АДТÆЙ Æ ТОХ АДÆМИ СÆРБÆЛТАУ
Иристони нæуæг, социалистон аййевадæн бундорæвæргутæй æма æ аразгутæй еу адтæй Къосирати Сæрмæт. Рæстæгæй нимайгæй берæ нæ рацардæй. Аллибони агъазиау практикон кустæй æй нæ райевдалдæй, куд литературон критик, уотæ ирон литератури фарстатæбæл лæмбунæг æрсагъæс кæнунмæ, куд искурдиадæгин финсæг, уотæ æ рæсугъд исфæлдистадон фæндитæ исæнхæст кæнунмæ. Фал ибæл уæхæн бон некæд искодта æма зæрдиагæй ма архайа ирон аййевадæ, ирон литературæ, ирон культурæ райрæзун кæнунбæл. Уомæн æма сæ нимадта нæуæг царди арæзтади ахсгиаг мадзæлттæбæл.
Къосирати Сæрмæт адтæй æ доги раззагдæр адæймæгутæй еу. Е райгурдæй 1900 анзи Уæллагкоми Дунти гъæуи. Æ фидæ Урусби адтæй æрдзæй зундгин адæймаг. Е лæдæрдтæй рæстæги уолæфт. Нæуæг догæ ахурдзийнадæ ке домдта, уой Урусби хуарз балæдæрдтæй æма Дунтæмæ æрбахудта ахургæнæг. Дзæбæх цæрæг адтæй, хæдзарæ дæр ин устур адтæй æма си исаразта скъола. Уоми ахур кодта дæс биццеуи, сæ хæццæ Сæрмæт æма е ’нсувæр Геуæрги дæр. Урусби фæстæдæр скъола балæвар кодта гъæуи цæргутæн, æхуæдæг æ бийнонти хæццæ фæллигъдæй Дзæуæгигъæумæ æма уоми æрцардæй.
Сæрмæти ахур кæнунмæ равардтонцæ Дзæуæгигъæуи реалон училищемæ. Биццеуи зæрдæ рохс кодта ахурмæ. Сауæнгæ еци æнзти бæрæг кæнун райдæдта æ уодигъæдæ – гъæуама адæмæн ести хуарздзийнадæ ракодтайдæ.
1912 анзи фæсте Уæрæсей райдæдта нæуæг революцион æзмæлд. Большевикти парти Уæрæсей пролетариати æнæгурусхæй разæнгард кодта социалистон революцимæ, паддзахи гæнах ниддæрæн кæнунмæ, нæуæг цард аразунæн, бундор æрæвæрунмæ. 1917 анзи гæлст æрцудæй паддзах. Фæууæлахез æй Цитгин Октябри революци. Коммунистон парти, революцион пролетариати размæ истори æрæвардта нæуæг ихæстæ.
Сæрмæт федарæй æрлæудтæй, революций сæрбæлтау нæуæг цард аразуни надбæл, æ тохæндзаумау æ къохæй некæд æруагъта. Е фиццаг бонтæй фæстæмæ æ еугур хъауритæй дæр тох кодта Иристони советон хецаудзийнадæ исфедар кæнунбæл. 1918 анзи бацудæй УК(б) партимæ. Партизанти рæнгъити тох кодта контрреволюций æфсæдти нихмæ.
Знæгтæ дæрæнгонд æрцудæнцæ. Адæм бавналдтонцæ нæуæг цард аразунмæ. Сæрмæт куста партий обкоми. Фал берæ рæстæг нæ бакуста. Нæуæг цард аразунæн гъудæй ахургонд адæм. Ирон фæсевæд ахур кæнунмæ цудæнцæ бæсти устур сахартæмæ. Рандæй Мæскумæ Сæрмæт дæр, ахур кæнун райдæдта журналистики институти. Мæскуй æрæмбурд кодта æ алфамбулай ирон студентти æма исаразта литературон къуар «Зеу». Къуарæн разамунд дæр æхуæдæг лæвардта.
