АДÆМ КÆРÆДЗЕЙ НИФСÆЙ ÆНЦÆ ЦАРДГЪОН…
Нури доги нæмæ бæрæгбæнттæ æма зæрдæбæлдарæн бæнттæ уоййасæбæл берæ иссæнцæ, æма уотид сæ нигъгъуди кæнун адæймагæн не ’нтæсуй. Уотемæй ба се ’хсæн ес уæхæнттæ, кæцитæ сæ медесмæ гæсгæ ’нцæ уой аккаг, цæмæй сæ дзиллæ еумæйагæй исбæрæг кæнонцæ. Уой дæр уотид радзорæ-бадзоритæй нæ, фал бæлвурд пайдахæссæг гъуддæгутæй. Зæгъæн, алли анз 23 августи гъæуама бæрæггонд цæуа битиради æма хуæрзауодундзийнади Еугуруæрæсеуон бон. Æ нисанеуæг арфиаг æй – нæхъæртондзийнæдтæ ка ’ййафуй, седзæртæн, фæккæсæг кæмæ нæййес, уонæн фæййагъаз кæнун. Уомæ гæсгæ еци бон дзиллитæй гъæуама арæзт æрцæуонцæ комкоммæ агъази мадзæлттæ. Æма уæхæнæй ести фæууидтайтæ? Мадта аци бон нимад цæуй куд æхсæнадон-дзиуарон, фал дини гъуддæгути архайгутæ дæр неци уоййасæбæл базмалдæнцæ. Æнгъезгæ ба син бæргæ кодта, уæлдайдæр ба уомæ гæсгæ æма аци анз бæрæггонд цæуй Аланий Исаргъуди 1100 анзей бæрæгбон. Æма раст адтайдæ, уой фæдбæл нисангонд мадзæлтти ’хсæн хуæрзауодæн гъуддæгутæ исаразун. Фал…
Уотæ æнæргъудийæй райзадæй хуæрзауодундзийнади Æхсæндуйнеуон бон – бæрæггонд гъæуама цæуа 5 сентябри.
Раст зæгъгæй, битирадæ æмæ хуæрзауодундзийнадæ æнхæст кæнун гъæуама еу бонбæл ма евгъуйа – е гъæуама уа адæймагæн æ уоди еудадзугон домæн, рæстзæрдæ адæймаг æй æхецæн гъæуама нимайа æ цæргæ-цæрæнбæнтти æнæмæнгæ æнхæсткæнуйнаг ихæсбæл. Зæгъун гъæуй уой дæр, æма раст еци менеуæг нæ адæми уодигъæди фæлтæрæй-фæлтæрмæ цитгийнагæй бæрæг дардта æма нерæнгæ дæр даруй…
«Махмæ хуæруйнаг дзаумæуттæбæл
не ’ййевунцæ!..»
Уой фæдбæл нæмæ æрæги дзубанди рауадæй нæ республики адæмон финсæг Даурати Дамири хæццæ, æма мин ракодта еу хабар. Кæддæр ин еу кувди ци дзæбæх зæронд лæги фарсмæ бадгæ рауадæй, е, фингæбæл берæ бæркæдтæ фæууингæй, æримиста æ кæддæри мæгур сабийдогæ. Æ фиди мади туххæй мин мæнæ уæхæн цау радзурдта:
– Тугъди размæ, 1933 анзи, дан, Уæрæсейæй ардæмæ ци адæм лигъдæй, уонæй еуетæ бахъæрттæнцæ сауæнгæ Зинцъарæмæ дæр. Еу бон нин нæ дуар æрбахуаста еу силгоймаг, æ хæццæ æ дууæ борсæр минкъий биццеуи, уотемæй. Нæ фиди мадæмæ дзоруй, мæнæ дæуæн ка бæззуй, уæхæн рæсугъд фæсарæйнаг шарф нæмæ ес æма ’й хуаллагбæл æййевæн. Мæ нана сæ медæмæ æрбахудта, сæ рази син, уæд пецæй ке райиста, еци тæвд кæрдзин æрæвардта, гъосини син уæрмæй æхсир исхаста… Ду ку фæууидтайсæ, етæ куд зудæхуæрд кодтонцæ, уой!..
