21 декабря 2024

АЛЦÆМÆЙ ДÆР ДЕССАГДÆР БА – ЦАРДИ ФÆЛКЪУÆРДТÆ…

10.02.2024 | 21:57

ГЪАЗÆН ДЗУБАНДИ – РАЗÆНГАРДГÆНÆГ

Хуарз æрдхуард сæрустурдзийнадæ æма нифсдæттæг æй. Къари (галеуæрдигæй рахесæрдæмæ): КÆСÆБИТИ Барис, ДАУРАТИ Дамир, БЗИККАТИ Феликс.

Иристони хуæздæр поэттæй еу Къадзати Славик берæ рæстæгути дæргъи нæ республикон радиой аразуй алæмæти культурон-рохсадон радиобакаст «Уацамонгæ». Мæн дæр цалдæр хатти фæххудта уоми архайунмæ. Куд зонун, уотемæй си кадæртæ цалдæргай хæттити архайдтонцæ, еуæй-еуетæ ба фиццаг хатт. Æма си ци æрæстæфтæн: мæнæ ма еу 10-15 минути ку фæгъгъæуй райдайæнмæ, уæд Славик фæззæгъуй:

– Кæд уи еске микрофонæй «тæрсуй», æ зир-зир цæудзæнæй, уæд, табуафси, мæнæ фæйнæ коньяки баниуазетæ. Ма ’фсæрми кæнетæ…

Еци бæрзæндтæ арæзт лæхъуæн-лæг æхе æргубур кæнуй, æ зæронд стъоли лагъзæй авгæ райсуй.

Мæ рази ин нуриуæнгæ некæд некема исарази æй, неке бакумдта. Æма уæд Славик ба æнæмæнгæ ести игъæлдзæг дзубанди ракæнуй. Мæнæ ци радзурдта еухатт:

– Сæумæй мæ кустмæ куддæр рараст дæн, уотæ мæ синхаг Дзеу мæ тæккæ размæ фæцæй, иннæ хæттитæй игъаугидæр абони æ усхъæбæл дууæ циргъ бели æвæрд, уотемæй уæлæ сахари сæрмæ мухури Хæдзари къилдунмæ ин дзæхæрадонæ ес, еудадзуг си зæнхи куститæ фæккæнуй. Мæ цæмæдесдзийнадæ ин æмдзæвги хузи загътон. Зæгъун, æвæдзи, Дзеу исаразта зеу. Дууæ белемæй ба ци кæнис, зæгъгæ, мæ фарстамæ бахудтæй æма загъта:

– Еуемæй си косунæй ку бафæллайуон, уæд дуккагæй райдайдзæнæн…

Æма дæлæ фæццæуй.

Еци хабармæ гæсгæ ни еуетæ гъæрæй ниххудтæнцæ, иннетæ ба сæ медбилти байдзулдæнцæ. Уогæ еугурæйдæр балæдæрдтан, косæн уати хецау, нæ разæй нæмæ ци бæрнон радиобакаст æнгъæлмæ кæсуй, уомæ нæ фæрразæнгард кæнунбæл ке архайуй, уой. Уой райдайæнмæ ма нин цалдæр минути байзадæй, æма син уæд æз дæр радзурдтон æрæги мин нæ фусуни туххæй ци загътонцæ, уой.

Радиокомитет Дзæуæгигъæуи Максим Горькийи гъæунгæй æндæр бунатмæ ку раййивтонцæ, уой фæсте бæнттæй мæ еуеми Славик гъуддагон дзубандийæн багъудæй, фал ин уæд æ нæуæг телефони номертæ нæма зудтон. Уæхæн дзамани бадзорун ме ’мбал Цгъойти Хазбимæ, е, цума, нæ устур сахари еугур телефонтæ дæр æ зæрдæбæл даруй, уотæ мæмæ кæсуй.

