18 января 2025

«ÆЙ ДУЙНЕ АЙДАГЪДÆР УАРЗТИ НИВÆН!..»

16.01.2025 | 15:13

Цугулити Еленæн æ цардвæндаги æма æ исфæлдистади туххæй æ рæстæги берæ аллихузон æрмæгутæ мухургонд æрцудæй, алкедæр си берæ цæмæйдæртæй цæмæдессаг æй, фал нæ газети гæнæнтæ уотæ ’нцæ, æма уонæн сæ еугуремæй испайда кæнуни равгæ нин нæййес. Уомæ гæсгæ ба абони испайда кæндзинан, е ’мзæнхон, нæ республики игъустгонд æхсæнадон архайæг Дзопойти Юрий (е дæр, гъулæггагæн, абони не ’хсæн нæбал æй, рохсаг уæд…) аци номдзуд силгоймаги туххæй кæддæр ци имисуйнæгтæ ниффинста, уонæй:

– Рагæйдæр æз хуарз зудтон Цугулити Елени. Еу рауæнæй ан нæ дууæ дæр – Мæздæги районæй Черноярскийи станицæй. Æма кæд Еленæ мæнæй 23 анзи хестæр адтæй, уæддæр ирдтан еумæйаг æвзаг, литератури, историй, политики фарстатæбæл дзоргæй, фулдæр ба Черноярскийи туххæй уидæ нæ дзубандий сæр, æ героикон евгъуд доги, е ’хсаргин тугъдонти, Геуæргий дзиуари кавалерти туххæй. Уонæмæ хаунцæ æ фиди фидæ, уæдта нæ дууей фидтæлтæ дæр.

Хъæбæр сæрустур адтæн æма дæн мæ номдзуд æмзæнхонæй, куд искурдиадæгин адæймаг, идæрдтæбæл игъустгонд финсæг æма публицист, советон доги нæ Фидибæсти тæккæ кадгиндæр журнал «Крокодил»-и редакцион коллегий иуонг, уотæ ин хъæбæр устур аргъ кодтон æма кæнун.

Еленæ Мæскумæ ку рандæй цæрунмæ, уæд æз ба Советон Æфсади службæ кодтон, ахид æмбæлунæн нин равгитæ нæ адтæй, æма ефстагмæ ку  исæмбæлианæ, уæд нæ дзубанди хъæбæр зæрдæхцæуæнæй радаргъ уидæ, имистан евгъуд æнзтæ. Аллихатт дæр дес кодтон æ гъæздуг библиотекæбæл; революций размæ æма советон доги фæсарæйнаг æма ирон финсгути уадзимистæ имæ  берæ ке адтæнцæ, уобæл. Æ гъæздуг библиотеки хецæн сæрмагонд бунат адтæй, сæ киунугутæ ин ка балæвар кодта, еци финсгути уадзимистæн. Уони хæццæ – М. Светлов, В. Катаев, М. Соболев, М. Шагинян, Мугути Хадзиморат æма æндæртæ. Тæккæ уарзондæр автортæ ба ин Аристофан,  Аркадий Аверченко, Михаил Зощенко, Антон Чехов æма Хетæгкати Къоста адтæнцæ. Аци авторти исфæлдистади æндæвдадæ уæлдай хъæбæрдæр фæззиндтæй Еленæн æхе исфæлдистадæбæл. Адæймагон юмор æма сатирæ ин кæддæриддæр адтæнцæ искурдиади, гуманизми, культури, хуæдæфсармæдзийнади æма хумæтæгдзийнади тæккæ бæрзонддæр дæнцæг.


