«АДТӔЙ РӔСУГЪД ДОГӔ МӔНӔН МӔ УАЛДЗӔГ…»
Аци дууæ фарсебæл ба мухур кæнæн, МАЛИТИ Геуæрги дигоронау æма уруссагау ци æмдзæвгитæ ниффинста, уонæй еуцалдæр. Ист æнцæ æ киунугутæ «Горские мотивы» æма «Ирæф»-æй.
ЗАР
Мæ синхон кизгæн æ зæрдæ
Ку зонинæ, ку, бæлвурд, –
Уæд зæгъинæ ин цидæртæ,
Уæд зæгъинæ ин еу дзурд…
Фæццæуидæ минæвари
Гъургъургæнгæ нæ тикис, –
Æрхæссидæ мин лæвари
Æрхи агæ æд рæхис.
Десæ-месæ уæд сор-серæ
Исфицинæ аги дзаг, –
Бахуæринæ уотæ берæ, –
’Ма фæууинæ кæуйнаг…
1909, Киристонгъæу
ГУРУСХӔ
Нæ, нæма ’ууæндун нерæнгæ,
Нæй, мæ зæрдæ нæй æнгъæл,
Æвеппайди гиризгæнгæ
Ду сиййевдзи уай мæнбæл.
Æримисæ устур десæн,
Хебæраги, цид, æнцад
Ци дзурдтонцæ кæрæдземæн
Нæ цæститæ хаттæй-хатт…
Фал æ зæрдæ уотæ ’нцонæй
Кæд сиййевуй силæстæг,
Уо, ме ’нгарæ, æдемонæй
Уарзт ма хонæ уæд сугъдæг.
Уалæ стъалутæ зæгъунцæ,
Уарзт мед адæм мæнгæ ке ’й, –
Фудæнæнги ке гæлдзунцæ
Дууæ зæрди кæрæдзей…
1914
ЦЪИФӔ РӔСТӔГИ
Цъифæ бони æппун неци
Æз мæхемæ æркæсун
’Ма нæ фендеун мæ деси
Уалæ арвмæ искæсун.
Мæ кæрдзин æма мæ цæнхæ
Æз феууелун уæд зиндæр, –
Фæккæсуй мæмæ нæ зæнхæ
Мисти къахæй ниллæгдæр.
Нæлтæ, силтæ, уо, мæгуртæ,
Над нæмунцæ золкъитау…
Йехх, ку уайдæ мæ базуртæ,–
Фæттæхинæ цæргæсау.
1915
ГОБИ
Цæмæн фæдтæн æз фур гоби, –
Ко дæ цирти, уо, мæ мадæ!
Цæмæн дæн, цума, мæ доги
Æз ме ’нгарти ’хсæн æгадæ?..
Мæ кавди радæ мед гъаздæ
Цæмæн байзайуй иронхи,
Нæ зингæ лæгтæн – гъæйт-мардзæ –
Цæмæн нæ цæун сæ тонхи?..
Цæмæн фаунцæ æноси
Мæн гобий номæй фæсевæд?
Ка ’й ме ’рвадæ мæ фалдзоси,
Кæмæн гъарон мæ тæрегъæд!..
Ку нæййес мæнæн фæндæндтæ,
Хæрсæнау косун хæдзари,
Мæ зин сагъæстæ, мæ сæнттæ
Некæд ракæнун мæ зари…
1916
ФЕДОГ
Рохсмæ, фæсевæд, тундзетæ,
Рохсмæ цæуетæ æнгом,
Нифс, лæгдзийнадæ уарзетæ,
Скæнтæ муггагмæ стур ном.
Арвмæ мæсуг амайетæ,
Хормæ скæнетæ фæндаг,
Гъæйт, зæрдиуагæй уайетæ,
Догъи ма уотæ фæстаг!
Тари цæфсæд сæребарæ,
Мегъи сорæд æ тунтæй,
Цард мабал уæд гъезæмарæ,
Зæнхæ райзол уæд рунтæй.
Рохсмæ, фæсевæд, тундзетæ,
Рохсмæ цæуетæ æнгом,
Нифс, лæгдзийнадæ уарзетæ,
Скæнтæ муггагмæ стур ном.
1919
ӔЛХУЙНӔ
Ци кæнуй, цума, ме ’лхуйнæ,
Ку нæбал зелуй дзæбæх?
Мæ цæститæбæл уайунцæ
Сау нимæт æма сау бæх.
Нæ уæлиндзæбæл æзинæ
Æз сундакъæ æлвистон,
Мæхенимæр нидæн заргæ
Æз цидæртæ имистон.
