21 ноября 2024

«АЙДАГЪДӔР ӔХСАРӔЙ ӔВЗУРУЙ АМОНДИ УЕДАГӕ!..»

28.02.2022 | 15:37

ДЗЕСТИ Кудзæг (1905-1981) финсæг

Еуӕй-еу адӕймӕгутӕн айдагъ сӕ уиндӕ, сӕ бакастӕй нӕ, фал уотид сӕ коййӕй, уотид сӕ ном зӕгъгӕй дӕр лӕги зӕрдӕ барохс уй, циуавӕрдӕр ӕхцӕуӕндзийнадӕ ӕма цийни ранихъулуй. Уӕхӕн адӕймаг адтӕй номдзуд ирон финсӕг ӕма революционер Гӕдиати Секъай фурт Цомахъ. Зингӕ ӕма игъустгонд лӕгтӕн дӕр, иннӕ адӕмти хузӕн, сӕ дзилли ‘хсӕн уӕлдай бӕрӕг фӕддарунцӕ сӕ уодигъӕди еуӕй-еу менеугутӕй: кӕмӕн ӕ хӕларзӕрдӕ, кӕмӕн ӕ бакаст, ӕ мӕлгъӕвзаг, ӕ зунд, фал мӕмӕ нуртӕккӕ дӕр уотӕ кӕсуй, цума Цомахъ, ӕрдзӕ адӕймагӕн цидӕриддӕр ӕвӕрццӕг менеугутӕ равардта, уонӕн сӕ фулдӕр хай уой фӕцӕнцӕ. Бӕрзонд, къӕсхуртӕгомау, хуӕрзӕлвӕст, минкъий хӕбоздзагъд, ӕвӕдзи, раги кӕддӕр фӕссӕйгӕ ‘й дзиуарӕй. Ӕ цъухи дзурд – фӕлмӕн, ивазгӕ дзурдтӕ, рӕвдаугӕ гъӕлӕси уагӕ, ходӕнбилӕ ‘нгӕс.

Цомахъӕн ӕ кой рагӕй игъустон. Ӕмбӕлгӕ ба ибӕл искодтон 1924 анзи. Ирон фиццаг профессионалон актер Тотрати Бесӕйӕн аййевади ӕма рохсади косгутӕ исаразтонцӕ юбилей. Уӕди рӕстӕги нури хузӕн парахат фадуӕттӕ нӕ адтӕй уӕхӕнттӕ аразунӕн, фал уӕддӕр обкоми азгъунсти буни ци клуб адтӕй (нуртӕккӕ бӕстӕзонӕн Музей кӕми ‘й, уоми – Сабурдзийнади проспектбӕл), е байдзаг ӕй адӕмӕй.

Тотрати Бесӕ кӕми гъазта, уӕхӕн еуактон пьеси равдисти фӕсте райдӕдтонцӕ арфи дзубандитӕ. Арфӕгӕнгутӕй еу адтӕй Цомахъ. Сценӕй дзоргӕй, Цомахъ е ‘ргом раздахта Бесӕйи ‘рдӕмӕ, цума сӕ дууемӕй ӕндӕр зали неке ес ӕма лӕгӕй-лӕгмӕ дзубанди кӕнунцӕ, уӕхӕн хузи. Зӕгъгӕ ба уотӕ кодта:

– Бесӕ!.. Аййевадон ӕма драмон уадзимистӕ берӕ ес киунугӕдӕнтти. Еци уадзимистӕ адӕми размӕ рахӕссунцӕ актертӕ, базонун сӕ кӕнунцӕ дзиллитӕн. Еци актертӕй дӕ ду дӕр…

Уомӕй идарддӕр ма ци дзурдта Цомахъ, уони лӕмбунӕг нӕбал гъуди кӕнун, ка ‘й зонуй, сӕ еугурей лӕдӕргӕ дӕр нӕ бакодтон, фал ма абони дӕр мӕ цӕстити рази лӕууй юбиляр Бесӕйи цӕсгон. Цомахъи зӕрдӕбун ӕма цӕстуарзон дзубандитӕй уотӕ нифсӕрми ӕй Бесӕ, ӕма ӕгириддӕр нӕбал арӕхстӕй дзуапп раттунмӕ, зир-зир кодта, е ‘взаг, ӕ коммӕ нӕбал кастӕй.