АРФИАГÆЙ ÆЙ ГЪÆУАМА ИМИСÆН…

ХÆМИЦАТИ Морис, журналист:

– Хуæрзæригон ма адтæн, уотемæй базудтон Цугулити Елени – раст зæгъгæй, фæсфæдмæ, æ уацтæмæ гæсгæ. Еуемæй мин хъæбæр æхцæуæн адтæй, æгайтима не ’мзæнхон силгоймаг уоййасæбæл искурдиадæгин æй, æма косуй уæди рæстæгути Советон Цæдеси тæккæ нимаддæр журнал «Крокодил»-и, иннемæй ба хъæбæр цæмæдесагæй кастан æ финст фельетонтæ æма сатирикон уадзимистæ. Æз уæд мæхуæдæг дæр æвзурстон игъæлдзæг радзурдтæ финсун æма мин Елени финст æрмæгутæ берæ цæмæйдæрти агъазгæнæг адтæнцæ.

Советон доги Цугулити Елени ном игъустгонд адтæй, æ уадзимистæ зундгонд адтæнцæ Советон Цæдеси еугур рауæнти дæр, сауæнгæ ма фæсарæнти дæр. Гъе уомæ гæсгæ ба, кæд, гъулæггагæн, не ’хсæн нæбал æй, уæддæр æ рохс ном, æ агъазиау хъиамæттæ абони дæр гъæуама нимад цæуонцæ, æ ном гъæуама иронхуати ма уа, гъæуама ’й зононцæ нæ дзиллæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ.


Гъулæггагæн, Цугулити Елени исфæлдистадæ нури рæстæги иронхуати райзадæй. Рауагъдæдтæ ин нæбал уадзунцæ æ искурдиадæгин сатирикон киунугутæ, фæсевæд ба ’й, мæнмæ гæсгæ, зонгæ дæр нæ кæнунцæ. Уомæ гæсгæ мæн бафæндадтæй Еленæн æхе туххæй мæ имисуйнæгтæ æма æ исфæлдистади туххæй ба цубурæй мæ гъудитæ ниффинсун.

Цугулити Александри кизгæ Еленæ райгурдæй 1909 анзи 2 октябри Черноярскийи станици хъазахъаг æфсади ирон афицери хæдзари. Æ фиди фидæ Иван адтæй рæнгъон хъазахъаг, фескъуæлхтæй Дунайи тугъди 1877-1878 æнзти, иссæй Геуæргий дзиуари кавалер. Æхе фидæ æма фиди æнсувæр Габле (Гаврил) ба адтæнцæ Терки хъазахъаг æфсади болкъонтæ, Фиццаг дуйнеуон тугъди хъазауатон архайгутæ. Сæ бæгъатæрдзийнади туххæй хуарзæнхæгонд æрцудæнцæ берæ ордентæ æма майдантæй. Уони хæццæ Сугъдæг Геуæргий IV къæпхæни орденæй дæр. Еленæ устур аргъ кодта æ фидæн. Гъулæггагæн, 1937 анзи репрессити азари  æвудæй бахаудтæй. Исраст æй кодтонцæ 1956 анзи.

Куд «адæми знаги» кизгæ, уотæ Цугулити Еленæ бавзурста берæ зиндзийнæдтæ, æлхъивд, æфхуæрд, æнæрастдзийнæдтæ. Уой фудæй æй багъудæй Иристонæй рандæун, рахау-бахау кодта Кавкази хуæнхтæбæл æма гъæутæбæл. Фал зиндзийнæдтæн разиндтæй фæразон, æ хъаурæ æма æ нифс ин неци басаста, зудта æй, æ царди нивæ æхецæй аразгæ ’й, аллирауæн дæр æвæллайгæй куста æхебæл, ахурбæл фæццалх æй, кастæй киунугутæ, уæлдайдæр ба фæсарæйнаг æма уруссаг литератури классикти уадзимистæ. Бундоронæй рартаста Хетæгкати Къостай исфæлдистадон бунтæ, е ’мзæнхон тугъдон æма финсæг Гурдзибети Блашкай уадзимистæ.

Уæдмæ уавæртæ уотæ рауадæнцæ, æма 1938 анзи кæрони Еленæ æрæздахтæй Иристонмæ, косун райдæдта республикон радиокомитети. Адтæй дикторти студий директор, музыкалон редактор, фæстаг хабæртти редактор. Ами райдæдта æ литературон архайд æма журналисти беранзон куст дæр.

