ÆНÆСОН КАДÆЙ ÆНОСОН УОДЗÆНÆЙ Æ РОХС НОМ…
НÆ НОМДЗУД ФИНСÆГ ФÆРНИОН КЪОСТАЙÆН ДЗÆУÆГИГЪÆУИ ÆВÆРД ÆРЦУДÆЙ МЕМОРИАЛОН ФÆЙНÆГ
Нæ номдзуд финсæг Фæр-ниати Солий фурт Константини – нæ дзиллæ ’й фулдæр æ литературон фæсномуг Фæрнион Къостайæй зонунцæ – райгурдбæл сæдæ анзи ку исæнхæст æй (1908-1937), уæд уой фæдбæл нæ газети (2008 анзи 11 июни) ци æрмæгутæ ниммухур кодтан, уонæн равардтан мæнæ ауæхæн еумæйаг сæргонд: «Гъо, фал нæ кадгинкæнуй-нагæн кадæ куд нæ кæнæн!..» Нæ еци тухст загъдæй уой зæгъуйнаг адтан, æма Фæрнион нæ национ литератури рай-рæзтæн уойбæрцæбæл берæ хуæрзти бацудæй, уотемæй ба ин гъæугæ хузи аргъгонд берæ рæстæгути нæ цудæй. Зæгъун æнгъезуй, æргъудигæнæг æй нæ адтæй. Уотемæй ба исцитгин кæнуйнаг адтæй æ царди арфиаг гъуддæгутæ æма исфæлдистадон æскъуæлхтдзий-нæдтæмæ гæсгæ.
Фараст æма инсæй анзи ибæл цудæй, 1937 анзи æй культи азар ку басугъта, уæд. Æма ’й кæд 50-аг æнзти исраст кодтонцæ, уæддæр ин е ’сфæлдистадæмæ нæ рауагъдæнттæ фагæ æргом берæ рæстæ Ке зæгъун æй гъæуй, мухури рацудæнцæ 1937 анзи размæ: 1927 анзи Нигер æма Хъамбердиати Мисости хæццæ рауагъта æмдзæвгити еумæйаг æмбурдгонд «Уадиндзæ», 1930-1932 æнзти Цхинвали æмдзæвгити киунугутæ «Зæйæ» æма «Байгъосетæ», 1932 анзи – роман «Уади унæр», 1933 анзи Сталинири – таурæхъ «Цийни донæ», 1934 анзи Дзæуæгигъæуи – æ дуккаг рауагъд, еци анз ма ин ами рацудæй пьесæ «Хуæрзбон».
Æ фесæвди фæсте Къостай уадзимистæ фиццаг хатт рохс фæууидтонцæ 1959 анзи. Сталинири ин ци киунугæ рацудæй, уордæмæ хаст æрцудæнцæ е ’мдзæвгитæ, поэмитæ æма æ роман «Уади унæр». «Уади унæр» фæстæдæр – 1972 анзи хецæн киунугæй рацудæй киунугæуад-зæн «Ир»-и.
Уæхæн уавæр сагъæссаг куд нæ адтайдæ, æма уой фæдбæл нæ газети Фæрниони туххæй ци æрмæгутæ ниммухур кодтан æ райгурди сæдæ анзей бонмæ, уонæми ниввардтан ауæхæн фарста: «Æма уотемæй, абони киунугæкæсæг, уæлдайдæр ба – æригон киунугæкæсæг, куд гъæуама зона æма аргъ кæна Фæрнион Къостай исфæлдистадæн?
Хуарз æма еци æнæрастдзийнадæ фæстаг рæстæгути растгонд цæуй. Ку зæгъæн, евгъуд майрæн-бони, 11 сентябри, Дзæуæгигъæуи, Фæрнион æ рæстæги ци хæдзари цардæй, уой фарсбæл ин æвæрд æрцудæй мемориалон фæйнæг. Уой фæдбæл цитгин мадзали Фæрниати муггаги æнхæстгæнæг совети разамонæг Фæрниати Виталий æ радзубандий уотæ загъта:
– Мах, Фæрниати муггаг, архайæн, цæмæй нæ уарзон, нæ цардгъæуагæ æрвадæ, Иристони номдзуд фуртæн æ ном æма æ кадгин гъуддæгутæ кæстæртæй иронх ма уонцæ. Уой туххæй 2018 анзи, Фæрнионæн æ райгурди дæс æма фондзинсæй анзей бонмæ мухури рацудæнцæ æ уадзимисти æмбурдгонд дууæ томемæй ирон æма уруссаг æвзæгтæбæл.
Е дæр, уæдта ин нур ба мемори-алон фæйнæг дæр æвæрд ке æрцудæй, етæ агъазиау гъуддæгутæ ’нцæ, фал хуарз уидæ никкидæр ма æндæр номерæн мадзæлттæ арæзт ку æрцæуидæ…
Гъулæггагæн, Фæрнионæн æ цардвæндаг хуæрзцубур рауадæй, фал уæддæр гъæздуг æй арфиаг гъуддæгутæй. Е æ зæрдæмæ хæстæг райста фæллойнæгæнæг адæми нæуæг цардарæзти гъуддæгутæ, адтæй уони исæнтæстгин унбæл æновуддæр архайгути раззаг рæнгъити. Фал ибæл е ’знæгтæ хахуртæ фæффинстонцæ, æма, ку зæгъæн, 1937 анзи ахæст æрцудæй, куд адæми знаг, уотæ, æма ин маруни тæрхон рахастонцæ… Гъе уотемæй, 29-анздзудæй æ цардæй рахецæн æй Къоста… Фал æ фæсте ниууагъта арф æма рæсугъд фæд… Æма еци фæд ба рæстæгути цæуæнти гъæуама ма фесæфа, бæрæг дара нæ адæми анз-финсти…
Уобæл архайгæй, махæн, газет «Дигори» редакций косгути зæрди ес тагъд рæстæги Фæрниони туххæй бæлвурддæр радзорун.
ХЕКЪИЛАТИ Маринæ