Уæдмæ иннæ кæрдзин дæр къæйбæл æрæвардта, иуазгутæмæ бакастæй æма сæ сæ цæстингасæй балæдæрдтæй, ке нæма бафсастæнцæ, уой дæр син сæ рази æрсаста. Фæллæбурдтонцæ бабæй имæ. Æртиккаг кæрдзин ба син уорс хæцъели батухта, уотæ син зæгъуй, кæрдзин хъæбæр хуайраг æй æма, дан, уин нур бал фагæ ’й, кенæдта уæ ревæд ахсæнтæ ести кæндзæнæнцæ.
Иуазгутæ исистадæнцæ, силгоймаг нанай æ гъæбеси æрбакодта, æ цæстисугтæ æ ростæбæл æруадæнцæ, уотемæй, еци дессаги рæсугъд шарф фингæбæл æрæвардта. Нана ин æй фæстæмæ æ къохи фæссагъта:
– Махмæ хуæруйнаг дзаумæуттæбæл не ’ййевунцæ…
Уобæл æнзтæ рацудæй. Тугъди фæсте бæнттæй еуеми нин фæссехуар кадæр нæ колдуар æрбахуаста. Æз имæ ракастæн. Бæрзонд борхелæ лæхъуæн афицери дарæси, æ реубæл цалдæр хуæрзеуæги. Æз, дан, еухатт тæвдæ кæрдзин æма уазал æхсирæй ке фæххинстайтæ, еци уруссаг биццеутæй еу дæн. Мæ нанайæн фæхъхъуритæ кодта, уæдта æ къохи ци тухтон адтæй, уой райхалдта: рæсугъд гъолæнттæ сæрбæттæн си исиста, сауæнгæ, дан, æй Берлинæй исластон, æхуæдæг ин æй æ сæрбæл æркодта. Гъæуама, дан, дæмæ мæ фазон æнсувæри хæццæ иссудайанæ, фал… Тугъди фæммард æй, Эльби билгæрон ин мæхе къохтæй цирт искъахтон, æцæгæлон зæнхæ иссæй е ’носон бунат…
Нур ба мæ нанай цæстисугтæ е ’нцъулдтæ ростæбæл æргæр-гæр кодтонцæ…
Аци хабармæ гæсгæ мæ зæрдæбæл æрбалæудтæй, хестæртæй куд ес фегъосæн: раздæри, абонæй берæ тухстдæр рæстæгути адæм кæрæдзебæл, дан, зингæ еузæрдиуондæр адтæнцæ, багъæуаги кæрæдземæн фæййагъаз кæнунбæл нæ аурстонцæ. Нур ба сæ дуæрттæ федар æхгæнун байдæдтонцæ, фиццаги хузæн сæмæ хеуонау нæбал бауайдзæнæ… Аци загъд, æвæдзи, бустæги раст нæй. Гъо, берæ цæмæйдæрти кæрæдземæй ниххецæнтæ ан, кæрæдзебæл уоййасæбæл æхцул нæбал ан… Фал е фиццаг бакасти æй, æцæгæй ба багъæуаги кæрæдзей фарсмæ æрбалæууæн, тухст уавæри ка бахауй, ке равгæ куд фæууй, уотæ фæййагъаз кæнуй. Уой дæр айдагъ хеуæнттæн нæ, фал æцæгæлæнттæн дæр, хъæбæр идæрдтæй нæмæ ка ’рбафтудæй, уонæн дæр, нæ хуарздзийнадæн нин ескæд исдзуапп кæндзæнæнцæ, уобæл æгириддæр нæ гъуди кæнгæй. Уомæн æвдесæн – нæ дзиллæ мæнæ фæстаг рæстæгути Донецки æма Лугански цæргутæн куд зæрдиагæй агъаз кæнунцæ е дæр, уæдта уордигæй нæмæ ка исæфтудæй, еци лигъдонти куд зæрдиагæй исиуазæг кодтан, е дæр. Еци хабæрттæ игъустгонд æнцæ, фал си уæддæр еу цалдæрей кой ба ракæндзинан.