Еци бонӕй фӕстӕмӕ, Цомахъ лекци кӕсдзӕнӕй, зӕгъгӕ, ку фегъосинӕ, уӕд, ци амал ӕма равгӕ уидӕ, уомӕй тундзтӕн уордӕмӕ бахаунмӕ. Еуемӕй, иронау ке дзурдта, уӕдта рӕсугъд ӕвзагӕй, уой туххӕй, иннемӕй ба, мӕхуӕдӕг дӕр цӕмӕдес адтӕн, уӕхӕн гъуддӕгутӕбӕл ке дзурдта, уомӕ гӕсгӕ дӕр. Еци клуби ма уой фӕсте байгъустон Цомахъи лекцимӕ еугур дуйней уавӕри туххӕй. Уой дӕр – ирон ӕвзагбӕл. Еци рӕстӕги империалистон паддзахӕдтӕ лӕбурдтонцӕ Китаймӕ, цӕмӕй ӕй ниддехтӕ кӕнонцӕ се ‘хсӕн. Советон Цӕдеси ‘рдигӕй ба уӕд ӕнӕгъӕнӕ дуйнебӕл райгъустӕй ӕ федар фӕдздзурд: «Руки прочь от Китая!..» Мӕ зӕрдӕбӕл ма лӕууй, еци лозунг Цомахъ ци хузи дзурдта, е: «Уӕхе идард райсетӕ Китайӕй!..»

ГÆДИАТИ Цомахъи райгурæн гъæу Ганис (Хонсар Иристони).

Минкъий фӕстӕдӕр ма еци клуби байгъустон Цомахъи лекцимӕ Цӕгат ӕма Хонсар Иристони географий туххӕй: бӕстӕн е ‘вӕрд, ӕ арӕнтӕ, хуӕнхтӕ, цӕугӕдӕнттӕ, ӕфцӕгтӕ, кӕмттӕ ӕма ӕндӕрти туххӕй. Ӕ лекци мӕмӕ дессаг фӕккастӕй, дууӕ Иристони дӕр уоййасӕбӕл лӕмбунӕг ке зонуй, е, уӕлдайдӕр ба, ӕфцӕгтӕй ци загъта, е.

Цӕгат Иристонӕй Хонсар Иристонмӕ ци ӕфцӕгтӕбӕл бахезунцӕ, уонӕн, дан, се ‘вӕрд уотӕ ‘й: цӕгатӕрдигӕй, сауӕнгӕ рӕбунӕй ӕфцӕги сӕрмӕ исхӕссунцӕ кӕрзхӕрдӕ, фал фӕсӕфцӕг цӕхгӕр фӕуурдуг унцӕ… Ӕз зудтон еци ӕфцӕгтӕн сӕ фулдӕрей: Бӕрзӕфцӕг, Тирсий ӕфцӕг, Сибай ӕфцӕг, Рокъи ӕфцӕг ӕма Дзомагъи ӕфцӕг. Ӕцӕг уотӕ ‘нцӕ. Цӕгатӕрдигӕй сауӕнгӕ комӕй уӕлӕмӕ ӕфцӕги сӕрмӕ 2-4 километрей бӕрцӕ фӕзи хузӕн ӕй над, фал рагъӕй идарддӕр цӕхгӕр фӕуурдуг кӕнуй. Уой зудтон ӕз дӕр, фал мӕ гъудий некӕд ӕрцудӕй, сӕ еугурдӕр уотӕ ӕмхузон ӕнцӕ, е.

Цомахъ 1925 анзи редактор адтӕй газет «Рӕстдзинад»-ӕн. Ӕртиккаг анз цудӕй газет «Рӕстдзинад», ӕма еци рӕстӕгмӕ ӕ уацхӕсгутӕ дӕр баберӕ ‘нцӕ. Цомахъ исфӕндӕ кодта уацхӕсгутӕн съезд исаразун. Е адтӕй мартъий мӕйи Цӕгат Иристони Автономон республики Ӕнхӕстгӕнӕг комитети азгъунсти (нуртӕккӕ медгъуддӕгути Министрадӕ кӕми ‘й, уоми – Бутырини гъӕунги). Съездмӕ ӕрцудӕй еу-дууинсӕй адӕймагей бӕрцӕ. Рахаста дууӕ бони. Радзубанди си кодтонцӕ: редакций кусти туххӕй Цомахъ ӕхуӕдӕг, партий обкоми номӕй финсӕг Барахъти Гино, уацхӕсгути кусти туххӕй финсӕг Гулути Ӕндрей ӕма облӕсти прокурор Дигурти Къоста. Съезд равзурста уацхӕсгути бюро ӕртӕ лӕгемӕй ӕма уобӕл рахецӕн ӕй Цӕгат Иристони облӕсти уацхӕсгути фиццаг съезд.

