21 декабря 2024

ÆЦÆГ ПОЭТ – РÆСТДЗИЙНАДÆБÆЛ ТОХГÆНÆГ

14.09.2024 | 22:31

ХИДИРТИ Батæрбег æма Зурмæхан сæ цæуæти хæццæ (галеуæрдигæй рахесæрдæмæ): Тæйбæт, Таисæ (бадуй æ мади гъæбеси), Рамазан (Бубужин), Джамал, Мæхæмæт, Ехйа ба разæй бадуй зæнхæбæл.

Иристони аййевадон литературæбæл æхцул кадæриддæр æй, уæдта нæ национ финсгути киунугутæ цæстуарзонæй ка кæсуй, уæлдайдæр ба дигорон дзиллитæ, етæ, мæнмæ гæсгæ, æнæ зонгæ нæ уодзæнæнцæ Хидирти Батæрбеги фурт Ехйай ном – кадæртæ ин æхе комкоммæ зудтонцæ, кадæртæ ба ’й базудтонцæ куд искурдиадæгин поэт æма публицист, уотæ. Ехйа райгурдæй 1934 анзи 1 июни Иристони рæсугъддæр гъæутæй еу – Лескени. Гъомбæл кодта кустуарзон, æгъдаубæлхуæст бийнонти ’хсæн. Ниййергутæ Батæрбег æма Зурмæхан (Æгъузарон) цийнæ кодтонцæ сæ цæуæтбæл, карнæ син сæ цардиуаги хабæрттæ сæ зæрди фæндон аразунæн равгитæй неци бавгъау кодта, æма си бийнонтæ арæхстæнцæ тæккæ хуæздæр хузи æнхæстæй пайда кæнунмæ, æма, куд фæззæгъунцæ, цард дæр сæмæ æ медбилти худтæй…

Бæргæ берæ рæсугъд бæлдитæ сæмæ адтæй, фал сæбæл карнæ, уой размæ сæбæл уоййасæбæл рæдау уогæй, фæстæдæр ба цæмæдæр гæсгæ бустæги феннердæмæ æй, гъулæггагæн, гадзирахаттæй сæбæл рацудæй. Хæдзари хецау Батæрбег кедæр фудцъухи, æдзæстуарзони бæлахæй репрессити азари бахаудтæй. Кæмæн цума ци кодта, гъæубæсти медæгæ дæнцæн ке дардтонцæ, адæмæн ма хуарздзийнадæй ци ракæнон, зæгъгæ, æхе ка гъардта, еци рæстзæрдæ адæймаг?.. Æ лæгигъæди, æ берæ зонундзийнæдти, æ уодуæлдай фæллойни фæрци ци арфиаг гъуддæгутæ исаразта, уони абони дæр ма рæстзæрдæ дзиллæ хъæбæр бозæй имисунцæ. Еци гъуддæгутæн сæ сæйрагдæртæй адтæнцæ, гъæубæсти рæбун зæнхити ци дессаги рæзбунтæ исаразта, етæ. Уой, абони уæдиккон фæлтæртæй ма цардæгас ка ’й, етæ ма дзæбæх гъуди кæнунцæ, уони имисуйнæгтæй ба хабæрттæ хуарз зонунцæ кæстæрдæр фæлтæртæ дæр. Батæрбеги æ еци хъæппæреси туххæй дуккаг Мичурин дæр хумæтæги нæ рахудтонцæ æ уарзон гъæубæстæ…

Ехйа æфсæдгæ дæр нæ бакодта æ фиди рæвдудæй… Нæ зонун, æхуæдæг æ зæрдæбæл бадардта, æви ’й хестæрти дзубандитæмæ гæсгæ багъуди кодта, фал хаттæй-хатт æримисидæ, æдеугур ибæл æртæ анзи цудæй, Батæрбеги ку ниййахæстонцæ, уæд… Хъиамæтгун фидæ, æвæдзи, лæдæрдтæй, æ бийнонтæ ке нæбал фæууиндзæнæй, уой, æма сæ цæрæнбунати тургъæй æй ку ракодтонцæ æ ахæсгутæ, уæд, Ехйа æхуæдæг куд дзоридæ, уотемæй æй æ фидæ æ гъæбесмæ фелваста, æ хъури ’й ракæнгæй, уæдта ’й сабургай зæнхæмæ æриста… Æримисидæ уой дæр, Батæрбег æ бийнойнаг Зурмæханæн зæрдитæ куд æвардта:«Мæ рæстдзийнадæ мин исбæрæг кæндзæнæнцæ, æнæмæнгæ, тагъд мæ хæдзарæмæ æрбаздæхдзæнæн…» Фал, гъулæггагæн, не ’сæнхæст æнцæ устур бийнонти хецауи зæрдæвæрдтитæ.

