ÆНГЪÆЛДЗАУ ÆНГЪÆЛМÆ КÆСУНÆЙ НÆ ФÆЛЛАЙУЙ…
Нæуæг анзи къæсæрбæл ни, æвæдзи, алкедæр æнгъæлдзау фæууй – ка мæ цæмæй барæвдаудзæнæй, зæгъгæ. Уæлдайдæр ба нæ бæлдæ фæууй, кæдимайди ба нин нæ хецаудзийнадæ нæ зæрдитæ барохс кæнидæ, нæ цардиуагæ кæмæй фæххузæнондæр уодзæнæй, уæхæн хуарздзийнæдтæй.
Æма уæхæн æхцæуæн хабæрттæй еу æй: нæуæг, 2023 анзи райдайæни ниййерæги капитали бæрцæ фæффулдæр уодзæнæй. Фиццаг сувæллони райгурди фæдбæл бийнонтæн лæвæрд цæудзæнæй 590 мин соми, дуккаг сувæллони райгурди фæдбæл ба – 780 мин соми. Уой хæццæ ба ма нæуæг анзи 1 февралæй фæстæмæ инфляций бæрæггæнæнтæмæ гæсгæ фæффулдæр уодзæнæнцæ сахъат адæймæгутæн æма ветерантæн нисангонд феддонти бæрцæ.
Иннæ æхцæуæн хабарбæл ба гъæуама бацийнæ кæнонцæ æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади кæцидæр къабæзти косгутæ. Уæрæсей хецауади сæрдари хуæдæййевæг Татьянæ Голикова куд фегъосун кодта, уотемæй 2023 анзи районти сæйгæдæнтти косæг дохтиртæн сæ мизди уæлæнхасæн ма алли мæйæ дæр фист цæудзæнæй 18,5 мин соми. Астæукккаг къабази медицинон косгутæн уæхæн феддон уодзæнæй 8 мин соми, фельдшертæн – 7 мин соми, кæстæр медицинон персоналæн – 4 мин соми, райдайæни къабази дохтиртæн уæлæнхасæн феддон уодзæнæй 14,5 мин соми, тагъд медицинон агъази дохтиртæн ба – 11,5 мин соми.
Аци гъуддаг арæзт ке ’рцæудзæнæй, уобæл, махмæ гæсгæ, еугурæйдæр гъæуама арази уæн – æцæгæйдæр, нæ медицинон косгутæ сæ хъиамæттæмæ гæсгæ аккаг æнцæ, цæмæй син сæ фæллойнæн хузæнон аргъгонд цæуа.
Фал уой хæццæ ба иннæ къабæзти косгутæ, кæцитæн бустæги нецæййаг улупатæ фист цæуй, уæхæн хуарздзийнадæй уæддæр еуцæйбæрцæдæр фæххайгин уодзæнæнцæ æви нæ… Æрæги Уæрæсей Президент Владимир Путин хецауадæн байхæс кодта, цæмæй 2023 анзи январи бюджетон къабæзти косгутæн сæ мизд индексацигонд æрцæуа. Куд загъта, уотемæй æргътæ зингæ исирæзтæнцæ, æма уæхæн индексаци æнæмæнгæ гъæуй. Æма нæ бæсти финансти министр Антон Силуанов зæрдæ ’вæруй, индексаций бæрцæ аст проценти ке уодзæнæй, уомæй.
Айразмæ æнзти дæр уæхæн индексацитæгонд цудæй, фал… федералон бюджетæй улупа кæмæн фистонцæ, уонæн. Регионти бюджетон косгутæн ба сæ миздбæл гъæуама æфтудтайуонцæ бунæттон бюджетæй. Æма уонæн уæхæн равгитæ сæ кадавари фудæй нæ уидæ. Еузагъдæй, рауайидæ советон доги гъазæн загъди хузæн. Цæветтонгæ, еу гурдзиаг лæг хъæбæр бахъонц кодта, гъома, коммунизм Гурдзий нæ уодзæнæй, зæгъгæ. Цæмæн дæмæ уотæ кæсуй, зæгъгæ ’й, ку бафарстонцæ, уæд нийнæфтæй: «Мæскуй уотæ ку зæгъунцæ: «Коммунизм не за горами…» Гъе уотемæй, регионти бюджетон косгутæ æнæ нецæмæй райзайиуонцæ.
Нур, æвæдзи, уавæр зæрдæмæдзæугæдæр рауайдзæнæй, уомæн æма Владимир Путин байхæс кодта, финансон агъазгъæуагæ ци регионтæ ’нцæ, уонæн федералон бюджетæй цæмæй радех кæнонцæ гъæугæ финансон фæрæзнитæ. «Еци гъуддаг исаразун гъæуй анзи райдайæни», – уæхæн æй æ загъд.
Нур цубурæй нæ республикон бюджети туххæй. Аци фарстамæ æрæги æркастæнцæ нæ Парламенти æмбурди. Уоми финансти министр Исахъти Олег куд загъта, уотемæй æййивд цæунцæ 2022 анзи бюджети бæрæггæнæнтæ, уомæн æма федералон бюджетæй лæвæрд æрцудæй, федуйнаг ка нæ уодзæнæй, уæлæнхасæн уæхæн фæрæзнитæ – 1 миллиард 357,5 миллион соми. Уонæй 646,4 миллион соми дехгонд æрцæудзæнæй бунæттон бюджеттæ исæмхузон кæнунæн агъазæн, 336,2 миллион соми – 3-7-анздзуд сувæллæнттæн аллимæйон бафиститæн, 85,6 миллион соми – æртиккаг æма уомæй фулдæр сувæллæнттæ кæмæн райгура, уонæн аллимæйон бафиститæн, 128,4 миллион соми – хори культурти кустгæнгутæн агъазæн æма ма берæ аллихузон субсидитæн æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади, ахуради æма цæрæнуатон-коммуналон къабæзти. Уомæй уæлдай, уæлæнхасæн федералон агъази фæрци бюджетон къабази косгутæн анзи кæронмæ лæвæрд æрцæудзæнæй сæ мизд декабрæн, фæффулдæр уодзæнæй РЦИ-Аланий Хецауади фæстауæрци фонд, уæдта социалон нисанеуæги ахсгиагдæр æма фиццаградон хæрзтæ.