Дзӕуӕгигъӕуи уруссаг театр исфӕндӕ кодта Бритъиати Елбиздихъой трагеди «Амран» уруссаг ӕвзагбӕл исӕвӕрун. Бацӕттӕ ‘й кодтонцӕ. Театри еунӕг бунат дӕр нӕбал адтӕй уӕгъдӕ, сауӕнгӕ ма, «галеркӕ» ке худтонцӕ, уоми дӕр. Спектакль райдайуни размӕ сцени ӕмбӕрзӕни размӕ рацудӕй Цомахъ ӕма дзорун райдӕдта. Ку ма ‘й загътон, иронау куд дзоруй, уой цалдӕр хатти фегъустон, фал ӕй уруссагау дзоргӕй ба некӕдма фегъустон. Дзоргӕ ба уотӕ кӕдзос, ӕнӕ акцентӕй ӕма ӕнӕфӕкъкъуӕзгӕ кодта, ӕма деси ӕфтудта ка имӕ игъуста, уони – иронӕй, уруссагӕй…

Скъолайӕй рацӕугӕй ахид бауайинӕ «Рӕстдзинад»-и редакцимӕ. Еубон мӕмӕ Цомахъ фӕдздзурдта ӕхемӕ. Редакци адтӕй дууӕ минкъий уатеми. Цомахъ бадтӕй медӕггаг уати. Мӕн ӕндаг уатмӕ бацӕугӕй ку рауидта, уӕд мӕмӕ радзурдта:

– Кудзӕг, ардӕмӕ рауайай!..

Бацудтӕн имӕ. Фӕффарста мӕ: кӕми ахур кӕнун, кӕци къласи, кӕми цӕрун ӕма ӕндӕр уӕхӕнттӕй. Уӕдта мин уой фӕсте ба загъта редакцимӕ косунмӕ ӕрбацӕуни туххӕй. Зӕгъун, мӕ нифс нӕ хӕссун, некӕдма кустон уӕхӕн рауӕн, ӕма ку нӕ исарӕхсон…

– Тӕрсгӕ ма кӕнӕ, – загъта Цомахъ, – райдайӕни бал мӕнӕ фӕккӕсдзӕнӕ газеттӕ ӕрветуни гъуддаги, уӕдта сабургай редакций кустмӕ бахездзӕнӕ…

Гъема райдӕдтон косун. Уӕди рӕстӕги газети тираж минтӕй нимайгӕ адтӕй, фал си уӕддӕр дзӕвгарӕ куст адтӕй: алли экземпляр дӕр бадудӕгътӕ кӕнӕ, адрес ибӕл банихасӕ, уӕдта сӕ исбӕттӕ, дӕ рагъи сӕ ракӕнӕ ӕма сӕ пости хайадӕмӕ ниххӕссӕ. Уоми пости косӕгӕн ӕ къох ниввӕрун кӕнӕ, газеттӕ ке райста, уой туххӕй, ӕма уоййадӕбӕл дӕ куст рахецӕн ӕй дууӕ-ӕртӕ боней ӕмгъудмӕ (еци рӕстӕги газет алли бон нӕма цудӕй).

Еубон типографийӕй исдзурдтонцӕ: газет мухургонд фӕууодзӕнӕй цалдӕр минуттей фӕсте, ӕма ‘й фӕлласетӕ. Ӕз нӕма зудтон, газет типографийӕй куд фӕлласунцӕ, уой ӕма бацудтӕн Цомахъмӕ. Е мин байамудта: проспектбӕл ци уӕгъдӕ файтонбӕл исӕмбӕлай, уой бакӕнӕ типографимӕ, газеттӕ си исӕвӕрӕ ӕма сӕ исласӕ, уӕдта ма ӕ дзубандибӕл бафтудта:

– Гъе дин дӕлӕмӕ дӕр ӕма уӕлӕмӕ дӕр… Гъома, уордӕмӕ дӕр ӕма фӕстӕмӕ дӕр.