– Æз дæр ин æ телефони нæуæг номертæ нæма зонун, – балæдæрун мин кодта Хазби. – Фал мæмæ сæ еу номер ес, уомæй сæмæ бадзорæ æма дин æй етæ кæд зæгъиуонцæ.

Æз дæр уотæ бакодтон:

– Зæгъайтæ мин, Къадзати Славик дæр аци косæн уати фæббадуй?

Ме ’мдзорæг еу минкъий нигъгъос æй, уæдта карзæй загъта:

– Къадзати Славик ами бадгæ нæ фæккæнуй, Къадзати Славик ами косгæ фæккæнуй!

Æма хæтæл æрæвардта. Æвæдзи, æз мæ фарста куд исæвардтон, е имæ гъулæг фæккастæй, раст мин æй нæ балæдæрдтæй æма е ’мкосæги сæрбæл рахуæстæй. Нæуæгæй имæ нæбал бадзурдтон, уотæ, зæгъун, ку бангъæла, мæхе рæститæ кæнун, мæ меднимæр, мæнæ ку исæмбæлæн, уæд ин æй радзордзæнæн…

Ме ’мбæлттæ бабæй нæуæгæй бахудтæнцæ, уæлдай зæрдиагдæрæй ба Славик æхуæдæг…

*  *  *

НÆ ЦУЛУХЪТИ ГЪОСТÆ ÆРХАДТАН…

Æстæймаг къласи ку ахур кодтон, уæд зумæги райдайæни нæ гъæуи тукани фиццаг хатт уæйæмæ фæззиндтæй æфсæддони цулухътæ. Еци мæгур æнзти уонæй хуæздæр, гъардæр къахидарæс иссерæн нæ адтæй. Мæ мадæ мин си балхæдта. Ку сæ искодтон, уæд дуккаг бон кæсун æма уонæй иннæ биццеутæбæл дæр. Фæсурокти нæхемæ ку рараст дæн, уæд мæ фæстегæй æрбаййафта ме ’мбал Дударати Аслæнбег:

– Дæлæ дæмæ тегъæбæл Ханджери æнгъæлмæ кæсуй…

Еци Ханджери дæр ме ’мкъласон адтæй, æнзтæй ба махæй хестæр, æрдзæй хъаурæгин, хили рæстæг нæмунмæ дæсни адтæй, хъæбæрдæр ба æ сæрæй цавта, беретæ си еу минкъий тæрсгæгомау кодтонцæ. Тегъæмæ ниццудтæн æма уоми ба еу-инсæй биццеуей бæрцæ бамбурд æй. Сæ еугурдæр… нæуæг цулухъгинтæ.

– Сæ цулухъи гъостæ сæ уайунмæ хъор кодтонцæ, гъæйдæ æма сæ æмхузонæй минкъий дæлæмæ æрхатæн. Æмхузон нин ку уонцæ, уæд нин неке неци зæгъдзæнæй… Бадзубанди кодтан?

Бадзубанди кодтан, мадта ма исарази уай.

Алли сæумæ дæр нæмæ скъолай тургъи астæу еумæйаг линейкæ уидæ. Нæ директор Хъулати Мурзабег раздзурд загъта, кедæр растудта, кедæр рафаудта. Уæд дин, æнхæст дзурд нæма фæцæй, уотемæй раззаг рæнгъи мæнмæ фæккомкоммæ ’й, хæстæгдæр мæмæ ’рбацудæй, фæстæмæ раздахтæй, сæ еугуребæл дæр æ цæстæ радардта, еу рæстæг сабур ралæудтæй, уæдта æрдæг иронау, æрдæг уруссагау загъта:

– Появился новый вид спорта: цулухъи гъостæ дæлæмæ хатун. Хумæллæги еци спорти фиццаг мастер æй… Даурати Дамир. Мæнæ мæ размæ рацо…

Ци гæнæн мин адтæй, рацудтæн.

– Мæнæ имæ кæсетæ!..