ЛИГЪД АДÆМÆН – ЗÆРДИАГ АГЪАЗ
Украинæ, Лугански æма Донецки адæмон республикитæй лигъд адæмæй аци анз сæрди Цæгат Иристон ке исиуазæг кодта, уони нимæдзæ иссæй фондзсæдæ адæймагемæй фулдæр, се ’мбес – сувæллæнттæ. Арæзт син æрцудæй гъæугæ социалон уавæртæ: цæрæн бунæттæ, хуайраги продукттæ, уæледарæс, фиццаг æнæмæнгæ гъæугæ дзаумæуттæ дæр.
Фиццаг бæнттæй фæстæмæ сæ хæццæ косун байдæдтонцæ психологтæ, арæзт син цудæй фæлладуадзæн æма социалон-культурон мадзæлттæ.
Скъоладзау кæстæртæн æвæстеуатæй арæзт æрцудæй ахур кæнуни фадуæттæ дæр. Республики спорти министради хъæппæресæй спорти гъуддагмæ сæ гъос ка даруй, еци сувæллæнттæ тренировкитæ кæнун байдæдтонцæ Цæгат Иристони гимнастикон залти цæгатиристойнаг сувæллæнтти спортивон коллективти хæццæ. Уæлдай æргом здæхт цæуй, республикæмæ сæхе ’гъдауæй ка ’рцудæй, еци лигъд адæммæ. Уони нимæдзæ дæр иссæй цалдæр адæймагей уæнгæ, цæрун райдæдтонцæ сæ зонгитæ æма хæстæгутæмæ. Республики социалон агъазади Центри минæвæрттæ исбæрæг кæниуонцæ рæстæгмæ æрцæугути адристæ, сæ цардиуаги уавæртæ. Цæмæй гъæуагæ ’нцæ, циуавæр агъаз син бакæнун гъæуй, уой исбæрæг кæнгæй, гъæугæ агъазгонд син æрцæуидæ.
Еугуруæрæсеуон акци «Мах ан еумæ»-йи фæлгæти республики арæзт æрцудæнцæ гуманитарон агъаз æмбурдгæнæн бунæттæ. Нæ республикæй гуманитарон агъаз рарвистонцæ 284 тоннемæй фулдæр. Донецки адæмон республикæ æма Лугански адæмон республики цæргутæн Цæгат Иристонæй æрвист æрцудæй æртæсæдæ тоннемæй фулдæр гуманитарон агъаз – еци гъуддаг исаразуни аллихузон паддзахадон ведомствити хæццæ архайдтонцæ хумæтæг граждæнтæ æма амалгъонтæ.
КÆСТÆРБÆЛ АУОДУН – УОДÆНЦОЙНÆ
Нæ рагфидтæлтæй нин байзадæй уæхæн загъд: «Кæстæрæй хестæрбæл устурдæр ихæс ес!..» Æма й, æвæдзи, уотæ лæдæрун гъæуй, кæстæрæн æ сабийдоги уоййасæбæл æ бон неци фæууй æ карни хабæрттæ аразунæн, æма уомæй æнæгъæнæй дæр ихæсгин исуй хестæр, æ царди нæдтæбæл æй е гъæуама фæррæствæндаг кæна, цæмæй æ исонибон уа райдзаст æма æнтæстгин. Мæнмæ гæсгæ, уобæл дзорæг æй мæнæ аци таурæхъ дæр.