Иннӕ хатт ба уотӕ рауадӕй. Типографийӕй исдзурдтонцӕ, газет фӕлласетӕ, зӕгъгӕ, фал ӕд файтон ку ниццудтӕн, уӕд рабӕрӕг ӕй: газетӕн е ‘мбес нӕма ‘й мухургонд.

– Мадта уӕд ӕгӕр раги цӕмӕн исдзурдтайтӕ? – фӕрсун типографий хецауи.

– Айфонмӕ гъӕуама фӕцайдӕ мухургонд, фал машинӕ фехалдӕй, ӕма уой фудӕй байрӕги кодтан… Сахатти ‘рдӕгмӕ ‘й фӕууодзинан мухургонд…Файтони хецауӕн ку загътон, сахатти ‘рдӕг бахезӕ, зӕгъгӕ, уӕд мӕ рафарста:

– Ӕма мин еци рӕстӕгӕн ӕхца бафеддзӕнӕ?..

Ӕз уой зонгӕ дӕр нӕ кодтон, еци лӕуди рӕстӕгӕн дӕр ӕхца фӕффедунцӕ, уой ӕма батухстӕн мӕ меднимӕр. Бӕхтӕрӕги хӕццӕ исхӕлхъойтӕ ан. Уотемӕй нӕ ӕрӕййафта Цомахъ. Типографийӕй ӕгӕр ӕрӕгӕмӕ ку ӕздахтӕн, уӕд нӕбал фӕллӕудтӕй ӕма рацудӕй уордӕмӕ. Мӕн уӕхӕн тухстӕй ку фӕууидта, уӕд бахудтӕй ӕма загъта:

– Сагъӕсхуз ку дӕ, Кудзӕг.

Хабар ин ку радзурдтон, уӕд мӕ ӕрсабур кодта:

– Ӕма уобӕл ба ци маст кӕнис?.. Бафеддзинан бӕхтӕрӕгӕн еуцалдӕр къапекки уӕлдай, ӕндӕр ци?!.

Ӕма бӕхтӕрӕги хӕццӕ дзубандибӕл фӕцӕй.

Еци бонӕй фӕстӕмӕ, газет мухургонд фӕцӕй, уой цалинмӕ рагацау не ‘сбӕлвурд кӕнинӕ, уӕдмӕ файтон нӕ ихуӕрстон.

ГÆДИАТИ Цомахъ (уорс ханхæй бæрæггонд) Цæгат Иристони ахурадон интеллигенций æхсæн.

Цомахъмӕ дӕр фендиуддӕр дӕн. Еубон, нӕ дууӕ дӕр типографимӕ куд цудан, уотемӕй фембалдан Гутнати Гылцибӕл. Е адтӕй типографий косӕг, дамугъатӕ ӕмбурдгӕнӕг, еци куст рагӕй кодта, ӕндӕр си ирон дамугъа ӕмбурдгӕнӕг нӕ адтӕй. Е ‘нсувӕр Елбиздихъо революций размӕ немуцаг уосӕ ракурдта ӕма фӕллигъдӕй Германимӕ. Уоми куста типографий, уӕдта ӕхуӕдӕг дӕр иссӕй типографий хецау. Инсӕйӕймаг ӕнзти ӕ типографий рауагъта цалдӕр ирон киунуги. Гылци исфӕндӕ кодта е ‘нсувӕри бабӕрӕг кӕнун. Облӕсти ӕнхӕстгӕнӕг комитетӕй райста фӕццӕуни барӕ. Цомахъи хӕццӕ нӕбӕл рамбалдӕй типографий бакомкоммӕ бульвари.

– Гылци, мадта цӕуис Берлинмӕ? – рафарста ӕй Цомахъ.

– Уӕллӕгъи, цӕун, Цомахъ, берӕ мӕ нӕбал гъӕуй, фӕррӕвдзӕ кӕнун, дзуапп равардта Гылци, Цомахъӕн ӕ къох райста, уотемӕй.

– Гъе мадта, уоми Штреземанӕн уотӕ зӕгъӕ, мах дӕр, зӕгъӕ, амӕлттӕ кӕнӕн…

– Е дин мӕ бӕрагӕ, Цомахъ! – бахудтӕй Гылци ӕма фӕннӕхстӕр ӕй облӕнхӕсткоми ‘рдӕмӕ.

