АМБРОЗИ – ТÆССАГ ЗАЙÆГОЙ
Сæрдигон мæйти нæ алфамбулай бунæттæмæ ку ракæсæн, уæд сæ фæууиндзинан аййев гъолон-молон фæлустгондæй. Фал, махæн зæрдрохси æнкъарæнтæ æма æнæнездзийнадæ ци хæссуй, еци алæмæти рæсугъд зайæгойтæмæ хæстæг ахид фæууинæн фæууй, хецæн адæймæгутæн гъезæмæрттæ ка ’взарун кæнуй, уæхæн хæмпæлгæрдæгутæ.
Дзубанди цæуй, махæй алкедæр хъæбæр хуарз ке зонуй, еци æнæхайири амброзибæл. Фиццагидæр фæззиндтæй Цæгат Америки, фæстæдæр ба ниппурхæ ’й берæ æндæр бæститæбæл, æма нуртæккæ алкæмидæр нимад æй карантинон зайæгойбæл. Цæмæн ку фæрсайтæ, уæд деденæг калуни рæстæг æ ругæ аллергион нез – поллиноз, зæгъгæ, ке ’взурун кæнуй, уой туххæй. Адæймаг уомæй хъæбæр фехснирсуй, гъостæ æма фий рахгæнунцæ, цæстисугтæ фæккæлунцæ, сæр фæрресуй, фулдæр хатт бауæри тæвдæ уæлæмæ исхезуй. Уомæй уæлдай амброзий ругæй сæйгæ кæнунцæ хъури астмæй, æндæр уæззау незтæй.
Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади министради нин куд радзурдтонцæ, уотемæй поллинозæй сæйгити бæрæггæнæнтæ (100 мин цæрæги хигъдмæ) кæд Цæгат Иристони дæлдæр æнцæ Цæгат Кавкази федералон зилди, уæддæр рæстæмбес нимадæй 30 проценти фулдæр æнцæ, Уæрæсей цæйбæрцæ ’нцæ, уомæй. Специалисттæ фæстаг рæстæг фæдеси дзæнгæргутæ цæгъдунцæ: кæд æрæги дæр ма амброзий деденгути ругæ хъор кодта хестæр адæми, уæд нур ба диагноз «поллиноз» исæвæрунцæ минкъий сувæллæнттæн дæр.
Цума уотæ цæмæн æй? Сæйраг анхосæгтæй еуей специалисттæ бæттунцæ амброзий хæццæ – зайæгойти ’хсæн тæккæ карздæр незæвзæрунгæнæги хæццæ. Уомæн æма е дзенети рауæн иссирдта нæ республики бæркадгин зæнхæбæл. Куд зонæн, уотемæй амбрози æ буни фæккæнуй хумтæ, рæзæдæнттæ, æма уомæй бæлвурд минкъийдæр фæууй гъæууонхæдзарадон культурти тиллæг. Еу сезонмæ е гектарæй дон бацъируй 900 тонни.
Раздæри æнзти амброзий хæццæ тохмæ кæнунмæ адтæй устур æргом здæхт. Хецауади бунæттон оргæнтæ унаффæ рахастонцæ аци тæссаг зайæгойти нихмæ мадзæлттæ исаразуни туххæй. Санитарон службитæ ба организацити минæвæртти хæццæ бæрæг кодтонцæ уавæр, æма, амбрози кунæггонд кæми нæ цудæй, еци кустуæтти разамонгутæ æма хе хæдзарæдти хецæутти ивар кæнун багъудæй.
Гъулæггагæн, нур уæхæн архайдæн æ кой, æ гъæр дæр нæбал ес, æма амбрози дæр кæми нæ фæззиннуй, еу уæхæн бунат нæййес. Фал æ нихмæ тох кæнун æнцон нæй. Афойнадæбæл дæрæнгонд ку не ’рцæуй, уæд деденæг калун райдайуй июли дуккаг æмбесæй сауæнгæ æрæгвæззæгмæ. Еу зайæгой ба тæккæ фулдæр раттуй 100 мин муггаги, æма кæд дуккаг анз сæ фулдæр хай нæ разайуй, уæддæр сæ цардгъондзийнадæ гъæуайгонд æрцæуй 40 анзей бæрцæ.
Ке зæгъун æй гъæуй, амбрози фесафунæн ахсгиаг хуасæ ’й химион бауæргъæдтæй (гербицидтæй) бапурф кæнун, цæмæй æ кой, æ гъæр мабал уа зæнхæбæл. Фал нуртæкки царди уæхæн мадзал æй хъæбæр хъазар, фæрæзнитæ ба нæййес. Уомæ гæсгæ аци зайæгой кунæг кæнунæн хуæздæр мадзал æй бундзарæй æй исæскъунун, сæрди æма ’й фæззæги мæйти уæлæмæ искæсун нæ уадзун. Гъæуама бунæттон хеунаффæйади администрацити разамонгутæ иронх ма кæнонцæ, е адæми æнæнездзийнадæ багъæуай кæнунæн æ хуæздæр хуасæ ке ’й, æма аци кустмæ рæвдзæ фæллæуун ке гъæуй, уони.