-юрист, студент-медик, студент-филолог…» Уомӕ гӕсгӕ ба, газет ци фарстатӕбӕл финста, етӕ дӕр аллихузон уомӕн адтӕнцӕ.
Паддзахи бӕрнон косгутӕ уайтӕккӕ ӕ над ӕрӕхгӕдтонцӕ газетӕн: устур нацити нӕ гъудӕй, минкъий адӕмтӕ сӕхе ӕрлӕдӕронцӕ, е. Уотӕ адтӕй раздӕр, уотӕ ’й нур дӕр зӕнхи цъарӕбӕл кӕмидӕриддӕр.
«Ирон газет»-ӕй ма байзадӕй бӕрӕг ӕстӕн экземпляртӕ. Уомӕ гӕсгӕ исфӕндӕ кодтан, ци уацтӕ си рацудӕй, уонӕй сӕ ахсгиагдӕрти рамухур кӕнун. Махмӕ гӕсгӕ, ци фарстати фӕдбӕл си цӕуй дзубанди, етӕ берӕ цӕмӕйдӕрти ахсгиаг ӕнцӕ нӕ абониккон цардиуаги дӕр. Бакӕсетӕ сӕ лӕмбунӕг, ӕма ’й уӕхуӕдтӕ дӕр балӕдӕрдзинайтӕ, уотӕ ’й ӕви нӕй…
Аци уацтӕй кӕцидӕртӕн сӕргӕндтӕ нӕ адтӕй, уомӕ гӕсгӕ ба нӕхемӕ еци барӕ райстан ӕма син сӕ медесмӕ гӕсгӕ равардтан сӕргӕндтӕ.
Лӕгъузгӕнгутӕ –еугур адӕми цардихалгутӕ…
– Нӕ бӕстӕ дзенет уидӕ, лӕгъузгӕнӕг нӕмӕ ку нӕбал уидӕ, – адӕм уотӕ фӕдздзорунцӕ.
Ес уӕхӕн гъӕутӕ дӕр, айдагъ лӕгъузгӕнӕгӕй уӕлдай ӕндӕр естӕмӕйтӕй ка тухсуй…
Зӕнхӕ кӕмӕ нӕййес, уалӕ хонхи хузӕн, уонӕмӕ ма никкидӕр устурдӕр тухсдзийнӕдтӕ ес.
Адӕм берӕ естӕмӕйти тухсунцӕ: кӕми ӕнӕ зӕнхӕй, кӕми фудӕгъдӕуттӕй, фудхецӕуттӕй, ӕнӕ унаффӕй, ӕнӕ ахурӕй…
Лӕгъуздзийнӕдтӕн сӕ фулдӕр уой туххӕй фӕззиннуй, ӕма адӕми цард ӕгъдаубӕл ӕвӕрд нӕ фӕууй.
Зӕнхӕбӕл ци адӕмтӕ ес, уонӕмӕ сӕ еугуремӕ ку ‘ркӕсӕн, уӕд си еу гъуддаг рартасдзинан: цӕйбӕрцӕбӕл адӕм ӕнӕфхуӕрддӕр ӕнцӕ алцӕмӕй дӕр, цӕйбӕрцӕбӕл сӕ цӕрӕн фадуӕттӕ хуӕздӕр ӕнцӕ, цӕйбӕрцӕбӕл адӕми ’хсӕн ахурдзийнадӕ тухгиндӕр ӕй, уӕдта ӕнӕуой дӕр адӕм сӕхуӕдтӕ лӕдӕргӕдӕр ӕнцӕ, уоййасӕбӕл адӕми ’хсӕн алли лӕгъуздзийнадӕ минкъийдӕр ӕй, уӕлдайдӕр давун, марун…
Еуӕй-еу рауӕн ӕцӕг лӕгъузгӕнӕг уоййасӕбӕл ахид нӕй, кӕд мӕгурӕй ӕма ӕфхуӕрдӕй цӕрунцӕ адӕм, уӕддӕр – хецӕутти тухӕ еуӕй-еу хатт бауорамуй лӕгъузгӕнӕги, хъӕбӕр сӕ ку бафӕндуй ӕма дӕсни ӕвнӕлд ку бакӕнунцӕ гъуддагмӕ, уӕд. Адӕм фӕссабур унцӕ. Фал… уӕхӕн сабур берӕ нӕ рахӕссуй…
Хуцау ку раттидӕ, бӕргӕ, кӕддӕриддӕр хуарз ӕма дӕсни хецӕуттӕ! Фал сӕ адӕм куд зонунцӕ, уотемӕй уӕхӕн хецау ефстагмӕ фӕззиннуй, фуни ’й адӕм берӕ хӕттити фӕууинунцӕ, ӕргомӕй ба ’й ду фӕууинӕ!..