Еци минкъий хабар мӕ зӕрдӕбӕл уомӕ гӕсгӕ бадардтон, ӕма уӕди уӕнгӕ некӕдма фӕууидтон Цомахъи гъазӕн дзубандитӕ кӕнгӕй. Зудтон, Штреземан – уӕди рӕстӕги Германий паддзахади ӕндагон гъуддӕгути министр ке ‘й, уой ӕма ци барӕ даруй махмӕ? Кенӕ Гылций балцимӕ?..

Газети ӕрмӕгутӕн сӕ фулдӕр ӕмбес Цомахъ ӕхуӕдӕг цӕттӕ кодта. Номери разуац ку ниффинсидӕ, уӕд хаттӕй-хатт мӕнмӕ фӕдздзоридӕ:

– Кудзӕг, рауай ардӕмӕ…

Исбадун мӕ кӕнидӕ е стъоли рази.

– Байгъосай…

Ӕма райдайидӕ ӕ уац гъӕрӕй кӕсун…

– Цӕй, куд дӕмӕ кӕсуй? – бафӕрсидӕ мӕ еци ӕцӕгхузӕй, каст ку фӕууидӕ, уӕд.

Ӕз ба ‘й уотӕ лӕдӕрун, ӕма Цомахъ ӕ уац мӕнӕн нӕ, фал фиццагидӕр ӕхецӕн бакӕсидӕ.

– Хъӕбӕр хуарз ӕй, Цомахъ! – зӕгъинӕ ӕз ӕцӕгхузӕй.

Ахид финста Цомахъ ӕнӕуой уацтӕ дӕр, тӕлмацтӕ, растфинсуни (орфографий туххӕй), мухур кодта ӕхе ӕмдзӕвгитӕ дӕр. Анзӕн ӕ фиццаг номерӕй фӕстӕмӕ райдӕдта мухур кӕнун ӕхе тӕлмацгондӕй минкъий брошюрӕ «Ленин-Ульянов. Е цард. Е куст. Е фӕндитӕ».

Уӕди рӕстӕги ирон орфографи нӕма ӕрбӕстон ӕй, алкедӕр ӕхеуони худта растдӕр. Цомахъ дӕр финста ӕхердигонау. «Йӕ»-и бӕсти «е» финста: «йӕ цард» нӕ, фал «е цард», «раййивта е Цомахъ». «Уый» нӕ, фал «уи». Хъӕбӕр ахсгиаг адтӕй орфографий гъуддаг ӕма газети еуӕй-еу номерти фӕстаг фарс ӕнӕгъӕнӕй дӕр уомӕн багъӕуидӕ. Газети цуппӕрӕймаг номерӕй фӕстӕмӕ Цомахъ райдӕдта мухур кӕнун Вильгельм Либкнехти уацау «Хӕлауртӕ ӕма биндзитӕ» – еуцалдӕр номереми, ӕхе тӕлмацгондӕй; уӕдта «Интернационал» дӕр ӕхе тӕлмацгондӕй. Хуӕздӕр мӕмӕ фӕккастӕй ӕхе ӕмдзӕвгӕ «Фӕнды мӕ мӕн…» Ӕнӕкӕсгӕй дзорунмӕ дӕр ӕй исахур кодтон:

 

Фӕнды мӕ мӕн, цӕмӕй нӕ Иры

Мӕгуыр лӕг царды уаг ӕмбара.

Фӕнды мӕ мӕн, цӕмӕй нӕ Иры

Лӕджы фӕллой кад ыссара.

Фӕнды мӕ мӕн, цӕмӕй нӕ Иры

Рӕстдзинад адӕммӕ куыд хъара.

Фӕнды мӕ мӕн, цӕмӕй нӕ Иры

Нӕ тых, нӕ фӕнд, нӕ сӕр нӕ бар уа.

 

Хуарз мӕмӕ фӕккастӕй, Виктор Гюгойӕй ци ратӕлмац кодта, е дӕр – «Хъазауат баррикадӕбӕл». Еци ӕмдзӕвгӕ уӕди уӕнгӕ некӕдма бакастӕн уруссагау тӕлмацгондӕй дӕр. Революционерти хӕццӕ ӕрахӕстонцӕ хуӕрзӕригон биццеуи дӕр. Контрреволюционертӕ сӕ ислӕуун кодтонцӕ фехсунмӕ. Саби ниллигъстӕ кодта маргутӕн, цӕмӕй ӕй рауадзонцӕ ӕ мади фӕууинунмӕ, уӕдта уайтӕккӕдӕр фӕстӕмӕ фездӕхдзӕнӕй, зӕгъгӕ. Ходӕг фӕккастӕй еци курдиадӕ маргутӕмӕ, фал ӕй уӕддӕр раходуни туххӕй бафӕлварунӕн рауагътонцӕ ӕ мадӕн «хуӕрзбон» зӕгъунмӕ. Минкъий фӕстӕдӕр кӕсунцӕ, ӕма биццеу фӕстӕмӕ сӕ рази февзурдӕй, ӕрлӕудтӕй иннӕ революционерти фарсмӕ ӕма еци зӕрдфедарӕй фӕгъгъӕр кодта:

– Цӕй, дзебӕл ма кӕнетӕ!.. Цӕветӕ!..

Зӕгъун ма гъӕуй уой дӕр, ӕма уӕди рӕстӕги редакци некӕмӕн фиста гонорар: ӕхе косгутӕн дӕр ӕма ӕндагонтӕн дӕр.

Цомахъ 1925 анзи кӕронмӕ ӕнхӕст нӕбал бакуста редактори бунати. Ӕндӕр кустмӕ ‘й ке раййивтонцӕ, уой туххӕй рацудӕй уордигӕй, ӕма редактори бунати косун байдӕдта Галазти Дадус.

Уӕдӕй фӕстӕмӕ ахид нӕбал ӕмбалдтӕн Цомахъбӕл. Еууӕхӕни фембалдтӕн Цомахъӕн ӕ кӕстӕр ӕнсувӕр Петкабӕл, ӕма мин Цомахъӕй уӕхӕн хабар радзурдта. Петка ӕхуӕдӕг еци рӕстӕги куста облӕсти фӕлхасади Цӕдеси – проспектбӕл, нуртӕккӕ колхозон тукан кӕми ‘й, еци азгъунсти. Еубон, дан, мӕмӕ Цомахъ фӕдеси уадӕй ӕрбамедӕг ӕй мӕ кусти бунатмӕ ӕма мӕмӕ къӕсӕрӕй ӕрбадзурдта:

– Рауайай!

– Ци хабар ӕй?

– Рауайай, тагъддӕр!

Ӕз, дан, рацудтӕн къӕридормӕ ӕма мин Цомахъ уотӕ, дӕлӕ, зӕгъуй, бульвари фӕууидтон еу рацӕргӕ лӕги ӕма мӕмӕ нӕ фиди хузӕн фӕккастӕй…

– Гъе, ӕма ци?

– Бакӕсай имӕ ду дӕр, ӕма кӕд дӕумӕ дӕр уотӕ фӕккӕса, уӕд ин ӕ къарӕ исесӕн ӕма нӕмӕ уодзӕнӕй нӕ фиди къарӕ…

Нӕ!.. Неци рауадӕй Цомахъи фӕндӕй. Петкамӕ еци лӕг нӕ фӕккастӕй сӕ фиди хузӕн ӕма ин ӕ къарӕ дӕр цӕмӕн гъӕуама исистайуонцӕ.

Сӕ фидӕ – игъустгонд, номдзуд ирон финсӕг Гӕдиати Гуцирий фурт Секъа дӕс ӕма инсӕй анзей бӕрцӕ фӕккуста Цӕгат Иристони гъӕути, фондз анземӕ хӕстӕг рацардӕй сахар Дзӕуӕгигъӕуи дӕр, фал ӕ цӕуӕтӕн ӕ къарӕ нӕ ниууагъта. Еуӕй-еу адӕймӕгутӕ нӕ фӕууарзунцӕ сӕ къарӕ есун, нецӕййаг миуӕ сӕмӕ кӕсуй е, фал Секъа, мӕнмӕ гӕсгӕ, уӕхӕн миути туххӕй нӕ фӕцӕй ӕнӕрлӕугӕ къаресӕги рази. Ӕ мизд адтӕй мӕйӕ аст соми, ӕма фараст адӕймагей бӕрцӕ бийнонтӕ дарӕгӕн, ӕвӕдзи, алли къапекк дӕр нимади адтӕй, авд сувӕллоней фидӕн ӕ къох нӕ амудта ӕ фӕстаг къапеккитӕ къартӕбӕл харз кӕнун…