Цуппар фурти æма дууæ кизги байзадæнцæ мади евгед. Хъæбæр зин адтæй Зурмæханæн бийнонтæ дарун, фал хеуæнтти фæрци, Батæрбеги хуарздзийнæдтæ ка гъуди кодта, етæ ин агъаз кодтонцæ сæ бон цæмæй адтæй, уомæй. Уæлдай зиндæр ба адтæй Устур Фидибæстон тугъди рæстæг, уæлдайдæр ба 1942 анзи, немуцаг-фашистон æрбалæборгутæ Лескенмæ ку æрбайервазтæнцæ æма си хецауеуæг кæнунмæ ку февналдтонцæ, уæд. Знагæй гъæубæстæ сæ уод истонцæ æд устур, æд минкъий… Хуарз æма сæ Сурх Æфсад хъæбæр цубур рæстæгмæ фæссурдтонцæ Цæгат Иристони зæнхæй, еци хъилмайæй фæййервазтæй Лескен дæр.

Хидирти Ехйа 1951 анзи каст фæцæй æ райгурæн гъæуи астæуккаг скъола хъæбæр хуарз бæрæггæнæнти хæццæ. Æ нифс бахаста скъолай фæсте Мæскуй Михаил Ломоносови номбæл паддзахадон университетмæ бацæунмæ. Уотæ рауадæй, æма уæд устур сахармæ, еци ахургæнæндони ахурмæ цудæй Цæгат Иристони обкоми уæди фиццаг секретарь Хъулати Хъубадий кизгæ дæр. Æма е, æ кизги фæндараст кæнгæй, вагзали ку æрæстæфидæ Ехйай, уæлдайдæр ба æ уæле ци æмпъузтитæ бæмпæггин хæлаф адтæй, уомæ гæсгæ. Хъубади, æвæдзи, базудта, е дæр ахур кæнунмæ ке нæхстæр кодта, уой, æма, ка ’й зонуй, æ сæрмæ ’й не ’рхаста, цæмæй уотемæй рандæуа æ арфиаг балций. Уойсахат ин туканæй æрбадавун кодта костюм æма лæхъуæнæн æ уæледарæс уомæй раййевун кодта. Гъе уæд, æвддæс анземæ фиццаг хатт Ехйа æ уæле искодта нæуæг дзаумæуттæ. Уой размæ имæ еудадзугдæр æрхауиуонцæ æ хестæр æнсувæрти хъæппæлтæ, скъоламæ дæр зæронд дзаумæутти цудæй. Æнæ фидæй ка байзадæй, уони карнæн æндæр хузи уæн нæ адтæй…

Мæскуй æнтæстгинæй равардта фæлварæнтæ, æма иссæй философон факультети студент… Фал æ цийнæ берæ нæ рахаста – ами дæр æй иссирдтонцæ, æ фидæ ке фудæй бастъалдæй, уæхæн саузæрдитæ, уой дæр нæхердигæнтти илгъаг цъухтæ. Етæ бацудæнцæ ректормæ æма ин загътонцæ:

– Адæми знаги фурт куд гъæуама ахур кæна философий дæсниадæбæл?..»

Æма уæд Хидири-фуртмæ фæдздзурдта уорсзакъæгин профессор æма ин загъта:

– Гъæуама дæ мах рацох кæнæн университетæй, фал дзæбæх ахур кæнис, коммæгæс дæ, æхсæнадон кусти разæнгардæй архайæг ке дæ, уомæ гæсгæ ба дæ раййевдзинан филологон факультетмæ…

Æма сæ дзурд исæнхæст кодтонцæ. Ехйа ба æ хуæрзгæнгути дæр нæ фæффудевгед кодта, уæдта æ нихмæ архайгути фудæнæн дæр равдиста устур хъаурæ æма нифс – Мæскуй университет каст фæцæй сурх дипломи хæццæ.

Уæдмæ ралæудтæй рæстагдæр рæстæгутæ, æма æвудæй ахæст Хидирти Батæрбег растгонд æрцудæй. Æ фурт Ехйа дæр уæдмæ каст фæцæй университет æма æригон специалистæй æ райгурæн гъæумæ исæздахтæй. Косун райдæдта ами совхози фæскомцæдесон организаций секретарæй, тагъд рæстæгмæ ба, куд арæхстгин организатор, уотæ ’й исæвзурстонцæ фæскомцæдеси Ирæфи райкоми секретарæй. Фæстæдæр æ цардвæндаги  хабæрттæ уотæ рауадæнцæ, æма косун райдæдта Лескени гъæуи скъолай ахургæнæгæй, уой хæццæ ба ма разамунд лæвардта ами изæйрон скъолайæн. Ахургæнæги куст дæр бæргæ берæ уарзта, уæдта ’й æнхæст кодта хъæбæр æнтæстгинæй. Фал уæддæр æ зæрдæ ба фулдæр дзурдта исфæлдистадон кустмæ, финста алцæмæй дæр æнхæст æмдзæвгитæ дигорон æвзагбæл. Уомæ гæсгæ ба неке бадес кодта, Ирæфи райони газет «Ленинон»-и косун ку байдæдта, уæд. Уомæн æма ’й зудтонцæ, аййевадон литературæбæл, уæлдайдæр ба поэзибæл куд æхцул адтæй æ минкъийæй фæстæмæ. Уарзун ба ин æй бакодта æ фиди ’нсувæр Хидирти Сулейман, гъулæггагæн, тугъди будурæй нæбал исæздахтæй. Хидири-фуртæн æ фиццаг æмдзæвгитæ мухургонд æрцудæнцæ, райдайæн скъолай ма ку ахур кодта, уæд.

