Æ РОХС НОМ ИРОНХ МА УÆД…
Нæ национ аййевадон литературæ æнтæсун ку байдæдта, уæд тæккæ райдайæнæй фæстæмæ дзæвгарæ рæстæг нæмæ силгоймаг финсгутæ хуæрзминкъий адтæй, уæлдай æстæндæр ба адтæнцæ Октябри революций размæ. Уæди дзаманти силгоймаг финсгутæй мах зонæн айдагъдæр Кочисати Розæ, уодварни хæзнайæн нин байзадæнцæ æ финст литературон уадзимистæй æдеугурæй цалдæр. Уотемæй ба Рози хæццæ еци-еу рæстæги литературон куст кодта еума ирон силгоймаг дæр – КОЦОЙТИ Ленæ Афæхъой кизгæ. Æ рохс ном ба ин абони уомæ гæсгæ имисæн, æма аци анз æ райгурдбæл æнхæст кæнуй финддæс æма æхсæзинсæй анзи (1885-1923).
КОЦОЙТИ Ленæ… Аци зæрдæргъæвд æма искурдиадæгин силгоймаги цардвæндаги æма исфæлдистади хабæрттæ, гъулæггагæн, уоййасæбæл игъустгонд нæ ’нцæ. Зонун ба сæ æнæмæнгæ гъæуй, уомæн æма етæ дæр æнцæ нæ адæми уодварни хæзнатæй.
Коцойти Ленæ райгурдæй 1885 анзи Гизæли. Æ фидæ Афæхъо, зæнхкосæги фурт, æ рæстæги ахургонд лæгбæл нимад адтæй, каст фæцæй Дзæуæгигъæуи реалон скъола æма косгæ байзадæй еци скъолай.
Ленæн æ цардвандаги хабæрттæ бустæги райдзастæй нæ райдæдтонцæ, æ мадæ раги рамардæй. Афæхъо берæ уарзта æ кизги, хъæбæр ибæл ауодудта, хъæбæр æй фæндаттæй æй, цæмæй æ карнæ райдзастдæр уа. Ку рагъомбæл æй, уæд æй ахур кæнунмæ равардта кизгутти приютмæ. Е адтæй æхгæд ахургæнæндонæ, ахурдзаутæ ахур дæр æма цæргæ дæр уоми кодтонцæ. Скъолайæн æ сæйрагдæр нисанеуæг адтæй ирон силгоймаг ахургæнгутæ цæттæ кæнун.
Æма Ленæ еци скъола каст ку фæцæй, уæд æрвист æрцудæй ахургæнæгæй Гизæли райдайæн скъоламæ. Уæдмæ ин æ карнæ бабæй еума зæрддзæф никкодта – рамардæй æ лæг æма еунæгæй райзадæй æ сувæллони хæццæ. Фадуат ин нæбал адтæй косунæн.
Фал уæддæр гъудæй цæрун æма уомæн ести мадзæлттæ аразун. Æма Ленæ ахур кæнунмæ бацудæй Калаки æвгъæдмæкæсгути Фæскавказаг институтмæ, каст æй фæцæй 1911 анзи, косун райдæдта сахар Пятигорски сæйгæдони. Æма бабæй еума зæрддзæф – 1916 анзи рамардæй æ фидæ. Уой фæсте Ленæ æхуæдæг дæр фæссæйгæ ’й рæугути незæй æма берæ гъезæмæртти фæсте 1923 анзи рамардæй. Байвардтонцæ ’й Дзæуæгигъæуи, зæронд Ирон уæлмæрдти.
Коцойти Лени цубур цард цъоппидзаг адтæй аллихузон зиндзийнæдтæ æма гъезæмарæдзийнæдтæй. Фал уæддæр разиндтæй дессаги фæразон, уодигъæдæй федар уогæй, разæнгардæй архайдта æ царди хабæрттæ зæрдиуагонæй аразунбæл.
Мадта цæйбæрцæбæл нифсгун адтæй, уомæн ба ирд æвдесæн æй мæнæ ауæхæн хабар. Цæветтонгæ, 1905 анзи революций цаути рæстæг Ленæ – уæд ма приюти ахур кодта – е ’мбæлтти хæццæ еумæ байагурдтонцæ сæ хецауадæй, цæмæй син ахури фæткитæ æма æгъдæуттæ райаразонцæ царди нæуæг фæззиндтитæ æма домæнтæмæ гæсгæ.
Ленæ æхе цæститæй фæууидта, фæндзæймаг анзи фиццаг уæрæсейаг революций цæхæртæ Цæгат Иристони фæллойнæгæнæг дзилли зæрдити цæйбæрцæбæл разæнгарддзийнадæ иссугътонцæ, фæууидта, сæ цардарæзт фæххузæнондæр кæнунбæл куд æндиудæй исдзурдтонцæ, се ’фхуæргути нихмæ куд истох кодтонцæ, уой.