Петка мин радзурдта, ӕ фидӕ куд фӕззиан ӕй, уой дӕр. Е адтӕй 1915 анзи сӕрди. Ӕ фидӕ Секъай хӕццӕ исфӕндӕ кодтонцӕ бӕхуӕрдуни Дзӕуӕгигъӕуӕй фӕццӕун Хъуди коммӕ, сӕ хӕдзарӕмӕ. Секъа архайдта уӕрдуни хӕццӕ, Петкайӕн ба загъта:

– Биццеу, ду бал сабургай цо, ӕз дӕр дӕ ӕййафдзӕнӕн…

Петка рараст ӕй фестӕгӕй. Фӕууӕлдӕр ӕй геуӕргибони базарӕй, сахарӕй дӕр фӕууӕлдӕр ӕй, Редантӕй дӕр, уӕддӕр ӕ фидӕ нӕма зиннуй. Бахизтӕй Балтайӕй дӕр, уӕддӕр ӕй нӕма ӕрбаййафта ӕ фидӕ. Цӕмӕй зудта Петка, ӕ фидӕ ӕгас нӕбал ӕй, уой!.. Хабар ба уотӕ адтӕй: Секъа ӕд уӕрдун Ольгинскийи гъӕунгӕй (фӕстӕдӕр ӕй исхудтонцӕ Орджоникидзей номӕй, нур ба хӕссуй Плити Исси ном – ред.) Арвикоми фӕззелӕнмӕ ку бахъӕрттӕй, уӕд ӕ бӕх фӕттарстӕй машинӕй ӕви трамвайӕй, еуварсӕрдӕмӕ расӕррӕтт ласта, Секъа рахаудтӕй уӕрдунӕй, ӕ сӕр дорти цӕндӕбӕл ӕрхаста ӕма дзухъмард фӕцӕй…

Фӕстаг хатт ма Цомахъи хӕццӕ фембалдан 1931 анзи сӕрди. Цардӕй Вагзали проспекти (нуртӕккӕ – Маркови гъӕунгӕ). Уӕд ма рӕуӕг сӕйгӕ адтӕй. Хустӕй ӕхе фатери. Ӕнӕуой дӕр къӕсхуртӕ адтӕй, нур ба бустӕгидӕр исцола ӕй.

Берӕ нӕбал рахаста, мӕгурӕг, фӕззӕги рӕхецӕн ӕй ӕ цардӕй. Ӕ байвӕруни туххӕй адтӕй ӕмбурд партий обкоми. Ӕ фӕссӕйги размӕ Цомахъ ректор кӕмӕн адтӕй – Цӕгат Кавкази педагогон институт, – уой ректор фӕндӕ бахаста, цӕмӕй Цомахъ ӕвӕрд ӕрцӕуа аргъауӕни тургъи Хетӕгкати Къостай фарсмӕ, фал обкоми секретарь нӕ исарази ‘й еци фӕндӕбӕл, уоми, дан, саугинтӕ ӕма инӕлӕрттӕ ӕвӕрд ӕнцӕ, зӕгъгӕ. Байвардтонцӕ ‘й, Иригъӕуи уӕлмӕрдтӕ ке хонунцӕ, уоми. Цирти уӕлгъос радзурдтонцӕ цалдӕремӕй Цомахъи цард ӕма кусти туххӕй. Уӕлдай зӕрдибундӕр дзубанди ракодта – паддзахи дзамани ӕхуӕдӕг дӕр Цомахъи хузӕн Сибирмӕ ӕрвист ка адтӕй, – Дзӕуӕгигъӕуи уруссаг театри, зӕронд политкаторжанти ӕхсӕнади иуонг Полякова.


Редакцийӕй. Гӕдиати Цомахъ е ‘мдзӕвгитӕй еуеми уотӕ финста: «Гъей! Ӕрмӕст ӕхсарӕй ӕвзӕры // Амонды уидаг ӕнамонд фыдыбӕсты…» Махмӕ гӕсгӕ, аци курухон адӕймаги фӕдздзурд ахсгиаг ӕй абони дӕр, нӕ нуриккон цардиуаги уавӕрти: гъӕуй нӕ, ӕцӕгӕйдӕр, ӕхсарӕ бавдесун, цӕмӕй ци берӕ нӕхъӕртондзийнӕдтӕ ӕма фудбӕлӕхтӕй гъезӕмарӕ кӕнӕн, уони искунӕг кӕнӕн, нӕхе ӕма нӕ кӕстӕрти карнӕ амонд ӕма фарнӕй ӕнхӕстӕй аразунгъон куд уӕн!..