Сæрмæти исарæзт къуар бакодта зингæ куст, е рауагъта киунугæ «Зиу». Мухургонд си æрцудæнцæ къуари иуонгти уадзимистæ.
1925 анзи Сæрмæт каст фæцæй институт. Е тагъд кодта Иристонмæ, уоми гъудæнцæ æ зонундзийнæдтæ, æ хъауритæ. Уайтæкки дæр нисангонд æрцудæй газет «Рæстдзинад»-и редакторæй. Еци рæстæг Сæрмæт райдæдта агъазиау куст кæнун ирон литературæ райрæзун кæнунбæл, ирон адæми æхсæнæй журналисттæ исгъомбæл кæнунбæл. Редакцимæ хунд цудæнцæ искурдиадæгин уацхæсгутæ. Сæрмæтмæ адтæй дессаги æнкъарæн – е фиццаг уадзимисæй дæр базудтайдæ адæймаги искурдиадæ. Уотæ рауадæй Хъамбердиати Мисости гъуддаг дæр: æригон лæхъуæн редакцимæ æ фиццаг æмдзæвгæ ку æрбахаста, уæд æй тæккæ фиццаг бакастæй Сæрмæт æма е ’мбæлттæн загъта: «Мæнмæ гæсгæ нæмæ æрбацудæй дессаги искурдиадæгин поэт». Æма нæ фæррæдудæй.
Сæрмæт нифс лæвардта æригон литератортæн. Æма айдагъ цæстуарзон дзубандитæй нæ, фал аллихузи дæр. 1926 анзи газет «Рæстдзинад»-и фæззиндтæй фиццаг литературон фарс. Мухургонд си цудæнцæ Сæрмæтæн æхе статьятæ дæр. Е дзурдта финсгутæмæ, цæмæй етæ се ’сфæлдистади архайуонцæ, бæллонцæ социалистон арæзтади агъазиау ихæстæ æнхæстгæнгути рæнгъити домбайæй лæуунмæ.
Уæлдæр мах дзурдтан Хъамбердиати Мисости туххæй. Поэт æ киунугæ «Цин»-и иссирдта æ ахургæнæги ном, «Дæуæн, Сæрмæт», уотæ ’й райдæдта.
Къосирати Сæрмæт берæ хъауритæ равардта, нæуæг ирон литературон журнал «Мах дуг» исаразунæн. Æ фиццаг редактор æхуæдæг адтæй. Уой алфамбулай æрбалæудтæнцæ искурдиадæгин фæсевæд – Мамсурати Дæбе, Епхити Тæтæри, Боцити Барон, Фæрнион Къоста, Хъайтухъти Геор, Ардасенти Хадзибатæр æма берæ æндæртæ. Е адтæй домбай фæлтæр, гъудæй ин æхе организаци. Æма Советон Цæдеси еугур рауæнти куд адтæй, уотæ Иристони дæр 1934 анзи арæзт æрцудæй финсгути Цæдес, æ сæргъи Къосирати Сæрмæт, уотемæй. Еци Цæдес е ’хсæнæй рарвиста æ минæвæрттæ ССР Цæдеси финсгути фиццаг съездмæ – Сæрмæт, Нигер, Фæрнион Къоста æма Дзести Кудзæги.
Агъазиау куст бакодта Сæрмæт Хетæгкати Къостай литературон бунтæ æрæмбурд кæнунбæл. Цитгин поэти исфæлдистадæ Сæрмæт æрæвардта хъæбæр бæрзонд, е имæ кастæй доги цæстæй, бæлвурд бæрæг партион позицийæй. Е финста, зæгъгæ, социализм аразуни гъуддаги нæ ка хъор кæнуй, уони цæмæй хуæздæр зонæн æма сæ нихмæ æнтæстгиндæрæй тох кæнæн, уомæн нин устур агъаз фæууодзæнæнцæ Къостай зартæ.
