… ÆМА ИРИСТОН НИККИ ХИЦЦАГДÆР ИСУОДЗÆНÆЙ БÆЛЦЦÆНТТÆН
Нæ бæсти разамунд фулдæр æргом æздахун ке байдæдта туризми райрæзти гъуддагмæ, уомæн æрхæссæн ес берæ бæлвурд æвдесæнтæ. Уонæй еу – бундоронæй куст цæуй медбæстон туризми райрæзти туххæй национ проектбæл. Уой фæрци Уæрæсей медæгæ туристон балцити бæрцæ гъæуама исуа 140 миллионей уæнгæ, туристон къабази ка косдзæнæй, уони нимæдзæ ба фондз миллионей уæнгæ.
Еци проект æнхæст кæнуни мадзæлттæй еу æй, агентадæ «Ростуризм» ци сæрмагонд конкурс исаразта, е дæр. Æ аци анзи хатдзæгтæ бæрæггонд æрцудæнцæ æрæги. Уæлахезонти нимæдзи нимад æрцудæнцæ цуппар цæгатиристойнаг амалгъони æма син сæ проекттæ царди рауадзуни туххæй исаккаг кодтонцæ сæрмагонд гранттæ. Æртемæн си – Тотрати Заурбег, Гульчети Азамат æма Батæрти Джамалæн – фæйнæ æртæ миллион соми, Сергей Селезневæн ба дууæ миллиони æма фондзсæдæ соми.
Еци уæлахезонти хæццæ анзи кæронмæ бафинсдзæнæнцæ бадзурдтæ, уой фæсте ба ратдзæнæнцæ, ци гранттæй сæ исхуарзæнхгин кодтонцæ, уони. Бадзурд бафинсуни фæсте проект царди рауадзунæн лæвæрд цæуй æхсæз мæйи. Еци ихæс куд æнхæстгонд цæудзæнæй, уомæ цæстдард цæудзæнæй «Ростуризм» æма регионалон æнхæстгæнæг хецаудзийнади ‘рдигæй.
Уæлахездзау проекттæ æнцæ аллихузон къабæзтæй. Зæгъæн, Сергей Селезнев Национ парк «Алани»-й минкъий гъæу Къамати иуазгутæн исараздзæнæй (20 адæймагемæн фусунуат) хæдзарæ æма кемпинг (42 адæймагемæн) сæрдигон конференц-зали хæццæ. Комплекс ку исцæттæ уа, уæд си фадуат уодзæнæй еци-еу рæстæг æртинсæй туристти исиуазæг кæнун.
Проект баст æй аслан бунæттæ байгон кæнуни нисанеуæги хæццæ, æма уой фæрци туристти бæрцæ гъæуама фæффулдæр уа. Бунæттон цæргутæн дæр фæззиндзæнæй фадуат туризми райрæзти гъуддæгути æнхæстæй архайунæн, уодзæнæй син равгæ сæхе конд товартæ уæйæ кæнунæн, лæггадæгæнæн куститæ æнхæст кæнунæн.
Иннæ проект исаразæг æй æнæнхæст бæрнондзийнади æхсæнадæ «Алани Технострой», исхудтонцæ ’й «Алани байгон кæнгæй». Æ нисан æй Цæгат Иристони цæстæйуингæ маршрутти къартæ исаразун, уони фæрци туристтæ базондзæнæнцæ нæ республики тæккæ цæмæдессагдæр бунæтти туххæй бæлвурд хабæрттæ.
Аци проект æнхæстгонд ке æрцæудзæнæй, уой фæрци нæ регион æхе базонун кæндзæнæй Уæрæсей дæр æма фæсарæнти дæр. Æ аргъ æй æртæ миллион соми.
Æртиккаг проекти автор æй хецæн амалгъон Тотрати Заурбег. Уой фарæ бахастонцæ Уæрæсей дæс хуæздæр архитекторей номхигъдмæ. Æ проекти бундори ес фæлгæсæн фæзæ, е фæттухгиндæр кæндзæнæй нæ республики рæсугъддæр бунæтти хиццагдзийнадæ. Проект конд æй, еуемæй, нæ æрдзон бунтæ багъæуай кæнуни, иннемæй ба, фæллад уадзунæн уодæнцойнæ фадуæттæ исаразуни нисанеуæгæй.