Адӕм сӕ еугур кӕрӕдзей хӕстӕгмӕ ку балӕдӕрунцӕ, уӕд си лӕгъузгӕнӕгӕн фӕззинӕн дӕр нӕбал ес. Ӕ зӕрди ма лӕгъуз кӕнун кӕмӕн ес, е дӕр балӕдӕрдзӕнӕй, кӕд ӕрра кенӕ хуӕрзисӕфт нӕй, адӕм лӕгъузгӕнӕгӕй сӕ исӕфт уинунцӕ уой, ӕма барӕ-ӕнӕбари банцайдзӕнӕй.
Ес уӕхӕн бӕститӕ, ӕнӕгъдау бӕститӕ, мӕрдтӕ ефстагӕй уӕлдай кӕми нӕ зиннунцӕ, дессагӕн сӕ дзорунцӕ. Махмӕ ба давун ӕма маруни хабар дууӕ-ӕртӕ бонемӕ ку нӕ фегъосӕн, уӕд дес кӕнӕн.
Нур махмӕ дессаг фӕккӕсдзӕнӕй, еуӕй-еу устур ахургонд адӕмтӕмӕ давӕг, марӕг, устур знаггадӕгӕнгути нимайун ке байдӕдтонцӕ ӕрратӕбӕл, сӕрихъанзӕй незгунтӕбӕл.
Ӕма ӕцӕгӕй ку ӕркӕсунцӕ еци лӕгъузгӕнгутӕмӕ, уӕд фулдӕр хӕттити ахургӕндти дзурд раст разиннуй, ӕма беретӕ дзорунцӕ: лӕгъузгӕнӕг ахӕстдони кӕнуйнаг нӕй, фал сӕйгӕдони, ӕррати кӕми дзӕбӕх кӕнунцӕ, уӕхӕн сӕйгӕдӕнтти. Гъай-гъай, махмӕ уотӕ ка зӕгъа, уомӕн тӕккӕ фиццаг ӕхебӕл исӕвӕрдзӕнӕнцӕ ӕррай ном.
Мах уотӕ ӕнӕлӕдӕргӕ ан, ӕма нӕмӕ нур дӕр ма ӕнӕзунд ка нӕй, ӕрра ка нӕй, уонӕй дӕр беретӕ давунцӕ…
Зундгин адӕмтӕмӕ ӕррай, фудзунди ном ци гъуддӕгутӕй иссеруй адӕймаг, уомӕй си мах бӕсти ерунцӕ хуарз ном, лӕги ном.
Хуӕрзӕрӕги ма адӕми зингӕ лӕгтӕ сӕхецӕн хуарз ном давун ӕма марунӕй кодтонцӕ. Нур ма си ескӕмӕн зӕгъӕ: рамарӕ, радавӕ: сӕ фулдӕр дин уой бӕсти сӕхе рамарунбӕл исарази уодзӕнӕнцӕ. Нӕ цӕстӕй уинӕн, цард куд ӕййевуй, зунд куд ирӕзуй… Ӕрцӕуй махӕн дӕр зунди рӕстӕг…
Нӕ бӕстӕ лӕгъузгӕнгутӕй хъӕбӕр тухсунцӕ: е ӕй рагӕйдӕр нӕ бӕсти нез, уой туххӕй адӕми загъд, «дзенет уидӕ нӕ бӕстӕ, лӕгъузгӕнӕг ку нӕбал уидӕ», раст ӕй…
Мӕгурӕй, фӕрнугӕй лӕгъузгӕнӕг еугурей дӕр ӕмхузон тухсун кӕнуй. Давӕг неке ӕвзаруй – мӕгур уа, бонгин уа; мӕгурбӕл ма ахиддӕр исӕмбӕлуй ӕ фидбилиз. Еунӕг бӕх еугур комӕн ӕй, уомӕн уой радава – ӕ хӕдзари ихӕлд.