Ехйа, æ райгурцæй адтæй хъæбæр фæлмæнзæрдæ, адæмуарзон, æ ниййергути хузæн хуæрзæгъдаубæл хуæст, адæми цийнæбæл цийнæ кодта, сæ хъоцбæл син хъонц кодта… Фæстæдæр, царди тумугъи ку бацудæй, æмбæлун ибæл ку райдæдтонцæ хийнæдзийнæдтæ, дудзæсгон адæм, уæддæр ин æнæуинон адтæнцæ  æнæгъдау миутæ, æдзæстуарзонтæ ин цæлхдортæ æ размæ æвæрун ку байдæдтонцæ, уæд син нæ уодæнстæй, æргом исдзоридæ сæ нихмæ:

Ку адтайнæ æз мæ райгурцæй къуру,

Нæ зудтайнæ куд цъес-цъес кæнуй уру,

Не ’гъустайнæ гъæддаг сирдтæн сæ неун,

Нæ кодтайдæ куййи рæйун мæн кеун.

 

Ку адтайнæ æз мæ райгурцæй хъæрæу,

Цъеусори дæр æнгъалдтайнæ уæд бæлæу,

Мудзура мæмæ кастайдæ зелгæ ухст,

Нæ уидтайнæ неке зин бон, неке тухст…

Ехйа æгæрон уарзтæй уарзта æ маддæлон дигорон æвзаг. Кæд уруссаг æвзаг хъæбæр хуарз зудта, финсун дæр ибæл æ бон адтæй, уæддæр финста кæдзос дигорон æвзагбæл. Цийфæнди цæстингасæй каст ке цудæй дигорон æвзагмæ, сæребарæй финсæн ибæл ке нæ адтæй, уой фæдбæл хъурдохæн кодта:

…Мæ ниййергутæн сæ циртмæ

Ке ’взагæй зæгъон рохсаг?

Куд син зæгъон дæлсигитмæ:

«Исхæран мин æй уе ’взаг»!

Æма цæмæй еци æнæраст гъуддаг еуварсгонд æрцæуа, дигорон æвзагмæ хецауади ’рдигæй гъæугæ хузи каст æрцæуа, уой туххæй е ’мбæлтти хæццæ берæ фæхъхъиамæт кæнгæй, гъуддаг хуæрзæрдæмæ раййивта. Дуйней рохс фæууидтонцæ æма баргъонæй сæ рохситауæн куст кæнунцæ республикон газет «Дигорæ», журнал «Ирæф», Паддзахадон Дигорон театр. Дигорон æвзаг аккаг, гъæугæ бунат ниййахæста æхсæнадон царди…

Хидирти Ехйайæн æ исфæлдистадон къæбеци æмдзæвгитæ æма æндæр литературон уадзимистæ кæд цалдæр киунугей бæрцæ адтæнцæ, уæддæр ин си æ цардæгасæй е ’мдзæвгитæй кæцидæртæ хаст æрцудæнцæ къуар поэттей еумæйаг æмбурдгæндти, кæцитæй еу хундтæй «Уазай дæлвæзи». Хецæн киунугæй сæ рауадзун ба ин бантæстæй айдагъдæр 1987 анзи, хундтæй «Есе».

Æ фæсмæрдæ æ берæ литературон бунтæмæ, гъулæггагæн, берæ рæстæгути каст нæ цудæй. Хуарз æма æ киунугæ «Есе» нæуæгæй уагъд æрцудæй 2019 анзи. Никки арфиагдæр гъуддаг ба е иссæй, æма æ аййевадон æма публицистон уадзимисти æнхæстдæр æмбурдгонд, хаст ма имæ æрцудæнцæ æхе туххæй уацтæ дæр , уотемæй уагъд æрцудæй 2020 анзи, хуннуй «Цæргæси астъонæ». Ку зæгъун, е устур арфиаг гъуддæг æй, уомæн æма си алли кари адæймаг дæр иссердзæнæй æхе аккаг рæнгъитæ.

Хидирти Ехйа не ’хсæнæй цардгъæуагæй фæгъгъудæй. Рохсаг уæд. Æ рохс ном æносмæ цæрдзæнæй æ уарзон хеуæнтти, е ’мгъæуккæгти æма æ берæ æрдхуæрдти, аййевадæуарзгути зæрдити…

БЕТРОЗТИ Майрæн, журналист,  Ирæфи райони ветеранти Совети сæрдар