Ленæ ахургæнæгæй ке куста æма еудадзуг адæми ’хсæн ке адтæй, уомæ гæсгæ бæлвурд хуарз зудтæ уæди цардарæзти уавæртæ, уæлдай хуарз ба зудта уæди рæстæги ахургæнæги цард, ирон скъоладзаути уæди равгитæ. Уомæ гæсгæ ин æ комеди «Нæуæг ахургæнæги фиццаг бон скъолай» уоййасæбæл æнхæстæй бантæстæй, ирон гъæууон скъола фæндзæймаг анзи революций рæстæг ци уавæри адтæй, уой æцæгдзийнадæ бавдесун. Е иссæй нæуæг фæззинд ирон литератури, æндæр уæхæн уадзимис си уæди уæнгæ нæма адтæй.
Комедий сæйраг бунат ахæссуй ахургæнæг Аксо. Е æй уæди доги раззагдæр зундирахастбæл хуæст ирон гъæууон ахургæнгутæй. Фæззиндтæй ибæл фæндзæймаг революций тæвагæ æма архайуй, цæмæй гъæууон скъола æ идарддæри райрæзти зæрдтæй нæуæг надмæ рацæуа, уæлдайдæр ба, цæмæй си сувæллæнтти ахур кæнонцæ сæ маддæлон æвзагбæл – хуарз ке лæдæрунцæ, уобæл. Ирон æвзагбæл киунугутæ ке нæ адтæй, уомæ гæсгæ Аксо е скъоладзаути ахур кæнуй Хетæгкати Къостай уадзимистæбæл. Аксо æй скъола нæуæг уагæбæл райаразуни фарс, уомæ гæсгæ е, зæгъæн, ахурдзаути хæццæ архайгæй, сæ гъомбæл кæнуни мадзалæн кедæрти хузæн нæ пайда кæнуй лæдзæгæй. Автор нæуæг ахургæнæг Аксой уодиконд уотæ дæсни исфæлгонц кодта, æма кæсæгæн æ цæстити рази æрлæууй уодæгас адæймаги хузæн.
Аксо æнгом баст æй адæми хæццæ. Е бæрæг æй, скъоламæ имæ ка æрбацудæй, уонæй дæр. Скъоламæ æрбацæуæг адæмæй алке уодигъæдæ дæр хуарз равдиста автор. Уонæй алкæмæн дæр пьеси ес æхе æвзаг, бæрæг æй алке зундирахаст дæр. Зæгъæн, æргомæй рабæрæг æй сувæллæнтти ниййергутæ Уари, Гига æма скъолай æхсæвгæс Созой меддуйне. Уони сорæтти фæрци финсæги бон бацæй, гъæууон адæм се скъоламæ ци цæстæй кастæнцæ, ци аргъ ин кодтонцæ, уой равдесун.
Цæмæй финсæги искурдиади уæлтæмæндзийнадæ бæлвурддæр æвдист æрцæуа, уой туххæй ма æрхæссæн ес, гъæуихецау скъоламæ ку бацудæй, еци цау дæр. Е куд дардта æхе ахургæнæги хæццæ дзубанди кæнгæй, куд æсхъæлæй имæ кастæй, уомæй рабæрæг æй, уæди хецауеуæггæнгутæ ирон скъоламæ æма ахургæнæги рохситауæн нисанеуæгмæ ци цæстæ дардтонцæ, е. Мæнæ еци нивæ:
Гъæуихецау: (æ кард æ астæубæл, уотемæй къласмæ бацудæй æма ахургæнæги къох райста): – Æгас нæмæ цо, иуазæг! Хуцау дæ амондгун ахургæнæг фæккæнæд, гъæуи хæццæ дæр æма хецауи хæццæ дæр дзæбæхæй куд цæрай.
Ахургæнæг: – Хуцауи хуарзæнхæ дæ уæд. Мæнæн дæр дæ хуарзæнхæ раттæд.
Гъæуихецау (æхебæл фенвæрстæй æма æ меднимæр бахудтæй): – Мæ хуарзæнхæ дæ цæмæн гъæуй, æз ба ци лæдæрун!
Ахургæнæг (лигъстæгæнæгау, барæй): – Гъе, уотæ ба ма зæгъæ, ме ’бæлттæй ехæнæй берæ рамардæй, гъæуихецауæй фудевгед фæцæнцæ æма… Гъæуихецауи ку фæндæуа, уæд сомирдæги аргъ æхсæдун дæр зонуй æма æртæ абазий аргъ æхсæдун дæр.