Ӕвӕдзи, адӕмтӕ ку балӕдӕронцӕ, ци ’гъдаубӕл аразун гъӕуй цард, уӕд си лӕгъуздзийнӕдтӕ нӕбал игурдзӕнӕй…
Фал цалинмӕ адӕмти цард рӕстдзийнадӕбӕл арӕзт фӕууа, уалинмӕ дӕр ести унаффитӕ кӕнун гъӕуй, адӕми цӕрун ка нӕ уадзуй, еци лӕгъуздзийнӕдтӕн. Уонӕн ци хуӕздӕр гӕнӕнтӕ ес, уой туххӕй ниффинсдзинан ӕндӕр хатт.
***
Лӕгъузгӕнӕг цӕмӕй мабал уа, уой туххӕй кодтонцӕ: алли пъиристӕфӕн дӕр не ’хсӕнӕй агъазгӕнӕг исӕвзарӕн ӕма уонӕн барӕ радтӕн, лӕгъузгӕнӕг фесафунӕн амал куд кӕнонцӕ, уотӕ.
ЕУГУРӔЙДӔР ИСФӔЛМӔСТ ӔНЦӔ ГЪӔУИ ӔДЗӔЛЛАГӔЙ…
Лӕдзӕгбӕл ходӕ ӕркӕнӕ, кард бабӕттӕ, рӕхис ӕрауиндзӕ, ӕма дин е дӕр гъӕуихецау.
Нур ӕнӕгъӕнӕ анз нӕ хецауи ӕгудзӕгдзийнадӕй нӕ гъӕу зӕууатмӕ ӕрцудӕй: нӕдтӕ фехалдӕнцӕ, донмӕ фагустӕ калунцӕ, зӕнхӕ ӕнӕгъудгондӕй байзадӕй ӕма, ке кӕми фӕндуй, уоми хумӕ кӕнуй. Мӕгур адӕмӕн дзӕхӕрадони хӕйттӕ дӕттун къулумпи кӕнуй. Нерӕнгӕ сметӕ ӕвӕрд нӕма ’й, уотемӕй расклад есуй, ӕхе цӕйбӕрцӕ фӕндуй, уоййасӕ.
Гъӕуӕн унаффӕгӕнӕг ӕй сход, ӕнхӕст ба унаффитӕ гъӕуама кӕна гъӕуихецау.
Фал махон ӕ нифс нецӕмӕ хӕссуй, ӕма сход дӕр нӕбал ӕмбурд кӕнуй. Гъӕу ӕдзӕллагдӕр кӕнуй, уой мӕтӕ имӕ нӕййес, айдагъдӕр ин улупа цӕуӕд.
Фарӕ гъӕуи ист лӕгтӕ пригӕвӕртӕ, хуарз ӕгъдӕуттӕ исаразтонцӕ, ӕма райдайӕни адӕм исуолӕфунцӕ, фал уӕдта нӕ гъӕуихецау сходи унаффӕ къулумпи кӕнун байдӕдта, ӕма нур, раст ку зӕгъон, уӕд ӕхсӕни гъуддӕгутӕй ӕ зӕрдӕ некӕмӕн бал рохс кӕнуй, ӕма гъӕу гъӕууат фӕцӕй…
Еугур адӕм дӕр уотӕ исфӕлмӕст ӕнцӕ гъӕуи ӕдзӕллагӕй, ӕма алли бон дӕр гъӕуихецауӕн дзорунцӕ: «Фесафтай гъӕу, дӕхе райсӕ…»
Фал уӕддӕр е ӕ цӕсгон ниввардта ӕма адӕми гъӕрмӕ ӕ гъос тӕбӕрт дӕр нӕ кӕнуй. Ӕвӕдзи, ӕ разӕй ке адтӕй, уони нӕдтӕбӕл ӕй рауайун фӕндуй.
