ÆМА НИН НИУУАГЪТА Æ ЗÆРИЙНÆ ДЗУРД!..
«Фидæн хуæздæр циртдзæвæн – хуарз фурт…» Нæ фидтæлти аци зундгин загъди æцæгдзийнадæ кæд æма ескæд ескæци фуртти цардиуагæй рабæрæг æй, уæд еци хуæздæртæй еу иссæй Малити Васо. Æ фиди, гъулæггагæн, уингæ дæр нæ фæккодта – Васо ма æ мади губуни адтæй, уотемæй ин æ фиди, нæ адæми кадгиндæр лæгтæй еу, искурдиадæгин поэт, уодуæлдайæй хъиамæтгæнæг рохситауæг, æхсæнадон архайæг, дессаги рæстзæрдæ адæймаг Малити Гадой фурт Геуæрги æвудæй кедæр фудцъухи азарæй 1937 анзи ахæст æрцудæй æма уоййадæбæл кæмидæр, æ уарзон Дигорай идардæй-идарддæр рауæнти бастъалдæй.
Æма æ фурт Васо, ку рабайлæгъ æй, уæд æ карни сæйрагдæр ихæсæн æхемæ райста æ фиди арфиаг гъуддаг, ци æ бон æй, уомæй идарддæр хъæртун кæнун. Æ еци фæндæ цæйбæрцæбæл бантæстæй æнхæст кæнунмæ, уомæн ба æвдесæн æнцæ æ исфæлдистадон фæллæнттæ.
Нæ дзиллæн Малити Геуæргий фурт Васо зундгонд æй куд искурдиадæгин финсæг (поэт, прозаик, драматург, литературæртасæг). Æ рæстæги каст фæцæй Цæгат Иристони педагогон институти литературон факультет (1957-1961) æма куста газет «Рæстдзинад»-и уацхæссæгæй, уæдта республикон телеуинунади студий редакторæй. 1969-1970 æнзти ахур кодта Мæскуй Уæлдæр литературон къурсити, уони каст фæууогæй ба куста киунугæуадзæн «Ир»-и хестæр редакторæй. 1987 анзи æвзурст æрцудæй Цæгат Иристони финсгути Цæдеси сæрдарæй.
Æ исфæлдистадон над райдæдта 1955 анзи – гъеуæд мухури фæззиндтæй æ фиццаг æмдзæвгæ. «Уæдæй фæстæмæ æ литературон уадзимистæ, мухургонд цудæнцæ республикон газетти, журнал «Мах Дуг»-и, литературон альманах «Советон Иристон»-и. Æ уадзимистæ мухургонд æрцудæнцæ берæ хецæн киунугутæй.
Малити Васо æ фидæн æцæгæй хуарз фурт айдагъ æ литературон исфæлдистадæй нæ разиндтæй. Уоми ин ци агъазиау æскъуæлхтдзийнæдтæ бантæстæй, уой хæццæ ба ма æ æмзунд æмархайгути хæццæ æ бон иссæй, нæ национ культури агъазиауæй-агъазиаудæрбæл нимад ка цæуй, уæхæн гъуддаг – арæзт æрцудæй æма цæун байдæдта дигорон æвзагбæл литературон-аййевадон журнал «Ирæф». Малити Геуæргий æмдзæвгити æмбурдгонди æмном æй хумæтæги не ’схудтонцæ – æ фиццаг номерæй ба абони уæнгæ журнал архайуй нæ дигорон литератури бундорæвæргутæ Гурджибети Блашкай, Малити Геуæргий, Багъæрати Созури рæствæндаггæнæг фæдзæхститæ, ци гæнæн æма амал ес, уомæй æнхæст кæнунбæл.
Журнали сæйраг редактор исуогæй, Васо æма е ’мгустгæнгутæн бантæстæй сæ фарсмæ æрбамбурд кæнун, нæ маддæлон æвзагбæл æновуд æма æ сæрбæлтау рæстуодæй хъиамæт кæнунмæ цæттæ ка адтæй, еци адæймæгути. Журнали редакций тæккæ райдайæнæй фæстæмæ Васой æмгустгæнгутæ иссæнцæ зундгонд поэттæ Скъодтати Эльбрус æма Колити Витали. (Эльбрус абони æй журнали сæйраг редактор. Колити Витали ба æ хуæдæййевæг). Сæ хестæр æмбали еудадзуг зæрдæбун имисуйнæгтæй имисунцæ…
СКЪОДТАТИ Эльбрус: «Æ РОХС СОРÆТ НÆ ЦÆСТИТИ РАЗИ ИСТУЙ!..»