Æз уæд фиццаг хатт фæууидтон уоййасæбæл берæ адæм æмхудт куд никкодтонцæ, уой.

Берæ æнзти фæсте Мурзабег Беслæнигъæуи ку фæззиан æй, уæд мæрдæгъдауи Хумæллæгæй берæ адæм исæмбалдæй, кадæртæ си, кæддæр нæ цулухъти гъостæ куд æрхадтан, уой æримистонцæ, æнæ исходгæ нæ бафæразтан…

*  *  *

«УÆЛÆ ХАЛОН ФÆТТÆХУЙ!..»

Евгъуд æноси æртинсæймаг æнзти кæрони кустон Елхотти райони газети редакций, адтæн аци гъæуи футболон команди иуонг. Еухатт гъазтан Хъахъхъæдори. Фусунти нихмæ фиццаг нимпурст ку исаразтан, уæд æз дæр æма уони биццеутæй дæр еу колдуармæ хæстæг гъазти æгъдау æмхузонæй фехалдтан. Тæрхонгæнæг, Дзæуæгигъæуæй æрвист лæхъуæн-лæг нин гъæуама нæ дууей астæу нæ къохти бунмæ дзурдтаг хъазмуз æргæлстайдæ, ка уи сæрæндæр разинна, уой фæууæд, зæгъгæ.

Мæ комкоммæ ка лæудтæй, е мæнæй кæстæр адтæй, фæлтæрддзийнадæ имæ фагæ ке нæма адтæй, е бæрæг адтæй æма уомæй испайда кодтон. Мæнæ нуртæккæ хъазмуз тæрхонгæнæги къохæй фæууæгъдæ уодзæнæй, зæгъгæ, уой ку балæдæрдтæн, уæд мæ нихмæлæууæг биццеумæ æваст уотæ фæккодтон:

– Уæлæ, кæсай, халон фæттæхуй!..

Е ин æнæнгъæлти адтæй æма… хæрдмæ искастæй. Мæнæн ба е фагæ адтæй, цæмæй хъазмуз мæхе бакæнон, размæ ’й ратæрон æма ’й фусунти колдуарбæл бакъуæрон. Мæ сайæн загъд мин уоми футболуарзгутæ уæд нæ фегъустонцæ, етæ гъæрæй худтæнцæ, æрдзæф дæр мин ракодтонцæ. Æрæги ба Дзæуæгигъæуи кустуæттæй еуей дуарбæл бацæуйнаг куд адтæн, уотемæй мæмæ ами гъæуайгæнгутæй еу лæхъуæн-лæг æ медбилти бахудтæй æма загъта:

– Дамир, уæлæ халон фæттæхуй!..

Ка ’й, уой нæ зудтон, фал кæцæй æй, уой балæдæрдтæн: хъахъхъæдойраг. Кæддæри сæрдæ æримистан, æз, дан, дæ гъазтмæ кæсун уарзтон, æхцæуæн мин адтæй.

Халонæй ке расайдтон, еци биццеуи хæццæ ба лимæнтæ дæр ма иссан, е дæр ралæг æй, æ сæр дæр, сауæнгæ ма æ бæзгин æрфгутæ дæр исуорс æнцæ. Хаттæй-хатт æнæнгъæлти ку фембæлæн, уæд мæбæл бацийнæгæнгæй фæззæгъуй:

– Уæлæ халон фæттæхуй!..

Мæнæн дæр æнæ исходæн нæ фæууй…

*  *  *

«ДÆНГ, ДÆНГ, ÆРХАУÆ!..»

Фарæстæймагкъласон адтæн, уотемæй архайдтон не скъолай драмон къуари. Фæззæги астæу нæ нæ ахургæнæг Цæлойти Федар еуцалдæремæй фæсурокти бауорæдта æма нин загъта:

– Советон Æфсади бæрæгбонмæ гъæуама бацæттæ кæнæн æма равдесæн пьесæ «Партизантæ»-мæ гæсгæ арæзт спектакль.