ИРОН АДӔМИ ЦАРД БАКУЙ
Рагӕйдӕр нӕ ирон адӕм цудӕнцӕ ардӕмӕ косунмӕ, цӕмӕй сӕ хӕдзӕртти ӕгудзӕгдзийнӕдтӕ исаразонцӕ.
Фиццаг беремӕй нӕ адтан. Нур ба еу 300 лӕгей бӕрцӕ ан.
Ами нӕ адӕмӕй ка ес, етӕ сӕ еугур дӕр сӕхебӕл хуарз хуӕцунцӕ, кусти медӕги сӕхебӕл нӕ ауӕрдунцӕ, къӕндзӕстуг ирон дзилли нӕ кӕнунцӕ, лӕгъуз, ӕнӕгъдау гъуддӕгутӕй сӕхе хуарз гъӕуай кӕнунцӕ…
Уой туххӕй ирон адӕмӕн над дӕттуй алкедӕр. Бакуй ирон адӕмӕй ес лӕгтӕ алли гъуддаги: ес си саугустгӕнгутӕ, гъӕуайгӕнгутӕ, слесӕртӕ, дзӕбокӕйхуайгутӕ, табелфинсгутӕ, машинисттӕ, механиктӕ, ес си никкидӕр ма ӕндӕр бунӕттӕ…
Сабур, кӕрӕдзей гъӕуайгӕнгӕй, цардан мах ӕцӕгӕлон сахари нури уӕнгӕ…
Нур не ’хсӕн еу лӕг фӕззиндтӕй ӕма ӕ лӕгъуз гъуддӕгутӕй мах нӕ еугурей дӕр ходуйнаг кӕнуй…
Ӕнӕгъдау гъуддӕгутӕ сосӕггагӕй нӕ байзайунцӕ, фӕстагмӕ син раргом унцӕ… Лӕгъуз гъуддӕгутӕ нӕмӕ ка кӕнуй, уонӕй еуей туххӕй мӕ фӕндуй дууӕ загъди кӕнун. Ами цардӕй еу биццеу Салугӕрдӕнӕй, Фӕрдзинти Дзипка Бутуй фурт.
Адӕм куд дзорунцӕ, уомӕ гӕсгӕ, еци биццеу куста ами еу науӕлӕууӕни гъӕуайгӕнӕгӕй. Уордигӕй ӕй расурдтонцӕ ӕма рандӕй Балаханмӕ, уоми агурдта ӕхецӕй ӕгудзӕгдӕрти. Ку сӕ иссирдта, уӕдта син загъта: «Мӕн рарвиста ардӕмӕ еу наути агент, цӕмӕй науӕмӕ 12 матроси байхуӕрсон, уой туххӕй, мизд алкӕмӕн дӕр мӕйӕ 6 тумани, мӕхуӕдӕг ба уодзӕнӕн ӕртиндӕсӕймаг».
Мӕгур биццеутӕ баууӕндтӕнцӕ еци сайӕн дзубандитӕбӕл ӕма загътонцӕ сӕ хуӕрзгӕнӕгӕн: «Мадта мах нӕ куст ниууадздзинан ӕма цӕуӕн науӕмӕ косунмӕ».
Бутуй фурт райста уӕд еци биццеутӕн сӕ паспорттӕ, уӕдта алкӕмӕй дӕр фӕйнӕ 5 соми, цӕмӕй, дан, ма фӕссайайтӕ науи хецӕутти, уой туххӕй…
Ӕхца ӕма паспортти хӕццӕ Дзипка Балаханӕй рандӕй. Бакуй паспорттӕ фӕстӕмӕ рарвиста, ӕхуӕдӕг ба машини исбадтӕй ӕма фескъардта Уӕрӕсемӕ гъӕуайгӕнӕги бунат агорӕг…
Уайтӕккӕ дӕр биццеутӕ балӕдӕрдтӕнцӕ, ке сӕ фӕссайдта Бутуй фурт, уой, ӕма ӕ фӕсте Бакумӕ ӕрбацудӕнцӕ. Вагзали гъуддаг ку балӕдӕрдтӕнцӕ, уӕд жандармтӕн загътонцӕ, тел рарвететӕ ӕма Дербенти вагзали Фӕрдзини-фурти ӕрахӕссетӕ ӕма ’й фӕстӕмӕ Бакумӕ исласетӕ.