Гъæуихецау: – Е лæгæн (ахургæнæгæн) æхецæй цæуй: кæд хуарз уай, уæд дин хуарз уодзинан, кæд лæгъуз уай, уæдта дин лæгъуз. (Æ ходæ уæлдæр исиста æма æ карди сæрбæл æрхуæстæй). Дæу разæй нæмæ еу ахургæнæг адтæй æма, æ рази рацæугæй, мæнæн æ ходæ нецæй туххæй исистайдæ. Еске хæццæ дзубанди кæнгæй мæ ку рауинидæ, уæдта баходидæ, æма æхе æндæр æрдæмæ кæсæг искæнидæ… Уæдта ма ци миуæ кæнидæ: дзæхæрадони къабускайæй, картофæй ци уидæ, уони хумæтæг адæмæн балæвар кæнидæ, мæнæн ба еу къабуска, «гъа, мæнæ дин», зæгъгæ, некæд загъта… Кенæ ба майовкæ кæнгæй мæн дин бафарстайдæ!.. Гæрр, æз си æгириддæр нæ гъудтæн!.. Æма мæнæй дæр нæ райервазтæй.
Ахургæнæг: – Æз дæр дин уомæ гæсгæ зæгъун, дæ хуарзæнхæ мæ уæд, зæгъгæ.
Гъæуихецау: – Гъæйдæ, хуæрзбон кæнæ! Дæу хæццæ цæрун базондзæнæн, Хуцауи ку фæндæуа, уæд. Дæ Хуцауи хатирæй, ду нæ ма истухсун кæнæ! Ами æндæр цидæртæ кæнуйнаг ес æма дæубæл нæма ан! Бафæразæ бал! Нæ фидтæлтæмæ ба ауæхæн азгъунститæ адтæй? Ирон нæ дæ? Гъæуама уазалæн дæр æма æнæ артæн дæр фæразай!
Ахургæнæг (фæкъкъех æй, æ меднимæри гъуди кæнуй): ци нæ мин кæнун кæнуй æма мæ цæмæй рæвдауй?
Финсæг берæ дзурдтæй нæ фæппайда кодта, уотемæй исаразта, кæсæгæй иронх ка нæ кæнуй, уæхæн гъæуихецауи сорæт.
Скъолай ка ахур кæнуй, уонæй комедий æвдист цæуй дæс биццеуи æма кизги: Бибо, Габо, Æрцо, Биби, Гиго, Дзибо, Дзго, Азау, Зали æма Дарья.
Ирон адæми цард фæндзæймаг анзи революций рæстæги æма æ агъоммæ ци уавæри адтæй, уомæ гæсгæ скъоладзаутæ дæр æнцæ мæгурхуз, ахур кæнун сæ фæндуй, фал скъолайæй идард ка ледзуй, уæхæнттæ дæр се ’хæн ес. Дууæ минкъий кизги, Зæли æма Дайра, сосæггай сæхе фæндæй æрбацудæнцæ скъоламæ. Медæмæ бацæунмæ æфсæрми кодтонцæ, æма сæмæ дуари хъис-хъисмæ ахургæнæг Аксо æхуæдæг рацудæй: медæмæ сæ бакодта. Фурæфсæрмæй сæ еу æ къох æ гъæлæси бакодта, иннæ ба æ сæрбæттæнæй æхе батухта. Аксойæн загътонцæ, ахур кæнунмæ ке æрбацудæнцæ, уой, æма сæ уæд Аксо фæрсуй:
– Ести зонетæ, ести?..
Дайра загъта:
– Æз дууæ дамугъай зонун: æ æма у. Зæли ба еу аргъау зонуй, е ’нсувæрæй ке фегъуста, уæхæн.
Ахургæнæг Аксо сæ нæуæгæй, мадта æзинæ цæмæннæ æрбацудайтæ, зæгъгæ, ку бафарста, уæд Дайра уотæ бакодта:
– Мæнæн нана уотæ зæгъуй, кизгутти ахур ба, дан, ци æй, зæгъгæ?.. Мæнæ дæ хæдзари бадæ, е ба дин скъола!..
Иннæ ба (Зæли):
– Мæнæн ба дзабуртæ нæ адтæй, æма мин сæ хуйгæ кодтонцæ…
Сæ дууей дæр Аксо райста скъоламæ.
Коцойти Лени комеди æй æцæг аййевадон уадзимис. Æ исфæлдистади ин устур агъаз фæцæй æ царди фæлтæрддзийнадæ. Е бæрæг æй, æ уадзимиси куд æвдесуй уæди рæстæги гъæууон адæми цард, уомæй.
Комеди фиццагидæр мухури рацудæй финддæс æма дууинсæй анзей размæ. Уагъд æрцудæй авторæн æхе харзæй. Уой фæсте ба мухури некæдбал фæззиндтæй.
Хуарз уайдæ, Коцойти Лени уадзимис «Нæуæг ахургæнæги фиццаг бон скъолай» нур еума хатт ку рацæуидæ, уæд. Е аккаг лæвар уайдæ нæ иристойнаг киунугæкæсæгæн.