Рольтæ иуарунмæ ку ’рхъæрттан, уæд Федар мæнæй райдæдта:

– Немуцаг афицери роли мæнæ Дамирæй хуæздæр неке исфедаудзæнæй.

Еугурæйдæр мæнмæ ’рбакастæнцæ æма худтæнцæ, æз мæхуæдæг дæр, уомæн æма уомæн рæуагæ адтæй… Еци усми мæмæ уотæ кастæй, цума мæ сурх сæригъунтæй алкедæр æ медбунати базмалдæй, цума нæмæ къæразгæй ци хор кастæй, уой тунтæй æрттевагæдæр фæцæнцæ….

Нæ спектакль равдистан колхози культурон артдзæсти. Нуртæккæ уомæн æ кой дæр нæбал æй, берæ æнзти размæ ’й бундзарæй рахафтонцæ, æ бунати неци ма ес. Фал æ рæзти ку фæццæун, уæд кæддæри зуймон уазал изæр мæ цæститæбæл рауайуй…

Спектакли адтæй мæнæ уæхæн нивæ: мæнмæ, немуцаг тингун афицермæ, æ къохтæ баст, уотемæй æрбакодтонцæ советон партизани æма ’й фæрсун:

– Зæгъай нин ка дæ, уой, уæдта де ’мбæлттæ кæми ’нцæ?

Зонетæ ’й, советон партизантæ некæд нецæбæл састæнцæ, некæд неци исгъæр кодтонцæ. Æз имæ гъæуама дамбаца ниддардтайнæ æма ин загътайнæ:

– Неци дзорис, нæ? Рамæлæ мадта!..

Æма уæд гъæуама райгъустайдæ гæрах. Рагацау генералон репетиций куд бадзубанди кодтан, уотемæй мæ еци æвзисти дзурдти фæсте нæ ахургæнæг æхуæдæг фæссценæй лæдзæгæй æрцавтайдæ фанери гæбазæ. Не ’рцавта, «гæрах» нæ райгъустæй, партизан уæлгоммæ нæ рахаудтæй. Æз æй балæдæрдтæн: нæ ахургæнæгæй æ еци ихæс, æвæдзи, феронх æй. Нур ци киндæуа? Æз нæуæгæй мадзора партизани алливарс мæстгун зилд æркодтон, дамбаца ин æ тæрнихбæл райвардтон æма уæлдай гъæрдæрæй загътон:

– Дæнг, дæнг, æрхауæ!..

Зали бадæг адæм куд зæрдиагæй ниххудтæнцæ, е ма абони дæр мæ гъостæбæл уайуй. Берæ æнзти фæсте мин нæ артдзæсти уæди дуаргæс Кучити Настя цалдæр хатти загъта: æз, дан, уæд ци худтитæ фæккодтон, уотæ некæдбал фæххудтæн. Мæ ахургæнæг ба мин басастæй еци минут, дан, мæхе гъудий æндæмæ рауадтæн…

Æригон дæр ма ку адтæн, уæд Хумæллæги гъæунгти ку рацæуинæ, уæд мæмæ фæстегæй гъæуама еске мæ номæй исдзурдтайдæ. Мæхе имæ фæззилдтайнæ, уæдта зæгъидæ:

– Дæнг, дæнг, æрхауæ!..

Æма уæд дууемæй дæр æмхудт никкæнианæ. Мадта æнæ уомæй куд?

Фæстаг хатт ма е кæд адтæй, е ми феронх æй. Æвæдзи, уоми кæддæри зуймон æхсæви æвдесæн ка адтæй, еци хестæртæ се ’цæг дуйнемæ рандæнцæ, мæхуæдæг дæр мæ кари бацудтæн æма абони кæстæртæ ба æфсæрми кæнунцæ уотæ мæмæ исдзорунмæ…