Нур бал бадуй устур ахӕстдони.
Фӕстӕдӕр ин ци бакӕндзӕнӕнцӕ, е бӕрӕг нӕма ’й.
Уӕхӕн сахъ гъуддаг бакодта нӕ хуарз Бутуй фурт. 12 биццеуи сӕ бунӕттӕй рацӕун кодта, ӕма нур етӕ ӕнӕ кустӕй бадунцӕ Бакуй.
Аци хабарбӕл цӕуй къуӕре.
Афӕхъо ХЪУЛАТИ
Баку.
ЗӔНХИ ГЪУДДӔГУТӔ – хӕлхъойаг
(Думи унаффӕ)
Думӕ ку ’рбадтӕй, унаффӕ кӕнун ку байдӕдта адӕми гъуддӕгути туххӕй, уӕд депутаттӕ ӕмхузонӕй исарази ’нцӕ фиццагидӕр зӕнхи гъуддаг равзарунбӕл. Уой туххӕй, ӕма аллирдигӕй адӕмтӕ сӕ ист лӕгти ку ’рвистонцӕ, уӕд син бафӕдзахстонцӕ: «Фиццагидӕр нин зӕнхӕ… Истухстан, нӕ бон нӕбал ӕй ӕнӕ зӕнхӕй цӕрун…»
Берӕ фӕдздзубанди кодтонцӕ адӕми ист лӕгтӕ, берӕ фӕффӕрститӕ кодтонцӕ кӕрӕдзей, берӕ фӕгъгъуди кодтонцӕ ӕма фӕстагмӕ баунаффӕ кодтонцӕ: зӕнхӕ Уӕрӕсей берӕ ес. Раст ӕгъдаубӕл ӕй байуарӕ, уӕд алкӕмӕн дӕр ӕ фагӕ уодзӕнӕй, уӕд алкедӕр ӕхе дарунгъон уайдӕ.
Фал кӕми ес рӕстдзийнадӕ.
Еуӕй-еуетӕн ес дӕсгай дӕсӕтинтӕ, иннетӕмӕ ба гӕбазӕ дӕр нӕййес. Уомӕ гӕсгӕ гъӕуй, загъта Думӕ, зӕнхӕ еугурӕй дӕр байуарун, уой туххӕй ӕма етӕ зӕнхӕй цӕрунцӕ ӕма син зӕнхӕ гъӕуама фагӕ уа…
Думӕ исфӕндӕ кодта фиццагидӕр къазнай зӕнхитӕ байуарун, уой фӕсте ба, паддзахи муггагмӕ ци зӕнхитӕ ес уони, уӕдта иурст гъӕуама ӕрцӕуонцӕ аргъауӕнти ӕма монастырти зӕнхитӕ.
Ке ранимадтан, еци зӕнхитӕ хъӕбӕр берӕ ’нцӕ; сӕ хецӕуттӕ сӕ мӕгур адӕмӕн устур аргъбӕл аренди дӕттунцӕ ӕма бонӕй-бонмӕ гъӕздугдӕр кӕнунцӕ, косӕг адӕм ба мӕгурӕй– мӕгурдӕр.
Фал къазнай, удели ӕма аргъауӕнти зӕнхитӕ иурст ку ’рцӕуонцӕ, уӕддӕр мӕгур адӕмӕн фагӕ нӕ уодзӕнӕнцӕ…
Зӕнхӕн ӕ фулдӕр ӕма ӕ дзӕбӕхдӕр пъамещиктӕмӕ ӕй, ӕма цалинмӕ еци устур будуртӕ ӕрдехтӕ кӕнонцӕ, уӕдмӕ косӕг адӕмӕн зӕнхӕ фагӕ некӕд уодзӕнӕй.
