АДÆЙМАГ ЦÆРУНÆН РАЙГУРУЙ ÆМА ИН УОМÆН АГЪАЗ КÆНУН ГЪÆУЙ!..
Хъæбæр хуарз лæдæрд æй, дохтири нисанæвæрд не ‘хсæнади медæгæ ци ‘й, æма, агъазгор имæ ка ‘рбацæуй, е си ци æнгъæлдзау æй. Фал уой хæццæ ба бæлвурд æй е дæр, æма сæйги хæццæ алли фембæлд дæр ин æ размæ æнæтæрегъæдæй æвæруй æносон фарстатæ, кæцитæн си домуй нæуæг дзуæппитæ агорун. Гъе уæхæн æй медицини æма адæймаги зæрдæ: абони син унгæг æнцæ æзиниккон фæлгæттæ, исон ба син абониккон уавæртæ аккаг нæбал уодзæнæнцæ…
Аци, æвæдзи, еугуремæн дæр зундгонд гъуди уомæ гæсгæ зæгъæн, æма нæ республики æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади къабази, нæ республики разамунди æновуд архайди фæрци берæ ахсгиаг æма зæрдæмæдзæугæ æййивддзийнæдтæ æрцудæй, фал уæддæр е абониккон домæнтæмæ гæсгæ фагæ нæма ‘й. Е лæдæрд æй, æма уомæ гæсгæ ба уобæл еудадзуг дзубанди цæуй хецауадон æмбурдти, нисангонд æма æнхæстгонд цæунцæ гъæугæ мадзæлттæ, нæ равгитæ æма гæнæнтæ куд амонунцæ, уони хинцгæй.
Æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади ахсгиагдæр фарстатæй цалдæрей фæдбæл бабæй комкоммæ бæлвурд дзубанди цудæй æрæги нæ республики Хецауади æмбурди – æ сæрдар Тускъати Тайморази разамундæй. Уæлдай бæлвурд дзубанди си цудæй, уæлбартæй пайдагæнæг адæймæгутæн гъæугæ хуастæ лæвæрд куд цæуй æма нуртæккæ циуавæр хуастæй æййафунцæ гъæуагæ, уой фæдбæл. Æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади министри хуæдæййевæг Тебиати Сослан куд фегъосун кодта, уотемæй республики Сæргълæууæги ихæстæ рæстæгмæ æнхæстгæнæг Сергей Меняйлой бардзурдæй арæзт æрцудæнцæ аци фарста аллирдигæй исбæрæг кæнуни мадзæлттæ. Еци мадзæлттæ куд равдистонцæ, уотемæй льготæмæ гæсгæ хуастæ Цæгат Иристони цæргутæй лæвар дæттун кæмæн гъæуй, уони бæрцæ æй 95 341 адæймаги. Пайда ба си кæнунцæ уонæй айдагъдæр 13 910 адæймаги. Иннетæ равзурстонцæ хуасти бæсти сæ пенсимæ уæлæнхасæн аллимæйон бафист – 886 соми – есуни барæ. Æма лæвар хуасти бæсти æхца есун ке фæндуй, уæхæнтти нимæдзæ алли анз кæнуй фулдæрæй-фулдæр. Еци гъуддаг республикон бюджетбæл æвæруй уæлæнхасæн уаргъ. Лæвар хуастæ есунæн ес регионалон льготитæ дæр. Пайда кæнуни барæ си ес 35 660 адæймагемæн.
Еци доклади фæдбæл Тускъати Таймораз бахаста феппайуйнæгтæ: льготæй пайдагæнæгутæ ци хуастæ æлхæнонцæ, уони æргътæ ниллæгдæр цæмæй уонцæ, уомæн мадзæлттæ аразун æма уомæ гæсгæ ба бюджети æхца фæстауæрцæ кæнун. Фал, фиццагидæр ба еудадзуг бæлвурд цæстдард цæуа хуасти хуæрзгъæдæдзийнадæмæ.
Раздæр ма куд игъосун кодтан, уотемæй нæ республики медицинон косæндæнтти гъæуама ци уæлбарон хуастæ адтайдæ, уони номхигъдæй си нæ фагæ кодта 200 номхунди. Уой фæдбæл Сергей Меняйло хъæбæр карзæй бафæдзахста, цæмæй еци нæхъæртондзийнадæ æвæстеуатæй еуварсгонд æрцæуа. Æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади министрадæ куд фегъосун кодта, уотемæй гъæугæ бардзурдтæ арæзт æрцудæй уæхæн хуасти 120 номхигъдей фæдбæл, æма цубур рæстæгмæ гъæуама фæззиннонцæ нæ медицион косæндæнтти.
Уомæй уæлдай, Тебиати Сослан радзурдта нæ республики цæргутæ диспансеризаци куд цæунцæ, еци фарстабæл.