…Недзаманти нæ рагфидтæлтæ сæ æмзунд æма æмвæнди фæрци уоййасæбæл сæ хъаури адтæнцæ, æма син тухæгæнæг тухæ нæ ирдта. Уæд бабæй сæмæ еууæхæни цидæр знаг лæборунтæ байдæдта, фал ин нæ рагфидтæлтæ уæхæн бæрзæйсæттæн нихкъуæрд равардтонцæ, æма е уайтæккæ æ уавæр балæдæрдтæй, бафедауæн, зæгъгæ, корун райдæдта. Ци минæвæртти æрбарвиста, етæ федауни гъуддаг арæзт ку ’рцудæй, уæд махонти бафарстонцæ:
– Мах дес кæнæн, уе ’нæбасæтгæ тухæбæл!.. Кæцæй уæмæ цæуй уойбæрцæ хъаурæ æма нифс?.. Басæттæн уин ку нæййес!..
– Нæ паддзах ни уотæ домуй, – адтæй сæ дзуапп.
– Æма æ хæццæ фембæлæн, радзубанди кæнæн нæййес?
– Нуртæккæ хусгæ кæнуй. Ку райгъал уа, уæд, бæргæ, фал дзоргæ нæ кæнуй.
– Уинун нин æй уæддæр фæккæнун кæнетæ, – ниллæудтæнцæ федаугутæ.
– Хуарз, – загътонцæ фусунтæ æма цæйбæрцæдæр рæстæги фæсте еу силгоймагæн рахæссун кодтонцæ æ нæуæгигурд биццеуи.
– Е æй нæ паддзах. Уой федæнбæл гъуди кæнгæй ан æнæбасæтгæ, нифсгун. Е ни домуй æхе æма æ зæнхæ гъæуай кæнун…
Аци таурæхъ, куд тугъдон хабар, уотæ балæдæрæн ес. Фал æцæгæй ба е уой æвдесуй, æма нæ адæммæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ тæккæ агъазиуадæр гъуддагбæл нимад цудæй кæстæртæбæл ауодун – уомæн æма етæ алкæмæн дæр æнцæ æ нифс, æ зæрдæдарæн, æ исонибон…
Еци æгъдау æнхæст кæнун уæлдай ахсгиаг æй нури цардарæзти – рæстæгутæ уæхæн æнцæ, æма сувæллонгин бийнонтæй хъæбæр беретæ æййафунцæ аллихузон нæхъæртондзийнæдтæ. Раст зæгъгæй, паддзахади ’рдигæй син агъазгонд цæуй, æ равгитæ кæмæн куд амонунцæ, уотæ сæмæ фæккæсунцæ хецæн адæймæгутæ, коллективтæ, хуæрзауодæн организацитæ. Еци гъуддаг бæлвурддæрæй разиндтæй скъоладзаути ахури нæуæг анзмæ цæттæ кæнуни рæстæг.
Зæгъæн, берæ рæстæгути нæмæ уæхæн арфиаг гъуддæгутæ æнхæст кæнуй «Берæсувæллонгин бийнонти Еугонд». Мæнæ нур дæр фиццаг – еуæндæсæймаг кълæсти ахурдзаутæй æхсæзсæдемæй фулдæремæн берæ цæмæйдæрти фæййагъаз кодта. Уой фæдбæл æ разамонæг Дзоблати Альбинæ уотæ радзурдта:
– Кæд æма раздæр скъоламæ бацæттæ кæнунæн агъаз кæнианæ фæндзæймаг кълæсти уæнгæ ахурдзаутæн, уæд аци анз ба рахастан унаффæ айдагъ кæстæркъласонтæн нæ, фал хестæркъласон сувæллæнттæн дæр фæййагъаз кæнун. Фиццагкъласонтæн балæвар кодтан хизинтæ, дуккагæй фæндзæймаг кълæсти уæнгæ ахурдзаутæн балхæдтан канцтоварон ефтонггæрзтæ, фæндзæймагæй еуæндæсæймæгти уæнгæ ахурдзаутæн ба – уæледарæс æма къахидарæс…
Аци еугондæй уæлдай ма ахурдзау кæстæрти скъоламæ цæунмæ бацæттæ кæнунæн фадуæттæ исаразтонцæ нæ республики берæ аллихузон организацитæ. Сæ еугуремæн дæр зæрдиагæй арфæ кæнæн – ци хуарздзийнадæ ракодтонцæ кæстæртæн, уомæй етæ уодæнцойнæ исаразтонцæ айдагъ уонæн æма сæ ниййергутæн нæ, фал сæхецæн дæр.