Нæ дæлпазбуни еу бæхгин
Фæцæйзиндтæй уæд æваст.
Мæ фидбилизæн æ хæццæ
Цæмæн фæдтæн æз æнгаст?
Æ мед-ходæ æрттивтонцæ
Дууæ цæсти сурх зингау.
Мæ зæрдæ мин басугътонцæ,
Ду ме ’вдесæн, уо, Хуцау!
Базир-зир кодта мæ зæрдæ,
Разилдæй мæбæл мæ сæр,
Æрискъудæй мæ сундакъæ,
Æрбадудæгътæ ’й куддæр.
Нури уæнгæ дæр мæ кеми
Æз нæма ’рдæн дзæбæх ма,
Цæветтонгæ ма мæ зæрди
Сагъд байзадæй сау хъæма.
Ци кæнуй, цума, ме ’лхуйнæ,
Ку нæбал зелуй дзæбæх?
Мæ цæститæбæл гъазунцæ
Сау нимæт æма сау бæх.
1921
КИЗГИ ЗАР
Ци мин фæцæнцæ
Мæ кизгон бæнттæ,
Уох, байвадæнцæ
Мæ деденгутæ.
Неке гъæунцæ
Мæ сау æрфгутæ,
Неке гъæунцæ
Мæ цæстисугтæ.
Æстуггин æфсоргъ,
Тæходуй, нана,
Хуцауи дзурдæй
Нур ку фестинæ.
Уæд багоринæ
Æз фæсденгизтæ
Мæ сугъзæрийнæ,
Мæ кизгон æнзтæ.
Ци мин фæцайтæ,
Уо, ме ’взонг бæнттæ?
Уох, байвадæнцæ
Мæ деденгутæ…
1922
КӔСАЛГДЗАУ КИЗГӔ
(Гейнейæй)
Цæй, рæсугъд кизгæ, æрбайсæ
Ду билгонмæ дæ цолахъ
’Ма æзменсæбæл мæ цори
Æринцайæ æнæ хахъ.
Бараггенæй, цæй, мæ реумæ
Æркъолæ кæнæ дæ сæр,
Дæ цолахъæн ду уæлденгиз
Ку нæ тæрсис æппундæр.
Мæн зæрди дæр ес бурдæнтæ,
Мæн зæрдæ дæр денгиз æй,–
Денгизау йе дæр, æууæндæ,
Налхъут-налтæй гъæздуг æй.
1922
МӔ ТИКИС
Гъæуагæ,
Кæуагæ,–
Мæ хæццæ мед къона цæруй.
Йе стонги,
Йе ’рвонги
Æ дортæ, æ къолтæ хуæруй.
Йе ’фсесæй
Фур десæй,
Фур цийнæй аргъæуттæ кæнуй.
Йе ’хсæвти,
Йе ’сæвди
Фуд фунтæ, зин фунтæ уинуй.
1923
***
Адтæй рæсугъд догæ
Мæнæн мæ уалдзæг, –
Хизтон æз мæ дзогæ
Уæлфахс игъæлдзæг.
Дзингатæ зилдæнцæ
Мæ сæргъи æд гъæр,
Худтонцæ сæ хæццæ
Гъазунмæ мæн дæр.
Фиудзилитæ павзи
Зардтонцæ дзæбæх,
Зæлдæбæл мæ рази
Хизтæй, цид, мæ бæх.
Нур мæбæл ци ’рцудæй, –
Уæууау, мæ фудгол –
Фунау ку фæссурдæй
Рохс уалдзæг изол.
Фиудзилитæн павзи
Не ’гъосун сæ гъæр,
Дзингатæ сæ таси
Фæцæнцæ цидæр.
Нæ кæти, æ гъостæ
Æруадзгæ лæмæгъ,
Кæуй æнæ бостæ
Йе стонгбæл мæ бæх.
ДЗУЛЕ
(Адæми зартæй)
Нæй Дзулей зæрдæ æнцойнæ,
Йе æ фагæ нæ хуссуй, –
Æд æхсæвæ, æд-æ-бонæ
И мæсугæй фæлгæсуй.
Цæбæл æй цума æ хъурмæ,
Ци æрцудæй, ци кæнуй?
Æ бæгъатæр лæг мæсугмæ
Æртæ бони нæ зиннуй.
Уæй, Дзуле, Дзуле, ниттонæ
Дæ дзиккотæ æмхицæй, –
Дæ бæгъатæр лæг, де ’нцойнæ,
Издин фатæй мард фæцæй.
Нур цъæх нæуæбæл уæлгоммæ
Йе медарæхъ ку лæууй,
Фидмондагæй йæ комкоммæ
Хой æ сæргъи ку зелуй.