Литературæ ка уарзуй зæрдæй æма ’й аци царди ахсгиаг гъуддагбæл ка нимайуй, е, е ’гас гури æмбæрцæ, æд скурдиадæ, еци кусти хурфи ранигъулуй, цума æхебæл агъодæ искæнуй, уотæ. Уотемæй, зæнхи хъаппи хузæн, æргом нæ фæззиннуй фиццаг рæстæгути, медæгæй фæффицуй, уæдта, сабургай-сабургай æ гъар æма æ рохс тунтæ æндæмæ гъарун æма адæни тавун райдайунцæ. Хумæтæг адæни царди ’змæлдæй æй ци агъодæ фæххецæн кæнуй, е æрæгъзæлуй æма æ уарзон дзилли хæццæ исеу уй. Абони дæр ма мæ цæститæбæл уайуй, Малити Васо, æ сагъæсти нигъулдæй, сабур ампъезтæгæнгæй куд цæуидæ сахари сæйраг гъæунгæбæл фæскуст. Фал е – æндæмæ уотæ зиндтæй, фæрсæрдигæй уотæ кастæй адæймагмæ, медæгæй ба Малий-фурт æ сагъæстæй цох некæд адтæй. Æма, уогæ дæр, куд ес æнæмæтæй цæрæн уæхæн лæгæн?!
Васо æй, евгъуд æноси 60-70-аг æнзти Цæгат Иристони ци скурдиадгин æвзонг поэтти къуар исæрттивта, уонæй еу. Кæд цæугæ ба ракодта æ фидæ, Малити Геуæргий дессаги поэтикон дуйнейæй, уæддæр нæ бон æй федарæй уотæ зæгъун, æма фурт фиди аууон не ’ссæй, фал исаразта æхе алæмæти поэтикон дуйне, æхе цæстингасæй ракастæй цардмæ, адæнмæ, литературæмæ…
Малити Васой лæгигъæдтæмæ бахæссæн, æнæмæнгæ, ес уой, æма æмхузæн дæсни финста иронау дæр æма дигоронау дæр. Малий-фурт æй поэт, прозаик, драматург, критик-библиограф, публицист…
Хецæн «тæрхæгбæл» лæууй е ’новуд æхсæнадон куст дæр. Куд æцæг сфæлдистадон адæймаг, уотæ æнæуагæ берæ уарзуй æ маддæлон æвзаг, æ райгурæн бæстæ. Васо адтæй нæ адæни историй фиццаг дигорон журнал «Ирæф»-и бундорæвæрæг æма æ сæйраг редактор, берæ æнзти дæргъи.
Малий-фурт журнали агъонмæ куста алли рауæнти – Цæгат-Иристони радиокомитети, телеуинунади, рауагъдадæ «Ир»-и…
Адтæй Цæгат Иристони финсгути Цæдеси сæрдар. Кæмидæриддæр архайдта, еци бунæтти æхе бавдиста кустуарзонæй, хестæртæн – æгъдаугинæй, кæстæртæн ба – цæстуарзонæй æма разæнгардгæнæгæй. Гъуди ин кæнун æ дзурдтæ, еу инсæй анзей размæ мин ке загъта: «Финсгæ кæнæ, финсгæ æновудæй! Финсæн стъолбæл «рамæлæ», фал финсгæ кæнæ!» – æма си арази дæн, уотæ мæ ке исцибæл кодта, уой туххæй.
Васой сфæлдистадæ æвзаруни ихæс нæбæл нæййес аци газети фæрстæбæл, е æй хецæн, сæрмагонд дзубанди, фал мæ еумæйагæй зæгъун фæндуй уой, æма æ поэзийæй дæр, æ прозæй дæр æ устур сфæлдистадон скурдиади тухæ æндæмæ гъаруй æма литературæуарзгутæн æ хæццæ хæссуй рæсугъд æнкъарæнтæ, арф гъудитæ, аййев фæлгонцтæ, æздухт сюжеттæ æма уони къумæлхийтæ райхалуни цæмæдесдзийнадæ…
Ка ’й зонуй, ауæхæн дзубандий нæ федауй уайдзæфтæ кæнун, фал æнæзæгъгæ нæ дæн уой дæр, æма Малити Васой уæлтæмæнон сфæлдистадæн, æ берæ арфиаг фæллæнттæн æ рæстæги, гъулæггагæн, аккаг аргъгонд не ’рцудæй – еци æнæмæнгæ гъуддаг кæмæй аразгæ адтæй æма уой ка нæ исаразта, уони рæдуд цæстингаси фудæй.
Уæддæр, æцæг финсæгæн еци кæнгæ-аразгæ гъуддæгутæ сæйраг нæ ’нцæ, фал ин ахсгиагдæр æй, ци исараза, ци ниффинса, уой æмвæзадæ. Уæхæн гъудибæл хуæст адтæй Васо æхуæдæг дæр: нæмттæ æма имæ еци хузи хуæрзеугутæ нимади дæр нæ адтæнцæ. Æма ’й æ еци цæстингас ба ниллæгдæр нæ кæнуй, фал никки бæрзонддæр къæпхæнбæл æвæруй, куд адæймаг æма куд сфæлдистадон архайæги, уотæ.