АМОНДГУН УÆД Æ КАРНÆ!..
Берæ бæнттæ, мæйтæ æма æнзти дæргъи Донбасси цæргутæ æхсæвæй-бонæй æнцойнæ нæ зудтонцæ, Украини национал-экстремисттæ æвуд адæми нихмæ тох кодтонцæ, æбуалгъ миутæ син аразтонцæ. Сæ уавæр син фæррæуæгдæр кæнунæн Уæрæсей алли регионти хæццæ Иристон дæр æ агъази къох бадардта уоми адæммæ.
Мæнæ уин идарддæр ци хабар ракæнуйнаг ан, уой ба нин ракой кодта журналист Цæгæрати Жаннæ.
…Аци анзи мартъий фиццаг бæнтти нæ республикæмæ ци лигъд адæм иссудæй, уони хæццæ адтæнцæ Еленæ Кольчугина æма æ еуæндæсанздзуд кизгæ Каринæ дæр. Донецки Адæмон Республикæй, сахар Ясиноватайæйи ниууагътонцæ сæ цæрæн хæдзарæ, сæ уарзон бийнонти. Исиуазæг сæ кодтонцæ сувæллæнтти республикон реабилитацион центр «Тæмиск»-и. Иуазгутæн бацæттæ кодтонцæ гъæугæ уавæртæ – гъар æма райдзаст цæрæн бунæттæ, афойнадæбæл хуæрзадæ хуæруйнаг, сабийтæн хейерхæфсæнтæ æма ахурæн гъæугæ гæнæнтæ.
Еленæ æнгъæлдзау ке адтæй, уомæ гæсгæ ин зиндæр адтæй нæуæг уавæрти æхе æрлæдæрунæн. Æ зæрдæ, ай-гъай, дзурдта æ бийнонтæмæ.
– Ясиноватайæйи байзадæнцæ мæ цардæмбал, нæ нанатæ æма бабатæ. Бæргæ мæ нæ фæндадтæй уонæй хецæн кæнун, æнæзонгæ, идард рауæнмæ цæун, фал уæддæр мæ сæри хецауи фæндони хæццæ исарази дæн, – дзоруй Еленæ. – Аст анзей дæргъи цардан нæмгути скъот æма дзармадзанти рæмугъдтитæй нæхе римæхсгæй. Уавæр нæ хуæздæр кодта æма иссудан Иристонмæ. Хъæбæр имонауæй нæ дарунцæ. Арфиаг ан нæ фусунтæй. Æруагæс ми кæнуй, ке ралæудзæнæнцæ еци бæлдтаг бæнттæ, бæстæ басабур уодзæнæй, æма нæ райгурæн къонамæ ке раздæхдзинан, е.
Ами Цæгат Иристони æрцудæй амондгун хабар – Еленæн 12 июли райгурдæй биццеу. Хе бæдоли хузæн ибæл цийнæ кæнунцæ еугурæй дæр. Амондгун ниййерæг æ сувæллони фæлмæн æхемæ æрбалваста, æ уарзт æма цийнæ æвдесгæй. Æ цæстингас кæд цардбæллон æй, уæддæр си, æвæдзи, берæ цидæр сосæгдзийнæдтæ дæр ес.