Къостай æ еугур исфæлдистади хæццæ, æ царди алли фæззелæнти хæццæ дæр Сæрмæт æ зæрдæмæ куд хæстæг райста, е бæрæг æй, поэти туххæй роман финсун ке райдæдта, уомæй дæр. Романæй байзадæй айдагъдæр скъуддзæгтæ, кæронмæ ’й ниффинсун æ къохи нæ бафтудæй.
Сæрмæти нæ евдалдæй æхе уадзимистæ финсунмæ. Берæ литературон бунтæ нин нæ ниууагъта финсæг, цалдæр радзурди, скъуддзæгтæ роман «Къуылых цæргæс»-æй. Æ зунд, æ еугур хъауритæ дæр Сæрмæт лæвардта æ уарзон адæмæн, еумæйаг гъуддагæн.
Адæми хъисмæтбæл мæтæ, сæ федæнбæл тохи уæзæ æхемæ ка райста, уонæй еу адтæй æнæнцойнæ, зæрдхæлар адæймаг Къосирати Сæрмæт. Е нæ зудта бон, æхсæвæ, нæ зудта фæллад æма æхе уодбæл сагъæс, уотемæй аллибон лæггадæ кодта фæллойнæгæнæг адæмæн. Еци æнæзæрдихудт фæллойнæ ин адтæй цийни, амонди хуасæ, царди нисан æма медес.
1970 анз.
* * *
Къосирати Сæрмæт æ рæстæги ци публицистикон уацтæ ниффинста, етæ абони дæр цæмæдесаг æма нæ национ культури райрæзтæн пайдахæссæг æнцæ. Абони си мухур кæнæн еу уац.
ЦАРД ÆВЗАГÆН НÆ, ФÆЛÆ ÆВЗАГ – ЦАРДÆН
Литературон, Къостайы «цыцыгæнæг» ирон æвзаджы здæхт хъуамæ уа ирон литературон æвзаджы бындур. Афтæ загъта Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны рухсады кусджыты æмбырд, былты фынк калгæйæ ныр дыккаг хатт «Хурзæрин»-ы рæнхъытæй уый тыххæй дзуры В.Т., афтæ дзурæм мах дæр. Хъуамæ сæвзæра ирон литературон æвзаг, кæцыйы руаджы ирон фæллойгæнæг адæм фæхайджын уыдзысты культурæйæ æмæ культурон адæмтимæ æмцыд акæндзысты. Уыцы хъуыддаг гуырысхойаг нæу махæн дæр. Фæлæ В.Т. йæ гæндзæхтæ цæгъды, ирон æвзаджы патриот нæ мачи банхъæлæд, зæгъгæ. Æрмæст тох кæны æмæ домы, цæмæй аразæм, кæрæдзи кæй фæрцы æмбарæм, нæ уыцы литературон «цыцыгæнæг» ирон æвзаг. Худы æмæ худинаг кæны Цæгат Ирыстоны хъуыддаджы сæр «дыгурон бадджыты», кæцытæ литературон æвзагыл нымайынц дыгурон æвзаг. В.Т. рæстдзинадæй тæрсгæйæ йæхицæн сæрзилæджы ныхæстæ кæны, уыййедтæмæ афтæ нæ дзурид.
Ирон «цыцыгæнæг» æвзаг æппæты иугæнæг кæй нæ у нырма, уый базонид В.Т. йæ цæрæн бынаты къуымæй Ирыстоны алы хъæутыл куы азæлид æмæ афæлгæсид, уæд.
Дыгуры фылдæр хъæуты нырма нæма æмбарынц сыгъдæг ирон ныхас (дзурыны кой та кæнгæ дæр ма кæн!) Уымæ гæсгæ цалынмæ ирон газет «Рæстдзинад»-ы дыгурон фыстытæ фæзындысты 1925 азы фæззæг, уæды онг æм иунæг дыгурон дæр нæ фыста. Дыгуры зылд у Цæгат Ирыстоны æртыккаг хай æмæ дзы æрвыстой газетмæ æрмæст ирæттæ æмæ уырыссæгтæ мæй 7-8 пъисмойы. Дыгуры зæхкусæг адæм æппындæр нæ кастысты нæдæр ирон газет, нæдæр ирон чиныг. Уый уымæн, æмæ «кæрæдзи æмбарынгæнæг» ирон æвзаг æцæг ахæм нæ уыд дыгурæттæн.
