АЛЛИ АДÆМÆН ДÆР СУВÆЛЛОН ЦÆСТИРОХС ÆЙ!..
«НÆ ПАДДЗАХ НИН ÆЙ, НÆ ПАДДЗАХ!..»
Нæ рагфидтæлтæ æнгом æма сæ хъаури ку адтæнцæ, уæд сæ некæци тухгæнæги бон адтæй басæттун. Еууæхæни бабæй сæмæ æзнаг æрбампурста, æма ин бæрзæйсæттæн цæф ку равардтонцæ, уæд æрбалæборгутæ барæ-æнæбари дæр сæхуæдтæ ракурдтонцæ, бафедауæн, зæгъгæ. Æрбарвиста æ федаугути. Бафедауни гъуддаг ку исаразтонцæ, уæд æрбацæугутæ фусунти бафарстонцæ:
– Мах дес кæнæн уæ нифс æма хъаурæбæл!.. Кæцæй уæмæ цæунцæ?.. Фæттасун ку нæ кометæ…
– Нæ паддзах ни уотæ домуй! – адтæй фусунти дзуапп.
– Æма æ хæццæ фембæлæн, радзубанди кæнæн нæййес?
– Нуртæккæ хусгæ кæнуй. Ку райгъал уа, уæд, бæргæ, фал дзоргæ нæ кæнуй.
– Уинун нин æй уæддæр фæккæнетæ, – ниллæудтæнцæ федаугутæ.
– Хуарз, – загътонцæ фусунтæ.
Æма еуцæйбæрцæдæр рæстæги фæсте еу мадæн рахæссун кодтонцæ æ нæуæгигурд биццеуи.
– Мæнæ е æй нæ паддзах. Уой исонибонбæл гъуди кæнгæй ан æнæбасæттон æма нифсгун. Е ни домуй æхе æма æ зæнхæ гъæуай кæнун.
МАДÆ МАДÆ ÆЙ
Дзимиргоми дууæ æнсувæремæй кæстæрæн цæуæт нæ адтæй. Уæд еууæхæни ин æ хестæр æнсувæр уотæ ку зæгъидæ:
– Кæсун дæмæ, ме ’нсувæр, æма дæ цардæй гъæстаг нæ дæ, мæ киндзи хæццæ «а» æма «о»-йæй цæретæ, фал уин уæ зæруай æвæстагæй зин уодзæнæй… Æма мæмæ еу зæгъуйнаг ес… Дæ фарнæ дæмæ бадзорæд! Мæнæ нæхеуон бабæй æхе барæ нæй. Киндзæн зæгъæ… Нæхеуонæн ци сабий райгура, уой нæуæгигурдæй райсæд… Уæхецæн æй исгъомбæл кæнетæ. Нæхеуони хæццæ ба бадзубанди кæндзæнæн….
Дууæ æнсувæрей фæндæбæл файноститæ дæр исарази ’нцæ. Уотемæй æвæстаг бийнонтæ биццеугин бацæнцæ.
Бæнттæ цудæнцæ, æнзтæ евгъудæнцæ. Биццеу ирæзтæй, гъазунгъон фæцæй. Гъазгæ ба æхе æнсувæртæй зæрдиагдæрæй ке хæццæ гъæуама кодтайдæ. Уонæй æй æ къах нæбал хаста.
Уæд еууæхæни биццеумæ æ кæнгæ мадæ сæхемæ фæдздзурдта, еститæ рахуæрæ, зæгъгæ. Фурцийнæй ин нæуæгконд гул æ къохи фæссагъта. Биццеу си искомидзаг кодта æма уотæ зæгъуй:
– Нана, уони гултæ адгиндæр фæуунцæ.
Силгоймаг фæкъкъех æй, уæдта еци зæрдхъурмæй нийнæфтæй:
– Дæ мадæ дæ нивонд фæууа, кæд еске цæуæтæй цæуæт нæййес… Етæ дæхе мади конд фæуунцæ, æма мади къохæй конд ба æндæр адæ кæнуй.
Уоййадæбæл æй æ мадæ æма фидæмæ фæххудта.
РАГАЦАУ НАД
Еу уосæ, дан, æ сувæллони нæмуй… Уæд æй æ синхаг фæрсуй:
– Уанæбæрæг ци фудмиуæ ракодта, фурнадæй æй цæмæ марис?
– Туканмæ ’й æрветун æма цæмæй е ’хца ма фесафа…
– Нерæнгæ ма æхца æхемæ ку ’нцæ, уæд æй цæмæн æфхуæрис?
– Æма сæ ку фесафа, уæд ма æ нæмунæй ци пайда уодзæнæй? – адтæй уоси дзуапп.
ХОР ÆМА ХÆПСÆ
Раги кæддæр Хорæн æ биццеу рамардæй, æма æ тунтæ баримахста, зæнхæмæ хори цъирт нæбал уагъта. Еу бон Хæпсæ æхе рабæлццон кодта æма Хормæ исфардæг æй. Балæудтæй имæ æма ин зæрдитæ æвæруй:
– О, Хор, уотæ æнгъæлис, æма дæубæл ци ’рцудæй, е некæбæл бал æрцудæй. Нæ зонис, адæм еугурæйдæр игургæ дæр æма мæлгæ дæр ке кæнунцæ, уой. Ду уæд дæ фурти фæсте дæ зæрдæмæ ку никкастæ, зæнхæмæ еу хори цъирт дæр ку нæбал уадзис. Уанæбæрæг дин мæн биццеуи хузæн ку адтайдæ, хъоппæгъцæстæ, æ цуппар къабаземæй дæр денгизи накæ ка кæнуй, уæд, æвæдзи, æ фæсте дæхе æгас дæр нæбал ниууагътайсæ.
Уæд Хор байдзулдæй æма ин загъта:
– Кæд мæ биццеу дæу биццеуи хузæн дæр нæ адтæй, уæд, æцæгæйдæр, дзæгъæли ку мардтон мæхе гъезæмарæй абони уæнгæ…
Æма бабæй уæдæй фæстæмæ идзаг цæстæй кæсун райдæдта дуйнемæ.
ÆЛДАР ÆМА СУВÆЛЛОН
Еу мæгур лæг æлдари сæхемæ æрбахонун фæндæ искодта. Рандæй имæ хонæг. Æлдар ин уотæ:
– Кæд си мæнæй æлдардæр уа, уæд дæмæ нæ цæун.
– Нæ, нæ!.. – æ уодæй арт исцагъта мæгур лæг.
Æрбацудæй æлдар мæгури къæсмæ. Гъæздуг фингæбæл æй æрбадун кодтонцæ. Мийнасæ кæнун райдæдтонцæ. Уалинмæ иннæ уатæй сувæллони кæун райгъустæй.
– Æз дæ, мæнæй æлдардæр уæмæ ес, зæгъгæ, нæ фарстон?
– Е сувæллон æй, æлдар…
– Сувæллон æлдарæй æлдардæр æй! – загъта æлдар.
Уотæ зæгъгæй, е финги разæй исистадæй æма рандæй.