Думӕ еци гъуддӕгутӕмӕ дӕр ӕркастӕй ӕма уотӕ баунаффӕ кодта: пъамещикти зӕнхитӕн ӕвзурст лӕгтӕ раст аргъ искӕнӕнтӕ ӕма сӕ еци аргъӕй къазна балхӕнӕд, уӕдта сӕ байуарӕд косӕг адӕмӕн…
Унаффитӕ кӕронмӕ не ’рхъӕрдтӕнцӕ. Думӕ исфӕндӕ кодта зӕнхи туххӕй нӕуӕг закъон рауадзун, фал ӕй хецӕуттӕ нихгӕдтонцӕ, уомӕн ӕма ӕ унаффитӕ сӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕццудӕнцӕ.
Гъуддӕгутӕ ба, фиццаг куд адтӕнцӕ, уотемӕй ӕрхаудтӕнцӕ.
АС-БЕК
ДЗИУАРӔ: ЦӔМӔН СИ МӔЛУНЦӔ НӔ СУВӔЛЛӔНТТӔ?
Исӕфӕн, бустӕги исӕфӕн, фудӕзнаги фӕндон кӕнӕн, нӕ минкъийтӕ устур ку нӕбал кӕнонцӕ, уӕд.
Алли бон дӕр хонхи, будури дзиуарӕй мӕлунцӕ ӕнагъон сувӕллӕнттӕ, мӕлунцӕ бон дӕс-финддӕсгӕйттӕй, мӕлунцӕ стортӕ дӕр. Къуар гъӕуеми аци ӕртӕ мӕйей дӕргъи берӕ сувӕллӕнттӕ рамардӕй, берӕ хӕдзӕрттӕ бустӕги исревӕд ӕнцӕ, райзадӕнцӕ ӕнӕ сувӕллӕнттӕй, беретӕн сӕ хӕдзӕрттӕ бабун ӕнцӕ. Кӕугӕ ӕма дзиназгӕй байзадӕнцӕ берӕ мадтӕлтӕ сӕ бӕдӕлтти фӕсте.
Адӕм сӕхе зонун ку байдӕдтонцӕ, уӕдӕй нурмӕ сӕ дзиуарӕ цӕгъдуй.
Берӕ адӕмтӕ си нӕ фӕййервӕзунцӕ ӕнӕ фӕссӕйгӕй. Алли 10-15 сӕйгемӕй рамӕлидӕ ӕртӕ, иннетӕй ка хъӕрӕу, ка сохъур, ка къуру кодта, ка фудконд хӕбозӕцъухӕй байзадӕй.
Еу нез дӕр адӕмбӕл уотӕ нӕ тухӕ кодта.
Куд багъӕуай кодтайуонцӕ сӕхе, уой неке зудта, фал кӕмӕн куд ӕ зунд амудта, уотӕ ӕхецӕн амал кодта: ка сайтанӕн, ка дзиуӕрттӕн лигъстӕ кодта, ка гъӕдӕмӕ лигъдӕй, фал уӕддӕр нез ӕ кӕнон нӕ уагъта.
Ирон адӕм раги базудтонцӕ аци нез.
Нарти кадӕнгити дӕр ӕ кой ес. Еци рӕстӕги ’й худтонцӕ «хӕбозӕ». Фал ӕй фӕстагмӕ ирон адӕм хонун байдӕдтонцӕ еци нез дзиуарӕ.
Нур ӕ номи фӕрци ӕнгъӕл ӕнцӕ адӕм, цума аци нез дзиуари фудӕй ӕй, ӕма дзиуарӕн ковунцӕ.
Дзиуарӕн адӕм ковунцӕ, фал уӕддӕр дзиуарӕ ӕ кӕнон нӕ уадзуй ӕма сабийти цӕгъдуй…
Нур фагӕ ’й! Балӕдӕрун афонӕ ’й. Дзиуарӕмӕ ковунӕй неке фӕййервӕздзӕнӕй, фал дзиуарӕ (хӕбуз) ӕфтаунӕй ервӕзунцӕ еугурӕй дӕр.
Куд базудтонцӕ адӕм дзиуарӕ ӕфтауӕн?