Ами ма куста, уотемæй райдæдта Устур Фидибæстон тугъд. Цæйбæрцæдæр рæстæги фæсте ба æ кусти бунат раййивта газет «Рæстдзинад»-мæ, æма ами уæлдай разæнгардæй бавналдта ирон æвзагбæл информацитæ, аллихузон уацтæ æма очерктæ финсунмæ. Тузмæг 1942 анзи Цугулити Еленæ архайдта Дзæуæгигъæу немуцаг-фашистон æрбалæборгутæй багъæуай кæнуни туххæй мадзæлттæ аразуни кустити: къахта танкити нихмæ арф къанæуттæ æма федæрттæ, лæвардта æхца гъæуайкæнуйнади гъуддагмæ, еу æма дууæ хатти нæ рандæй гъæуайкæнуйнади раззаг ханхæмæ, фембæлидæ Иристон гъæуайгæнæг æфсæддонтæ æма афицерти хæццæ. Еци тугъдон æнзти ниффинста очерктæ æма радзурдтæ Иристони æхсаргин фурттæ, Советон Цæдеси Бæгъатæртæ Цоколати Геннадийи, Ходи Къостай, Къесати Астани, инæлар Худæлти Харитони æма тугъди æндæр берæ архайгути туххæй.

Куд еци тæссаг бæнтти хъазар хæзна, уотæ Еленæ фæстугъд дæр æфснайдæй дардта, 1942 анзи ин Дзæуæгигъæуи гъæуайкæнуйнади Комитет ци пропуск æма справкæ равардта, уони. Справкæ адтæй, 1942 анзи 2 декабри ин фашистон хуæдтæхгутæ æ хæдзарæбæл бомбæ ке ’ргæлстонцæ æма уой фудæй ке ниппурхæ ’й, уой туххæй.

Тугъди фæсте Цугулити Еленæ куста Дзæуæгигъæуи æфсæнвæндаги мухури фæрæзни – газет «Магистраль нефти»-й уацхæссæгæй. 1947 анзи арæхстгин журналистки косунмæ раййивтонцæ Мæскумæ центрон газет «Гудок»-мæ. Бæсти алли къумтæй ци очерктæ, фельетонтæ æма уацтæ финста, уони фæрци айдагъ журналистти æма финсгути ’хсæн нæ, Цугулити Елени бауарзтонцæ нæ бæсти мухуркæсæг дзиллæ, æфсæнвæндаги еугур къабæзти косгутæ.

Фараст анзей фæсте Еленæ иссæй еугурцæдесон журнал «Крокодил»-и уацхæссæг, тагъд рæстæги æй раййивтонцæ сæйрагдæр хайæдтæй еуей редактори хуæдæййевæгæй. Ами уæлдай бæлвурдæй раргом æнцæ æ берæвæрсуг искурдиадæ æма устур кустгъондзийнадæ. Еу инней фæдбæл  журнали мухургонд цудæнцæ æ фельетонтæ, сатирикон очерктæ æма радзурдтæ. Уæдмæ фæззиндтæй æ уацаути æма æндæр литературон уадзимисти æмбурдгонд дæр.

Цугулити Еленæн æ хъазауатон фæллойнæ æма искурдиадæн устур аргъгонд æрцудæй – исаккаг ин кодтонцæ УСФСР-и, культури æскъуæлхт косæги кадгин ном, 1989 анзи ба Софияй юмористон радзурдти Дуйнеуон конкурси лауреат.

Журнал «Крокодил»-и косгæй, Цугулити Еленæн адтæй æнгом зæрдтагон бастдзийнадæ æ райгурæн Иристони хæццæ. Берæ финста е ’мзæнхонти туххæй, ахид æмбалдæй республики финсгутæ æма поэтти хæццæ, æвæллайгæй архайдта Иристони цæргути тухстаг материалон-цардиуагон фарстатæ лух кæнуни гъуддæгутæбæл.