Раст аз цæуы, кæдæй «Рæстдзинад»-ы райдыдтой мыхуыр кæнын дыгурон фыстытæ, æмæ азы дæргъы фæзындысты дыгурон уацхæсджытæ, дыгурон кæсджытæ. Фарон нæм иунæг дыгурон уацхæссæг дæр нæ уыд, ацы аз та сты 53. Фарон иу уацхъуыд дæр дыгурон не ’рвыста газетмæ, ныр та æрвылмæй дыгурон пъисмотæ хæццæ кæнынц 300-350 онг. Фарон газет «Рæстдзинад» æрмæст кæсæндæнттæ æмæ хъæууон æххæсткомтæ истой, абон та ис ахæм дыгурон хъæутæ, æвдисæнæн, зæгъæм: Цыкола, кæцыйы зæхкусджытæ исынц газет «Рæстдзинад» 120-130 номыры, Лескен – 24 номыры æмæ æндæртæ.
Дыгурон фыстытæ чи бакæса газеты, уый, æнæмæнгæй, зивæг нал кæндзæн иронау фыстытæ бакæсынмæ дæр. Афтæ ирон дæр, чысылгай фæлвардзæн дыгуронау кæсыныл. Дыгуроны уынгæ дæр чи нæ кодта (æмæ ныр дæр стæммæ чи нæ уыны), ахæм ирæттæ, ныхасæн зæгъæм – ногирæгтæй, газет «Рæстдзинад»-ы кæсджытæй бирæтæ сыгъдæг кæсынц дыгуронау, æмбарынц йæ алы фæзылд, йæ алы здæхт дæр. Афтæмæй (мах уавæры уал æрмæст афтæмæй) ис базонæн нæ ирон æвзаджы дыууæ здæхты æмæ сæ, базонгæйæ та, нæ бон суыдзæн канд «цыцы» ныхæстæй нæ, фæлæ хъуыддагæй саразын ирон æцæг иугонд литературон æвзаг.
Цæгат æма Хуссар Ирыстоны рухсады кусджыты æмбырды фæндтæ æппæт раст кæй нæ уыдысты, уый рæхджы цард равдыста. Стæй дыгурон æвзаг бынтон иуварс дæр нæ кодта.
Æппæтæй уыцы æмбырды уынаффæтæ куы æххæст кодтаиккам, уæд рæсугъд ныхæстæй нæ хъуыддаг æмбæрзгæйæ, дыгурон фæллойгæнæг адæмы национ культурæйæ бынтон фæиуварс кодтаиккам. Нæ царды уынаффæтæ дæр хъуамæ æвæрд уой диалектикон бындурыл. Цæгат Ирыстоны стыр хай Дыгур ирон чиныгæй, ирон литературæйæ бынтон цухгонд уыд ныры онг. Литературон æвзаг аразынмæ æрмæст уæд бавналдзысты, æмæ алчи йæхи æвзаджы здæхт куы базона.
Чиныджы æнæ кæсгæйæ литературон æвзаг аразæн нæй. Уыдæттæ кæд æнæрхъуыдыйæ баззадысты рухсады кусджытæн, уæддæр сæ сæргом кодта царды диалектикæ æмæ сæ нæ разы æрæвæрдта. Мах та афæлгæстыстæм нæ алфамбылай Ирыстоны хъæутыл, æмæ афтæ бакодтам, цард цы хуыздæр амалтæ амыдта, уымæ гæсгæ.
1926 аз.
БОГАЗТИ Умар (1919-1978), финсæг