Алкедӕр зонуй: дзиуарӕ фӕууй фонсбӕл дӕр. Бӕхӕн донхӕбозтӕ фӕззиннуй ӕ къӕхтӕбӕл, гъогӕн ӕ фӕздонӕбӕл, фусӕн ӕ бауӕрбӕл кӕмифӕндидӕр.
Адӕм раги базудтонцӕ, дзиуарӕ фонсӕй адӕмбӕл ке ’фтуйуй, уой.
Еу хатт, 100 анзи ибӕл цӕудзӕнӕй, уотӕ, Англиси еу гъӕу еугурӕй дӕр дзиуарӕй басадӕнцӕ, айдагъдӕр еу уосӕй уӕлдай.
Еци уосӕн ӕ гъог сӕйгӕ адтӕй ӕма, уой доцгӕй, гъоги фӕздонӕбӕл ци хузӕн хӕбозтӕ адтӕй, уӕхӕнттӕ уоси къохтӕбӕл дӕр фӕззиндтӕй…
Аци хабар фегъуста еци гъӕуи дохтир Дженнер.
Дженнер уомӕй фӕстӕмӕ бафеппайдта: фонси дзиуарӕ адӕмӕй кӕбӕл бацӕфсидӕ, е иннӕ дзиуарӕй нӕбал кодта сӕйгӕ. Уӕдта кӕми бацӕфса, уоми дӕр дууӕ донхӕбози исуй, ӕндӕр нӕ, сӕйгӕ дӕр си нӕ кӕнунцӕ.
«Мадта, – загъта дохтир, – гъоги цъӕйӕ сувӕллӕнттӕбӕл ӕфтаугӕй, сӕ уодтӕн тӕссаг нӕ уодзӕнӕй, дзиуарӕй ба ервӕздзӕнӕнцӕ».
Ку бабӕй фӕззиндтӕй дзиуарӕ гъӕуи, уӕд дохтир Дженнер бавналидӕ ӕма сувӕллӕнтти бауӕри еу-дууӕ рауӕни карди фиййӕй цъӕрӕмухститӕ искӕнидӕ ӕма сӕ гъоги цъӕйӕй исарста.
Уотемӕй Дженнер кӕбӕлдӕр бафтудта, еу дӕр си дзиуарӕй нӕбал фӕссӕйгӕ ’й. Хъӕбӕр ӕхцӕуӕн куд нӕ адтайдӕ дохтир Дженнерӕн, ке иссирдта хуасӕ дзиллитӕ бунисӕфт ци нез кодта, уомӕн.
Уайтӕккӕдӕр Дженнер фегъосун кодта аци хабар алли бӕстити дохтиртӕн.
Етӕ дӕр гъоги цъӕйӕй дзиуарӕ ӕфтаун байдӕдтонцӕ ӕма, раст Дженнер куд загъта, уотӕ рауадӕй: кӕбӕл бафтауиуонцӕ, уонӕй еу дӕр дзиуарӕй нӕбал фӕссӕйгӕ уидӕ.
Уӕдӕй нурмӕ дзиуарӕ ӕфтаун алкӕми дӕр базудтонцӕ.
Немуци бӕсти дзиуарӕй сӕйгӕ дӕр, мӕлгӕ дӕр некебал кӕнуй. Уоми дууӕ хатти ӕфтаунцӕ: фиццаг – анзмӕ, дуккаг – дӕсанздзудӕй, уомӕн ӕма еу ӕфтуд дӕс анземӕй фулдӕр не ’нхус кӕнуй.
Уотӕ кӕнунцӕ зундгин адӕмтӕ, ӕ нез дзиуари барӕ ка нӕ кӕнуй. Махмӕ дӕр зонунцӕ дзиуарӕ ӕфтаун, фал уӕддӕр цӕмӕн мӕлунцӕ нӕ сувӕллӕнттӕ, уой туххӕй ба радзубанди кӕндзинан ӕндӕр хатт.
Хъамболат
«Ӕгасцо, ӕгас, мӕ хъазар ӕмбал!»
Рагӕй-ӕрӕгӕмӕ кӕмӕ бӕлдтан, кӕмӕ нӕ билтӕ хуардтан, кӕмӕ ивазтонцӕ сӕхе нӕ зӕрди уедӕгтӕ?