* * *
Малити Васо е ’мдзæвгитæй еуеми кæддæр уотæ финста: «Кæд, ка ’й зонуй, æнафони дæуæн дæр Мæ рохс сорæт дæ цæстити рази исистуй…» Æ аци загъдмæ гæсгæ, мæ бон æй бафеппайун, æма кæд Васо абони не ’хсæн нæбал æй, уæддæр æ рохс сорæт нæ цæстити рази истуй, æ хуæрзаййев уодиконд гъуди кæнæн, нæ гъостæбæл ба уайунцæ æ зундгин дзубандитæ. Арфиаг си ан, федарæй ми æруагæс кæнуй, нæ еугур дзиллæ дæр ин фæлтæрæй-фæлтæрмæ æ ном ке имисдзæнæнцæ, е…
КОЛИТИ Витали: «Æ ФÆДЗÆХСТИТÆ НИН НИФСДÆТТÆНÆН БÆЗЗУНЦÆ…»
«Гъæр мæрдтæмæ дæр игъусуй», – зæгъгæ, фæззæгъунцæ, фал, цума мæрдтæй ба уæлион дуйнемæ не ’гъусуй гъæр? Æвæдзи, игъусуй, æндæра цæмæн æрцудæнцæ Малити Васой сæрмæ мæнæ ауæхæн гъудитæ:
Мæ фыд…
Дæуæн лæууын фидар цырты бæсты.
(«Мæ фыдмæ»)
Æ фидæ дигорон литератури бундорæвæрæг, æцæг адæмæн уарзон поэт, е ’мдзæвгитæ синхæй-синхмæ, гъæуæй-гъæумæ, комæй-коммæ кæмæн дзорунцæ, адæм сæрустур кæмæй æнцæ, еци фиди рази лæмæгъ поэтæй æрлæууæ, уой æ сæрмæ нæ хæссуй æ фурт. Уогæ, цæмæй фиди фарнæ багъæуай кæнай сæрмагондæй, уой туххæй ба фиди-поэти фæдзæхстон фæткитæ уотид идарддæр хæссун фагæ нæй, гъæуй хе цъухæй хе зæгъуйнæгтæ федауцæй исдзорун. Æмæ еци хециуондзийнадæ рагъæй-сæрмæ æлдареуæг кæнуй Васой сфæлдистади.
Адæймаги-кæсæги гъудитæбæл ке не ’фтауа, е сфæлдистадæ нæй. Васой сфæлдистадæ æй гъудитæбæл æфтауæг. Иннæ минеуæг: Васо ци финсидæ, е хатгай кæд æзинæбæл уидæ, уæддæр си иссерæн адтæй æма нерæнгæ дæр ма иссерæн ес нæ абони æма нæ исонибони фæдбæл сагъæстæ. Хуæцæнгарзи нихмæ æвæруй фæндур, гъарæнги нихмæ – зар, масти нихмæ – уарзт.
Васой уадзимисти райдайæн комкоммæ баст æй цард æма тонхи хæццæ. Цæрис, уæд тох кæнæ! Нæ рагфидтæлтæ сæ бартæбæл куд бæгъатæрæй тох кодтонцæ, е æй поэти фиццаг киунугути сæйрагдæр мотивтæй еу. Нæ рагфидтæлти цардарæзти хабæрттæ имисгæй дæр поэт сагъæс кæнуни нæ адæми исони карнæбæл. Гъо, махæн адтæй бæгъатæр фидтæлтæ. Гъо, адтæй уæхæн рæстæгутæ, æма æвуд, хумæтæг косæг лæги, æ сæрæн неци зонгæй, æнæбари æ къохмæ тохæнгарз райсун ку багъæуидæ, æдзардæй ку бастъæлидæ, æ æнагъомбæл сабий æ мади реубæл хуæцгæй ку байзаидæ седзæрæй. Уомæ гæсгæ ба поэтæн æнæуинон æй тугъд æма хуæцæнгарзи кой, уой бæсти цæттæ æй æ къохмæ зæнхкосæги готон райсунмæ:
Сахуыр мæ кæн, о, хуымгæнæг, хоры кæндыл зарын,
Сахуыр мæ кæн хоры гага ауæдзы æппарын…
Аци рауæн поэт æмгъæлæс исуй æ фидæ Геуæргий бæлди хæццæ:
Уæд еугур дуйне
Æримбурд уидæ,
Мæ цæгъдтæлтæмæ
Æригъосидæ.
Кæми ци седзæр,
Кæми ци мæгур бауарзионцæ
Мæ дессаг фæндур…
Хумгæнæг æма фиййау некæд адтæнцæ тугъдæрвонг, сабур царди мотив æмеуæг кæнуй поэти сфæлдистади. Æууæнкæ æма дузæрдугдзийнадæ кæрæдзебæл кæми тох кæнунцæ, уоми поэт е ’хсæ райсуй æма æгъæтирæй цæвуй хæрайнади.
Мæ аци загъдæй уой зæгъуйнаг дæн, æма Малити Васо кæд абони нæ ’хсæн нæбал æй, уæддæр æй не ’мдогон, æ е ’сфæлдистадон фæдзæхститæй нин берæ цидæртæ нæ нури цардарæзти зунди фарнæн бабæззиуонцæ. Æцæг, сæ фегъосуни æма балæдæруни зæрди ку уийанæ, уæд.