– Фондз мæйей размæ æз зонгæ дæр нæ кодтон, Цæгат Иристон кæми ’й, уой, – байдзулдæй силгоймаг. – Нур ба аци рæсугъд республикæ иссæй мæ биццеуи райгурæн бæстæ. Телефонæй дзоргæй, ном æвзурстан нæ нæуæгигурдæн, æ райгурæн бон адтæй Сугъдæг Петр æма Павели имисæн бон, æма ин равардтан ном Павел. Ковæн, цæмæй Сугъдæг изæд уа æ гъæуайгæнæг цæргæ-цæрæнбонти. Игурæндонæй нæ ку рафинстонцæ, уæд центр «Тæмиск»-и косгутæ исаразтонцæ рæсугъд бæрæгбон, – шартæ, музыкæ, деденгутæ… Мæ цийни цæстисугтæ нæбал бауорæдтон.
Мадæ æма сувæллони æрцудмæ бацæттæ кодтонцæ нæуæг уæттæ. Алцæмæй дæр сæ исефтонг кодтонцæ: хуссæнуат, диван, телевизор, уазалгæнæн, ес си ваннæ æма санузел, сувæллон кæми тоха, уæхæн стъол, манеж (багъæудзæнæй æй фæстæдæр), дзаумæуттæ соргæнæн æма хæдзари гъæугæ æндæр дзаумæуттæ. Видеобастдзийнади фæрци Ленæ аллибон дзоруй æ хеуæнтти хæццæ. Уонæн дæр фадуат ес, минкъий Павели куд ирæзуй, уой фæууинунæн.
Адæймаг ку райгуруй, уæд æ мади губунæй рахæссуй цидæр хуæрзеуæг. Минкъий Павликæн æ иуæнгти уæд ирон нифс æма æхсарæ. Иристон æй æ райгурæн бæстæ, æма ин нæ метсæр хуæнхтæ, Уæллагири коми кæдзос уæлдæф æвдадзи хуасæ уæнтæ!
* * *
Абони ма раст уодзæнæй, фæккæсуйнаг адæмæн агъаз кæнун сæ еудадзугон куст кæмæн æй, уони туххæй дæр хецæнæй зæгъун.
Уомæн æма тухст уавæри ка бахауй, æма ин æ уавæр зæдиуагонæй ка фæллæдæруй, уæхæн адæймаг æ фарсмæ ку балæууа, уæд ин цæйбæрцæбæл æнцондзийнадæ æрхæссуй. Уой фæдбæл нин не ’хсæнадон уацхæссæг Хекъилати Земфирæ рахабар кодта мæнæ ауæхæн хуарздзийнади туххæй.
ТОГ РАВАРДТОНЦÆ ТУГЪДОНТÆН
Кæронбæттæни ба ма уин рахабар кæнуйнаг ан еума арфиаг гъуддаги туххæй. Цæветтонгæ, Украини сæрмагонд æфсæддон операци ку райдæдта, уæдæй фæстæмæ нæ бæсти регионти цæунцæ аллихузон хуæрзауодæн мадзæлттæ. Уонæй еу иссæй, «Донортæ – Донбассæн», зæгъгæ, уæхæн акци, кæци нæ республики цудæй æнæгъæнæ къуæрей дæргъи. Арæзт ба æрцудæй Цæгат Иристони разамунди хъæппæресæй.
Дзæуæгигъæуи тогдæттæн станцæмæ, иннæ бæнттæй игъаугидæр, еци бæнтти дзæвгарæ фулдæр адæм цудæй. Сæрмагонд æфсæддон операций архайгæй, уæззау цæфтæ ка фæцæй, еци æфсæддонтæн тог раттунмæ.
Станций сæйраг дохтир Цхурбати Дианæ куд радзурдта, уотемæй нæ республики аци станцæ ’й еунæг æма си ес еугур фадуæттæ дæр æнæкъулумпийæй косунæн.