Ирон газетмӕ!..
Алли адӕммӕ хицӕ цӕй туххӕй кодтан ӕма нӕ цӕститӕ цӕмӕ ниууорс ӕнцӕ, еци газет фӕууинун нин ку бантӕстӕй, уӕд ракастан ходгӕй, барохс ӕй цӕсгон, байгъӕлдзӕг ӕй зӕрдӕ, барӕуӕг ӕнцӕ иуӕнгтӕ…
Хор исдардта ӕ билӕ нӕ уарзон хуӕнхтӕй, ӕ ходгӕ цӕсгон равдиста махмӕ ӕма нин нӕ зӕрдӕ байгъӕлдзӕг кодта… Байрӕзай, байрӕзай, нӕ нӕуӕгигурд ӕма дин бантӕса берӕ хуарз ӕгъдӕуттӕ… байтауӕ нин, байтауӕ дӕ хуарз зунди муггаг аллирауӕн, мах ба ин ӕ зад курестӕ бӕстон куд бӕттӕн!..
Августи 2 бон Чъребай (Цхинвали) изӕри 5 сахаттебӕл райстан не ’нгъӕлдзау хъазар ирон газет. Устур дессаг адтӕй еци изӕр ирон адӕми цийнӕдзийнадӕ! Зӕрдӕ пӕлхъ-пӕлхъ кодта, ӕндӕмӕ ӕхе тудта фурцийнӕй…
Еу рауӕнмӕ бакӕсӕ – еу къуаремӕй фӕрсунцӕ нӕ хабар итауӕги; еу ӕрбатъӕбӕртт кӕнуй иннемӕ хуӕрзӕнгорӕггаг: уартӕ ӕрхъӕрдтӕй газет!..
Тъӕбӕртт мӕмӕ кодтонцӕ хӕлӕфӕй ӕма ӕскъафтонцӕ аллирдӕмӕ ирон газет.
Хъӕбӕрдӕр мин мӕ зӕрдӕ баунгӕг кодта еу ӕмгарӕ: раскъафта газет мӕ къохтӕй, фӕрракӕсӕ-бакӕсӕ имӕ кодта, уӕдта ин нибба кодта ӕма загъта: «Ӕгасцо, ӕгас, мӕ хъазар ӕмбал!» Ӕма фурцийнӕй ӕ цӕстисуг ӕркалдта…
Берӕ байурстан адӕмӕн ӕма сӕ фервистан алли гъӕутӕмӕ дӕр, берети зӕрдитӕ сӕребарӕй исуолӕфтӕнцӕ газети фӕууиндӕй.
ГУЛИТИ Ефим
Чъреба «Ирон газет», 1906, №7.
ГЪӔУГӔ ФӔСДЗУРД
Иристони дзиллӕ бӕргӕ цийнӕ кодтонцӕ, сӕ маддӕлон ӕвзагбӕл сӕмӕ кӕдӕй-уӕдӕй газет ке фӕззиндтӕй, уобӕл. Фал сӕ цийнӕ берӕ на рахаста – «Ирон газет»-и фиццаг номер рацудӕй 1906 анзи 23 июли, мӕйи фӕсте 1906 анзи 20 августи ба ’й нихгӕдтонцӕ. Кӕд ӕхгӕд Терки облӕсти генерал-губернатори бардзурдмӕ гӕсгӕ ӕрцудӕй, уӕддӕр еци ӕведауцӕ гъуддаг ӕрцӕунбӕл байархайдтонцӕ нӕхе адӕмӕй кадӕртӕ, генерал-губернатормӕ сӕ хахуртӕ ӕрветгӕй.
Нӕ маддӕлон ӕвзагбӕл мухури фӕрӕзнити абониккон уавӕр дӕр хъӕбӕр сагъӕссаг иссӕй – уомӕн ӕма син сӕ карнӕмӕ нӕ дзиллӕ ӕгӕр цийфӕнди цӕстингасӕй кӕсунцӕ, уомӕ гӕсгӕ сӕ тиражтӕ ходуйнаги минкъийӕй-минкъийдӕр кӕнунцӕ…