Диспансеризаци æй адæми незтæй багъæуай кæнуни, уæдта, незтæ сæ райдайæни ма ку фæуунцæ, уотемæй сæ исбæрæг кæнуни æма сæ нихмæ афойнадæбæл дзæбæхгæнæн мадзæлттæ райдайуни ахсгиаг фæрæзнæ. Адæймагбæл 40 анзи цалинмæ не ‘сæнхæст æй, уæдмæ диспансеризаци гъæуама цæуа æртæ анземæ еу хатт, еци карæй ку рахеза, уæдта алли анз дæр. Фал гъуддаг куд æвдесуй, уотемæй диспансеризацимæ республики цæргутæн сæ фулдæр кæсунцæ цийфæнди цæстæй. Радзубандигæнæг куд загъта, уотемæй диспансеризаци ка гъæуама рацæуа, нæ республики еци цæргути нимæдзæ æй 511 мин адæймаги. Нуртæккæ диспансеризаци скæнунмæ хаст цæуй 145 мин адæймаги. Фал аци анзи цуппар мæйей бæрæггæнæнтæ куд æвдесунцæ, уотемæй диспансеризаций фиццаг къæпхæн рацудæй, кæмæн æнгъизтæй, уонæн айдагъдæр сæ 18 проценти, дуккаг къæпхæн ба никки минкъийдæр – 16 проценти.
Диспансеризаци æма уой хæццæ баст фарстатæ цæйбæрцæбæл ахсгиаг æнцæ æма æнæмæнгæ æнхæсткæнуйнаг ке ‘нцæ, уой адæм еугурæй æнхæстæй ке нæ лæдæрунцæ æма сæмæ цийфæнди цæстæй ке кæсунцæ, уомæн æ фæстеугутæ тæссаг æнцæ нæ адæмæн, хъæбæр тæссаг ин кæнунцæ æ исонибон. Еци тасдзийнадæ ба абони дæр бæрæг ке ‘й, уомæн æвдесæн æй е, æма нæмæ адæми мæлунади бæрцæ анзæй-анзмæ фулдæр кæнуй. Зæгъæн, аци анзи цуппар мæйемæ уойбæрцæ иссæй еу мин адæймагемæн æ 13,8 проценти (фарæ ба еци бæрæггæнæн адтæй 10,6 проценти). Адæм фулдæр мæлунцæ тогзелдохи системи незти фудæй (46%), уæдта уолæфæнти оргæнти незтæй (15%). Мæлунади бæрæггæнæнтæ уæлдай бæрзонд æнцæ Ирæфи, Дигори, Алагири, Æрæдони æма Рахесфарси районти. Адæми мæлунади бæрцæ тæккæ фулдæр кæми ‘й, Уæрæсей еци фондз регионемæй, гъулæггагæн, еу æй Цæгат Иристон. Нимæдзæбæл, ке зæгъун æй гъæуй, фæббæрæг æй, евгъуд анз республикæбæл хуæцгæ нез ке рахæлеу æй, е дæр.
Адæми мæлунади нимæдзæ берæ ке ‘й, е цæй фудæй æй, уобæл дзоргæй, Тебиати Сослан куд загъта, уотемæй бафеппайдта диагностикон æгъдауæй нæ еуæй-еу медицинон косæндæнттæн сæ гæнæнтæ цубур ке ‘нцæ, алли рауæн дæсни специалисттæ ке нæ фагæ кæнуй, уæдта адæм сæхуæдтæ дæр дохтири агъаз æгæр æрæгæмæ ке байагорунцæ, е. Æ загъдмæ гæсгæ, адæм диспансеризацимæ сæ гъос цæмæй æрдаронцæ æма имæ разæнгарддæр уонцæ, уой туххæй арæзт цæунцæ бæлвурд мадзæлттæ: адæми хæццæ цæуй лæдæрунгæнæн куст, идæрддзæф районтæмæ цæунцæ медицинон бригадитæ, косунцæ цæугæ мобилон комплекстæ, медицинон косæндæнтти æвæрунцæ гъæугæ ефтонггæрзтæ.
Гъуддаг цæмæй хуæздæрæрдæмæ æййивд æма гъæугæ хузи æнæгъæнæйдæр арæзт цæуа, уой фæдбæл Тускъати Таймораз равардта бæлвурд ихæстæ æ хуæдæййевгути ихæстæ рæстæгмæ æнхæстгæнгутæн – Тугъанати Ларисæн æма Годжицати Тамерланæн, уæдта байхæс кодта сæрмагондæй аци фарстабæл дзуапдæттæг Хецауади размæ къамис исаразун, адæми хæццæ лæдæрунгæнæн куст фæгъгъомусгиндæр кæнунæн имæ æрбаздахун федералон инспектортæ æма раззагдæр специалистти æргом, уæдта гъæугæ специалисттæ цæттæ кæнуни æма дохтири дæсниадæ бæрзонддæр кæнуни гъуддагæн бæлвурд мадзæлттæбæл бакосун.
Æрмæг мухурмæ бацæттæ кодта ГИБИЗТИ Регинæ.