Цугулити Елени кустгъондзийнадæ æма исфæлдистадон бунти туххæй зæрдæмæдзæугæ гъудитæ зæгъиуонцæ, æ уадзимисти туххæй кадæриддæр ниффинсидæ, етæ еугурæй дæр. Зæгъæн, 1981 анзи Мæскуй, «Финты бабушки Таси», зæгъгæ, ци киунугæ рауагъта, уой раздзубандий финст ес: «… ее перу принадлежат семь тысяч газетных статей (первая появилась в газете «Советский пахарь» Ростов-на-Дону в 1923 году, последующие в «Гудке»), четыреста два фельетона (первый в «Гудке», последующие в «Крокодиле»), двести пятнадцать юмористических рассказов (все в «Крокодиле») и одна повесть (в отдельном издании). Рассказы Е.А. Цугулиевой переведены на французский, немецкий, болгарский, польский, итальянский, сербо-хорватский, румынский, чешский, словацкий и, конечно же, на осетинский языки».

Аци гъудимæ гæсгæ ма уой дæр зæгъун гъæуй, æма 1981 анзæй фæстæмæ Цугулити Еленæ ма ниффинста дæсгай фельетонтæ, радзурдтæ, рауагъта хецæн киунугутæ. Æдеугур ба ин рацудæй æстдæс киунуги, уонæй цуппар – Иристони. Киунугæкæсгути зæрдæмæ хъæбæр фæццудæнцæ «Эстеты из Кукановки». «Похищение Мадонны», «Шабашник идет к финишу», «Землетрясение в Беное» æма Елени æндæр киунугутæ.

Æ радзурдти, фельетонти, сатирикон очеркти Цугулити Еленæ ходуй бюрократтæбæл, гæртанесгутæбæл æма лæвархуартæбæл, гурумухъ æма мæнгард адæймæгутæбæл, тæхгæсæртæбæл, еудзурдæй, хецæн æведауцæ адæймæгутæбæл æма æхсæнади гъæндзийнæдтæбæл. Еци гъæндзийнæдтæ, гъулæггагæн, æнцæ нæ абони æхсæнади царди дæр, уомæ гæсгæ аци киунугутæ адæм абони дæр гъæуама кæсонцæ, уомæн æма син агъаз уодзæнæнцæ алцæмæй дæр федауцæ æма рæстдзийнади бундорбæл цардиуагæ аразуни гъуддаги, цæмæй царди райдзастдзийнадæй хайгин уонцæ аллихузон æдзæсгæнттæ нæ, фал уодигъæдæй кæдзос æма раст дзиллæ.

Пенсимæ рацæуни фæсте Цугулити Еленæ идарддæр дæр куста «Крокодил»-и, адтæй литературон консультант, фельетонистти мæскуйаг секций сæрдар, бакодта устур куст – ниффинста «Уруссаг-дигорон дзурдуат», уæдта Кочисати Рози туххæй радзурд. Финста фельетонтæ, уæдта цæттæ кодта Уæрæсей æма Иристони зундгонд адæймæгути хæццæ фембæлдтити туххæй æ имисуйнæгтæ. Уæззау æма дæргъвæтийнæ сæйги фæсте Цугулити Еленæ рамардæй 1994 анзи 26 августи. Байвардтонцæ ‘й Мæскуй уæлмæрдтæй еуеми. Цæгат Иристони разамунд ци некролог бафинста, уоми загъд æй: «Цугулити Александри кизгæ Елени хуарз зудтонцæ æма ин устур аргъ кодтонцæ республики фæсевæд æма ветерантæ, журналисттæ æма финсгутæ. Æ искурдиадæн аргъгæнгути ’хсæн адтæнцæ айдагъ Иристони нæ, фал еугур Кавкази цæргутæ дæр…»