30 декабря 2024

ÆНГЪÆЛМÆГÆСÆГИ КЪОХ ИДЗАГ НÆ КÆНУЙ?..

15.07.2022 | 17:09

Адæймаги уодигъæдæ уотæ ‘й, æма еуцæйбæрцæдæр нифсгун ку уа, уæд уæгæ некæд мæлуй, цийфæнди тухст уавæрти дæр хуæздæрмæ фенгъæлмæ кæсуй. Фал цардмæ дæр æхе кæнуйнадæ ес, æма си алци нæ рауайуй, мах куд фæффæндуй, уотæ. Уомæн цалдæр æвдесæни æрхæсдзинан аци бæнтти цаутæй.

***

Зæгъæн, ес республикон программæ «Æригон бийнонтæн – аслан цæрæнуæттæ». Æма е куд æнхæстгонд цæуй, уой фæдбæл хецауадон аппаратон æмбурди дзубандий рæстæг куд рабæрæг æй, уотемæй 2003-2007 æнзтæн арæзт программи архайæг бийнонтæй дууæ æма æртинсæй нерæнгæ нæма райстонцæ, ци фатертæ син æнгъизтæй, уони.

Уой фæдбæл нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйло æмбурди уотæ загъта:

– Гъулæггагæн, фæстаг дæсгай æнзти дæргъи хецаудзийнадæ адæмæй берæ цæмæйдæрти байзадæй ихæсгинæй. – Ке зæгъун æй гъæуй, еугур фарстатæ уайсахат нæ ралух кæндзинан. Фал, зæгъæн, æригон бийнонтæн цæрæнуæттæ дæттуни фарстати фæдбæл бæлвурд унаффæ рахæссун гъæуй: кенæ нуриккон программæ кæронмæ рахъæртун кæнун гъæуй, кенæ ба нæуæг исаразæн. Уой дæр уæхæн хузи, цæмæй си бæлвурд равгитæ уа программи архайæг бийнонти еу хаййæн сæ цæрæнуæттæ кæронмæ арæзт фæуунæн, иннетæн ба си бæрæггонд æрцæуонцæ компенсацитæ бафедуни гæнæнтæ. Аци фарстай фæдбæл унаффи проектмæ Хецауадæ гъæуама æркæса июли кæронмæ.

***

Адæмæн абони уæлдай сагъæссагдæр фарстатæй беретæ баст æнцæ æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади къабази нæхъæртондзийнæдти хæццæ. Зæгъæн, поликлиникитæмæ бацæуæг сæйгитæ фулдæр гъаст кæнунцæ, уоми кезуй æгæр берæ лæуун ке багъæуй, кенæ ба, ци процедуритæ син иснисан кæнунцæ дохтиртæ, уони райдайунæн сæ æнгъæлмæ кæсун багъæуй кæми цалдæргай бæнттæ, кæми ба къуæретæ. Уой фæдбæл син еци косæндæнтти рарæууонæ кæнунцæ, гъома дохтиртæ æма специалисттæ нæ фагæ кæнуй. Æма, ка ‘й зонуй, е раст æй. Фæстаг рæстæгути аци къабази цидæр сæргъæн «оптимизаций» рæуонæй ци æййивддзийнæдтæ æрцудæй, уой фудæй медицинон косæндæнтти хъæбæр цубуртæгонд æрцудæй специалистти бæрцæ. Е цæйбæрцæбæл рæдуд адтæй æма цæйбæрцæбæл знаггадæ æрхаста аци, адæмæн тæккæ ахсгиагдæрæй гъæугæ къабази, уобæл исарази æнцæ хецаудзийнади тæккæ уæлдæр рауæнти дæр, фал уавæр куд тæвдхæлæфæй æй райаразтонцæ, уотæ нæ тагъд кæнунцæ æ исраст кæнунмæ.

Æма адæймаг куд нæ бадес кæна: поликлиникитæ æма сæйгæдæнтти косгути штаттæ еци цубуртæгондæй изайунцæ, уотемæй ба, ка си исбæззидæ, уæхæн специалисттæ республики адæми кустефтонгдзийнади Комитет куд игъосну кæнуй, уотемæй æгусти хигъди лæуунцæ 128 медикки.

Иннæ дессаг ба ма е æй, æма, аци Комитет куд игъосун кæнуй, уотемæй нæ республики æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади къабази нуртæккæ ес 122 уæгъдæ косæн бунати. Нæ фагæ кæнуй 95 дохтири, 27 медицинон хуæри.

Дессаг уæмæ нæ кæсуй аци уавæр: еуæрдигæй уойбæрцæ медиктæ æгустади хигъди лæуунцæ, иннемæй ба уойбæрцæ медиктæ нæ фагæ кæнуй нæ медицинон косæндæнтти? Æма хуæздæр нæ уидæ, еци «дессагдзийнадæ» цæй æма ке фудæй исæвзурдæй, уой дзубанди адæми æнæнездзийнадæ æма уодæнцойнæдзийнади туххæй цæуа, уæд рæууæнттæ æма фæстæтæрæнтæн æгириддæр бунат ма уа…

***

Сосæни мæйи райдайæни Цæгат Иристони фæффулдæр æй æрдзæн газбæл феддон. Цæргутæ амæй фæстæмæ гази еу кубометрбæл феддзæнæнцæ 6 соми æма 52 къапекки. Е дессаг нæй – Уæрæсе сауæнгæ фæсарæнтæ дæр ма æфсадунцæ нæ æрдзон газæй, уоййасæбæл берæ æхцатæ си бакосунцæ, æма уонæй, æвæдзи, æнгъезуй нæ адæмæн газæй пайда кæнуни æнцондæр уавæртæ аразун.

Фал газ уæйæ кæнуни пайдатæ ке къохтæмæ æфтуйунцæ, уонæмæ хумæтæг адæми сагъæс нæййес.

***

Аци хабæрттæмæ гæсгæ зæрдæбæл æрбалæудтæй мæнæ ауæхæн таурæхъ. Цæветтонгæ, еу сæйгæ лæгмæ дзæбæхгæнæг ку ‘рбацудæй æма ‘й, куд дæ, зæгъгæ, ку бафарста, уæд ин рагъаст кодта, гъома, æгæр хед кæнуй. Дзæбæхгæнæг ин загъта:

– Е хуарз æй…

Иннæ æрбацуди дæр æй ку бафарста, куд дæ, зæгъгæ, æма ин сæйгæ ку рагъаст кодта, гъома, еудадзуг ехæн кæнуй, уæд ин загъта:

– Е дæр хуарз æй…

Дзæбæхгæнæгæн е ‘ртиккаг æрбацуди, доннез мæмæ фæззиндтæй, зæгъгæ, ку рагъаст кодта, уæд ин е ба загъта:

– Мадта е дæр хуарз æй…

Уæдмæ сæйги бабæрæг кодта æ хеуæнттæй кадæр æма ‘й, куд дæ, зæгъгæ, ку бафарста, уæд еци тухстхузæй загъта:

– Уоййасæбæл хуарз, æма мæ тæккæ афонæ æй рамæлунæн…

Гъе уотæ ‘й мах уавæр дæр: нæ царди уавæртæ фæххуæздæр кæнуни гъуддæгутæ кæмæй аразгæ ‘нцæ, етæ нин нæ абони нæхъæртондзийнæдтæ хуарзбæл нимайунцæ, æма, сæхуæдтæ амондгун унæн алцæмæй дæр æнхæст уогæй мах дæр амондгунбæл нимайунцæ…