– Уæззау сæйгитæ дзæбæх кæнуни мадзæлтти тæккæ сæйрагдæр æй тог, – баханхæ кодта Дианæ. – Е ку нæ фагæ кæна, уæд нециуавæр хъазар хуастæ фæййагъаз уодзæнæнцæ нези кенæ æверхъау фидбилизти бахауæг адæмæн. Станцæ ефтонг кæнуй Цæгат Иристони еугур сæйгæдæнттæ тог æма плазмæй. Сæрмагонд æфсæддон операци ку райдæдта, уæд нæмæ тог раттунмæ нæ республики алли районтæй цудæнцæ донортæ, уотæ дæр уидæ æма æнæгъæнæ бийнонтæй дæр. Нæ нимадмæ гæсгæ нæ кадгин донорти нимæдзæ ’й 1500 адæймаги æма ма никки фулдæр кæнуй.
Акций архайдта нæ республики Сæргълæууæги æма Хецауади Администраций сæйраг консультант Ларисæ Саева. Е загъта:
– Аци зин рæстæги гъæуама мах нæ тугъдонти фарсмæ æрбалæууæн, нæ бон цæмæй æй, уомæй син фæййагъаз кæнæн. Мæнмæ гæсгæ, уæхæн хуæрзауодæн мадзæлтти гъæуама алли адæймаг дæр архайа…
АГЪАЗГЪÆУАГÆГИНТÆ – ЦЪОППИДЗАГ, АГЪАЗГÆНГУТÆ – ÆСТÆН…
Нæ радзубандий кæрони ба ма уин уæ зæрдæбæл æрлæуун кæндзинан Хетæгкати Къостай цардæй еу цау. Тæрегъæдгæнагæ зæрдæ, дан, ин адтæй. Æ райгурæн гъæу Нарæй е ’мбал Дзанайти Садулли хæццæ сахармæ куд цудæнцæ, уотемæй сæбæл рамбалдæй еу уосæ бузуртæ дарæси, скъудтæ дзабурти. Æ рагъи устур уаргъ. Къоста ’й ку фæууидта, уæд æ игъæлдзæгдзийнадæ æрбайсавдæй æма исдзурдта:
– Цума кæд фæййервæздзæнæнцæ нæ хуæнхаг адæм аци гъезæмарæ цардæй?
Уоси ку баййафтонцæ, уæд Къоста бауорæдта бæх, исæвардта ин æ уаргъ, уæдта æ дзиппити фæййагурдта, æма имæ ци фæстаг фондз соми адтæй, уони ин балæвар кодта, дæхецæн си дарæс балхæнæ, зæгъгæ.
Цæмæ гæсгæ райимистан аци хабар? Абони дæр цардиуагæ уæхæн æведауцæ иссæй æма адæмæй беретæ аллихузон нæхъæртондзийнæдти фудæй зиндзийнæдтæ æййафунцæ. Сæ уавæртæ сæхуæдтæ фæххуæздæр кæнонцæ, зæгъгæ, уотæ дæр сæ, æвæдзи, фæндуй, фал син уомæн дæр гъæугæ равгитæ ес. Нæ дзиллæ уæхæн æнтъуснæги ке фудæй бахаудтæнцæ æма нæ паддзахади æмæнтъери исаразгæй си уайсахат ка рабонгин æй, уони бон бæргæ ’й уавæр фæххуæздæр кæнун. Битиртæ иуарунæй нæ, фал цардарæзт еумæйагæй фæррастдæр кæнунæй. Кунæг! Уонæмæ айдагъдæр сæхе гъæздуг кæнуни сагъæс ес…
Цума, Къостай зæрдихатти хузæн хуæрзауодæн менеуæг сæмæ уæддæр ескæд фæззиндзæнæй?.. Миййаг, уой хузæн сæ сæ фæстаг сомтæ дæттун ку нæ гъæуй… Уогæ е уоййасæбæл сагъæссаг æма хецæн дзубандий аккаг фарста ’й, уомæ гæсгæ ба ибæл æрдзоруйнаг ан нæ газети хæстæгдæр номертæй еуеми.
Æрмæг мухурмæ бацæттæ кодта БИЧИЛТИ Алетæ