Нæ республики туризми Комитети сæрдар Хъодзати Заурбеги гъудимæ гæсгæ, фæлгæсæн фæзæ байеу кæндзæнæй туризм, базарадæ, гастрономи, рохсадæ, фæлладуагъд æма уомæй зингæ фæййагъаз уодзæнæй хуæнхон туризми ирæзтæн, уой хæццæ ба ма региони медæгæ социалон-экономикон бастдзийнæдтæ æ фæрци фæффедардæр уодзæнæнцæ.
Зæнхкосæн-фермерон хæдзаради разамонæг Гульчети Азаматмæ ес Ирæфи райони кемпинг исаразуни проект, уой фæдбæл рамулдта æртæ миллион соми.
Аци проектти фæдбæл æрæги туризми Комитет ци фембæлд исаразта журналистти хæццæ, уоми, етæ нæмæ кæд æнхæстгонд æрцæудзæнæнцæ, зæгъгæ, фарстай фæдбæл Хъодзай-фурт уотæ загъта:
– Гранттæ райсæг проекттæ æнцæ хъæбæр гъæугæ æма гъæуама арæзт æрцæуонцæ æнæкъулумпитæй… Мах нæхердигæй нæ агъази хай бахæсдзинан, цæмæй æхсæз мæйей æмгъудмæ арæзт æрцæуонцæ æма си пайда кæнун райдайуонцæ.
Хъодзай-фурти дзубандимæ ма Батæрти Джамал бафтудта:
– Мах нæ проектмæ гæсгæ фæлладуадзæн хæдзæрттæ исаразунмæ гъавæн Дигоргоми Мæхческ æма Мадзаски. Етæ арæзт ку æрцæуонцæ, уæд уордæмæ туристтæ дзæвгарæ фулдæр цæудзæнæй. Никки ба ма, нуртæккæ уоми ци турбазитæ ес, уонæми еу суткæ фæууни аргъ 4-5 мин соми кæд æй, уæд, мах ци хæдзæрттæ исаразуйнаг ан, уони фæрци ба æргътæ зингæ фæййасландæр уодзæнæнцæ.
Зæгъун ма гъæуй уой дæр, æма нæ республики туризми райрæзти фæдбæл ци нисантæ бæлвурдгонд æрцудæй, уонæй беретæ баст æнцæ Дигоргоми хæццæ.
Ами хъæбæр берæ сауæрти игурæнтæ ес, климат ба си – æвдадзæ адæймаги зæрдæн, тогдадзинтти æма уолæфæнти кустæн. Дигоргом гъæздуг æй алæмæти æрдзæ æма рагон циртдзæвæнтæй дæр. Уой нимайгæй, арæзт æй инвестицион проект «Хуæнхон Дигорæ». Еугонд си æрцæудзæнæнцæ туристон инфраструктурæ, минералон сауæртæ, æрдзон æма историон-культурон рауæнтæ.
Мæнæ уæлдæр ци конкурси кой ракодтан, уой ахедундзийнади туххæй ба Хъодзай-фурт зæгъуй:
– Е куд равдиста, уотемæй паддзахадон федералон структуритæй ес бæлвурд зингæ агъаздзийнадæ райсæн, – загъта туризми Комитети сæрдар. – Гъулæггагæн, нæ амалгъонтæ си æмхузонæй нæ байархайдтонцæ. Фал ни æруагæс кæнуй, æма сæ мæнæ аци конкурси бæрæггæнæнтæ фæрразæнгард кæндзæнæнцæ, е ба хуарзæрдæмæ фæззиндзæнæй медæггаг æма æрбацæугæ туризми ирæзтæн проекттæ цæттæ кæнунбæл.
Республики Сæргълæууæг Битарти Вячеслав, æрæги туризми Комитети сæрдар Хъодзати Заурбеги хæццæ фембæлгæй, бафæдзахста ин, туристон амалгъонади къабази архайунмæ разæнгарддзийнадæ кæмæ ес, уонæн гъæугæ хузи агъаз кæнун.
– Национ проектти архайунæн цидæриддæр гæгъæдитæ гъæуй, уони æнæгъæнæй æнæдзебæлæй, æвæстеуатæй бацæттæ кæнетæ, Цæгат Иристони туризми ирæзтæн еугур уавæртæй дæр æнхæстæй испайда кæнун гъæуй, – загъта Битарти Вячеслав.
Æрмæг мухурмæ бацæттæ кодта ГÆТИЙТИ Светланæ.